Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иеремийау хъӕбатыр ут

Иеремийау хъӕбатыр ут

Иеремийау хъӕбатыр ут

«Ныфс дӕ уӕд Хицауӕй, хъӕбатыр у; ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд; ныфс дӕ уӕд Хицауӕй» (ПСАЛОМ 26:14, МГТ).

1. Цавӕр стыр хорздзинӕдтӕй хайджын сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ цӕрынц монон дзӕнӕты (Исай 11:6—9). Ацы ӕмтъеры дунейы уыдон кӕрӕдзи тавынц зӕрдӕйы хъармӕй, хӕларӕй цӕрынц Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ (Псалом 28:11; Исай 54:13). Сӕ дзӕнӕт бонӕй-бонмӕ стырдӕр кӕны. Уымӕн та стыр ахъаз кӕнынц, «Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй [чи] ӕххӕст кӕны», уыдон се ’ппӕт дӕр (Ефесӕгтӕм 6:6). Куыдӕй? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕты дӕр уыцы уагӕвӕрдтыл цӕуын кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй. Афтӕмӕй уыдон дӕр уыцы дзӕнӕты хорздзинӕдтӕй хайджын фӕвӕййынц (Матфейы 28:19, 20; Иоанны 15:8).

2, 3. Ӕцӕг чырыстӕтты цавӕр хъуыддӕгтӕн хъӕуы фӕразын?

2 Фӕлӕ кӕд монон дзӕнӕты цӕрӕм, уӕддӕр бынтон ӕнӕфыдбылыз ӕмӕ ӕнӕмаст не стӕм. Ӕнӕххӕстдзинад, уӕззау низтӕ, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт нырма немӕ ӕмдзу кӕнынц. Уыимӕ, алы ран дӕр ӕххӕст кӕнынц «фӕстаг бонты» тыххӕй пехуымпарӕдтӕ (2 Тимофеймӕ 3:1). Хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, низтӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ алыхуызон фыдбылызтӕй адӕм иууылдӕр сты уынгӕджы. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сӕ цух не сты (Маркы 13:3—10; Лукайы 21:10, 11).

3 Уымӕй уӕлдай ма нӕ алӕмӕты дзӕнӕты алыварс нӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕгътау разил-базил кӕнынц. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Сымах... дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз кӕй равзӕрстон дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуынон стут дунейӕн. Ӕз уын цы дзырд загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: цагъар йӕ ӕлдарӕй стырдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, сымах дӕр сурдзысты» (Иоанны 15:18—21). Афтӕ у абон дӕр. Раздӕрау нын бирӕтӕ нӕ дин, нӕ уырнынад не ’мбарынц, уазал зӕрдӕ нӕм дарынц. Иуӕй-иутӕ та нӕ фыдгой кӕнынц, худынц ныл кӕнӕ нӕм суанг — Йесо куыд дзырдта — ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсынц (Матфейы 10:22). Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ ныл арӕх хахуыртӕ, цъыфкалӕнтӕ кӕнынц (Псалом 108:1—3). О, не ’ппӕтӕн дӕр ис алыхуызон фӕлварӕнтӕ. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, адӕймагӕн йӕ ныфс дӕр асӕтта. Фӕлӕ фидар фӕлӕууӕн куыд ис?

4. Кӕмӕй хъуамӕ курӕм хъарутӕ?

4 Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы фӕндӕй ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн ӕмӕ йӕ уыдон сеппӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (Псалом 33:20; 1 Коринфӕгтӕм 10:13). Махӕй бирӕтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, нӕхи Иегъовӕйы бӕрны куы бакӕнӕм, уӕд нӕ цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр бафидар кӕны. Кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕм разӕй цы циндзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй кӕнӕм ныфсджындӕр ӕмӕ хъӕбатырдӕр (Дзуттытӕм 12:2). Зын рӕстӕджы уый тыххӕй лӕууӕм фидар.

Иеремийӕн Хуыцауы ныхас йӕ хъаруйыл хъару ӕфтыдта

5, 6. а) Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззад, уыдонӕй кӕй зонӕм? ӕ) Иеремийӕн Иегъовӕ куы загъта, зӕгъгӕ дӕ пехуымпарӕй ӕвзарын, уӕд куыд кодта?

5 Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цин никуы бастъӕлыд, суанг уӕззау уавӕрты дӕр. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ цардысты, Иегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ куы ӕххӕст кодта,— йӕ фыдӕх ӕнӕхуыцау адӕмыл куы калдта, уыцы рӕстӕджыты. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн уыдысты Иереми, йе ’мдуггӕгтӕй чидӕртӕ ӕмӕ I ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр. Сӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты Библийы, цӕмӕй нын ныфсы хос уой. Ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстӕм (Ромӕгтӕм 15:4). Дзырдӕн, ӕркӕсӕм Иеремийы хабӕрттӕм.

6 Хуыцау Иеремийы пехуымпарӕй Иудӕйы паддзахадмӕ арвыста хӕрзӕрыгонӕй. Ӕнцон ын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы ран бирӕтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой. Ӕмӕ кӕд Иоси (паддзахиуӕг кодта, Иереми лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд) Хуыцауыл иузӕрдион уыд, уӕддӕр йӕ фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй иу дӕр Хуыцауы фӕндоныл нӕ цыд. Стӕй адӕмӕн дин амоныны хӕс кӕуыл уыд, уыцы пехуымпартӕ ӕмӕ сауджынтӕн дӕр сӕ фылдӕр ӕцӕгады фӕндагыл нӕ лӕууыдысты (Иереми 1:1, 2; 6:13; 23:11). Цымӕ Иегъовӕ Иеремийӕн куы загъта, зӕгъгӕ дӕ пехуымпарӕй ӕвзарын, уӕд куыд кодта? Старст! (Иереми 1:8, 17). Иереми ныффыста, уӕд ӕм йӕ зӕрдӕ цы сдзырдта, уый тыххӕй: «Ӕз загътон: „Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, нырма ӕрыгон дӕн“» (Иереми 1:6).

7. Иереми кӕм хъусын кодта, уым ӕм адӕм цы зӕрдӕ дардтой ӕмӕ цы ӕнкъардта?

7 Иереми кӕм хъусын кодта, уым адӕмы йӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр не ’ндӕвтой, стӕй бирӕтӕ йӕ ныхмӕ дӕр цыдысты. Иухатт ӕй сауджын Пасхор цӕвгӕ дӕр ныккодта ӕмӕ йӕ хъӕдын хъадаманты бакодта. Уӕд Иереми йӕхи куыд ӕнкъардта, уый тыххӕй фыссы: «Ӕмӕ загътон: „Нал кӕндзынӕн йӕ [Иегъовӕйы] кой ӕмӕ нал дзурдзынӕн амӕй фӕстӕмӕ йӕ номӕй“». Хаттӕй-хатт дӕу дӕр, чи зоны, а-дунейыл ницыуал фӕхъӕуы. Фӕлӕ ма кӕс, Иеремийы цудын цы нӕ бауагъта, уымӕ: «Йӕ дзырд мӕ зӕрдӕйы уыд пиллон артау, ахызт ме стджыты, мӕхимидӕг ӕй кӕй дардтон, уымӕй бафӕлладтӕн, нал ӕй урӕдтон» (Иереми 20:9). Дӕуӕн дӕр Хуыцауы ныхас дӕ зӕрдӕйы афтӕ ахъары?

Иеремийы ӕмбӕлттӕ

8, 9. а) Ури цавӕр хъуыддаджы разынд лӕмӕгъ ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта? ӕ) Варухӕн йӕ ныфс цӕмӕн асаст ӕмӕ йын чи баххуыс кодта?

8 Иереми пехуымпарӕй куы лӕггад кодта, уӕд иунӕг нӕ уыд. Уыдис ма йын ӕмбӕлттӕ дӕр ӕмӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдысты ныфс. Фӕлӕ-иу, хатт, йе ’мбӕлттӕ раст зондыл нӕ ацыдысты. Дзырдӕн, йӕ пехуымпар ӕмбал Ури, «Иереми куыддӕриддӕр дзырдта», афтӕ уый дӕр Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы фӕдзӕхста, Хуыцауы азар сӕ кӕй баййафдзӕн. Фӕлӕ йӕ Паддзах Иоаким марынвӕнд куы скодта, уӕд старст ӕмӕ Египетмӕ алыгъд. Ӕмӕ уӕддӕр нӕ аирвӕзт. Паддзахы адӕм йӕ фӕдыл ацыдысты, ӕрцахстой йӕ, фӕстӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ ӕркодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Иеремийӕн ууыл йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕрыстаид! (Иереми 26:20—23).

9 Иеремийы иннӕ ӕмбал та уыд йӕ писыр Варух. Бирӕ лӕггӕдтӕ дзы зыдта Иереми ӕмӕ йын стыр ӕххуыс уыд. Фӕлӕ иу афон йӕ цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй нал каст. Хъаст кӕнын райдыдта: «Додой мӕ къона, уымӕн ӕмӕ мын Иегъовӕ мӕ рисыл рыст бафтыдта! Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй, ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын». Варухӕн йӕ ныфс асаст ӕмӕ йӕм Хуыцауӕй цы уыд, уымӕн нал аргъ кодта. Фӕлӕ йын Иегъовӕ йӕ аипп зӕрдӕаивӕй бамбарын кодта, ӕмӕ Варух йӕ зонд аивта. Иегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, Иерусалимы сӕфты бон ӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Иереми 45:1—5). Варухы уырнындзинад та кӕй сфидар, уый Иеремийы цӕй стыр ныфс бауагътаид!

Иегъовӕ йӕ пехуымпарӕн ӕххуыс кодта

10. Иегъовӕ Иеремийӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

10 Иууыл сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Иегъовӕ Иеремийы никуы ныууагъта. Зыдта йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ ӕмӕ йын лӕвӕрдта хъарутӕ, ӕххуыс ын кодта. Цӕвиттон, Иереми пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта ӕмӕ йӕ хъарутыл йӕ зӕрдӕ куы нӕ дардта, уӕд ын Иегъовӕ загъта: «Сӕ цӕсгӕмттӕй сын ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ „ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“,— зӕгъы Иегъовӕ». Стӕй Иегъовӕ Иеремийӕн йӕ хӕс куы бамбарын кодта, уӕд ын загъта: «Демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕтых уыдзысты, уымӕн ӕмӕ „ӕз демӕ дӕн,— зӕгъы Иегъовӕ,— цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“» (Иереми 1:8, 19). Куыд тынг бафидар уыдаид Иереми ацы ныхӕстӕй! Ӕмӕ Иегъовӕ йӕ ныхас нӕ фӕсайдта.

11. Иегъовӕ Иеремийӕн ӕххуысӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдта, уый кӕцӕй зонӕм?

11 Иеремийы хъӕдын къӕлӕтты куы бакодтой ӕмӕ дзы адӕм хъазӕнхъул куы сарӕзтой, уӕд загъта: «Иегъовӕ мемӕ уыд растдӕр домбай лӕгау. Уый тыххӕй, мӕ фӕстӕ чи зилы, уыдон фӕкъуыхцы уыдзысты ӕмӕ мыл нӕ фӕтых уыдзысты. Уыдон ныххудинаг уыдзысты» (Иереми 20:11). Фӕстӕдӕр, адӕм Иеремийы марыныл сӕ уд куы хъардтой, уӕддӕр Иегъовӕ уыд йемӕ. Ӕмӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд уый дӕр Варухау сӕрӕгасӕй баззад ӕмӕ йӕ уацары дӕр нӕ акодтой. Йе ’фхӕрджыты ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕй кӕй маргӕ акодтой, кӕй та Вавилонмӕ уацары акодтой.

12. Кӕд нӕ ныфс сӕтгӕ дӕр акӕны, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

12 Абон дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ, Иеремийау, мӕстытӕ ӕвзарынц. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй иуӕй-иутӕн уый вӕййы сӕ хъӕндзинӕдты, иннӕтӕн — ацы змӕст дунейы, аннӕтӕн — адӕм нын нӕ куыстӕн цӕлхдуртӕ кӕй ӕвӕрынц, уый аххосӕй. Уыдӕттӕй адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты. Гӕнӕн ис, Иеремийау нӕ хъарутыл нӕ зӕрдӕ мауал дарӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хаттӕй-хатт нӕ зӕрдӕ ницӕмӕйуал фӕрайы. Ахӕм рӕстӕг рабӕрӕг вӕййы нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ. Цӕй, уӕдӕ-иу кӕд нӕ ныфс асӕтта, уӕддӕр ныл Урийы ми ма ӕрцӕуӕд — нӕ хъусын кӕнын ма ныууадзӕм, фӕлӕ Иеремийы фӕзмӕм ӕмӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын уӕм.

Ныфссасты рӕстӕг цы кӕнӕм

13. Иереми ӕмӕ нын Давид фӕзминаг цӕмӕй сты?

13 Иереми-иу арӕх ныхас кодта Иегъовӕимӕ, йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ йын дзырдта мӕ дзы куырдта хъарутӕ. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Израилы паддзах Давид дӕр-иу йӕ уд уыцы хъаруйы Мӕсыгыл банцой кодта. Уый фыста: «Фехъус, Хицау, мӕ ныхӕстӕ, бамбар мӕ хъуыдытӕ. Байхъус мӕ хъӕлӕсы дзыназынмӕ, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау! уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕумӕ кувын» (Псалом 5:2, 3). Библийы Давиды тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйӕ-иу ӕххуыс куы куырдта, уӕд-иу ӕй алкӕддӕр кӕй фехъуыста (Псалом 17:2, 3; 20:2—6). Мах дӕр уӕззау уавӕры куы бахауӕм кӕнӕ мастӕй хъуырмӕ куы суӕм, уӕд-иу Иегъовӕмӕ скувӕм, нӕ зӕрдӕйы судзӕгтӕ йын райхалӕм, ӕмӕ нӕ уд ӕрсабыр уыдзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:16—18). Иегъовӕ нӕ йӕхи не ’мбӕхсы. Йӕхӕдӕг нын дзуры: «Ӕз тыхсын сымахыл» (1 Петры 5:6, 7). Фӕлӕ кӕд Иегъовӕмӕ кувӕм, уӕд цымӕ раст уаид, цы нын дзуры, уымӕ куы нӕ хъусиккам?

14. Куыд бандӕвтой Иеремийыл Иегъовӕйы ныхӕстӕ?

14 Фӕлӕ Иегъовӕ немӕ куыд фӕныхас кӕны? Ӕркӕсӕм та Иеремийы цардмӕ. Иереми пехуымпар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу Иегъовӕ йемӕ комкоммӕ ныхас кодта. Хуыцауы ныхӕстӕ-иу ыл куыд бандӕвтой, уый тыххӕй фыста: «Ссардӕуыд дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ӕз бахордтон; ӕмӕ мын дӕ ныхас ӕрхаста циндзинад, мӕ зӕрдӕ дзы барухс; уымӕн ӕмӕ дын дӕ ном хӕссын, о ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ» (Иереми 15:16). Иеремийӕн ӕхсызгон уыд Хуыцауы ном хӕссын, стӕй йын Хуыцауы ныхӕстӕ уыдысты зӕрдӕрухсы хос. Уымӕ гӕсгӕ Иереми, апостол Павелау, йӕ удӕй арт цагъта, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хабар хъусын кӕныныл (Ромӕгтӕм 1:15, 16).

15. Иегъовӕйы ныхӕстӕ куыд ис зӕрдӕйы бавӕрӕн ӕмӕ нын ӕнӕдзургӕ цӕуылнӕ ис?

15 Абон Иегъовӕ комкоммӕ никӕимӕ ныхас кӕны. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ фыст сты Библийы. Уӕдӕ Библийы ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ цы базонӕм, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр Хуыцауы ныхӕстӕ «хӕсдзысты циндзинад, нӕ зӕрдӕ сӕ рухс кӕндзӕн». Нӕ зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ райа, Хуыцауы ном кӕй хӕссӕм ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн кӕй дзурӕм. Цӕй уӕдӕ ма рох кӕнӕм — адӕмӕн Иегъовӕйы номы тыххӕй мах йеддӕмӕ ничи дзуры. Уӕларвон Паддзахад кӕй хицауиуӕг кӕны, уый ӕрмӕстдӕр йӕ Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц ӕмӕ сабыр адӕмӕн ӕрмӕстдӕр уыдон амонынц, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг суӕвӕн куыд ис, уый (Матфейы 28:19, 20). Цӕй амондджын адӕм стӕм, цӕй! Уӕдӕ нын Иегъовӕ зӕрдиагӕй цы бахӕс кодта, уый тыххӕй куыннӕ хъуамӕ дзурӕм?!

Ӕвзарӕм ӕмбӕлтты

16, 17. Иереми ӕмбӕлттӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ йӕ куыд ис бафӕзмӕн?

16 Иереми фыссы, ахӕм хъӕбатырдзинад ма йӕм ноджыдӕр кӕцӕй разынд, уый тыххӕй: «Хъазӕн ныхӕстӕ чи фӕкӕны, уыдонимӕ хӕларау никуы ӕрбадтӕн ӕмӕ семӕ цин дӕр никуы кодтон. Дӕ армы уӕзы бын хибарӕй бадтӕн, уымӕн ӕмӕ мын мӕ хуылф мӕстӕй байдзаг кодтай» (Иереми 15:17). Иереми йӕхицӕн загъта, цӕйнӕфӕлтау уыдоны хуызӕн суон, фӕлтау иунӕг уыдзынӕн. Абон мах дӕр ахӕм зондыл лӕуд стӕм. Нӕ нӕ рох кӕны апостол Павелы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, «ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ», суанг нӕм бирӕ азты дӕргъы цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон дӕр (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

17 «Ӕвзӕр ӕмбаладтӕ» адӕймаджы хъӕстӕ кӕнынц ацы дунейы зондахастӕй, йӕ зонд ын зыгъуыммӕ кӕнынц (1 Коринфӕгтӕм 2:12; Ефесӕгтӕм 2:2; Иаковы 4:4). Уӕдӕ, нӕхи ахуыр кӕнӕм хорз ӕмбӕлтты иртасын ӕмӕ ӕвзӕртӕй та нӕхи дард ласӕм (Дзуттытӕм 5:14). Павел ӕгас куы уаид, уӕд цымӕ цы зӕгъид, хӕлд кӕнӕ, хылтӕ кӕм ӕвдисынц, ахӕм кинотӕ кӕнӕ ӕгъатыр хъӕзтытӕм чи фӕкӕсы, уыцы чырыстонӕн? Цымӕ цавӕр уынаффӕ раттид, Интернеты руаджы ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ чи хӕлариуӕг кӕны, уыцы ӕфсымӕрӕн? Кӕнӕ цы зӕгъид, сахатгай видеохъӕзтытӕй чи хъазы ӕмӕ телевизоры раз чи бады, фӕлӕ йӕ Библийы ахуыр рохуаты кӕмӕн аззайы, уыцы чырыстоны тыххӕй? (2 Коринфӕгтӕм 6:14ӕ; Ефесӕгтӕм 5:3—5, 15, 16).

Монон дзӕнӕтӕй ма рацу

18. Цӕй руаджы уыдзӕн нӕ уырнындзинад фидар?

18 Махӕн нӕ монон дзӕнӕт зынаргъ у. Абон дунейы уый хуызӕн бынат нӕй. Суанг ӕнӕуырнджытӕ дӕр фӕдзурынц нӕ уарзондзинад, не ’рхъуыдыдзинад ӕмӕ нӕ хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй (Ефесӕгтӕм 4:31, 32). Фӕлӕ нӕ абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы нӕхиуыл фӕхӕцын, цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта. Фидар уырнындзинады хос сты хорз ӕмбӕлттӕ, кувын ӕмӕ иудадзыгдӕр Библи ахуыр кӕнын. Уыдонӕй афтӕ бафидар уыдзыстӕм, ӕмӕ цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр Иегъовӕйыл нӕ ныфс дардзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7, 8).

19, 20. а) Фидар фӕлӕууынӕн нӕ цы хъӕуы? ӕ) Иннӕ статья кӕмӕн фыст у ӕмӕ ма кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн?

19 Хорз хабарӕй йе ’сӕфт чи уыны, уыдонӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм ӕмӕ сӕ нӕ уырнындзинад халын ма бауадзӕм. Иеремийы ныхмӕ чи цыд, уыдон Хуыцауы ныхмӕ куыд цыдысты, афтӕ абон дӕр нӕ ныхмӕ чи у, уый Хуыцауы ныхмӕ у. Фӕлӕ ныл нӕ фӕтых уыдзысты. Иегъовӕ, нӕ ныхмӕдзӕуджытӕй тыхджындӕр чи у, уый нын дзуры: «Ныфс дӕ уӕд Хицауӕй, хъӕбатыр у; ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд; ныфс дӕ уӕд Хицауӕй» (Псалом 26:14, МГТ). Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕнӕзивӕгӕй хорздзинад аразӕм. Ӕмӕ, ӕнӕмӕнгдӕр, Иереми ӕмӕ Варухау, йӕ рӕстӕджы тыллӕг ӕркӕрддзыстӕм, кӕд не слӕмӕгъ уӕм, уӕд (Галатӕгтӕм 6:9).

20 Чырыстӕттӕй бирӕты иудадзыгдӕр хъӕуы сӕхиуыл хӕцын, цӕмӕй сӕ ныфс ма асӕтта. Фӕлӕ ма ӕрыгӕттӕн ис сӕхи фӕлварӕнтӕ дӕр. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр сын уыимӕ царды ис диссаджы фадӕттӕ. Иннӕ статья сӕрмагондӕй фыст у уыдонӕн. Статья ма фӕцӕудзӕн, сӕ ныхасӕй, сӕ цӕвиттонӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты кӕстӕртӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы ныййарджыты ӕмӕ ӕмбырды хистӕр фӕлтӕры зӕрдӕмӕ дӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, хаттӕй-хатт-иу нӕ ныфс кӕй асӕтдзӕн ӕмӕ ӕххуыс кӕмӕй хъуамӕ курӕм?

• Кӕд Иеремийӕн йӕ хӕс ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕй цудын цы нӕ бауагъта?

• Уӕззау уавӕрты нын циндзинад цы хӕсдзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ цы рухс кӕндзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Иереми хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, нӕ сарӕхсдзынӕн пехуымпарӕй лӕггад кӕнынмӕ.

[Ныв 20 фарсыл]

Иеремийы кӕд ӕфхӕрдтой, уӕддӕр зыдта, Иегъовӕ йемӕ кӕй уыд «домбай лӕгау».