Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрӕдзи фидар кӕнут

Кӕрӕдзи фидар кӕнут

Кӕрӕдзи фидар кӕнут

«Адон... мын фесты зӕрдӕрухс» (КОЛОССӔГТӔМ 4:11, НФ).

1, 2. Кӕд Павелы ӕрдхӕрдтӕ ӕдас нӕ уыдысты, уӕддӕр ӕй ахӕстоны цӕмӕн бӕрӕг кодтой?

ЙӔ ХӔЛАР ахӕстоны кӕмӕн бады, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕдас нӕ вӕййы, кӕд уый ӕнаххосӕй бады, уӕддӕр. Ахӕстонмӕ йӕм куы бацӕуай, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, цӕстдарджытӕ дызӕрдыджы каст кӕной, дӕ алы фезмӕлдмӕ дын гӕппӕввонгӕй лӕууой, мацы фыд ракӕна, зӕгъгӕ. Ахӕм заман адӕймаг цӕмӕй йӕ хӕлары ӕдзухдӕр бӕрӕг кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ уа ныфсхаст.

2 Иу-1 900 азы размӕ ахӕм миниуӕг уыд апостол Павелы ӕрдхӕрдтӕм. Сӕ хӕлар Павел ахӕстоны куы бадт, уӕд ӕм иудадзыгдӕр цыдысты: йӕ ныфс, йӕ зӕрдӕ, йӕ уырнындзинад ын фидар кодтой. Чи уыдысты уыцы иузӕрдион ӕрдхӕрдтӕ? Ӕмӕ нын сӕ ныфсхастдзинад, сӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ сӕ хӕлардзинадӕй зондӕн райсӕн цы ис? (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

«Зӕрдӕрухсы» хос

3, 4. а) Павелы фондз ӕрдхорды чи уыдысты ӕмӕ сӕ куыд схуыдта? ӕ) Дзырд «зӕрдӕрухс» цы амоны?

3 Нӕ хъуыдыты ма нӕхи ахӕссӕм н. э. 60 азмӕ. Апостол Павел бады Ромы ахӕстоны, адӕмы змӕнтынӕй йӕ кӕй фӕазымджын кодтой, уый тыххӕй (Куыстытӕ 24:5; 25:11, 12). Павел фыссы, йӕ хъус ӕм тынг чи дардта, ахӕм фондз чырыстоны тыххӕй. Уыдон уыдысты: йӕ минӕвар Азийӕ ӕмӕ йӕ «ӕмкусӕг Хицауы мидӕг» Тихик; йӕ «иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр» Онисим, Колоссӕй; йемӕ ахӕстоны чи уыдис, уыцы македойнаг Аристарх, Фессалоникӕй; йӕ миссионер-ӕмбал Варнавӕйы ӕрвад, Евангели ныффыссӕг Марк ӕмӕ йе ’мкусӕг «Хуыцауы Паддзахадӕн», Иуст. Павел се фондзӕй дӕр зӕгъы: «Адон... мын фесты зӕрдӕрухс» (НФ) (Колоссӕгтӕм 4:7—11).

4 Павел йӕ иузӕрдион ӕрдхӕрдты лӕггӕдты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕсты уыд арф мидис. «Зӕрдӕрухс»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд у паригори́а, ӕмӕ Библийы ӕрмӕстдӕр ацы ран ӕмбӕлы. Ацы дзырдӕн бирӕ нысаниуджытӕ ис ӕмӕ у дохтырты дзырдтӕй *. Раивӕн ма йӕ ис «сабыр кӕнын, рыст фенцайын кӕнын, зӕрдӕтӕ ӕмӕ ныфсытӕ ӕвӕрын ӕмӕ удӕнцойӕ» дӕр. Гъе ахӕм ӕххуыс хъуыди Павелы, ӕмӕ уыцы фондз ӕрдхорды йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты.

Павелы фидар кӕнын цӕмӕн хъуыд

5. Кӕд Павел апостол уыд, уӕддӕр ӕй цы хъуыд ӕмӕ не ’ппӕты дӕр хаттӕй-хатт цы фӕхъӕуы?

5 Кӕмӕдӕр диссаг фӕкӕсдзӕн, Павелы, апостолы, фидар кӕнын кӕй хъуыд, уый. Фӕлӕ афтӕ уыд. Дзырд дӕр ыл нӕй: Павелӕн уыд фидар уырнындзинад, стӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баййӕфта карз ӕфхӕрд ӕмӕ «ӕбӕрц цӕфтӕ» дӕр. Бирӕ хӕттыты уыд мӕлӕты дзыхы ӕмӕ ӕндӕр мӕстытӕ дӕр бавзӕрста (2 Коринфӕгтӕм 11:23—27). Фӕлӕ Павел дӕр уыд зӕххон адӕймаг,— адӕймаджы зӕрдӕ ӕмӕ уырнындзинад та хаттӕй-хатт фӕхъӕуы фидар кӕнын. Йесойы дӕр ма-иу куы хъуыдис фидар кӕнын. Фӕстаг ӕхсӕв Гефсиманы дыргъдоны куы уыд, уӕд ӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ «Йӕ фидар кодта» (Лукайы 22:43).

6, 7. а) Павел Ромы куы уыд, уӕд йӕ зӕрдӕ кӕй тыххӕй рыст ӕмӕ йӕ фидар та чи кодта? ӕ) Павелӕн Ромы йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ «зӕрдӕрухс» цавӕр лӕггӕдты руаджы систы?

6 О, Павелы дӕр фидар кӕнын хъуыд. Роммӕ йӕ хъадаманты куы ’ркодтой, уӕд ыл йе ’мтуг адӕм хорз нӕ сӕмбӕлдысты. Уыцы дзуттытӕн сӕ фылдӕр Паддзахады хабармӕ ӕппындӕр нӕ хъуыстой. Павелы кӕм бакодтой, уырдӕм ӕм иудейты дзырддзӕугӕтӕ куы бацыдысты, уый фӕдыл Куыстыты чиныджы фыстӕуы: «Иутӕ разы кодтой йӕ ныхӕстимӕ, иннӕтӕ та не ’ууӕндыдысты. Сӕ кӕрӕдзиимӕ та иу разы нӕ уӕвгӕйӕ, уыдон ацыдысты» (Куыстытӕ 28:17, 24, 25). Уыцы адӕмӕн Иегъовӕйы стыр хорзӕх бӕсты кӕй нӕ цыди, ууыл Павел куыннӕ мӕсты кодтаид. Ууыл йӕ зӕрдӕ кӕй рыст, уый бӕрӕг у, цалдӕр азы размӕ Ромы ӕмбырдмӕ цы фыстӕг ныффыста, уымӕй: «Мӕнӕн... у стыр хъыгдзинад ӕмӕ ӕнӕрынцайгӕ хъизӕмар мӕ зӕрдӕйӕн: мӕн мӕхи фӕндид Чырыстийӕ иуварсгонд уӕвын, буарӕй мын хӕстӕг чи у, уыцы ӕфсымӕрты [дзуттӕгты] тыххӕй» (Ромӕгтӕм 9:2, 3). Фӕлӕ уӕддӕр Ромы Павел йӕхицӕн ссардта хорз ӕмӕ иузӕрдион ӕрдхӕрдтӕ. Ныфсхаст кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй уарзтой, уый тыххӕй Павелӕн систы удлӕууӕн — ӕцӕг, удӕй хӕстӕг ӕфсымӕртӕ.

7 Уыцы фондз ӕфсымӕры Павелӕн «зӕрдӕрухсы» хос цӕмӕй уыдысты? Павелы ахӕстоны дӕр нӕ ныууагътой. Се ’ппӕт дӕр ын зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой, уымӕн ӕмӕ ахӕстоны бадгӕйӕ Павелӕн йӕ фадӕттӕ къуындӕг уыдысты. Уыдон ын йӕ фыстӕджытӕ ӕмӕ йӕ амындтӕ ӕмбырдтӕм хӕццӕ кодтой. Фӕстӕмӕ та-иу ӕм Ром ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй хастой зӕрдӕфидаргӕнӕн хабӕрттӕ ӕфсымӕрты тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ ӕхсызгонӕй цы хъуыд, уый цух ӕй нӕ уагътой: нӕдӕр хъарм дзаума, нӕдӕр чингуытӕ, нӕдӕр фыссӕнгарз (Ефесӕгтӕм 6:21, 22; 2 Тимофеймӕ 4:11—13). Павел-иу йе ’рдхӕрдты лӕггадӕй афтӕ бафидар, афтӕ фӕзӕрдӕрухс, ӕмӕ ахӕстонӕй дӕр иннӕ чырыстӕттӕн, суанг ӕгас ӕмбырдтӕн дӕр, уыди «зӕрдӕрухсы» хос (Ромӕгтӕм 1:11, 12).

Куыд свӕййӕм «зӕрдӕрухсы» хос

8. Павел ӕххуысхъуаг кӕй уыд, ууыл кӕй саст, уый не ’ппӕты дӕр цӕуыл ахуыр кӕны?

8 Павел ӕмӕ йӕ фондз ӕмкусӕджы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Ӕркӕсӕм дзы иумӕ: зын рӕстӕг адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн фӕхъӕуы ныфсхастдзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинад. Уымӕй уӕлдай ма, ныфссастӕй ӕххуысхъуаг кӕй вӕййӕм, ууыл басӕттынӕн фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Павелы иннӕты сӕр кӕй хъуыд, уый канд ӕмбаргӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сын се ’ххуысыл йӕхи дӕр никуы атигъ кодта. Стӕй сӕ уыд бузныг ӕмӕ сӕ ӕппӕлгӕ дӕр кодта. Кӕйдӕр ӕххуысы сӕр ӕй кӕй хъуыд, уымӕй ӕфсӕрмы нӕ кодта ӕмӕ йӕ йӕхицӕн ӕгадыл нӕ нымадта. Махмӕ дӕр хъуамӕ уа Павелы зонд. Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, никӕй ӕххуысхъуаг дӕн, уый йӕхи Хуыцауы ӕмсӕр кӕны. Йесойы цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй хатт ӕххӕст адӕймаджы дӕр бахъӕуы ӕххуысмӕ дзыназын (Дзуттытӕм 5:7).

9, 10. Хорз цӕмӕй у, адӕймаг кӕй фембары, иннӕты ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы ӕмӕ уый бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырдыл хорзырдӕм куыд фӕзыны?

9 Бӕрнон ӕфсымӕрты бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ сӕ ӕххуыс кӕй фӕхъӕуы, уый куы фембарынц, уӕд уый ӕмбырдыл хорзырдӕм зыны (Иаковы 3:2). Сӕ бӕрны чи ис, уыдонимӕ кӕнынц ӕнгомдӕр ӕмӕ се ’хсӕн вӕййы ӕргом ныхас. Сӕрныллӕг кӕй сты ӕмӕ иннӕты ӕххуысыл сӕхи кӕй нӕ атигъ кӕнынц, уымӕй ӕвдисынц, ахӕм уавӕры цы кӕнгӕ у, уый. Уымӕй та бӕрӕг вӕййы, уыдон дӕр мах хуызӕн адӕймӕгтӕ кӕй сты ӕмӕ сыл хи бакъул кӕнӕн кӕй ис (Екклесиаст 7:20).

10 Сывӕллӕттӕ куы зоной, сӕ ныййарджытӕн дӕр гыццылӕй уыдонау зындзинӕдтӕ кӕй уыд, уӕд сын, зын уавӕрты бахаугӕйӕ, тынгдӕр хъусдзысты сӕ зондамындтӕм (Колоссӕгтӕм 3:21). Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты ’хсӕн уыдзӕн ӕргом ныхас. Стӕй сын Библийӕ цы уынаффӕтӕ дӕттой, уыдонӕн уыдзӕн фылдӕр уӕз ӕмӕ сыл сывӕллӕттӕ зӕрдиагдӕрӕй цӕудзысты (Ефесӕгтӕм 6:4). Афтӕ ӕмбырды дӕр: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы зоной, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр уыдонау ӕнӕмаст, ӕдыхст кӕй не сты ӕмӕ бирӕ хатт кӕй нӕ фӕзонынц, цы кӕнгӕ сын вӕййы, уый, уӕд сын се ’ххуыс ӕнцондӕр уыдзӕн райсӕн (Ромӕгтӕм 12:3; 1 Петры 5:3). Стӕй алцыдӕр ӕргом дзурдзысты, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн уыдонӕн Библийӕ уынаффӕтӕ дӕттын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: абон нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уӕлдай тынгдӕр хъӕуы фидар кӕнын (2 Тимофеймӕ 3:1).

11. Абон бирӕты фидар кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

11 Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, чифӕнды ма уӕм, цасфӕнды ныл ма цӕуа — иу дӕр ӕнӕ фӕтыхсгӕ нӕ вӕййы. Абоны цард ахӕм у (Раргомад 12:12). Мӕстытӕ ӕмӕ нын зӕрдӕрыстытӕ нӕ уырнындзинады уидаг зулчъытау хӕрынц. Фӕлварӕнтӕ нын фӕзыны куысты, скъолайы, бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырды ’хсӕн. Адӕймаг ма стыхсы уӕззау низ ӕмӕ йӕ хӕлд нервытӕй дӕр. Куыд ӕхсызгон вӕййы, дӕ цардӕмбал, хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ дӕ дӕ хӕлӕрттӕй исчи йӕ ныхасӕй куы барӕвдауы ӕмӕ дын истӕмӕй куы баххуыс кӕны! Уый адӕймаджы рыст удӕн ӕвдадзы хосау вӕййы. Уӕдӕ кӕд де ’фсымӕртӕй исчи ахӕм уавӕры ис, уӕд ын зӕрдӕрухс у, бафидар ӕй кӕн. Кӕнӕ дын кӕд дӕхи цавӕрдӕр маст ӕвдӕрзы — уырнындзинады фӕлтӕрд ӕмчырыстӕттӕй ӕххуыс ракур (Иаковы 5:14, 15).

Ӕмбырды ӕххуыс

12. Куыд у алкӕй бон дӕр ӕмбырды иннӕты фидар кӕнын?

12 Ӕмбырды алкӕй, суанг сывӕллӕтты бон дӕр у иннӕты уырнындзинад фидар кӕнын. Дзырдӕн, фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕныс ӕмӕ иудадзыгдӕр уацамынды кӕй цӕуыс, уымӕй (Дзуттытӕм 10:24, 25). Иегъовӕйӕн ӕнувыдӕй кӕй лӕггад кӕныс, уымӕй бӕрӕг у, иузӕрдион ыл кӕй дӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕй у, цыфӕнды тыхст ма уай, уӕддӕр (Ефесӕгтӕм 6:18). Дӕ иузӕрдиондзинадӕй иннӕтӕн суыдзынӕ «зӕрдӕрухсы» хос (Иаковы 2:18).

13. Иуӕй-иутӕ цӕмӕн ӕрлӕмӕгъ вӕййынц ӕмӕ сын куыд ис баххуыс кӕнӕн?

13 Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ кӕм уӕззау цардӕй, кӕм та цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй иуты уацамынды цӕуын нал фӕфӕнды, иннӕтӕ та ӕппындӕр нал фӕхъусын кӕнынц (Маркы 4:18, 19). Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, чи зоны, фембӕлдты дӕр нал фӕуынӕм. Фӕлӕ уыдон, ӕвӕццӕгӕн, нырма Иегъовӕйы раздӕрау уарзынц. Куыд сын ис сӕ уырнындзинад бафидар кӕнӕн? Хъуамӕ сӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕкӕсой, бӕрӕг сӕ кӕной (Куыстытӕ 20:35). Ӕмбырдӕй ма ӕндӕр искӕмӕн дӕр зӕгъӕн ис, цӕмӕй сӕм уыдон дӕр сӕ хъус фӕдарой. Афтӕмӕй уе ’ххуыс лӕмӕгъты уырнындзинадӕн ӕвдадзы хосау фӕуыдзӕн.

14, 15. Цавӕр уынаффӕ радта Павел иннӕты фидар кӕныны тыххӕй? Иу ӕмбырд ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдта, уый радзур.

14 Библи нӕм сиды: «Рӕвдаут тӕрсӕгты [«зӕрдӕсӕстыты», НФ], ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Уыцы «зӕрдӕсӕстытӕ», чи зоны, ахӕм ӕнӕныфсхаст систы, ӕмӕ сӕхи бон нал у сӕ зындзинӕдты сӕрты хизын. Дӕ бон сӕм фӕкӕсын у? Дзырдбаст, «ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн», зӕгъгӕ, ма амоны: лӕмӕгътыл «фӕхӕцын», «ӕнувыд уын». Иегъовӕйӕн йӕ фыстӕ иууылдӕр сты зынаргъ, се ’ппӕты дӕр уарзы. Иумӕ дӕр дзы ӕгуыдзӕджы цӕстӕй нӕ кӕсы, ӕмӕ дзы исчи адзӕгъӕл уа, уый йӕ нӕ фӕнды. Цалынмӕ лӕмӕгъты уырнындзинад не сфидар уа, уӕдмӕ сӕм фӕкӕсын, «фӕхӕцын» сыл нӕ бон у? (Дзуттытӕм 2:1).

15 Иу хистӕр нӕлгоймаг-иу бабӕрӕг кодта, ӕхсӕз азы дӕргъы чи нал хъусын кодта, ахӕм ус ӕмӕ лӕджы. Уый фыссы: «Ӕгас ӕмбырд дӕр сыл зӕрдӕйӕ кӕй уыдысты, сӕ хъус сӕм кӕй дардтой, уый сыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ фӕстӕмӕ дзугмӕ раздӕхтысты». Цы зӕгъы, кӕддӕр лӕмӕгъ чи уыд, уыцы хо, йе ’муырнджытӕ йӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй? Уый дзуры: «Ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ-иу семӕ цы хотӕ ӕрбацыд, уыдон-иу нӕ кӕй не ’фхӕрдтой ӕмӕ нын кӕй нӕ уайдзӕф кодтой, фӕлӕ нын нӕ уавӕр кӕй ӕмбӕрстой ӕмӕ-иу нӕ Библийӕ алыхуызон хъуыдытӕй кӕй бафидар кодтой, уый руаджы нӕ къахыл слӕууыдыстӕм».

16. Ныфссаст чи у, уыдонӕн алкӕддӕр чи баххуыс кӕндзӕн?

16 Ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕхсызгон вӕййы, искӕмӕн «зӕрдӕрухсы» хос куы свӕййынц, уӕд. Хатт цард афтӕ фӕивы, ӕмӕ нӕхи дӕр ӕфсымӕрты ӕххуыс бахъӕуы. Ӕрмӕст хъуамӕ ӕмбарӕм: алы хатт нын адӕймаджы бон баххуыс кӕнын нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ нын ис, алкӕддӕр зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис ӕмӕ нын алкӕддӕр чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм фидар ныфсы Мӕсыг — Иегъовӕ Хуыцау (Псалом 26:10).

Иегъовӕ — нӕ хъаруйы Мӕсыг

17, 18. Куыд фидар кодта Иегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы?

17 Йесо цӕджындзыл хъизӕмаргӕнгӕйӕ сдзынӕзта: «Мӕ Фыд! Дӕ къухтӕм дӕттын Мӕ уд» (Лукайы 23:46). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн. Йӕ мӕлӕтӕй йӕ цалдӕр сахаты размӕ куы ӕрцахстой, уӕд ӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ фӕуагътой ӕмӕ фыртӕсӕй лидзынмӕ фесты (Матфейы 26:56). Уыцы сахат Йесойӕн уыд иунӕг хъаруйы Мӕсыг — йӕ уӕларвон Фыд. Ӕмӕ Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уымӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Ӕнувыд ыл кӕй уыд, уый тыххӕй йын уый дӕр зӕрдиагӕй баххуыс кодта (Псалом 17:26; Дзуттытӕм 7:26).

18 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын Иегъовӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаид. Цӕвиттон, донаргъуыд куы райста (йӕ хъусын кӕныны хъуыддаг куы райдыдта), уӕд уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуыст йӕ Фыды хъӕлӕс: разы дӕ дӕн ӕмӕ дӕ уарзын. Йесойы-иу бафидар кӕнын куы хъуыд, уӕд-иу ӕм Иегъовӕ зӕдты рарвыста. Йӕ мӕлӕты размӕ иууыл стырдӕр фӕлварӕны куы бахауд, уӕд ын йӕ Фыд йӕ дзыназын ӕмӕ йӕ лӕгъстӕтӕ фехъуыста. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн уыдӕттӕ иууылдӕр фесты «зӕрдӕрухсы» хос (Маркы 1:11, 13; Лукайы 22:43).

19, 20. Зын рӕстӕг нӕ Иегъовӕ кӕй бафидар кӕндзӕн, уый цӕмӕй зонӕм?

19 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уа нӕ хъаруйы Мӕсыг (2 Паралипоменон 16:9). Тых ӕмӕ хъару уый кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нын зын рӕстӕг вӕййы зӕрдӕрухсы хос (Исай 40:26). Хӕстытӕ, мӕгуырдзинад, низтӕ, мӕлӕт ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй, хатт, хъуырмӕ свӕййӕм. Царды мӕстытӕ нӕ «тыхджын знагау» куы бакъуымы кӕнынц, уӕд Иегъовӕ свӕййы нӕ хъару, нӕ ныфс (Псалом 17:18; Рацыд 15:2). Тынг нын ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй. Уый уылты «фӕллад адӕймаджы» уӕнгты уыйбӕрц хъарутӕ бауадзы, ӕмӕ «цӕргӕсау йӕ базыртыл схӕцы» (Исай 40:29, 31).

20 Хуыцауы сыгъдӕг уд у Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых. Павел фыста: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы». О, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды бон у махӕн «стыр хъару» раттын, цӕмӕй нӕ мӕстытӕн быхсӕм, цалынмӕ тагъд йӕ зӕрдӕвӕрд Дзӕнӕты «ӕппӕт дӕр ног [нӕ] сараза», уӕдмӕ (Филиппӕгтӕм 4:13НД; 2 Коринфӕгтӕм 4:7; Раргомад 21:4, 5).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Вайны дзырдуатмӕ гӕсгӕ «дзырды [паригори́а] мивдисӕджы формӕ амоны рыст ӕнцайынгӕнӕн хос» («Vine’s Complete Expository Dictionary of Old and New Testament Words»).

Бахъуыды кодтай?

• Ӕфсымӕртӕ Ромы Павелӕн «зӕрдӕрухсы» хос куыд уыдысты?

• Нӕ бон куыд у ӕмбырды кӕрӕдзи фидар кӕнын?

• Иегъовӕ нӕ хъаруйы Мӕсыг у, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Дзуджы фидар кӕнынц сӕйраджыдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

[Ныв 30 фарсыл]

Павелӕн ӕфсымӕртӕ уыдысты «зӕрдӕрухс»: зӕрдиагӕй йын ӕххуыс кодтой, фидар ӕй кодтой ӕмӕ йын лӕггад кодтой.