Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, уӕ фидӕнӕн хорз бындур ӕвӕрут?

Фӕсивӕд, уӕ фидӕнӕн хорз бындур ӕвӕрут?

Фӕсивӕд, уӕ фидӕнӕн хорз бындур ӕвӕрут?

«Иттӕг хорз зонын, сымах тыххӕй мӕм цы фӕндтӕ ис... фыдбылызы нӕ, фӕлӕ фӕрныгады фӕндтӕ, цӕмӕй уын раттон фидӕн ӕмӕ ныфс» (ИЕРЕМИ 29:11).

1, 2. Ӕвзонгады тыххӕй чи цы хъуыды кӕны?

ХИСТӔРТӔЙ бирӕтӕ ӕвзонгад хонынц царды тӕккӕ дзӕбӕхдӕр дуг. Хорз ма хъуыды кӕнынц, куыд хъаруджын ӕмӕ куыд цардбӕллон уыдысты. Тынг ӕхсызгон сын вӕййы, ӕнӕмӕт, хъӕлдзӕг куы уыдысты ӕмӕ сӕм алыхуызон рухс бӕллицтӕ куы уыд, уыцы рӕстӕджытӕ ӕрымысын.

2 Фӕлӕ кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд ды, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр цӕстӕй кӕсыс ӕвзонгадмӕ. Дӕ буар, стӕй дӕхӕдӕг дӕр кӕй ивыс, уымӕй, хӕрзаг, тыхсыс. Скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдон дӕ, чи зоны, ӕфхӕрынц. Бахъӕуы дӕ фидарӕй дзурын, зӕгъгӕ, наркотиктӕ, ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕнын ӕмӕ карз нозт нӕ нуазын. Бирӕтӕм та уӕ ныхас ӕрхауы, ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайут, уый тыххӕй, кӕнӕ уӕ дины фӕдыл ӕндӕр ахсджиаг фарстаты тыххӕй. О, хатт ӕвзонгад свӕййы фыдӕвзарӕн. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕвзонгад у фадатджын дуг. Фӕлӕ дын цы фадӕттӕ дӕтты, уыдонӕй куыд спайда кӕндзынӕ?

Ӕвзонджы бонты цин кӕн

3. Цы загъта Соломон ӕрыгӕттӕн ӕмӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста?

3 Хистӕр фӕлтӕрӕй кӕйфӕндыдӕр бафӕрс, ӕмӕ дын зӕгъдзӕн, ӕвзонджы бонтӕ тагъд кӕй тӕхынц. Ӕмӕ раст сты: ӕвзонгад цалдӕр азмӕ баруайы. Уӕдӕ цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕн! Афтӕ загъта паддзах Соломон дӕр: «Лӕппу, цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ цин кӕн, де ’взонджы бонты дӕ зӕрдӕ райгонд уӕд ӕмӕ цу, дӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы ӕмӕ дӕ цӕстытӕ кӕдӕм кӕсынц, уырдӕм». Фӕлӕ Соломон фӕдзӕхста: «Дӕ зӕрдӕйӕ ӕрхӕндӕг сур ӕмӕ дӕхи фыдбылызӕй хъахъхъӕн». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕвзонгад ӕмӕ сонты бонтӕ ницы сты» (Екклесиаст 11:9, 10).

4, 5. Ӕрыгӕттӕ сӕ фидӕнӕн хорз бындур цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Соломоны цы зӕгъын фӕндыд, уый бамбӕрстай? Ахъуыды ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: иу лӕппуйӕн чидӕр стыр лӕвар ракодта, зӕгъӕм, бынӕн ын ӕхца ныууагъта. Цымӕ сӕ цы фӕкӕндзӕн? Йӕ бон сӕ у, Йесо иу ӕмбисонды цы сӕфт фырты кой кодта, уыйау ныппапылой кӕнын (Лукайы 15:11—23). Фӕлӕ йе ’хца куы фӕуой, уӕд та цы кӕндзӕн? Бынхор кӕй уыд, ууыл йӕхи фӕсмонӕй хӕрдзӕн! Кӕнӕ та афтӕ: лӕппу йӕ сомбоныл хъуыды кӕны, ӕмӕ йе ’хца цавӕрдӕр хъуыддаджы бавӕрдта. Куыд дӕм кӕсы, ӕфтиаг цӕуын ӕм куы райдайа, уӕд фӕфӕсмон кӕндзӕн, ӕвзонгӕй сӕ кӕй нӕ бахордта? Ӕппындӕр нӕ!

5 Де ’взонгад дӕр Хуыцауы лӕвар у. Ӕмӕ де ’взонджы бонтӕ куыд ӕрвитдзынӕ? Дӕ бон у де ’ппӕт хъарутӕ ӕмӕ тыхтӕ саразын дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ дӕ уды дзӕбӕхӕн дӕ рӕстӕг ӕрвитынмӕ, сомбоныл та къух ауигъын. Фӕлӕ афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ «ӕвзонгад ӕмӕ сонты бонтӕ» уыдзысты «ницы». Уӕдӕ бирӕ хуыздӕр у ӕвзонджы бонтӕ афтӕ ӕрвитын, цӕмӕй дӕ фидӕнӕн хорз бындур сӕвӕрай.

6. а) Цавӕр уынаффӕ радта Соломон ӕрыгӕттӕн? ӕ) Иегъовӕйы цы фӕнды ӕрыгӕттӕн раттын ӕмӕ йӕ райсыны тыххӕй цы хъӕуы?

6 Соломоны уынаффӕ дын фӕахъаз уыдзӕн, де ’взонджы бонтӕ куыд хуыздӕр ис арвитӕн, уымӕн. Уый загъта: «Дӕ зӕрдыл дар дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты» (Екклесиаст 12:1). Иегъовӕмӕ куы хъусӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндоныл куы цӕуӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕнтыстджын. Рагон израилӕгтӕн Иегъовӕ радзырдта йӕ фӕндӕттӕ: «Иттӕг хорз зонын, сымах тыххӕй мӕм цы фӕндтӕ ис... фыдбылызы нӕ, фӕлӕ фӕрныгады фӕндтӕ, цӕмӕй уын раттон фидӕн ӕмӕ ныфс» (Иереми 29:11). Иегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды дӕуӕн дӕр «фидӕн ӕмӕ ныфс» раттын. Ӕмӕ исты сфӕндгӕнгӕйӕ, исты хъуыддаг лыггӕнгӕйӕ ӕмӕ исты аразгӕйӕ Иегъовӕйы дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд дын уыдзӕн «фидӕн ӕмӕ ныфс» (Раргомад 7:16, 17; 21:3, 4).

Баввахс ут Хуыцаумӕ

7, 8. Куыд у ӕрыгӕтты бон Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын?

7 Иаков нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Иегъовӕйы нӕ зӕрдыл дарӕм: «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ» (Иаковы 4:8НФ). Иегъовӕ Дунесфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ кувын ӕрмӕстдӕр уымӕн ӕмбӕлы ӕмӕ кады аккаг дӕр ӕрмӕстдӕр уый у (Раргомад 4:11). Фӕлӕ йӕм куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд нӕм уый дӕр ӕввахс кӕндзӕн. Иегъовӕйӕн уӕлдайаг кӕй нӕ дӕ, уый дын ӕхсызгон нӕу? (Матфейы 22:37).

8 Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕн ис цалдӕр хъуыддаджы фӕрцы. Дзырдӕн, апостол Павел дзуры: «Ӕдзух кувут, цырд лӕуут ууыл, арфӕтӕ кӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 4:2НФ). Ома, дӕхи кувын ахуыр кӕн. Ӕгъгъӕд нӕу дӕ фыды кӕнӕ дӕ чырыстон ӕфсымӕры куывдӕн «оммен» зӕгъын. Искуы дӕ зӕрдӕ Иегъовӕйӕн раргом кодтай? Цӕуыл хъуыды кӕныс, цы дӕ тыхсын кӕны кӕнӕ дын цы зындзинӕдтӕ ис, уыдӕттӕ йын искуы радзырдтай? Адӕймагӕн цы нӕ зӕгъис, ахӕмӕй йын исты радзырдтай? Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувай, ӕппӕт дӕр ын ӕргом куы дзурай, уӕд дын уый удӕнцойы хос уыдзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Уый фӕрцы адӕймаг Иегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййы ӕмӕ фӕхаты, уый дӕр ӕм кӕй баввахс.

9. Ӕрыгӕттӕ Иегъовӕмӕ кӕй хъусынц, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

9 Иегъовӕмӕ ма баввахс уыдзынӕ, мӕнӕ ацы, сыгъдӕг удӕй райгуыргӕ, ныхӕстӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд: «Уынаффӕ ӕмӕ зондамындмӕ хъус, цӕмӕй хӕдзонд суай» (Ӕмбисӕндтӕ 19:20). Иегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд дӕ сомбонӕн хорз бындур сӕвӕрдзынӕ. Фӕлӕ Иегъовӕмӕ кӕй хъусыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Иудадзыгдӕр фӕмбӕлдтӕм кӕй фӕцӕуыс ӕмӕ программӕмӕ лӕмбынӕг кӕй фӕхъусыс, ууыл дзырд дӕр нӕй. Афтӕ ма, Библийы ахуыры рӕстӕджы дӕ бинонтимӕ кӕй ӕрбадыс, уымӕй «кад кӕныс дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдӕн» (Ефесӕгтӕм 6:1, 2; Дзуттытӕм 10:24, 25). Уый хорз у. Фӕлӕ фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн, Библи алы бон дӕр кӕсынӕн ӕмӕ йӕ иртасынӕн «рӕстӕг ӕлхӕныс»? Цӕмӕй зондджын адӕймаг уай, уый тыххӕй, цы бакӕсыс, уымӕй царды пайда кӕныныл архайыс? (Ефесӕгтӕм 5:15—17НД; Псалом 1:1—3). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕндзынӕ.

10, 11. Ӕрыгӕттӕ Иегъовӕмӕ куы фӕхъусынц, уӕд цавӕр стыр хорздзинӕдтӕй вӕййынц хайджын?

10 Хуыцау Ӕмбисӕндты чиныг цӕмӕн ныффыссын кодта, уый базонӕн ис йӕ райдайӕн ныхӕстӕй: «Цӕмӕй адӕймаг базона зонд ӕмӕ зондамынд, бамбара ӕмбарындзинады ныхӕстӕ, йӕ хъус ӕрдара арфуынындзинад, рӕстад, тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинады амындтӕм, ӕвӕлтӕрд дардмӕ уыныныл сахуыр уа, ӕрыгон лӕппу зонындзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыйӕ фӕхайджын уа» (Ӕмбисӕндтӕ 1:1—4). Уӕдӕ Ӕмбисӕндты чиныг, афтӕ ма Библийы иннӕ чингуытӕ дӕр, куы кӕсай ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд рӕстады ӕмӕ рӕстдзинады амындтӕ дӕ зӕрдӕйӕн цырагъдар суыдзысты. Иегъовӕйӕн та ӕхсызгон уыдзӕн, ахӕм адӕймаг ӕм кӕй ӕввахс кӕны, уый (Псалом 14:1—5). Дӕхи цас тынгдӕр ахуыр кӕнай рӕсттӕрхоныл, дардмӕ уыныныл, ӕрхъуыдыдзинадыл ӕмӕ дӕ зонындзинӕдтӕ цас фылдӕр кӕной, уыйас дын хуыздӕр уайдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын.

11 Ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ӕрыгӕттӕн уыцы хъуыддаг ӕгӕр зын у? Нӕ, уымӕн ӕмӕ чырыстон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕй бирӕтӕ хӕссынц зондджын уынаффӕтӕ. Уый тыххӕй сын аргъ кӕнынц ӕмӕ сын «сӕ ӕрыгондзинадыл зынӕрвӕссон нӕ кӕнынц» (1 Тимофеймӕ 4:12). Ахӕм кӕстӕртӕй сӕ ныййарджытӕ сты сӕрыстыр, Иегъовӕйы зӕрдӕ та рухс кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Кӕд ӕрыгӕттӕ сты, уӕддӕр ӕй хъуамӕ зоной, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ уыдонмӕ дӕр кӕй хауынц: «Дӕ хъус дар ӕнаиппмӕ ӕмӕ кӕс рӕстгӕнӕгмӕ; уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймаджы фидӕн у фарн» (Псалом 36:37).

Ӕвзарын зон

12. Ӕрыгӕттӕ цы равзарынц, уыцы ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иу цы у ӕмӕ сын уый сӕ царды бӕрӕг фӕд цӕмӕн ныууадзы?

12 Ӕвзонгад у ӕвзарӕн дуг, ӕмӕ уӕд адӕймаг цы равзары, уый йын йӕ царды бӕрӕг фӕд ныууадзы. Абон цы ӕвзарыс, уыдон дын дӕ фидӕныл ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ фӕзындзысты. Раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ цардӕй райгонд. Ӕвзӕр фӕндагыл куы цӕуай, уӕд та цӕрӕнбонты уыдзынӕ фӕсмойнаг. Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй ма ӕркӕс дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, дӕ хӕлӕрттӕ чи сты? Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Хуыцауы Ныхасы ис ахӕм ӕмбисонд: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Ома нӕхи кӕуыл бӕттӕм, уыдоны хуызӕн суыдзыстӕм — зондджынтӕ, йе та ӕнӕзӕндтӕ. Дӕу та куыд фӕнды, зондджын уай ӕви ӕнӕзонд?

13, 14. а) Адӕймагӕй дарддӕр ма хӕлар схонӕн кӕй ис? ӕ) Цавӕр рӕдыд хъуыдытӕй хъуамӕ хъахъхъӕной ӕрыгӕттӕ сӕхи?

13 Дзырд «хӕлар» куы фехъусыс, уӕд, хӕрзаг, исты адӕймагыл ахъуыды кӕныс. Уый афтӕ у. Фӕлӕ хӕлӕрттӕ канд адӕймӕгтӕ нӕ вӕййынц. Телевизормӕ куы фӕкӕсыс, музыкӕмӕ куы фӕхъусыс, чингуытӕ куы фӕкӕсыс, киномӕ куы фӕцӕуыс кӕнӕ Интернеты исты куы фӕагурыс, уӕд, зӕгъӕн ис, кӕимӕдӕр хӕлариуӕг кӕныс. Кӕд дӕ уыдон мӕсты кӕнынц кӕнӕ дӕ ӕнӕуаг хъуыдытыл ӕфтауынц, йе та дӕ амидин кӕнынц наркотиктӕ кӕнынмӕ, нуазынмӕ кӕнӕ дӕ Библийы ӕндӕр уагӕвӕрдты сӕрты хизын кӕнынц, уӕд дӕхи сбастай, Хуыцау кӕмӕн нӕй, ахӕм «ӕнӕзӕндтимӕ» (Псалом 13:1).

14 Чи зоны, зӕгъыс: фембӕлдтӕм цӕуын, ӕмбырдӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ мын мӕ уырнындзинадыл нӕ фӕзындзысты, тыхми цы киноты ӕвдисынц ӕмӕ йӕ мелоди рӕсугъд кӕмӕн у, йӕ ныхӕстӕ та дывӕлдах кӕмӕн сты, уыцы зарджытӕ. Кӕнӕ хъуыды кӕныс: Интернеты исты порносайтмӕ ӕрмӕстдӕр иу каст куы фӕкӕнон, уӕд мыл ницы ӕрцӕудзӕн. Апостол Павел куыд зӕгъы, афтӕмӕй ахӕм хъуыдытимӕ раст зондыл хӕст нӕ дӕ. Уый фыста: «Ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Хъыгагӕн, ӕмбырдты сӕрыстыр цы фӕсивӕдӕй уыдысты, уыдонӕй бирӕты уыцы ӕвзӕр ӕмбаладтӕ ӕвзӕр зондыл бафтыдтой. Фӕлӕ сӕ ды дӕхи хъахъхъӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павелы уынаффӕмӕ хъусыс: «Ма ут ацы дуджы хуызӕн, фӕлӕ ӕндӕрхуызон ут уӕ зонды сногӕй, цӕмӕй сымах ӕмбарат Хуыцауы фӕндон кӕй у хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2).

15. Ӕрыгӕтты ма цы фӕхъӕуы равзарын ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы зын цы вӕййы?

15 Ноджы ма дӕ хъӕуы иу цыдӕр равзарын. Ӕрцӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ дӕ хъӕудзӕн лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын: скъола куы фӕуон, уӕд дарддӕр цы кусдзынӕн? Куыст зынӕссарӕн кӕм у, кӕд ахӕм бӕстӕйы цӕрыс, уӕд хъуыды кӕныс: хуыздӕр куыст куы фӕзына, уӕд ын ауадзӕн нӕй. Кӕд хъӕздыг бӕстӕйы цӕрыс, уӕд уым куыст у ӕнцон ссарӕн, иуӕй-иутӕ ма дӕм дзы зӕрдӕзӕгъгӕдӕр фӕкӕсдзысты. Стӕй дын, чи зоны, дӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ сӕ хорззӕрдӕйӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ахӕм куысты ныллӕуу, бирӕ ӕхца кӕм кусай, ӕмӕ дӕ ницӕй мӕт уыдзӕн, кӕнӕ схъӕздыг уыдзынӕ. Фӕлӕ ахуырыл уыйбӕрц рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ адӕймаджы, гӕнӕн ис, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ дӕр мауал ӕвдӕла.

16, 17. Зӕгъ, куыст равзарынӕн ӕрыгӕттӕн Библийӕ цавӕр стихтӕ фӕахъаз уыдзысты?

16 Исты уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал-иу Библийы ныхӕстыл ахъуыды кӕн. Уый нын дзуры, цӕмӕй нӕхӕдӕг нӕхи дарӕм (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10—12). Фӕлӕ ма фӕхъӕуы ноджы ӕндӕр цӕуылдӕртыл дӕр ахъуыды кӕнын. Мӕнӕ ма ацы стихтӕ бакӕс: Ӕмбисӕндтӕ 30:8, 9; Екклесиаст 7:11, 12; Матфейы 6:33; 1 Коринфӕгтӕм 7:31; 1 Тимофеймӕ 6:9, 10. Ныр та ахъуыды кӕн: куыст равзарынӕн ацы стихтӕ ӕрыгӕттӕн цӕмӕй фӕахъаз уыдзысты? Ныр ӕмбарыс, Иегъовӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕны?

17 Нӕ куыстыл уыйас рӕстӕг хъуамӕ ма цӕуа, ӕмӕ нӕ Иегъовӕйы хъуыддагмӕ мауал ӕвдӕла. Скъолайы фӕстӕ кӕд дӕ бон искуы кусын уа, уӕд уый хорз у. Кӕд ма дӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕнын хъӕуы, уӕд та дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр «ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ» — Хуыцауы хъуыддӕгтӕ — макуы рох кӕн (Филиппӕгтӕм 1:9, 10НД). Иеремийы писыр Варухы рӕдыд дыл ма ӕрцӕуӕд. Йӕ кадджын куыстӕн аргъ нал кодта ӕмӕ байдыдта «йӕхицӕн ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домын» (Иереми 45:5). Айрох ӕй ис, ацы дунейы «бирӕ цыдӕртӕй» йӕ иу дӕр Иегъовӕмӕ кӕй нӕ баввахс кодтаид ӕмӕ йӕ Иерусалимы сӕфты бон кӕй нӕ фервӕзын кодтаид. Абон дӕр афтӕ у.

Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кӕн

18, 19. а) Нӕ алфамбылай цӕрӕг адӕм цӕмӕй цух сты ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Бирӕты монон хӕринаг цӕуылнӕ хъӕуы?

18 Мыййаг, искуы телевизоры кӕнӕ газетты федтай, ӕххормаг бӕстӕты цӕрӕг сывӕллӕтты? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдӕ сӕ тӕригъӕдӕй фӕцӕйтыдта. Фӕлӕ дӕ алфамбылай цы адӕм цӕры, уыдоныл дӕр дӕ зӕрдӕ афтӕ риссы? Цӕмӕн сыл хъуамӕ рисса? Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сты ӕххормаг. Уыдон стонг сты, пехуымпар Амос цӕмӕй дзырдта, уымӕй: «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,— дзуры Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ,— ӕмӕ ӕз зӕхмӕ арвитдзынӕн ӕххормагдзинад, ӕрмӕст дзулӕй ӕххормаг нӕ, ӕмӕ дойны, ӕрмӕст, донӕй нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты, уымӕй» (Амос 8:11).

19 Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы ныхасӕй ӕххормаг адӕмӕн сӕ фылдӕр не ’мбарынц, «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый (Матфейы 5:3НД). Бирӕты монон хӕринаг нӕ хъӕуы. Чидӕртӕ ма дзургӕ дӕр кӕнынц, зӕгъгӕ дзы ӕфсӕст дӕн. Фӕлӕ афтӕ уымӕн дзурынц, ӕмӕ сӕхи ӕфсадынц «ацы дунейы [ницӕйаг] зондӕй», уымӕ та хауынц мулкыл хӕлоф, ахуыргӕндты ныхӕстӕ, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй алыхуызон хъуыдытӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Иуӕй-иутӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, нырыккон «зонд» ӕндӕр у, Библийы ахуырӕдтӕ та базӕронд сты. Чифӕнды куыдфӕнды дзурӕд, фӕлӕ «дуне йӕхи зондӕй нӕ базыдта Хуыцауы». Ацы дунейы зонд дӕ Хуыцаумӕ нӕ баввахс кӕндзӕн. Уый, дӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр, у «Хуыцауы раз ӕнӕзонддзинад» (1 Коринфӕгтӕм 1:20, 21; 3:19).

20. Иегъовӕйӕн чи нӕ кувы, уыдоны фӕзмын цӕуылнӕ хъӕуы?

20 Уыцы ӕххормаг сывӕллӕтты нывтӕм куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ фӕфӕнды уыдонау хъизӕмар кӕнын? Ӕмӕ кӕй бафӕндид?! Иуӕй-иу чырыстон лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты та бафӕндыд, Хуыцауы ныхӕстӕй ӕххормаг чи у, уыдоны бафӕзмын. Иутӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, дунейы не ’мбӕйттӕ сты ӕнӕмӕт ӕмӕ хъӕлдзӕг. Фӕлӕ сӕ иу хъуыддаг рох кӕны — уыдон Иегъовӕйӕ сты дард (Ефесӕгтӕм 4:17, 18). Ферох ма сӕ ис, адӕймаг Хуыцауы ныхӕстӕй ӕххормаг куы вӕййы, уӕд ыл бирӕ ӕнамонд хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕуы. Зӕгъӕм, ӕнӕцыд ӕвзонг чызджытӕ басывӕрджын вӕййынц, хӕлд митӕ, тамако, нозт ӕмӕ наркотикты фыдӕй адӕймагыл стыхджын вӕййынц алыхуызон низтӕ кӕнӕ фӕсмонӕй сӕхи фӕхӕрынц. Хуыцауы ныхӕстӕй ма йӕхи чи не ’фсады, уыдон смаргдзӕф, смӕстыгӕр вӕййынц, сӕ зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт никуыцӕйуал фӕкӕсы ӕмӕ цӕмӕн цӕрынц, уый нал фӕзонынц.

21. Цӕмӕй нӕ ӕнӕуырнджытӕ сӕхи хуызӕн ма скӕной, уый тыххӕй цы хъӕуы?

21 Скъолайы куы вӕййыс, уӕд-иу кӕс, цӕмӕй дӕ ӕнӕуырнджытӕ сӕхи хуызӕн ма скӕной, сӕ зондыл дӕ ма акӕной (2 Коринфӕгтӕм 4:18). Иуӕй-иутӕ дын дзурдзысты, зӕгъгӕ, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ницы сты. Уыйхыгъд ма, дӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбардзынӕ, афтӕ дӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ дӕр ахӕм зондыл авӕрдзысты: ӕнӕуаг митӕ кӕнын, нуазын ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзурын худинаг нӕу. Ма сӕм хъус. Дӕхи бӕтт, «уырнындзинад ӕмӕ хорз намыс» кӕмӕн ис, уыцы адӕмыл. «Ӕдзухдӕр ӕнтыстджын [у] Хицауы хъуыддаджы» (1 Тимофеймӕ 1:19; 1 Коринфӕгтӕм 15:58). Иудадзыгдӕр ӕмбырды хъуыддӕгты архай ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цу. Цалынмӕ скъолайы ахуыр кӕныс, уӕдмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕр лӕггад кӕн. Дӕхи сахуыр кӕн ацы хъуыддӕгтӕм ноджы бӕрнондӕр цӕстӕй кӕсын ӕмӕ нӕ фӕцуддзынӕ (2 Тимофеймӕ 4:5).

22, 23. а) Ӕрыгӕттӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уый арӕх иннӕтӕ цӕуылнӕ бамбарынц? ӕ) Ӕрыгӕттӕ цы хъуамӕ аразой?

22 Алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕй кӕсыс, уый тыххӕй дын иннӕтӕ дӕ уынаффӕтӕ не ’мбардзысты. Дзырдӕн, иу чырыстон лӕппу уыд тынг курдиатджын музыкант, стӕй тынг хорз ахуыр кодта. Скъолайы фӕстӕ йӕ фыдау рудзгуытӕ ӕхсӕгӕй кусын райдыдта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид пионерӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ цӕмӕн бакодта, уый йӕ ахуыргӕнджыты бон не сси бамбарын. Фӕлӕ кӕд ды Иегъовӕмӕ баввахс дӕ, уӕд нӕ ныфс ис ды йӕ кӕй ӕмбарыс.

23 Де ’взонджы рӕсугъд бонтӕ куыд арвитай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмбырд кӕн «дӕхицӕн хӕзна, хорз бындур фидӕнмӕ, цӕмӕй фӕхӕццӕ уай мыггагмӕйы цардмӕ» (1 Тимофеймӕ 6:19). Ӕвзонгӕй дӕр,— цард-цӕрӕнбонты дӕр,— «дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы» дӕ зӕрдыл дар. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй сӕвӕрдзынӕ хорз бындур дӕ фидӕнӕн — амондджын, ӕнӕкӕрон цардӕн.

Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдтӕ?

• Хуыцау ӕрыгӕттӕн сӕ сомбоны цард аразынӕн цавӕр амындтӕ дӕтты?

• Ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ бон куыд у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын?

• Ӕрыгӕттӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕй сӕ царды бӕрӕг фӕд кӕцытӕ ныууадзынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Де ’ппӕт хъарутӕ ӕмӕ тыхтӕ дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ сараздзынӕ?

[Ныв 26, 27 фарсыл]

Ӕмбаргӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ алцӕмӕдӕр кӕсынц Хуыцауы цӕстӕй.