Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Левиты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Левиты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ИЗРАИЛӔГТӔ Египеты уацарӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй афӕдз дӕр нӕма рацыд. Ныр та, ног адӕм уӕвгӕйӕ, сӕ фӕндаг дарынц Ханааны бӕстӕм. Иегъовӕйы фӕнд у: уыцы ран хъуамӕ цӕрой сыгъдӕг, уаз адӕм. Фӕлӕ ханаайнӕгты цардыуаг ӕмӕ дины кӕнонтӕ сты тынг ӕнӕгъдау, хӕлд. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Израилы ӕмбырдӕн радта, йӕ лӕггадӕн сӕ чи ахибар кодтаид, ахӕм фӕткӕвӕрдтӕ. Уыдон фыст сты Библийы, Левиты чиныджы. Ацы чиныг ныффыста пехуымпар Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, н. э. агъоммӕ 1512 азмӕ ’ввахс, ӕмӕ дзы цы хабӕртты кой ис, уыдон ӕрцыдысты иу мӕйы мидӕг (Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ нымайгӕйӕ) (Рацыд 40:17; Нымӕцтӕ 1:1—3). Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмӕн иудадзыг фӕдзӕхсы, сыгъдӕг ут, зӕгъгӕ (Левит 11:44; 19:2; 20:7, 26).

Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уый абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕххӕстгӕнинаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Йесо Чырысти куы амард, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы Закъон йӕ тыхы нал ис (Ромӕгтӕм 6:14; Ефесӕгтӕм 2:11—16). Фӕлӕ уӕддӕр, Левиты чиныджы цы фӕткӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын фӕуыдзысты стыр ӕххуыс — бирӕ цыдӕртӕ нын зӕгъдзысты, нӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн кувын, лӕггад кӕнын куыд ӕмбӕлы, уый тыххӕй.

СЫГЪДӔГ КУВИНӔГТӔ — БАРВӔНДОН ӔМӔ ӔНӔМӔНГХЪӔУГӔ

(Левит 1:1—7:38)

Закъонмӕ гӕсгӕ цы кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хастой, уыдонӕй иутӕ уыдысты барвӕндон, иннӕтӕ та — ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Зӕгъӕм, басудзинаг нывонд уыд барвӕндон. Басудзын ӕй хъуыд Хуыцауы номыл ӕнӕхъӕнӕй, Йесо Чырысти йӕ цард барвӕндонӕй ӕмӕ ӕгасӕй дӕр ӕлхӕнӕг нывондӕн куыд радта, афтӕ. Ӕмбалады нывонд дӕр уыд барвӕндон, ӕмӕ уый та кодтой дихтӕ. Йӕ иу хай йын-иу басыгътой нывондхӕссӕныл Хуыцауы номыл, иннӕ-иу ӕмбӕлд сауджынӕн, ӕртыккаг та — нывондӕрхӕссӕгӕн. Афтӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр Чырыстийы мӕлӕты ӕрымысӕн изӕр у иумӕйаг фынг (1 Коринфӕгтӕм 10:16—22).

Тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ азымы нывонд уыдысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхӕссын хъуыд, ӕнӕрхъуыдыйӕ, ӕнӕбары-иу чи фӕтӕригъӕдджын, уыцы адӕймаджы. Азымы нывонд та — кӕйдӕр бартӕм исчи куы фӕныхылдтаид, уӕд ын цӕмӕй Хуыцау ныббарстаид, кӕнӕ та фыд чи ракодта, уый-иу куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд ын цӕмӕй йӕ бартӕ фӕстӕмӕ радтаиккой. Науӕд та дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй иумӕ. Хастой ма хоры кувинӕгтӕ дӕр — Иегъовӕйы рӕдаудзинадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый номыл. Ӕппӕт уыдӕттыл махӕн ахъуыды кӕнын ӕмбӕлы: Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хъуыд хӕссын, уыдон амыдтой Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ нывондмӕ, кӕнӕ та уыцы нывонд цы хӕрзтӕ дӕтты, уыдонмӕ (Дзуттытӕм 8:3—6; 9:9—14; 10:5—10).

Фарстытӕн дзуапп:

2:11, 12— Мыд Иегъовӕйӕн «артыл басудзинаг кувинагӕн» цӕуылнӕ бӕззыд? Ам, бындзытӕ цы мыд ӕрбахӕссынц, уый кой нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕд «артыл басудзинаг кувинагӕн» нӕ бӕззыд, уӕддӕр хаудта, «зӕххы тыллӕджы сӕрӕй» ӕрхӕссын кӕй хъуыд, уыцы лӕвӕрттӕм (2 Паралипоменон 31:5). Уыцы мыд, ӕвӕццӕгӕн, уыди дыргъты адджын дон. Ӕмӕ ӕнхъизгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йӕ нӕ уыд нывондхӕссӕныл кувинагӕн судзӕн.

2:13— «Алы кувинагыл дӕр» цӕхх кӕнын цӕмӕн хъуыди? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ хӕрзаддӕр уыдаиккой. Зӕххыл кӕмфӕнды дӕр цӕхх хӕринӕгтыл кӕнынц, цӕмӕй ма сӕфой. Ӕвӕццӕгӕн ӕй кувинӕгтыл дӕр уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ амоны, ӕмбийгӕ, сӕфгӕ цы нӕ кӕны, ахӕм цыдӕр.

Зондзонӕн махӕн:

3:17. Фиу, кӕнӕ нард, кусартӕн йӕ тӕккӕ хуыздӕр, тӕккӕ хӕрзаддӕр хайыл нымад уыд. Ӕмӕ йӕ израилӕгтӕн хӕрӕн кӕй нӕ уыд, уый фӕрцы ӕмбӕрстой, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый Иегъовӕмӕ кӕй ӕмбӕлы (Уӕвынад 45:18). Уый махӕн дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый Иегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ дӕттӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:9, 10; Колоссӕгтӕм 3:23, 24).

7:26, 27. Израилӕгтӕн нӕ уыд туг хӕрӕн. Хуыцауы цӕсты туг у цард. Левиты 17:11 афтӕ дзырдӕуы: «Буары уд [цард] туг у». Абон дӕр Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн туг у тобӕгонд (Куыстытӕ 15:28, 29).

ӔВӔРД ӔРЦЫДЫСТЫ САУДЖЫНТӔ УАЗ ЛӔГГАДӔН

(Левит 8:1—10:20)

Кӕмӕн уыд лӕвӕрд нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгты кой бакӕныны хӕс? Сауджынтӕн. Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ, Моисей Аароны сӕвӕрдта хистӕр сауджынӕй, йӕ фыртты та — сауджынтӕй. Уыимӕ цы кӕнонтӕ уыдысты баст, уыдон ахастой авд боны, ӕмӕ ӕстӕм бон сауджынтӕ райдыдтой сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын.

Фарстытӕн дзуапп:

9:9— Туг нывондхӕссӕны рӕбынмӕ цӕмӕн калдтой ӕмӕ йӕ алы дзауматыл цӕмӕн сӕрстой? Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Иегъовӕ туг нымадта тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггӕнӕн фӕрӕзыл. Тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныны хъуыддаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд тугимӕ баст. «Уӕвгӕ алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй,— ныффыста апостол Павел,— ӕмӕ ӕнӕ туг акалгӕйӕ нӕ вӕййы хатырдзинад» (Дзуттытӕм 9:22).

10:1, 2— Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуды тӕригъӕд цӕй мидӕг уыд? Надав ӕмӕ Авиуд сауджынты хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, чи не ’мбӕлд, ахӕм ми куы бакодтой, уый хӕдфӕстӕ Иегъовӕ сауджынтӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, хӕсгӕ кувӕндоны цатыры лӕггадгӕнгӕйӕ, ма нуазут сӕн ӕмӕ, адӕймаг расыг кӕмӕй кӕны, ӕндӕр ахӕм нозт (Левит 10:9). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Аароны дыууӕ фырты уыдысты нозтджын. Фӕлӕ мӕлгӕ уый тыххӕй акодтой, ӕмӕ сын Иегъовӕ «кӕмӕй нӕ загъта, уыцы нӕфӕтчиаг зынг кӕй ӕрбахастой».

Зондзонӕн махӕн:

10:1, 2. Абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн бӕрн кӕуыл ис, уыдон хъуамӕ Хуыцауы домӕнтыл фидар хӕцой. Уымӕй уӕлдай, сӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ хъуамӕ ӕгӕр ныфсхаст ма уой.

10:9. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ хъуамӕ нозтхъӕстӕ ма уӕм.

ХУЫЦАУЫ ДИН ДОМЫ СЫГЪДӔГДЗИНАД

(Левит 11:1—15:33)

Цӕрӕгойтӕй иутӕ хӕрынӕн кӕй бӕззыдысты, иннӕтӕ та — нӕ, иутӕ сӕ сыгъдӕг кӕй уыдысты, иннӕтӕ та — чъизи, уый израилӕгтӕн ахъаз кодта дыууӕ хъуыддаджы. Уыцы фӕткӕвӕрдтӕ сӕ хъахъхъӕдтой алы низтӕй, стӕй уыдоны фӕрцы хицӕн уыдысты сыхаг адӕмтӕй. Иннӕ фӕткӕвӕрдтӕ хаудтой, мардмӕ-иу чи бавнӕлдта, уымӕ, ӕвгъӕдыбадӕг сылгоймагмӕ, хъотырӕй рынчынмӕ ӕмӕ-иу нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы ӕрдон уӕнгтӕй чъизитӕ куы рацыд, уымӕ — адӕтты тыххӕй-иу адӕймаг сыгъдӕгыл нымад нал уыд. Уыцы хъуыддӕгтӕ уыдысты сауджынты бӕрны.

Фарстытӕн дзуапп:

12:2, 5— Ӕвгъӕдыбадӕг сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад цӕуылнӕ уыд? Цоткӕнӕн уӕнгтӕ Хуыцау адӕймагӕн уый тыххӕй радта, цӕмӕй цард лӕвӕрдтаид ӕххӕст адӕмӕн. Фӕлӕ йӕ туджы тӕригъӕд кӕй ахъардта, уый тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы хӕссын байдыдтой ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд. Сылгоймаг-иу ӕвгъӕды кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй, зӕгъӕм, менструацийы тыххӕй, стӕй-иу нӕлгоймагӕн йӕ мыггагдонӕй мыг куы рацыд, уӕд-иу рӕстӕгмӕ сыгъдӕгыл нымад кӕй нал уыдысты, уый израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, гуырдзӕй тӕригъӕдджын кӕй сты (Левит 15:16—24; Псалом 50:7; Ромӕгтӕм 5:12). Сыгъдӕгкӕныны фӕткӕвӕрдты фӕрцы израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, адӕмы тӕригъӕдтӕ бамбӕрзынӕн ӕмӕ сын ӕххӕстдзинад раздахынӕн ӕлхӕнӕг нывонды сӕр кӕй хъуыди. Афтӕмӕй сын Закъон сси «сывӕллон кӕнӕг Чырыстимӕ» (Галатӕгтӕм 3:24).

15:16—​18— Ацы стихты цы «мыгы рацыды» кой ис, уый цы амоны? Куыд зыны, афтӕмӕй, ӕхсӕвыгон, стӕй-иу лӕг ӕмӕ ус куы ӕрӕмуатон сты, уӕд-иу нӕлгоймаджы мыггагдонӕй цы мыг рацыд, уый.

Зондзонӕн махӕн:

11:45. Иегъовӕ у сыгъдӕг, уаз Хуыцау, ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕй домы: сымах дӕр хъуамӕ уат сыгъдӕг. Уыдон хъуамӕ архайой, алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг куыд уой, сӕхи дӕр, сӕ алыварс дӕр сыгъдӕг дарой ӕмӕ ма уадзой мӕнг динӕн сӕ лӕггад фӕчъизи кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 7:1; 1 Петры 1:15, 16).

12:8. Иегъовӕ мӕгуыртӕн радта бар нывондӕн фысы бӕсты мӕргътӕ хӕссынӕн, уымӕн ӕмӕ маргъ уыд асламдӕр. Мӕгуыртӕ дзы рох не сты.

ХЪУАМӔ АЛКӔДДӔР УӔМ СЫГЪДӔГ

(Левит 16:1—27:34)

Тӕригъӕды тыххӕй ӕппӕты ахъаззагдӕр нывӕндтӕ хастой ӕрвылаз Сыгъдӕггӕнӕн боны. Сауджынтӕ ӕмӕ Левийы мыггаджы тыххӕй нывондаг уыд гал. Сӕгъ та хастой нывондӕн Израилы иннӕ мыггӕгты тыххӕй. Стӕй ма-иу ноджыдӕр иу сӕгъ ракодтой, адӕмы тӕригъӕдтӕ-иу ыл бафтыдтой ӕмӕ-иу ӕй ауагътой ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уыцы дыууӕ сӕгъы нымад уыдысты иу нывондыл. Уыдӕттӕ амыдтой Йесо Чырыстимӕ, уый дӕр нывондӕн хаст кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ кӕй ахастаид.

Дзидза хӕрыны ӕмӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл фӕткӕвӕрдтӕ нын нӕ зонды фидар кӕнынц иу хъуыды: Иегъовӕйӕн кувгӕйӕ хъуамӕ уӕм сыгъдӕг. Уӕдӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сауджынтӕ хъуамӕ сӕ сыгъдӕгдзинад фӕчъизи кӕнын ма уагътаиккой. Израилы алы аз дӕр цы ӕртӕ бӕрӕгбоны кодтой, уыдон уыдысты стыр цины ӕмӕ Сфӕлдисӕгӕн арфӕ кӕныны бонтӕ. Иегъовӕ ма йӕ адӕмӕн радта фӕткӕвӕрдтӕ, йӕ сыгъдӕг ном фауыны тыххӕй цы ’фхӕрд ӕмбӕлд, афтӕ ма сабатбон ӕмӕ бӕрӕгбонафӕдзы фӕдыл, стӕй мӕгуыртӕ ӕмӕ цагъарты тыххӕй. Хуыцаумӕ чи хъуыстаид, уый Хуыцауӕй уыдаид арфӕгонд, ӕгоммӕгӕс та — ӕлгъыст. Ис ма дзы фӕткӕвӕрдтӕ, ардбахӕрды номыл кувинӕгты ӕмӕ йӕ бон кӕмӕн цас ӕрбахӕссын уыд, уый фӕдыл, стӕй ма цӕрӕгойты фыццаггуырдты ӕмӕ дӕсӕм хай — «Иегъовӕйӕн сыгъдӕг, табуйаг» чи у, уый — дӕттыны фӕдыл дӕр.

Фарстытӕн дзуапп:

16:29— Израилӕгтӕ куыд хъуамӕ «ӕфхӕрдтаиккой сӕ удтӕ»? Афтӕ-иу кодтой Сыгъдӕггӕнӕн боны, ӕмӕ уый баст уыд тӕригъӕдты тыххӕй хатыр курынимӕ. Уыцы бон ком кӕй дардтой, уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕвдыстой, сӕ тӕригъӕдджын уавӕр кӕй ӕмбарынц. Уымӕ гӕсгӕ, «ӕфхӕрдтой сӕ удтӕ», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ком дардтой.

19:27— Куыд ӕмбаргӕ у фӕдзӕхст — «уӕ сӕрыхъуынтӕ къӕмисӕнты раз цыбыр ма ’лвынут» ӕмӕ уӕ зачъеты «кӕрӕттӕ ма халут»? Куыд зыны, афтӕмӕй ацы закъон уый тыххӕй уыд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ сӕ зачъеты кӕнӕ сӕ сӕрылвыдӕй муртакк ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмыдтаиккой (Иереми 9:25, 26; 25:23; 49:32). Хуыцауы фӕдзӕхст ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ израилӕгтӕн ӕппындӕр нӕ уыд сӕ зачъетӕ ’лвынӕн науӕд сӕхи дасӕн (2 Паддзахӕдты 19:24).

25:35—​37— Израилӕгтӕн ӕппындӕр нӕ уыд ӕхца проценттыл, ома ӕфтиагыл ӕфстау дӕттӕн? Кӕд ӕхца ӕфстау лӕвӕрдтой цавӕрдӕр базарадон хъуыддӕгтӕн, уӕд ӕфстаудӕттӕгӕн йӕ бон уыд ӕфтиаг райсын. Фӕлӕ, зӕгъгӕ, ӕфстау дӕттыс мӕгуырӕн йӕ тыхсты сахат, уӕд Закъон нӕ лӕвӕрдта бар ӕфтиаг исынӕн. Де ’фсымӕры мӕгуыр уавӕрӕй спайда кӕнай — уый уыд фыдракӕнд (Рацыд 22:25).

26:19— Арв ӕфсӕйнаджы хуызӕн, зӕхх та ӕрхуыйы хуызӕн куыд хъуамӕ суа? Къӕвдатӕ кӕй нӕ уыдаид, уый тыххӕй Ханааны сӕрмӕ арв зындаид ӕфсӕйнагау хъӕбӕр, иу ӕртах дӕр кӕмӕй нӕ рахъардтаид. Зӕхх та ӕнӕ къӕвдайӕ уыдаид ӕрхуыхуыз, згъӕрау ирд.

26:26— Цы нысан кӕны, «дӕс усы фыцдзысты дзул иу пецы», зӕгъгӕ? Ӕнӕуи алы сылгоймаджы дӕр йӕ фыцинӕгтӕн хъуыдаид хицӕн пец. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ амыдтой, хойраг афтӕ кадавар кӕй уыдзӕн, ӕмӕ дӕс сылгоймаджы фыцинӕгтӕн иу пец дӕр фаг уыдзӕн. Сӕ сыгъдӕгдзинад цӕсты гагуыйау куы нӕ хъахъхъӕдтаиккой, уӕд уый фӕстиуджытӕй иу уыдаид ацы хъуыддаг.

Зондзонӕн махӕн:

20:9. Иегъовӕйы цӕсты ӕнӕуынондзинад ӕмӕ искӕмӕ сау зӕрдӕ дарын лӕг амарынӕй уӕлдай нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, чидӕр йӕ ныййарджыты бафхӕрдта, уӕд уый афтӕ уыд, цыма сӕ маргӕ акодта, ӕмӕ йын Иегъовӕйы фӕндӕй хастой мӕлӕты тӕрхон. Уӕдӕ мах дӕр не ’муырнджыты хъуамӕ ма уарзӕм? (1 Иоанны 3:14, 15).

22:32; 24:10—​16, 23. Иегъовӕйы ном фауинаг, хынджылӕггаг нӕу. Мах ын йӕ ном хъуамӕ кадджын кӕнӕм ӕмӕ, куыд ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй кувӕм (Псалом 7:18; Матфейы 6:9).

ЛЕВИТЫ ЧИНЫГ НӔ ЛӔГГАДӔН ЦЫ АХЪАЗ У

Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нал хъӕуы (Галатӕгтӕм 3:23—25). Фӕлӕ нын, Левиты чиныджы цытӕ фыст ис, уыдӕттӕ ӕргом кӕнынц, Иегъовӕ алы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг хъуамӕ нӕ лӕггадӕн фӕахъаз уа.

Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ, алы къуыри дӕр Библийӕ цы скъуыддзаг февзарӕм, уый куы кӕсай, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зонды ныффидар уыдзӕн, нӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй сыгъдӕгдзинад кӕй домы. Стӕй дын ацы чиныг ссудздзӕн дӕ зӕрдӕйы зынг, Иунӕг Стыр Хуыцауӕн, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый куыд дӕттай ӕмӕ йӕ кады сӕраппонд дӕ сыгъдӕгдзинад фӕчъизи кӕнын куыд нӕ уадзай.

[Ныв 29 фарсыл]

Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдон амыдтой Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ нывондмӕ.

[Ныв 30 фарсыл]

Донгонд дзулты бӕрӕгбон уыд стыр цины бон.

[Ныв 31 фарсыл]

Ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕ, зӕгъӕм, Халагъудты бӕрӕгбон, уыдысты Иегъовӕйӕн арфӕ кӕныны бонтӕ.