Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын!

Дӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын!

Дӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын!

ӔЦӔГДӔР у нӕ бон Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ фӕхъыг кӕнын? Хуыцау цин кӕнын зоны? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцау у цыдӕр тых. Цымӕ ӕбӕрӕг тыхӕн йӕ бон цин кӕнын у? Кӕцӕй. Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, Библи Хуыцауы тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ.

«Хуыцау у уд»,— загъта Йесо Чырысти (Иоанны 4:24). Уд у, адӕймагимӕ ӕмхуызонӕй кӕмӕн ницы ис, ахӕм царды хуыз. Кӕд ын цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр ын ис буар — «удон буар» (1 Коринфӕгтӕм 15:44; Иоанны 1:18). Ӕвзаджы аивадон мадзӕлттӕй пайдагӕнгӕйӕ, Библи Хуыцауы тыххӕй дзуры, уымӕн кӕй ис цӕстытӕ, хъустӕ, къухтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр *. Хуыцауӕн ис ном дӕр — Иегъовӕ (Псалом 82:19, МГТ). Уӕдӕ Библи цы Хуыцауы кой кӕны, уый у ӕнӕуынгӕ удгоймаг (Дзуттытӕм 9:24). «Уый у удӕгас Хуыцау ӕмӕ Паддзах ӕнустӕм» (Иереми 10:10).

Иегъовӕ цардӕгас, ӕцӕг удгоймаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ архайын. Уымӕн ис миниуджытӕ, ӕнкъарӕнтӕ; ис, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы. Библийы арӕх ӕмбӕлы, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый кой. Кӕд адӕймаджы ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕ ӕмӕ гуымирыты се ’рхъуыдыгӕнджыты миниуджытӕ ӕрмӕст зынгӕ кӕнынц, уӕд ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйӕн та, адӕймаджы цы ӕнкъарӕнтӕй схайджын кодта, уыдон йӕхицӕй цӕуынц (Уӕвынад 1:27; Исай 44:7—11).

Иегъовӕ «амондджын Хуыцау» у (1 Тимофеймӕ 1:11). Уымӕн йӕ зӕрдӕ канд йе сконд дунейӕ нӕ рухс кӕны, фӕлӕ ма йын ӕхсызгон у йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнын дӕр. Пехуымпар Исайы дзыхӕй Иегъовӕ загъта: «Цыдӕриддӕр мын ӕхсызгон у, уый сараздзынӕн... Ӕз ӕй загътон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Ӕз ӕй сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн» (Исай 46:9—11). Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Цин кӕнӕд Хицау Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй!» (Псалом 103:31). Фӕлӕ ма Хуыцауӕн цины хос у ӕндӕр хъуыддаг дӕр. Уый дзуры: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ахъуыды ма кӕн — махӕн нӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын!

Нӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын

Ӕркӕсӕм, рагзаманты цӕрӕг Ной Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кодта, уымӕ. Ной «Иегъовӕйы хорзӕх ссардта», уымӕн ӕмӕ «уыди йе ’мдуггӕгты ’хсӕн ӕнаипп». Уый уӕды заманты цӕрӕг фыдадӕмӕй тынг хицӕн кодта. Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ афтӕ рухс кодта, ӕмӕ дзы зӕгъӕн уыд, зӕгъгӕ, «Ной цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Уӕвынад 6:6, 8, 9, 22). «Уырнындзинадӕй Ной... нымд кӕнгӕйӕ сарӕзта ковчег, йӕ хӕдзар фервӕзын кӕнынӕн» (Дзуттытӕм 11:7). Иегъовӕ Нойӕ разыйӕ баззад ӕмӕ йын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн стыр хорзӕх ракодта: адӕмы историйы цалх цӕхгӕр куы фӕзылд, уӕд сӕ аирвӕзын кодта.

Израилӕгты фыдӕл Авраам дӕр хорз зыдта, Иегъовӕ цы фенкъары, цы фӕхъуыды кӕны. Уый ирдӕй разынд, Иегъовӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, Содом ӕмӕ Гоморр ӕгъдаухӕлд кӕй фесты, уый тыххӕй сӕ фесафдзынӕн. Авраам Иегъовӕйы афтӕ хорз зыдта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ мӕ нӕ уырны, ӕмӕ рӕстаг адӕймаджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай (Уӕвынад 18:17—33). Бирӕ азты фӕстӕ, Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕсӕй, Авраам цӕттӕ уыд «ӕрхӕссын нывондӕн Исахъы», уымӕн ӕмӕ «хъуыды кодта, Хуыцау тыхджын кӕй у [уый] мӕрдтӕй райгас кӕнынмӕ дӕр» (Дзуттытӕм 11:17—19; Уӕвынад 22:1—18). Авраам, Иегъовӕ цы ӕнкъары, уый йӕхи зӕрдӕйӕ ӕнкъардта, фидар уырнындзинад ын кӕй уыд, коммӕгӕс кӕй разынд, уымӕ гӕсгӕ «хуынд ӕрцыд Хуыцауы хӕлар» (Иаковы 2:23).

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл йӕхи хъардта рагон Израилы паддзах Давид дӕр. Уый тыххӕй Иегъовӕ загъта: «Ссардтон Ӕз лӕг Мӕ зӕрдӕмӕ гӕсгӕ, Давиды, Иессейы фырты, кӕцы сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ фӕндӕттӕ иууылдӕр» (Куыстытӕ 13:22). Уӕйыджы хуызӕн лӕг Голиафы ныхмӕ рацӕугӕйӕ, Давид йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл сӕвӕрдта ӕмӕ Израилы паддзах Саулӕн загъта: «Иегъовӕ, домбай ӕмӕ мӕ арсы дзӕмбытӕй чи фервӕзын кодта, уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн». Давид Иегъовӕйӕ афтӕ ныфсджын кӕй уыд, уый тыххӕй йын ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ бон сси Голиафы амарын (1 Паддзахӕдты 17:37, 45—54). Давиды фӕндыд, цӕмӕй Иегъовӕйӕн, канд йӕ хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ «хъӕлӕсы ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ [дӕр] уыдаиккой фӕндон», ӕхсызгон (Псалом 18:15).

Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Куыд у нӕ бон Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын? Цас хуыздӕр ӕмбарӕм Хуыцауы ӕнкъарӕнтӕ, уыйас хуыздӕр зондзыстӕм, йӕ зӕрдӕ йын куыд рухс кӕнӕм, уый. Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ, ӕнӕмӕнг дӕр ууыл архайӕм, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕм, куыд «ӕххӕст кӕнӕм Уый фӕндон бамбарыны алы уӕлзонды ӕмӕ удӕй ӕмбарынады, цӕмӕй кӕнӕм Хуыцауӕн аккаг, алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Зонындзинӕдтӕ та нын ӕххуыс кӕнынц нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнӕн нӕй» (Дзуттытӕм 11:6). О, нӕ уырнындзинады мӕсыг фидар куы амайӕм ӕмӕ нӕ цард Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Фӕлӕ ма уыцы иу рӕстӕг хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм Иегъовӕйы зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнынӕй.

Хуыцауы зӕрдӕ мацӕмӕй риссын кӕнӕм

Иегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕй фӕриссы, уый фенӕн ис Нойы бонты хабӕрттӕй. Уыцы рӕстӕджы зӕхх «байдзаг тыхмийӕ. Хуыцау ӕркаст зӕхмӕ ӕмӕ мӕнӕ, сӕфтмӕ ӕрцыди, уымӕн ӕмӕ зӕххыл алы удгоймаг дӕр йӕ фӕндаг сзыгъуыммӕ кодта». Адӕмы цъаммар ӕмӕ ӕгъатыр митӕм кӕсгӕйӕ Хуыцау цы хъуыды кодта? «Иегъовӕ фӕфӕсмон кодта, зӕххыл адӕмы кӕй сфӕлдыста,— дзуры Библи,— ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Уӕвынад 6:5, 6, 11, 12). Хуыцау фӕфӕсмон кодта, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Доны хъаймӕты размӕ цӕрӕг адӕм бынысӕфт кӕй фесты, уый тыххӕй сӕм ӕндӕр зӕрдӕ дарын райдыдта. Кӕд сӕм раздӕр Сфӕлдисӕджы цӕстӕй каст, уӕд сӕ ныр та се ’нӕуаг миты тыххӕй фесафынвӕнд скодта.

Иегъовӕйӕн ма йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йе ’взӕрст адӕм, рагон израилӕгтӕ йӕ куы ницӕмӕ дардтой: цы ’нкъары, йӕ уарзагзӕрдӕйӕ сын цы дзуры, уый сӕм нымады куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг сагъӕс кодта: «Уыдон цал хатты мӕсты кодтой Уый ӕдзӕрӕг ран, ӕмӕ Йӕ смӕсты кодтой ӕдзӕрӕг бӕстӕйы! Ӕмӕ ногӕй фӕлвӕрдтой Хуыцауы, ӕмӕ ӕфхӕрдтой Израилы Сыгъдӕджы». Фӕлӕ «Уый, фӕлмӕнзӕрдӕ, хатыр кодта тӕригъӕд, ӕмӕ сӕ нӕ сӕфта; бирӕ хатт здӕхта Йӕ маст, ӕмӕ нӕ цырын кодта Йӕ ӕппӕт тызмӕгдзинад» (Псалом 77:38—41). Хивӕнд израилӕгтӕ-иу кӕд сӕхи тӕригъӕдты тыххӕй хъизӕмар кодтой, уӕддӕр, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «се ’ппӕт утӕхсӕнты [Хуыцау] дӕр утӕхсӕн кодта» (Исай 63:9).

Хуыцау Израилы адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзта, уый сын кӕд ӕнӕнымӕц хӕттыты равдыста, уӕддӕр уыдон «худтысты ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст минӕвӕрттыл ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, йӕ пехуымпартӕй йын хынджылӕг кодтой, цалынмӕ сӕ Иегъовӕйы фыдӕх нӕ баййӕфта, цалынмӕ сӕхи уый онг не ’ркодтой, ӕмӕ сын ницыуал хос уыд, уӕдмӕ» (2 Паралипоменон 36:16). Йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕй йын уыцы ӕнӕсӕттон адӕм ӕппынфӕстаг «йӕ сыгъдӕг уд [афтӕ] фӕхъыг кодтой», ӕмӕ йын йӕ хорзӕх фесӕфтой (Исай 63:10). Уый сӕ цӕмӕ ’ркодта? Хуыцау сӕ нал хъахъхъӕдта, уӕдӕ ма ӕндӕр куыд уыдаид, ӕмӕ сӕ фыдбылыз баййӕфта: вавилойнӕгтӕ Иудӕмӕ бабырстой ӕмӕ Иерусалим ныппырх кодтой (2 Паралипоменон 36:17—21). Уымӕй стырдӕр бӕллӕх цы хъуамӕ уа, тӕригъӕды фӕндаг равзаргӕйӕ адӕм се Сфӕлдисӕгӕн зонгӕ-зонын масты хос куы свӕййынц ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты куы бацӕуынц!

Библи нын ирдӕй ӕвдисы, адӕмы ӕнӕуаг митӕй Хуыцауы зӕрдӕ куыд тынг фӕриссы (Псалом 77:41). Хуыцау йе сӕфт цӕмӕй уыны — суанг ын ӕлгъаг цы хъуыддӕгтӕ сты — уыдонмӕ хауынц сӕрбӕрзонддзинад, сайын, марын, кӕлӕнтӕ кӕнын, дӕсны фӕрсын, фыдӕлтӕн табу кӕнын, ӕнӕгъдаудзинад, гомосексуализм, цардӕмбалыл сайдӕй цӕуын, тугхӕццӕ кӕнын ӕмӕ мӕгуырты ӕфхӕрын (Левит 18:9—29; 19:29; Дыккаг закъон 18:9—12; Ӕмбисӕндтӕ 6:16—19; Иереми 7:5—7; Малахи 2:14—16).

Иегъовӕ гуымирытӕн табу кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы? Рацыды 20:4, 5 дзырд цӕуы: «Ма араз дӕхицӕн мадӕр уӕларвыл уӕлейӕ цы ис, мадӕр бынӕй зӕххыл цы ис, ӕмӕ мадӕр зӕххы бын дӕтты цы ис, уый дзуарныв кӕнӕ гуымиры. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма хау ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ гуымирытӕ «Иегъовӕйӕн ӕлгъаг сты» (Дыккаг закъон 7:25, 26). Апостол Иоанн фӕдзӕхста: «Сывӕллӕттӕ! уӕхи хъахъхъӕнут гуымирытӕй» (1 Иоанны 5:21). Афтӕ ма апостол Павел дӕр фыста: «Мӕ уарзонтӕ, лидзут гуымирытӕн кусынӕй» (1 Коринфӕгтӕм 10:14).

Хуыцауы хорзӕх агур

Хуыцау «ӕввахс у рӕстгӕнджытӕм». «Ӕнаиппӕй чи цӕры, уыдон йӕ зӕрдӕйӕн адджын сты» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32; 11:20). Фӕлӕ йӕхион чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы рӕстаг ӕнкъарӕнтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон тагъд сӕхиуыл бавзардзысты йӕ фыдӕх (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—10). О, уый тагъд рӕстӕджы кӕрон скӕндзӕн, абон афтӕ арӕх цы фыддзинад у, уымӕн (Псалом 36:9—11; Софони 2:2, 3).

Фӕлӕ Библи ӕргом дзуры, Иегъовӕйы кӕй «нӕ... фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Чи йӕ уарзы, уыцы рӕстаг адӕмыл аудын ын, чи нӕ сӕтты, чи нӕ ивы, уыдоны ӕфхӕрынӕй ӕхсызгондӕр у. Иегъовӕйы «фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕ фӕнды, фӕлӕ цӕмӕй фыдгӕнӕг йӕ фӕндагӕй раздӕха ӕмӕ цӕра» (Иезекил 33:11).

Уӕдӕ афтӕ нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы фыдӕх ӕнӕмӕнг хъуамӕ искӕй баййафа. «Хицау у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг» (Иаковы 5:11). Иегъовӕ ӕцӕгдӕр ахӕм кӕй у, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, «де ’ппӕт сагъӕстӕ Ууыл сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы махыл» (1 Петры 5:7). Зон, Хуыцауы зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыдонӕн сӕ бон у йӕ хорзӕх ссарын ӕмӕ йӕ хӕлар суын. Уӕдӕ абоны хуызӕн никуы хъӕуы «фӕлварын, цы у хорз фӕндон Хуыцауӕн» (Ефесӕгтӕм 5:10).

Куыд диссаг у, Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй йӕ ӕвӕджиауы миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ кӕй раргом кодта! Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнай. Кӕд дӕм ахӕм фӕнд ис, уӕд кӕм цӕрыс, уым Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕн. Уыдон дын ӕхсызгонӕй радзурдзысты, куыд ӕмӕ цӕмӕй ис ӕцӕгдӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕн.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Кӕс фӕлгӕты «Библи Хуыцауӕн адӕймаджы фӕлгонц цӕмӕн дӕтты?»

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Библи Хуыцауӕн адӕймаджы фӕлгонц цӕмӕн дӕтты?

«Хуыцау уд» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ бон нӕу цӕстӕй фенын (Иоанны 4:24). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы хъомыс, стырад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй Библи пайда кӕны ӕвзаджы аивадон мадзӕлттӕй, зӕгъӕм, абарстытӕ, метафорӕтӕ ӕмӕ антропоморфизмтӕй. Антропоморфизм (грекъаг дзырдтӕй «адӕймаг» ӕмӕ «формӕ») амоны, адӕймаджы ӕууӕлтӕ ӕндӕр истӕмӕ кӕнӕ искӕмӕ ахӕссын. Ӕмӕ кӕд, Хуыцауы монон буар цыхуызӕн у, уый нӕ зонӕм, уӕддӕр Библи дзуры, Хуыцауӕн кӕй ис цӕстытӕ, хъустӕ, къухтӕ, ӕнгуылдзтӕ, къӕхтӕ ӕмӕ зӕрдӕ (Уӕвынад 8:21; Рацыд 3:20; 31:18; Псалом 17:10; 33:16).

Фӕлӕ кӕд Библи ӕвзаджы аивадон мадзӕлттӕй пайда кӕны, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн цавӕр буар ис, Хуыцауы монон буар дӕр ахӕм у. Антропоморфизм комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Ӕвзаджы аивадон мадзӕлттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый хуыздӕр бамбарын. Ӕнӕ уыдонӕй зын уыдаид,— кӕд уӕвгӕ уыдаид гӕнӕн,— Хуыцау цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй афтӕ ныффыссын, ӕмӕ йӕ адӕймаг бамбара. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы адӕм ӕрымысыдысты. Библийы бӕлвырд-бӕрӕгӕй дзырдӕуы, адӕймаг кӕй уыд Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ фӕлдыст, Хуыцау адӕймаджы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ (Уӕвынад 1:27). Кӕд Библи адӕймӕгтӕ фыстой, уӕддӕр дзы Хуыцауы миниуджыты тыххӕй цы дзурынц, уый Хуыцау йӕхӕдӕг дзуры, уымӕн ӕмӕ йӕ «Хуыцауы Удӕй» фыстой. Растдӕр уыцы миниуджытӕй схайджын кодта йе сфӕлдыст адӕмы дӕр (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ Хуыцаумӕ нӕй адӕймаджы миниуджытӕ, фӕлӕ адӕймаджы ис Хуыцауы миниуджытӕ.

[Ныв 3 фарсыл]

Ной ссардта Хуыцауы хорзӕх.

[Ныв 4 фарсыл]

Иегъовӕ цы ӕнкъары, уый Авраам йӕхи зӕрдӕйӕ ӕнкъардта.

[Ныв 5 фарсыл]

Библи кӕсгӕйӕ базондзынӕ, дӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

[Ныв 6 фарсыл]

Давид йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрдта Иегъовӕйыл.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

Courtesy of Anglo-Australian Observatory, photograph by David Malin