Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хистӕртӕн лӕггад кӕнын — чырыстӕтты хӕс

Хистӕртӕн лӕггад кӕнын — чырыстӕтты хӕс

Хистӕртӕн лӕггад кӕнын — чырыстӕтты хӕс

«Уӕ зӕрыбонтӕм дӕр ӕз Уый дӕн; уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕддӕр уӕ нӕ ныууадздзынӕн» (ИСАЙ 46:4).

1, 2. Нӕ уӕларвон Фыд адӕмыл куыд ауды, уый, ныййарджытӕ сӕ сывӕллоныл куыд фӕаудынц, уымӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

ХОРЗ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕхъомыл кӕнынц, фӕаудынц сыл. Суанг сӕ кары куы бацӕуынц ӕмӕ бинонтӕ куы скӕнынц, уӕддӕр сӕм фыд ӕмӕ мад сӕ хъус фӕдарынц ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц.

2 Фӕлӕ уӕддӕр ныййарджыты бон алцы нӕу, нӕ уӕларвон Фыды бон та алцыдӕр у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл алкӕддӕр ауды ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны. Рагзаманты Иегъовӕ йе ’взӕрст адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрыбонтӕм дӕр ӕз Уый дӕн; уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕддӕр уӕ нӕ ныууадздзынӕн» (Исай 46:4). Ацы ныхӕстӕ ӕвдадзы хос куыннӕ сты ацӕргӕ чырыстӕттӕн! О, Иегъовӕ никуы ныууадздзы, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны. Ныфс дӕр сын ӕвӕры, хъарутӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕххуыс сын кӕй кӕндзӕн ӕмӕ сын суанг сӕ зӕрыбонтӕм дӕр фӕндагамонӕг кӕй уыдзӕн (Псалом 47:15).

3. Ацы статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

3 Махӕн та нӕ бон куыд у Иегъовӕйау хистӕртыл аудын? (Ефесӕгтӕм 5:1, 2). Ӕркӕсӕм, ацӕргӕ чырыстӕттыл сӕ цот, стӕй ӕмбырды цӕстдарджытӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куыд аудой, уымӕ.

Нӕ хӕс нӕ ныййарджыты раз

4. Чырыстӕттыл сӕ ныййарджыты раз цы хӕс ис?

4 «Кад кӕн дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдӕн» (Ефесӕгтӕм 6:2; Рацыд 20:12). Ацы хуымӕтӕг, фӕлӕ арфмидисджын ныхӕстӕ апостол Павел ӕрхаста Дзуттаг Фыстытӕй, цӕмӕй кӕстӕртӕн, сӕ ныййарджыты раз сыл цы хӕс ис, уый сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид. Фӕлӕ хистӕртыл аудын кӕй хъӕуы, уымӕ ацы уынаффӕ цы бар дары? Дзуапп ын базондзыстӕм зӕрдӕрухсгӕнӕг рагон хабӕрттӕм ӕркӕсгӕйӕ.

5. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иосифыл йӕ фыды раз цы хӕс уыд, уый кӕй нӕ ферох кодта? ӕ) Ныййарджытӕн кад кӕнын куыд хъӕуы ӕмӕ нын ам Иосиф фӕзминаг цӕмӕй у?

5 Иосиф йӕ зӕронд фыд Иаковы 20 азӕй фылдӕр нӕ федта. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр раздӕрау уарзта. Йе ’фсымӕртӕн йӕхи куы схъӕр кодта, уӕд сӕ афарста: «Мӕ фыд ма ӕгас у?» (Уӕвынад 43:7, 27; 45:3). Уыцы заман Ханааны ӕххормаг азтӕ скодта. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдмӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕрцу мӕм. Ма фӕстиат кӕн. Гесемы цӕрдзынӕ ӕмӕ мӕ фарсмӕ уыдзынӕ... Уым дӕ хӕринаг цух нӕ ныууадздзынӕн» (Уӕвынад 45:9—11; 47:12). Уӕдӕ цот сӕ зӕронд ныййарджытӕн кад уымӕй кӕнынц, ӕмӕ сӕм сӕ хъус кӕй дарынц, сӕхи дарынхъом куы нал вӕййынц, уӕд сӕм кӕй фӕкӕсынц (1 Паддзахӕдты 22:1—4; Иоанны 19:25—27). Иосиф ацы хӕс зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта.

6. Иосиф йӕ фыды зӕрдиагӕй кӕй уарзта, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ цӕмӕй ис бафӕзмӕн?

6 Иосиф Иегъовӕйы руаджы сси Египеты хъӕздыгдӕр ӕмӕ нымаддӕр лӕгтӕй иу (Уӕвынад 41:40). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ 130-аздзыд фыдмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст ӕмӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыд, цӕмӕй йын балӕггад кӕнынӕн рӕстӕг ма уыдаид. Иосиф куы базыдта, йӕ фыд Иаков (кӕнӕ Израил) ӕм кӕй ӕрцӕуы, уӕд «йӕ бӕхуӕрдон арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ йӕ фыд Израилы размӕ Гесеммӕ атындзыдта. Куы йӕ ауыдта, уӕд ыл ныттыхст, ӕмӕ йе ’фцӕгыл бирӕ фӕкуыдта» (Уӕвынад 46:28, 29). Иосиф йӕ фыдыл афтӕ кӕй бацин кодта, уый ӕрмӕст ӕгъдау раттын нӕ уыд. Йӕ зӕронд фыды бирӕ уарзта ӕмӕ не ’фсӕрмы кодта йӕ уарзондзинад ӕргом ӕвдисын. Кӕд махӕн дӕр нӕ ныййарджытӕ зӕронд сты, уӕд сӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй афтӕ тавӕм?

7. Иаков йӕ мард Ханаанмӕ цӕмӕн ласын кодта?

7 Иаков Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад кӕронмӕ (Дзуттытӕм 11:21). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыд, растдӕр уый тыххӕй балӕгъстӕ кодта йӕ хӕдзаронтӕн, цӕмӕй йын йӕ мард Ханаанмӕ аласой ӕмӕ йӕ уым бавӕрой. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн скад кодта — сӕххӕст ын кодта йӕ курдиат, кӕд йӕ ласыныл бирӕ хӕрдзтӕ ӕмӕ хъарутӕ бахъуыд, уӕддӕр (Уӕвынад 47:29—31; 50:7—14).

8. а) Нӕ зӕронд ныййарджытыл аудын нӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн фӕнды? ӕ) Иу ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг ӕфсымӕр йӕ зӕронд ныййарджыты тыххӕй цы сарӕзта? (Кӕс фӕлгӕты ацы фарсыл.)

8 Иосиф йӕ фыдӕн ахӕм лӕггӕдтӕ цӕмӕн бакодта? Йӕ фыды бирӕ уарзта, ууыл дзырд дӕр нӕй, стӕй дзы бузныг уыд, цард ын кӕй радта ӕмӕ йӕ кӕй схъомыл кодта, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ ма йӕ ныййарӕгыл афтӕ ӕнувыд уымӕн уыд, ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын. Мах дӕр хъуамӕ фӕнда Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Павел фыста: «Кӕд искӕцы идӕдз усӕн ис сывӕллӕттӕ, кӕнӕ уыдоны цот, уӕд уыдон раздӕр уадз ахуыр кӕнӕнт хи бинонтӕн кад дӕттыныл ӕмӕ ныййарджытӕн аккаг ӕгъдау кӕныныл: уымӕн ӕмӕ уый у аккаг Хуыцауӕн» (1 Тимофеймӕ 5:4). О, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы аргъуыц кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды нӕ зӕронд ныййарджытыл аудын,— зын уа, ӕнцон уа, уӕддӕр *.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сыл куыд аудынц

9. Иегъовӕ йӕ дзуг, уыимӕ ацӕргӕ чырыстӕтты, «хизынӕн» кӕй сӕвӕрдта?

9 Иаков бирӕ фӕцард ӕмӕ йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ у «ӕцӕг Хуыцау» ӕмӕ «кӕдӕй дӕн, уӕдӕй ардӕм мӕ хизы» (Уӕвынад 48:15). Абон та Иегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты «хизы» чырыстон цӕстдарджыты, ома хистӕр нӕлгоймӕгты, руаджы. Сӕ сӕргъы сын сӕвӕрдта йӕ Фырты, «фыййӕутты Хицауы» — Йесо Чырыстийы (1 Петры 5:2—4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иегъовӕйау куыд аудынц, дзуджы цы ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоныл?

10. Ацӕргӕ чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? (Кӕс фӕлгӕты 17 фарсыл.)

10 Куыддӕр чырыстон ӕмбырд фӕзынд, афтӕ апостолтӕ равзӕрстой «авд адӕймаджы... фӕлтӕрд чи уыд, ӕххӕст Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ зондӕй», цӕмӕй сӕ хъус дардтаиккой, чырыстон мӕгуыр идӕдз устытыл алы бон дӕр хӕринаг уӕрст куыд цыдаид, уымӕ (Куыстытӕ 6:1—6). Фӕстӕдӕр Павел цӕстдарӕг Тимофейӕн бахӕс кодта, кардзыд идӕдз устытӕй фӕзминаг чи уыд, уыдоны ӕххуысхъуаг адӕмы номхыгъдмӕ бахӕссын (1 Тимофеймӕ 5:3, 9, 10). Абон дӕр афтӕ: ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фӕкӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Фӕлӕ ацӕргӕ иузӕрдион чырыстӕттӕн канд уымӕй нӕй балӕггад кӕнӕн.

11. Гыццыл мысайнаг чи ныппӕрста, уыцы мӕгуыр идӕдз усы тыххӕй Йесо цы загъта?

11 Иухатт Йесо, йӕ мӕлӕтмӕ ӕввахс бонты, бадт кувӕндоны ӕмӕ «каст, адӕм ӕхца куыд ӕвӕрынц хӕзнадоны», уымӕ. Иу афон кӕмӕдӕр фӕкомкоммӕ. Библийы уый тыххӕй кӕсӕм: «Ӕрцӕугӕйӕ иу мӕгуыр идӕдз та сӕвӕрдта дыууӕ лептӕйы, ома кодрант». Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, уыцы мӕгуыр идӕдз сӕвӕрдта хӕзнадоны ӕвӕрджытӕй сеппӕтӕй фылдӕр; уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕвӕрдтой сӕ уӕлдӕйттӕй, фӕлӕ уый та йӕ мӕгуырӕй сӕвӕрдта ӕппӕтдӕр, цы йӕм уыд, хойрагӕн ӕм цы уыд уыдон» (Маркы 12:41—44). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, идӕдз усы мысайнаг стыр нӕ уыд, фӕлӕ Йесо зыдта, ахӕм хъуыддаг адӕймаг зӕрдӕйӕ куы бакӕны, уӕд уый йӕ уӕларвон Фыдӕн тынг ӕхсызгон кӕй вӕййы. Уыцы мӕгуыр идӕдз ус кӕд зӕронд уыд, уӕддӕр ын Йесо йӕ лӕвар ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци.

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн аргъ кӕй кӕнынц, уый сӕ бон куыд у равдисын?

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, Йесойау, аргъ кӕнынц, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ раст дины тыххӕй цы аразынц, уымӕн. Зонынц, цӕмӕй сӕ раппӕлой, уый дӕр — хорз хабар хъусын кӕнынц, фембӕлдты архайынц, сты ӕмбырдӕн фӕзминаг ӕмӕ сӕм ис бирӕ фӕразондзинад. Хорз ныхасӕй сын сӕ зӕрдӕ куы рӕвдауой, уӕд сын уацамынд уыдзӕн «цины хос». Сӕхи иннӕ чырыстӕттимӕ нӕ бардзысты ӕмӕ раздӕрау сӕ бон бирӕ кӕй нал у, ууыл дӕр нӕ маст кӕндзысты (Галатӕгтӕм 6:4НД).

13. Хистӕр нӕлгоймӕгты бон куыд у ацӕргӕ чырыстӕтты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ арӕхстдзинадыл фӕлтӕрын?

13 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ацӕргӕ чырыстӕтты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ арӕхстдзинадыл куы фӕлтӕрой, уӕд сын уымӕй сӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕндзысты. Фӕзминаг хистӕртӕй ис интервью райсӕн кӕнӕ уацамынды адӕймагимӕ аныхас кӕнӕн куыд ис, уый равдисын бахӕс кӕнын. «Йӕ сывӕллӕтты ӕцӕгады чи схъомыл кодта, ахӕм ацӕргӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕй интервью куы фӕисын, уӕд залы бадджытӕ хъустӕ фестынц»,— дзуры иу хистӕр нӕлгоймаг. Ӕндӕр ӕмбырдӕй та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фыссынц, хъусынгӕнджытӕн уацамынды йӕ къахыл слӕууынӕн зӕрдиагӕй чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм 71-аздзыд пионер-хойы тыххӕй. Уый ма, дам, иннӕты фӕразӕнгард кӕны ахӕм «хуымӕтӕг» хъуыддӕгтӕм: Библи ӕмӕ боны стих кӕсын, ӕмӕ сыл арф хъуыды кӕнын.

14. Иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ацӕргӕ цӕстдарӕгӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куыд равдыстой?

14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ стыр аргъ кӕнынц ацӕргӕ цӕстдарджыты фыдӕбонӕн дӕр. 70-аздзыд Жозе рагӕй у хистӕр нӕлгоймаг. Ӕрӕджы йын скодтой уӕззау операци. Йӕ къахыл тагъд кӕй не слӕудзӕн, уый зыдта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕджы хӕстӕй ссӕрибар кӕной. «Иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын цы загътой, уый мӕ дисы бафтыдта,— дзуры Жозе.— Мӕ фӕндоныл не сразы сты. Фӕлӕ мӕм бахатыдысты, зӕгъгӕ, дӕм дӕ хӕс ӕххӕст кӕныны тыххӕй цӕмӕй фӕкӕсӕм?» Иу ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаджы руаджы Жозейӕн йӕ бон сси дарддӕр дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ абоны онг дӕр ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс у. Йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу Жозейы тыххӕй зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ стыр аргъ кӕнынц, Жозе ӕмбырдӕн цы хӕрзты цӕуы, уымӕн. Стӕй йӕ бирӕ уарзынц ӕмӕ йӕ йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ фидар уырнындзинады тыххӕй нымайынц. Жозе у не ’мбырды фидыц».

Кӕрӕдзийы мӕт кӕнӕм

15. Чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕ уд цӕмӕн хъуамӕ хъарой хистӕрты хӕрзӕбоныл?

15 Хистӕртыл хъуамӕ аудой, ӕрмӕст сӕ цот кӕнӕ сӕм ӕмбырды фӕкӕсын кӕмӕн бахӕс кодтой, уыдон нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр. Павел чырыстон ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ: «Хуыцау афтӕ ӕмбӕрц скодта буары, зӕрдыл бафтаугӕйӕ лӕмӕгъдӕр уӕнгтыл тынгдӕр мӕт кӕнын, цӕмӕй ма уа хицӕндзинӕдтӕ буары, уӕнгтӕ та иууылдӕр иухуызон мӕт кӕной кӕрӕдзиуыл» (1 Коринфӕгтӕм 12:24, 25). Цӕмӕй чырыстон ӕмбырды адӕм буары уӕнгтау кӕрӕдзийыл баст уой, уый тыххӕй дзы хъуамӕ алчидӕр йӕ уд хъара иннӕты, уыимӕ хистӕрты, хӕрзӕбоныл (Галатӕгтӕм 6:2).

16. Нӕ бон куыд у фембӕлдты нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл бацин кӕнын?

16 Нӕ фембӕлдты нын ис диссаджы фадат нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл бацин кӕнынӕн (Филиппӕгтӕм 2:4; Дзуттытӕм 10:24, 25). Семӕ аныхас кӕнынӕн рӕстӕг ссарӕм? Се ’нӕниздзинадӕй сӕ куыннӕ хъӕуы афӕрсын. Фӕлӕ ма хорз нӕ уаид, ӕмӕ сын куы «бахай кӕниккам уды лӕварӕй» — уацамындӕй сын исты хорз хабӕрттӕ радзурын кӕнӕ сын Библийӕ исты зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ зӕгъын? Зӕрондӕн йӕ къӕхтӕ йӕ коммӕ нал фӕкӕсынц, ӕмӕ хорз уаид, дӕхӕдӕг-иу сӕм куы фӕраздӕр уаис, куы-иу сӕм бауаис. Кӕд сӕ исчи хъусӕй ӕвзӕр хъусы, уӕд семӕ хъӕрдӕрӕй дзур, стӕй тагъд ма кӕн. Ӕмӕ цӕмӕй ӕцӕгӕйдӕр кӕрӕдзи «рӕвдауӕм», кӕрӕдзийы ныфс уадзӕм, уый тыххӕй та сӕм хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм (Ромӕгтӕм 1:11, 12).

17. Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй йӕ низӕй йӕ бон ӕддӕмӕ ракӕсын дӕр кӕмӕн нӕу, уыдоныл куыд ис аудӕн?

17 Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕр йӕ бон нӕу фембӕлдтӕм цӕуын, уӕд та куыд? Иаковы 1:27 гӕсгӕ нӕ хӕс у «сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕм цӕст дарын сӕ хъыгдзинӕдты». «Цӕст дарынӕй» цы грекъаг мивдисӕг раивдӕуыд, уый ма нысан кӕны «бабӕрӕг кӕнын» (Куыстытӕ 15:36). Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй куы абӕрӕг кӕныс, уӕд ын дӕ фенд хур фенӕгау вӕййы! Н. э. 65 азмӕ ӕввахс «зӕронд» апостол Павел Ромы ахӕстоны бадгӕйӕ уыд иунӕг. Тынг ӕй фӕндыд йе ’мкусӕг Тимофейы фенын, ӕмӕ йӕм ныффыста: «Бацархай мӕнмӕ тагъд ӕрцӕуыныл» (Филимонмӕ 9; 2 Тимофеймӕ 1:3, 4; 4:9). Абон ацӕргӕ чырыстӕттӕ кӕд ахӕстоны не сты, уӕддӕр дзы кӕйдӕрты йӕ низ ӕддӕмӕ ракӕсын дӕр нӕ уадзы. Ӕмӕ нын, ӕвӕццӕгӕн, фӕдзурынц: «Тагъд та-иу мӕм ӕрбацу». Бацӕуыс сӕм?

18. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын хорз хъуыддаг цӕмӕн у?

18 Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй бабӕрӕг кӕнӕм, уый гыццыл хъуыддаг нӕу. Иу чырыстон лӕг, Онисифор, зӕгъгӕ, Роммӕ куы ’рцыд, уӕд Павелы зӕрдиагӕй агурын райдыдта. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ӕй «бирӕ хӕттыты... рӕвдыдта», йӕ ныфсыл ын ныфс ӕфтыдта (2 Тимофеймӕ 1:16, 17). «Бирӕ уарзын ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ абадын,— дзуры иу ацӕргӕ хо.— Ӕппӕты ӕхсызгондӕр та мын вӕййы, хионау мыл кӕй баузӕлынц, уый. Раст мыл базыртӕ базайы». Ӕндӕр ацӕргӕ хо та зӕгъы: «Искӕмӕй открыткӕ куы райсын, исчи мемӕ иу гыццыл дӕр телефонӕй куы аныхӕстӕ кӕны кӕнӕ мӕм исчи куы ӕрбауайы, уӕд мын уымӕй стыр хорзы бацӕуы. Уый мын вӕййы уӕнгроггӕнӕг сатӕг уӕлдӕфау».

Хистӕртӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны Иегъовӕ хорзӕхджын кӕны

19. Хистӕртӕн лӕггад кӕнын арфӕйаг хъуыддаг цӕмӕй у?

19 Хистӕртӕн лӕггад кӕнын арфӕйаг хъуыддаг у. Хи сыл бӕттын, сӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фӕлтӕрддзинадыл фӕлтӕрын — уый йӕхӕдӕр дӕр кӕуылты хъуыддаг у! Чи сын лӕггад кӕны, уыдон сӕхиуыл банкъарынц, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг [кӕй] у раттын» ӕмӕ чырыстон хӕс кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй сӕхицӕн дӕр ӕхсызгон у (Куыстытӕ 20:35). Афтӕ ма, хистӕртӕн чи лӕггад кӕны, чи сӕм кӕсы, уыдоны сӕхи дӕр нӕ хъӕуы тӕрсын, уыцы кары ӕвӕгӕсӕгӕй куы баззайой, уымӕй. Хуыцауы Ныхас нын фидарӕй дзуры: «Рӕдау уд бафсӕддзӕн, ӕмӕ иннӕтӕн дон ӕнӕхӕлӕгӕй чи дары, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр ӕнӕхӕлӕгӕй дардзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 11:25).

20, 21. Хистӕртӕн чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ Иегъовӕ цы зӕрдӕ дары ӕмӕ нӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ саразӕм?

20 Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы кӕстӕртӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ хистӕртӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сӕ Иегъовӕ хорзӕхджын кӕны. Ахӕм адӕмыл дзуры мӕнӕ ацы ӕмбисонд дӕр: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Иегъовӕйӕн дӕтты ӕфстау, ӕмӕ йын уый йӕ хорздзинад бафиддзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Мӕгуыртӕн уарзагзӕрдӕйӕ куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцау уый афтӕ нымайы цыма нӕ ӕфстау райста, ӕмӕ нын ӕй бирӕ хӕрзтӕй бафиддзӕн. Уӕдӕ ацӕргӕ ӕмуырнджытӕ — ацы «дунейы мӕгуыртыл» нымад, фӕлӕ уырнындзинадӕй хъӕздыг чи у, уыдонӕн дӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уый Иегъовӕйӕ рох нӕу (Иаковы 2:5).

21 Куыд рӕдауӕй нын фиды Хуыцау нӕ хорздзинад! Цӕвиттон, дӕтты нын ӕнусон цард. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр мыггагмӕ цӕрдзысты дзӕнӕты зӕххыл. Уым тӕригъӕдӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, иузӕрдион ацӕргӕ адӕм сног уыдзысты (Раргомад 21:3—5). Уӕдӕ уыцы диссаджы рӕстӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ чырыстон хӕс — хистӕртӕн лӕггад кӕнын.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Нӕ зӕронд ныййарджытӕм фӕкӕсӕн куыд ис, уымӕн хорз уынаффӕтӕ ис 1994 азы 8 февралы «Райхъал ут!»-ы, 3—10 фӕрстӕ (англ.) кӕнӕ чиныг «Бинонты амонды сусӕгдзинад»-ы 15 сӕр (уыр.), мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цот сӕ зӕронд ныййарджытӕн куыд кад кӕнынц?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куыд ӕвдисынц?

• Чырыстӕттӕ ацӕргӕтыл куыд бацин кӕнынц?

• Хистӕр чырыстӕттӕн лӕггад кӕнын арфӕйаг хъуыддаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 13 фарсыл]

Йӕ ныййарджытӕ уыдысты йе ’ххуысхъуаг

Филип куыста Либерийы бархи аразджыты бригады, фӕлӕ йӕм 1999 азы фӕхабар кодтой, дӕ фыд уӕззау рынчын у, зӕгъгӕ. Ӕмбӕрста, йӕ мады бон дӕр уыйас кӕй нӕу, ӕмӕ сфӕнд кодта фӕстӕмӕ раздӕхын, цӕмӕй йӕ фыдмӕ фӕкастаид, дохтыртӕн ӕй фенын кодтаид.

«Хӕдзармӕ здӕхын мын ӕнцон нӕ уыд,— зӕгъы Филип,— фӕлӕ мӕ сӕйрагдӕр хӕс у мӕ ныййарджытӕм фӕкӕсын». Филип ӕртӕ азы мидӕг йӕ ныййарджытӕн ссардта, фезмӕлӕнтӕ фылдӕр кӕм уыд, ахӕм хӕдзар ӕмӕ дзы йе ’муырнджытимӕ мидӕгӕй цыдӕртӕ фӕивта, цӕмӕй йӕ рынчын фыдӕн ӕнцондӕр уыдаид.

Филипы мадӕн ныр йӕхи бон у йӕ ӕнӕфӕразгӕ лӕгмӕ кӕсын. Ӕрӕджы Филипы Македонийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд сразы, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ ныййарджытӕм йӕ зӕрдӕ афтӕ нал ӕхсайы.

[Рамкӕ 17 фарсыл]

Ӕвӕгӕсӕгӕй йӕ нӕ ныууагътой

Австралийы 85-аздзыд хо Адӕ куы ӕруатон, уӕд йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Йӕ уавӕртӕ кӕй амыдтой, цалдӕр ахӕм хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕн загътой Адӕмӕ фӕкӕсыны тыххӕй. Уыдон ын зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой: йӕ хӕдзар ын ӕфснайдтой, йӕ дзаумӕттӕ йын ӕхсадтой, хӕринаг ын кодтой ӕмӕ йын йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ арӕзтой.

Адӕ афтӕ куы фӕци, уымӕй ныр рацыд 10 азы бӕрц. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы йын балӕггад кодта 30 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Хотӕ ӕмӕ йӕм ӕфсымӕртӕ ныронг дӕр цӕуынц, нӕ журналтӕ ӕмӕ йын чингуытӕ фӕкӕсынц, ӕмбырды хабӕрттӕ йын фӕдзурынц ӕмӕ иудадзыгдӕр йемӕ фӕкувынц.

Адӕйы ӕмбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймаг мӕнӕ цы зӕгъы: «Адӕмӕ чи кӕсы, уыдон уый сӕхицӕн нымайынц стыр кадыл. Хуыцауӕн бирӕ азты уыцы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕны, уый бирӕты ныфсыл ныфс ӕфтауы, ӕмӕ йӕм ма фӕкӕсой, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыд».

[Ныв 15 фарсыл]

Нӕ зӕронд ныййарджыты нӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавӕм?

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Ӕмбырды алкӕй бон дӕр у, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй равдисын.