Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕххыл Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕны?

Зӕххыл Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕны?

Зӕххыл Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕны?

«Уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10).

ХУЛИО ӕмӕ Кристинӕйӕн сӕ цыппар хъӕбулы сӕ цӕстыты раз арты амӕттаг баисты. Сӕ машинӕ сын лӕууӕны иу расыг лӕг скъуырдта, ӕмӕ ссыгъд. Сӕ фӕндзӕм хъӕбул 9-аздзыд Маркосы ма арты дзыхӕй бӕргӕ раскъӕфтой, фӕлӕ тынг сыгътытӕй,— ӕмӕ йын ностӕй баззадысты. Хулио йӕ хъӕбултыл зӕрдӕскъуыдтӕ кодта. Йӕхи ӕмӕ ма йӕ хӕстӕджыты сабыр кодта: «Хуыцауы афтӕ фӕндыд. Хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр Хуыцауӕй ратгӕ сты».

Ахӕм ӕнамонд хабар кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ Хулиойау сӕхи фӕсабыр кӕнынц. «Кӕд Хуыцауы бон бирӕ у ӕмӕ йын уӕлдайаг не стӕм,— фӕзӕгъынц уыдон,— уӕд цы ’рцыд, уый искуыд хъуамӕ фӕахъаз уа нӕ хӕрзӕбонӕн, кӕд ӕй зонд нӕ ахсы, уӕддӕр». Дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны?

«Хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр Хуыцауӕй цӕуынц»,— адӕм уымӕн фӕзӕгъынц, ӕмӕ афтӕ ӕмбарынц Йесойы дӕнцон куывды ныхӕстӕ (фыст сты статьяйы райдианы). Ӕмӕ исты Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты не ’ххӕст кӕны? Стӕй куы фӕкувӕм, «уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр», зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ абон зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы фӕндӕй цӕуынц?

Фӕлӕ бирӕтӕ ацы хъуыдыйыл разы не сты. Уыдонмӕ гӕсгӕ Хуыцау ахӕм ӕгъатыр нӕу, ӕмӕ йе сконд адӕмы рыст ма ӕмбара. «Уарзӕгой Хуыцау ӕнаххос адӕмы цард зындон куыд хъуамӕ фестын кӕна?— фӕзӕгъынц уыдон.— Кӕд нын йӕ зӕрды зонд бацамонын ис, уӕд ахӕм дудгӕбӕттӕй адӕймаг цавӕр зонд райсдзӕн?» Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕныс.

Уый тыххӕй ахуыргӕнинаг Иаков, Йесойы мадызӕнӕг, фыста: «Фӕлварӕнты мачи дзурӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“; уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыддзинадӕй фӕлвӕрд нӕ вӕййы ӕмӕ Йӕхӕдӕг дӕр никӕйы фӕлвары» (Иаковы 1:13). Ӕвзӕрдзинад Хуыцауӕй нӕ цӕуы. Афтӕмӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы фӕндонӕй не сты. Сыгъдӕг Фыстад ма дзуры адӕймаджы, адӕмыхӕттыты ӕмӕ суанг Хӕйрӕджы фӕндоны тыххӕй дӕр (Иоанны 1:13; 2 Тимофеймӕ 2:26; 1 Петры 4:3). Уӕдӕ Хулио ӕмӕ Кристинӕйыл цы дудгӕбон акодта, уый сыл нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕндӕй кӕй не рцыд, ууыл разы нӕ дӕ?

Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы ахуыр кодта кувын, зӕгъгӕ, «уӕд Дӕ фӕндон», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? Уый, ӕмӕ Хуыцауӕй курӕм, цӕмӕй нӕ цавӕрдӕр фыдбылызтӕй бахиза? Ӕви нӕ Йесо ахуыр кодта алчи дӕр цӕмӕ бӕллы, ахӕм ахсджиаг ӕмӕ хуыздӕр цӕйдӕр тыххӕй кувын? Ӕркӕсӕм, Библи уый тыххӕй цы зӕгъы.

[Барлӕвӕрдӕй]

Машинӕ: Dominique Faget-STF/AFP/Getty Images; сывӕллон: FAO photo/B. Imevbore