Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕларзӕрдӕ ут фыдӕх дунейы

Хӕларзӕрдӕ ут фыдӕх дунейы

Хӕларзӕрдӕ ут фыдӕх дунейы

«Адӕймаджы хорзӕй цы ис, уый — йӕ ӕнувыд уарзт» (ӔМБИСӔНДТӔ 19:22).

1. Хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын цӕмӕн вӕййы?

ДӔХИ хӕларзӕрдӕ адӕймаг схонис? Кӕд о, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, абоны дунейы ӕнцон нӕу цӕрын. Зонӕм ӕй, Библимӕ гӕсгӕ хӕларзӕрдӕдзинад хауы «уды дыргъмӕ». Фӕлӕ хӕларзӕрдӕ ахаст дарын афтӕ зын цӕмӕн у, суанг ма чырыстон бӕстӕтӕ кӕй хонынц, уым дӕр? (Галатӕгтӕм 5:22). Амӕйразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй дзуапп ссарӕн ис, апостол Иоанн цы ныффыста, уым — ӕппӕт дуне дӕр ис хӕрамзӕрдӕ уӕларвон удгоймаг Сайтан Хӕйрӕджы къухы (1 Иоанны 5:19). Йесо Чырысти Сайтаны схуыдта «дунейы ӕлдар» (Иоанны 14:30). Уӕдӕ ацы дуне дӕр у, чи йыл хицауиуӕг кӕны, уый хуызӕн — змӕнтаг ӕмӕ ӕгъатыр (Ефесӕгтӕм 2:2).

2. Цӕй аххосӕй нын вӕййы зын хӕларзӕрдӕ ахаст дарын?

2 Исчи нӕм фыдзӕрдӕ куы фӕдары, уӕд уый нӕ цардыл фӕзыны. Масты хос нын, гӕнӕн ис, уой хъуыр-хъуыргӕнаг сыхӕгтӕ, фыдзӕрдӕ ӕцӕгӕлӕттӕ, суанг ма нӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ нӕ бинонтӕ дӕр. Хатт уыдон дӕр сӕ ныхӕстыл ӕмӕ сӕ митыл хъуыды дӕр нӕ акӕнынц. Арӕх хорзау нал фӕвӕййӕм, кӕрӕдзиимӕ чи загъд кӕны ӕмӕ кӕрӕдзи чи ӕлгъиты, ахӕм ӕнӕхсӕст адӕмыл сӕмбӕлгӕйӕ. Адӕм афтӕ фыдзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй мах чи зоны фӕмӕстӕлгъӕд уӕм, ӕмӕ нӕ масты фӕдыл ацӕуӕм. Уый та нын нӕ уырнындзинадӕн ӕмӕ не ’нӕниздзинадӕн зиан хӕссы (Ромӕгтӕм 12:17).

3. Цавӕр уӕззау уавӕрты аххосӕй нал фӕфӕнды адӕмы хӕларзӕрдӕйӕ архайын?

3 Хӕларзӕрдӕ ахаст дарын ма нын зын вӕййы, абон дунейы цы тыхст, уӕззау уавӕртӕ ис, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр тӕрсынц террористты фыдракӕндтӕй, афтӕ ма искӕцы адӕмыхӕттыты къордтӕ биологон кӕнӕ ядерон хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уымӕй дӕр. Уый нӕ, фӕлӕ ма милуангай адӕм фырмӕгуырӕй тухитӕ кӕнынц, мамӕлайы къӕбӕрӕй цӕрынц, нӕй сын рӕстмӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дарӕс, стӕй дохтыртӕм ӕххуысмӕ цӕмӕй бацӕуой, уый фӕрӕз дӕр сын нӕй. Хъуыддӕгтӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзысты, уымӕй адӕмы ныфс куы нӕ уа, уӕд сын хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын у (Екклесиаст 7:7).

4. Иуӕй-иутӕ цавӕр рӕдыд хатдзӕгмӕ ӕрцӕуынц, дзырд хӕларзӕрдӕдзинадыл куы фӕцӕуы, уӕд?

4 Адӕймагӕн ӕнцонтӕй у ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцӕуын, зӕгъгӕ, хӕларзӕрдӕ уай, уый тынг ахсджиаг нӕу ӕмӕ ма суанг лӕмӕгъдзинад дӕр у. Гӕнӕн ис афтӕ дӕр ӕнхъӕла, йӕ хорздзинад бӕсты кӕй никӕмӕн цӕуы, уӕлдайдӕр та йӕ куы схойой, адӕймагыл ӕй куы нӕ нымайой, уӕд (Псалом 72:2—9). Фӕлӕ нын Библи дӕтты хорз зондамынд: «Фӕлмӕн ныхас маст сафы, рӕхуыст ныхас та маст ссудзы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Фӕлмасдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад хауынц сыгъдӕг уды дыргъмӕ, кӕрӕдзийыл сты ӕнгом баст ӕмӕ стыр ӕххуыс сты тыхст уавӕрты.

5. Царды хӕларзӕрдӕ кӕм хъуамӕ уӕм?

5 Махӕн, чырыстӕттӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын афтӕ ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕркӕсӕм, уыцы миниуджытӕй иу — хӕларзӕрдӕдзинад — нӕ бон куыд у ӕвдисын, уымӕ. Фыдӕх дунейы адӕймаг хӕларзӕрдӕ уа, уымӕн гӕнӕн ис? Кӕд о, уӕд цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон бӕлвырд кӕнын, Сайтанӕн уый бар кӕй нӕ дӕттӕм, ӕмӕ нын нӕ хӕларзӕрдӕдзинады зынг бамынӕг кӕна, уӕлдайдӕр та уӕззау уавӕрты? Ӕркӕсӕм, куыд уӕм хӕларзӕрдӕ бинонты ’хсӕн, куысты, скъолайы, нӕ сыхӕгтимӕ, уацамынды ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ.

Хӕларзӕрдӕдзинад бинонты ’хсӕн

6. Бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уой ӕмӕ уыцы хӕларзӕрдӕдзинад цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

6 Цӕмӕй нын Иегъовӕ арфӕ кӕна ӕмӕ нын разамынд дӕтта, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы нӕ удыхъӕды сыгъдӕг уды дыргъ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ рӕзын кӕнын (Ефесӕгтӕм 4:32). Цӕй аныхас кӕнӕм, хӕларзӕрдӕдзинад уӕлдай тынгдӕр бинонты ’хсӕн кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, ууыл. Ӕрвылбоны хъуыддӕгты лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ дӕр хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ, аудаг (Ефесӕгтӕм 5:28—33; 6:1, 2). Уый хъуамӕ зына, бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кӕнынц, уымӕй: сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджытӕн кад кӕной, нымайой сӕ ӕмӕ ныййарджытӕ та хъуамӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕвдаугӕйӕ дзурой. Иу уайдзӕфӕй дӕс ӕппӕлӕн ныхасы пайдадӕр сты.

7, 8. а) Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ нӕ бинонтимӕ ӕцӕгдӕр хӕларзӕрдӕ уӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй хиздзыстӕм? ӕ) Бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ уый ӕнгомдӕр куыд фӕкӕны? б) Дӕ бон куыд у дӕ бинонтӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарын?

7 Бинонтӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарынмӕ ма хауы Павелы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын дӕр: «Ӕппӕт дӕр иуварс авӕрут: маст, тызмӕгдзинад, хӕрамдзинад, ӕвзӕр ныхӕстӕ, ӕнӕфсармӕй дзурын уӕ дзыхӕй». Чырыстон бинонтӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ фӕлмӕнӕй дзурой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй фидар ӕмӕ амондджын нӕ уыдзысты. Кӕрӕдзиимӕ истӕуыл куы нӕ разы кӕнат, уӕд дӕхи ныхас ма кӕн, фӕлӕ бацархай хъуыддаг ӕрнывыл кӕнын. Амондджын бинонтӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ уой, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной (Колоссӕгтӕм 3:8, 12—14).

8 Хӕларзӕрдӕдзинад хорз миниуӕг у. Уый фӕрцы нӕ фӕфӕнды искӕмӕн исты хорзы бацӕуын. Уӕдӕ нӕ бинонтӕн сӕ къух рог кӕндзыстӕм, не ’ххуыс ӕмӕ сын нӕ рӕвдауӕн ныхас нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм. Уыдон адджын бинонтӕ сты, зӕгъгӕ, цӕмӕй уа зӕгъӕн, уый тыххӕй бинонтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр ӕмӕ хицӕнтӕй дӕр хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уой. Ӕмӕ уӕд ӕрмӕст Хуыцауы хорзӕхӕй нӕ уыдзысты хайджын, фӕлӕ ма ӕмбырды дӕр ӕмӕ сыхӕгты ’хсӕн дӕр кадджын кӕндзысты хӕларзӕрдӕ Хуыцауы, Иегъовӕйы (1 Петры 2:12).

Хӕларзӕрдӕдзинад куысты

9, 10. Радзур, куысты цавӕр зындзинӕдтыл ис сӕмбӕлӕн ӕмӕ сӕ куыд ис хӕларзӕрдӕйӕ алыг кӕнӕн.

9 Куысты чырыстӕттӕн хаттӕй-хатт зын вӕййы се ’мкусджытӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарын. Афтӕ дӕр вӕййы ӕмӕ иуӕй-иутӕ сӕ фырхӕлӕгӕй се ’мкусӕджы номыл хицауы раз цъыфкалӕнтӕ кӕнӕ мӕнгныхӕстӕ кӕной, ӕмӕ уый фыдӕй уыцы адӕймаг, йӕ куыст дӕр фесафа (Екклесиаст 4:4). Ахӕм уавӕрты адӕймаг хӕларзӕрдӕ уа, уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг йӕ зӕрдыл дардзӕн, цыфӕндыйӕ дӕр исты хорзы бацӕуын раст кӕй у. Уӕдӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъуамӕ архайа, зындзырд адӕймагимӕ иумӕйаг ӕвзаг ссарыныл, йе ’ргом ын йӕхимӕ раздахыныл. Уымӕн та хъӕуы къӕрцхъус зӕрдӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад. Ӕрхъуыдыджын кӕй дӕ, уый равдисӕн ис, зӕгъӕм, де ’мкусӕг йе та йӕ бинонтӕй исчи куы фӕрынчын уа, уӕд. Уе ’нӕниздзинад куыд у, зӕгъгӕ йӕ куы афӕрсай, уӕд ын ӕрмӕст уый дӕр йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзӕн. О, чырыстӕттӕн сӕхицӕй аразгӕ цы у, уымӕй хъуамӕ архайой ӕппӕт адӕмимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрын. Хатт уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн фӕхъӕуы, адӕймагыл кӕй тыхсыс, уый чи равдиса, ӕрмӕстдӕр ахӕм фӕлмӕн ныхас.

10 Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ хицау йӕ кусджытӕн, йӕхимӕ раст цы фӕкӕсы, уый тыхӕй фӕхъары ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иууылдӕр паддзахадон кӕнӕ та Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм бӕрӕгбон скӕной. Чырыстон ууыл йӕ намысмӕ гӕсгӕ куы нӕ разы кӕна, уӕд уый быцӕу дӕр расайдзӕн. Уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, зондджын ми нӕ уыдзӕн хицауӕн лыстӕггай ӕмбарын кӕнын, йӕ зондыл ацӕуын раст кӕй нӕу. Уымӕн ӕмӕ чырыстон цӕуыл ӕууӕнды, уымӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдон уым, гӕнӕн ис, ӕвзӕрӕй мацы уыной (1 Петры 2:21—23). Дӕ бон сын у сабырӕй бамбарын кӕнын, ды дӕхӕдӕг цӕуылнӕ бӕрӕг кӕныс уыцы бон. Ӕлхыскъ ныхӕстӕн ӕлхыскъ дзуапп ма дӕтт. Хуыздӕр у, чырыстон, Ромӕгтӕм 12:18 цы уынаффӕ ис, уымӕ куы хъуса: «Кӕд сымахӕрдыгӕй гӕнӕн ис, уӕд фидыддзинады ут ӕппӕт адӕмимӕ дӕр».

Хӕларзӕрдӕдзинад скъолайы

11. Рӕзгӕ фӕлтӕр кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонмӕ сын хӕларзӕрдӕ ахаст дарын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

11 Куыд зын вӕййы рӕз-гӕ фӕлтӕрӕн хӕларзӕрдӕ ахаст дарын, кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонмӕ. Ӕрыгӕтты арӕх тынг фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ се ’мкъласонтӕ нымайой. Лӕппутӕй иуӕй-иутӕ ӕнхъӕл вӕййынц, зӕгъгӕ, ам мӕнӕй «тынгдӕр» ничи ис, ӕмӕ иннӕ скъоладзаутыл суӕлӕхох вӕййынц, райдайынц сӕ ссӕндын, схойын (Матфейы 20:25). Иннӕ ахуырдзаутӕн та фадат куы фӕзыны, уӕд сӕ ӕнтыстытӕй ахуыры, спорты ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты сӕхи стауынӕй фӕсте нӕ фӕлӕууынц. Сӕхицӕй ныббуц вӕййынц, ӕмӕ се ’мкъласонтыл кӕнӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтыл былысчъилтӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ ӕнтыстыты руаджы иннӕтӕй хуыздӕр сты. Ӕрыгон чырыстӕттӕ ахӕмты хъуамӕ ма фӕзмой (Матфейы 20:26, 27). Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, «уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг [«хӕларзӕрдӕ», НД] у» ӕмӕ уый «йӕхи уӕлиау нӕ кӕны, хъал нӕу». Уӕдӕ чырыстонӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй йемӕ чи ахуыр кӕны, уыдонмӕ, Фыстад куыд амоны, ахӕм зӕрдӕ дара ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдоны ма фӕзма (1 Коринфӕгтӕм 13:4).

12. а) Рӕзгӕ фӕсивӕдӕн сӕ ахуыргӕнджытӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын цӕй тыххӕй вӕййы? ӕ) Ӕрыгон чырыстӕттӕн се ’мгӕртты аххосӕй хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын куы уа, уӕд сын чи баххуыс кӕндзӕн?

12 Рӕзгӕ фӕсивӕд ма хъуамӕ сӕ ахуыргӕнджытӕм дӕр хӕларзӕрдӕ ахаст дарой. Ахуырдзаутӕй бирӕтӕн уый ад ницы кӕны, ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕй хуынджылӕг кӕной. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, скъолайы уагӕвӕрдтӕ куы халой ӕмӕ уымӕй ахуыргӕнджыты куы ницӕмӕ дарой, уӕд уыдонӕй сӕрӕндӕр ничи у. Иннӕты тас бауадзынц ӕмӕ сӕ сӕ фӕдыл акӕнынц. Ӕрыгон чырыстон сӕ фӕндыл куы нӕ разы кӕна, уӕд дзы гӕнӕн ис хынджылӕг кӕнын райдайой, ӕнцад цӕрын ӕй ма уадзой. Ахуыры азы дӕргъы уыдӕттӕн быхсын ӕнцон нӕу, ӕмӕ ма чырыстоны фӕндгӕ дӕр кӕндзӕн, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уа? Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, куыд ахсджиаг у, ӕмӕ Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уай. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, уый дын царды ахӕм зын рӕстӕджыты йӕ сыгъдӕг уды руаджы кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл (Псалом 36:28).

Хӕларзӕрдӕдзинад сыхӕгтимӕ

13—15. Нӕ сыхӕгтӕм нын хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын цӕмӕн вӕййы ӕмӕ уыцы цӕлхдуртӕ куыд ис иуварсгӕнӕн?

13 Кӕмфӕнды ма цӕрай — хи хӕдзары, фатеры йе та ӕндӕр искуы — дӕ бон у хъуыды кӕнай, дӕ сыхӕгтӕм хӕларзӕрдӕ куыд уай ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй куыд кӕсай, ууыл. Ӕмӕ та уый дӕр алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы.

14 Цы гӕнгӕ у, дӕ хӕрзсыхӕгтӕ дӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсой дӕ буары хуыз, дӕ адӕмыхатт кӕнӕ дӕ дины тыххӕй? Цы гӕнгӕ у, демӕ схуыстӕй куы дзурой кӕна тӕ дӕ ӕрдумӕ дӕр куы нӕ дарой? Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ хорз уыдзӕн, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕларзӕрдӕ куы уай. Уӕд иннӕтӕй бӕрӕг хицӕн кӕндзынӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр кад хӕсдзынӕ Иегъовӕйӕн, йӕхӕдӕг хӕларзӕрдӕдзинады дӕнцӕг чи у, уымӕн. Чи йын цы зоны, нӕ сыхаджы нӕ хӕларзӕрдӕдзинад кӕд ӕрфӕлмӕн кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ахаст кӕд фӕивдзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнын дӕр райдайа (1 Петры 2:12).

15 Нӕ сыхӕгтӕм нӕ бон куыд у хӕларзӕрдӕ ахаст дарын? Фыццаджыдӕр, нӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕгъдауджын куы уой, сыгъдӕг уды дыргъ нӕ мидахастыты бӕрӕг куы уа. Дӕ сыхӕгтӕ уый ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу дӕ сыхӕгтӕн истӕмӕй балӕггад кӕн. Рох дӕ ма уӕд, хӕларзӕрдӕдзинад у иннӕты хӕрзӕбоныл аудын (1 Петры 3:8—12).

Хӕларзӕрдӕдзинад уацамынды

16, 17. а) Уацамынды цӕмӕн хъуамӕ уӕм хӕларзӕрдӕ? ӕ) Уацамынды алы хуызты дӕр хӕларзӕрдӕ куыд хъуамӕ уӕм?

16 Хӕларзӕрдӕдзинад хъуамӕ бӕрӕг-бӕлвырдӕй зына нӕ чырыстон лӕггады — адӕмӕн хӕдзары, куысты кӕнӕ ӕхсӕнадон бынӕтты куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕйы номӕй кӕй цӕуӕм. Иегъовӕ та кӕддӕриддӕр у хӕларзӕрдӕ (Рацыд 34:6).

17 Уацамынды хӕларзӕрдӕ уай, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын? Зӕгъӕм, уынджы хъусынгӕнгӕйӕ дӕ хӕларзӕрдӕдзинад бӕрӕг уыдзӕн, дӕ ныхас цыбыр куы уа ӕмӕ ӕрхъуыдыджын куы уай, уӕд. Уынгты арӕх бирӕ адӕм кӕй фӕцӕуы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хъус дар, цӕмӕй иннӕты ма хъыгдарай. Хӕларзӕрдӕ кӕй дӕ, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, ӕхсӕнадон бынаты хъусынгӕнгӕйӕ цыбыртӕй куы дзурай; зӕгъӕм, уӕйгӕнджыты кусын кӕй хъӕуы, уый дӕ зӕрдыл куы дарай.

18. Цӕмӕй уацамынды хӕларзӕрдӕ уӕм, уый тыххӕй ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

18 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ у. Адӕймаджы-иу дуары цур бирӕ ма ныддар, уӕлдайдӕр та боныхъӕд ӕвзӕр куы уа, уӕд. Бафиппайыс, адӕймаг дӕ фӕлмӕцын кӕнӕ та дӕм мӕсты кӕнын куы райдайы? Чи зоны, кӕм цӕрут, уым Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕммӕ арӕх фӕцӕуынц. Уӕд лӕмбынӕг дӕр у — алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн (Ӕмбисӕндтӕ 17:14). Бацархай бамбарын, адӕймаг дӕм абон цӕй тыххӕй нӕ хъусы. Дӕ зӕрдыл дар, тагъд рӕстӕджы та йӕм дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй исчи кӕй ӕрбацӕудзӕн. Гуырымыхъхъ адӕймагыл куы сӕмбӕлай, уӕд уӕлдай тынгдӕр бацархай, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уай. Хъӕрӕй дӕр ма дзур ӕмӕ тызмӕгӕй дӕр, фӕлӕ сабырӕй. Хӕларзӕрдӕ чырыстоны уый нӕ фӕнды, ӕмӕ йӕ ныхас быцӕумӕ ахиза (Матфейы 10:11—14). Чи зоны, иу бон уыцы адӕймаг хорз хабармӕ байхъуса.

Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмбырды фембӕлдты

19, 20. Ӕмбырды хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ йӕ куыд ис ӕвдисӕн?

19 Тынг ахсджиаг ма у не ’муырнджытӕм дӕр хӕларзӕрдӕ ахаст дарын (Дзуттытӕм 13:1). Ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадӕй кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ ма уӕм.

20 Уе ’мбырдӕй дарддӕр ма Паддзахады залы иу, дыууӕ кӕнӕ та фылдӕр ӕмбырды куы ӕмбӕла, уӕд уыцы ӕмбырдты адӕммӕ хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уӕм, аргъ сын кӕнӕм. Фембӕлдты рӕстӕг нысан кӕныны, ӕфснайыны кӕнӕ агъуыст цалцӕг кӕныны фарстатӕ лыггӕнгӕйӕ исчи йӕхи ныхас куы фӕкӕны, уӕд ӕмгуыст кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕд ӕмхуызон нӕ хъуыды кӕнут, уӕддӕр хӕларзӕрдӕ ут ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут. Афтӕмӕй хӕларзӕрдӕдзинад фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ, иннӕты хӕрзӕбоныл кӕй тыхсут, уый тыххӕй Иегъовӕйӕ арфӕгонд ӕрцӕудзыстут.

Дарддӕр дӕр хӕларзӕрдӕ у

21, 22. Колоссӕгтӕм 3:12 гӕсгӕ цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм?

21 Хӕларзӕрдӕдзинад ахӕм диссаджы миниуӕг у, ӕмӕ нӕ царды алы къабазы дӕр ахады. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы нӕ чырыстон удыхъӕды райрӕзын кӕнын. Хӕларзӕрдӕйӕ архайын хъуамӕ не ’гъдау суа.

22 Цӕй уӕдӕ алы бон дӕр иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ уӕм, ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхимӕ бамбарӕд апостол Павелы ныхӕстӕ: «Сфӕлындут, куыд Хуыцауы ӕвзӕрстытӕ, сыгъдӕджытӕ ӕмӕ уарзонтӕ, фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады» (Колоссӕгтӕм 3:12).

Хъуыды ма кӕныс?

• Чырыстонӕн хӕларзӕрдӕ ахаст дарын зын цӕй тыххӕй вӕййы?

• Бинонты ’хсӕн хӕларзӕрдӕдзинад ахсджиаг цӕмӕн у?

• Цӕй аххосӕй нӕ вӕййы адӕймагӕн ӕнцон, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уа скъолайы, куысты ӕмӕ сыхӕгтимӕ?

• Радзур, чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у, ӕмӕ уацамынды хӕларзӕрдӕ уой.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Бинонтӕй алчидӕр хӕларзӕрдӕ куы уа, уӕд уыдзысты ӕнгом ӕмӕ ӕмвӕнд.

[Ныв 15 фарсыл]

Хӕларзӕрдӕдзинад дӕ бон у равдисын, де ’мкусӕг кӕнӕ йӕ бинонтӕй исчи куы фӕрынчын уа, уӕд.

[Ныв 16 фарсыл]

Хынджылӕгмӕ нӕкӕсгӕйӕ, цыфӕндыйӕ дӕр хӕларзӕрдӕ чи уа, уыдонӕн Иегъовӕ ӕххуыс кӕны.