Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хистӕр фӕлтӕр — чырыстон ӕмбырды фидыц

Хистӕр фӕлтӕр — чырыстон ӕмбырды фидыц

Хистӕр фӕлтӕр — чырыстон ӕмбырды фидыц

«Хуыцауы хӕдзары фидаргӕндтытӕ, уыдон дидинӕг ӕфтауынц... Уыдон зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты» (ПСАЛОМ 91:14, 15).

1. Бирӕтӕ зӕрӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

ИЕГЪОВӔ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй никӕй хъулон кӕны, се ’ппӕты дӕр уарзы. Тынг зынаргъ ын сты, йӕ сӕрыл халас кӕмӕн сбадт, уыдон дӕр. Дунейы та афтӕ нӕу. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕрмӕст Иугонд Штатты ӕрвылаз дӕр зӕрӕдтӕй милуаны ’рдӕджы бӕрц баййафынц алыхуызы ӕфхӕрд кӕнӕ ӕвӕгӕсӕгӕй баззайынц. Иннӕ бӕстӕты дӕр хабар хуыздӕр нӕу. Хъуыддаг афтӕ цӕмӕн у, уый тыххӕй иу организацийы кусджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «бирӕтӕ зӕрӕдтӕм кӕсынц, кусынхъом чи нал у, пайда кӕмӕй нал ис ӕмӕ йӕхи фӕкӕсӕг кӕй хъӕуы, ахӕм цӕстӕй».

2. а) Иегъовӕ йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы? ӕ) Псаломы 91:13—16 цавӕр зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ ис?

2 Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ сты тынг зынаргъ. Уый, лӕгӕн йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ «мидӕггаг» адӕймагмӕ — йӕ уырнындзинадмӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:16). Йӕ чиныджы, Библийы, ис ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Рӕстгӕнӕг дидинӕг калы, куыд пальмӕ, бӕрзонд кӕны, куыд кедр Ливаны. Хуыцауы хӕдзары фидаргӕндтытӕ, уыдон дидинӕг ӕфтауынц нӕ Хуыцауы кӕртыты. Уыдон зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты, сойджын ӕмӕ ног. Цӕмӕй хъусын кӕной, кӕй у раст Хицау» (Псалом 91:13—16). Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацы скъуыддзагмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсат, уӕд базондзыстут, нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕн уӕ бон ӕххуыс кӕнын цӕмӕй у, уый.

«Зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты»

3. а) Рӕстгӕнджытӕ пальмӕтимӕ барст цӕмӕн цӕуынц? ӕ) Хистӕрты бон куыд у, ӕмӕ «зӕрондӕй дӕр дыргъджын уой»?

Псаломзарӕггӕнӕг рӕстгӕнджыты бары «Хуыцауы кӕрты фидаргонд», кӕнӕ сагъд, пальмӕтимӕ. Уыдон «зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты». Ацы ныхӕстӕ зӕрдӕйӕн уалдзыгон хурау ӕхсызгон куыннӕ сты! Раджы заманты скӕсӕны бирӕтӕ сӕ кӕрты сагътой рӕсугъд, бӕрзондзӕнг финикы пальмӕтӕ. Адӕм сӕ канд сӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ фидыцы тыххӕй нӕ сагътой, фӕлӕ ма бирӕ дыргъ кӕй хӕссынц, уый тыххӕй дӕр (иуӕй-иутӕ дзы дыргъ дӕттынц сӕдӕ азӕй фылдӕр) *. Ӕцӕгады сымах дӕр фидар сагъд куы уат, арф уидӕгтӕ дзы куы ауадзат, уӕд уӕ бон уыдзӕн «алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ хӕссын» (Колоссӕгтӕм 1:10).

4, 5. а) Чырыстӕттӕ цавӕр хъӕугӕ дыргъ хъуамӕ хӕссой? ӕ) Радзур, «дзыхы дыргъ» чи хаста, уыдонӕй Библийы кӕй кой ис, уыдоны тыххӕй.

4 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕссой «дзыхы дыргъ»: кадджын ӕй кӕной ӕмӕ йын йӕ фӕндты тыххӕй иннӕтӕн дзурой (Дзуттытӕм 13:15). Нӕ хистӕртӕ, цымӕ сымахӕн дӕр уӕ бон у ахӕм «дыргъ» хӕссын? Бӕгуыдӕр.

5 Библи дзуры, Иегъовӕйы ном ӕмӕ фӕндтӕ хъӕбатырӕй чи хъусын кодта, ахӕм ацӕргӕ адӕймӕгты тыххӕй. Иегъовӕ Моисейы пехуымпарӕй ӕмӕ минӕварӕй куы сӕвзӕрста, уӕд ыл цыд «ӕвдай азӕй» фылдӕр (Псалом 89:10; Рацыд 4:10—17). Пехуымпар Данел дӕр хӕрззӕрондӕй дӕр уӕндонӕй дзырдта Иегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй. Паддзах Валтасар ӕм куы фӕсидт, йӕ къулыл цы зынӕмбарӕн фыстытӕ уыд, уыдон райхалынмӕ, уӕд ыл цыд 90 азы бӕрц (Данелы чиныг, 5 сӕр). Кардзыд апостол Иоаннӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауӕн бирӕ азты фӕлӕггад кодта, ӕмӕ йӕ зӕрондӕй «Хуыцауы дзырды тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнады тыххӕй» Патмосы сакъадахмӕ ахастой (Раргомад 1:9). Ӕвӕццӕгӕн ма Библийӕ ноджыдӕр зоныс ахӕмты, зӕрондӕй «дзыхы дыргъ» чи хаста (1 Паддзахӕдты 8:1, 10; 12:2; 3 Паддзахӕдты 14:4, 5; Лукайы 1:7, 67—79; 2:22—32).

6. Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ «зӕрӕдты» дзыхӕй куыд хъусын кӕны?

6 Дзуттаг пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ ӕрхӕсгӕйӕ апостол Петр загъта: «Фӕстаг бонты, зӕгъы Хуыцау, ӕруадздзынӕн Мӕ Удӕй алы буарыл [«зӕрӕдтыл» дӕр], ӕмӕ... пехуымпардзинад кӕндзысты» (Куыстытӕ 2:17, 18; Иоил 2:28). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ хъусын кӕны ацӕргӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ ацӕргӕ «ӕндӕр фысты» дзыхӕй (Иоанны 10:16). Уыдонӕй бирӕтӕ Паддзахады дыргъ ӕнӕрынцайгӕйӕ бирӕ азты дӕргъы хӕссынц.

7. Ацӕргӕтӕн кӕд сӕ фадӕттӕ къуындӕг сты, уӕддӕр Паддзахады дыргъ куыд хӕссынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

7 Мӕнӕ Соняйы цӕвиттон. Соня 1941 азы сси ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг. Кӕд низимӕ рагӕй тох кӕны, уӕддӕр иудадзыгдӕр йӕ хӕдзары искӕимӕ Библи фӕахуыр кӕны. «Хорз хабар хъусын кӕнын у мӕ царды сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕй иу,— зӕгъы Соня.— Раст куы зӕгъон, уӕд ма уый руаджы цӕрын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг никуы ныууадздзынӕн». Ӕрӕджы Соня йӕ хистӕр хо Оливиимӕ рынчындоны дохтырмӕ лӕугӕйӕ иу уӕззау рынчын сылгоймаг Джанетӕн Библийӕ фидӕны ныфсы тыххӕй радзырдтой. Джанетӕн сӕ йӕ мад (йӕхӕдӕг католик) афтӕ фӕбузныг, йӕ чызджы йын кӕй ӕрхъуыды кодтой, уый тыххӕй, ӕмӕ сразы ис Библи ахуыр кӕныныл. Уый нырмӕ дӕр ахуыр кӕны Библи, ӕмӕ дзы зӕрдӕ райы. Ахӕм уавӕрты дӕуӕн дӕр дӕ бон уаид Паддзахады дыргъ хӕссын?

8. Халев зӕрондӕй дӕр Иегъовӕйыл йӕ ныфс куыд дардта ӕмӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

8 Ацӕргӕ чырыстӕттӕн кӕд сӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр Паддзахады хорз хабар ӕнӕрынцойӕ ӕмӕ хъӕддыхӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ уымӕй фӕзмынц, Моисейы фарсмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы чи уыд, уыцы иузӕрдион израилаг лӕг Халевы. Иорданы цӕугӕдонӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бахызт, уӕд ыл цыд 79 азы. Ӕхсӕз азы дӕргъы израилаг уӕлахиздзау ӕфсады фӕхӕцыд. Ныр йӕ бон зӕгъын уыд: ӕгъгъӕд мын у, баулӕфон. Фӕлӕ нӕ. Иудӕйы паддзахады, хӕхбӕсты, ӕнахуыр дынджыр адӕм, енакӕгтӕ, цы «стыр, фидар сахарты» цардысты, уыдон басӕттын, уыцы зын хъуыддаг бакӕныны бар Халев йӕхи дзыхӕй ракуырдта. Иегъовӕйы ӕххуысӕй Халев енакӕгты сӕ сахарӕй «фӕтардта, Иегъовӕ куыддӕриддӕр загъта», афтӕ (Йесо Навин 14:9—14; 15:13, 14). Ды дӕр ӕй зон: дӕ зӕрыбонты Паддзахады дыргъ куы хӕссай, уӕд Иегъовӕ, Халевимӕ куыд уыд, афтӕ уыдзӕн демӕ дӕр. Иузӕрдионӕй йыл куы баззайай, уӕд дӕ бакӕндзӕн, зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уырдӕм (Исай 40:29—31; 2 Петры 3:13).

«Сойджын ӕмӕ ног»

9, 10. Цӕмӕй ацӕргӕ чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ сӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн хъарутӕ уа, уымӕн цы хъӕуы? (Кӕс фӕлгӕты 11 фарсыл.)

9 Иегъовӕйы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд «дыргъджын» сты, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Рӕстгӕнӕг дидинӕг калы, куыд пальмӕ, бӕрзонд кӕны, куыд кедр Ливаны. Уыдон зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты, сойджын ӕмӕ ног» (Псалом 91:13, 15).

10 Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн ног хъарутӕ кӕцӕй хъуамӕ исой? Пальмӕйы рӕсугъддзинад уымӕн не ’руайы, ӕмӕ иудадзыгдӕр зӕххӕй дон цъиры. Афтӕ сымахӕн дӕр уӕ бон у иудадзыг Библийы ӕцӕгадӕй уӕ дойны сӕттын — Хуыцауӕн йӕ Ныхас ахуыр кӕнын ӕмӕ йын йӕ адӕмыл хи бӕттын (Псалом 1:1—3; Иереми 17:7, 8). Хуыцауы хъуыддаджы уӕ зӕрдиаг архайдӕй уе ’муырнджытӕн стут ӕцӕг арфӕ. Цӕвиттон, ӕркӕсӕм кардзыд хистӕр сауджын Иодайы цардмӕ.

11, 12. а) Иодай Иудӕйы паддзахады историйы цавӕр фӕд ныууагъта? ӕ) Иодаймӕ цы бартӕ уыд, уымӕй раст динӕн куыд ахъаз кодта?

11 Цытуарзаг ус-паддзах Гофоли Иудӕйы паддзахад йӕ дӕлбар бакӕныны тыххӕй йӕ хъӕбулты хъӕбулты куы ныццагъта, уӕд Иодайыл сӕдӕ азӕй фылдӕр цыд. Цымӕ уӕд Иодай цы бакодта? Паддзахы хӕдзарвӕндагӕй ма цы иунӕг лӕппубындар баззад, Иоас, уый ӕхсӕз азы дӕргъы йӕ бинойнагимӕ кувӕндоны фӕрамбӕхс-бамбӕхс кодта. Стӕй стыр хъуыддаг сарӕзта: авдаздзыд Иоасы паддзахӕй расидт, Гофолийы та марын акодта (2 Паралипоменон 22:10—12; 23:1—3, 15, 21).

12 Иодай ӕнахъом паддзахӕн ӕвджиды лӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм уыд бирӕ бартӕ ӕмӕ раст динӕн ахъаз кодта. Уый «бадзырд скодта ӕппӕт адӕмимӕ ӕмӕ паддзахимӕ, Иегъовӕйы адӕм кӕй уыдзысты». Иодайы бардзырдмӕ гӕсгӕ адӕм мӕнг хуыцау Ваалы кувӕндон ныппырх кодтой. Цы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ дзы цы гуымирытӕ уыд, уыдон ныцъцъӕл кодтой. Дзуарылӕджы та амардтой. Афтӕ ма Иодайы ныхасӕй Иоас йӕ къахыл слӕууын кодта Иегъовӕйы кувӕндон — фӕстӕмӕ дзы сауджынты сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ бӕстон сцалцӕг кӕнын кодта. «Иоас, цалынмӕ йын зондамонӕг сауджын Иодай уыдис, уӕдмӕ арӕзта, Иегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» (2 Паралипоменон 23:11, 16—19; 24:11—14; 4 Паддзахӕдты 12:2). Иодай амард 130-аздзыдӕй. «Израилы, ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йын Йӕ хӕдзарӕн хорзӕй цы фӕци», уый тыххӕй йын стыр кад скодтой — паддзӕхтимӕ йӕ бавӕрдтой (2 Паралипоменон 24:15, 16).

13. Ацӕргӕ чырыстӕтты бон куыд у «ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йын Йӕ хӕдзарӕн» хорздзинӕдтӕ аразын?

13 Чи зоны дӕ де ’нӕниздзинад кӕнӕ ӕндӕр исты нӕ уадзы дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг раст динӕн ахъаз кӕнын. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр дӕ бон у «ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йын Йӕ хӕдзарӕн» хорздзинӕдтӕ аразын. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы «хӕдзарыл» ӕнувыд уай — фембӕлдтӕм цӕуай ӕмӕ дзы архайай, стӕй дӕ хъарутӕм гӕсгӕ хъусын кӕнай. Библийы уынаффӕтыл зӕрдиагӕй кӕй цӕуыс, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ де ’мбырдӕн кӕй ӕххуыс кӕныс, уымӕй де ’мчырыстӕттӕн дӕ стыр ныфс (Матфейы 24:45—47). Дӕ бон ма у де ’муырнджыты «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕнын дӕр (Дзуттытӕм 10:24, 25; Филимонмӕ 8, 9). Иннӕтӕн уыдзынӕ зӕрдӕрухсы хос, апостол Павелы уынаффӕйыл куы цӕуай, уӕд. Уый загъта: «Зӕронд ӕфсымӕртӕ уӕнт цырддзаст, хиуылхӕцгӕ, ӕнӕхӕлд, раст уырнындзинады, уарзондзинады, фӕразондзинады; ... зӕронд хотӕ дӕр, куыд сыгъдӕджытӕ, дарӕнт аив дарӕс, ма уӕнт фыдкой кӕнджытӕ, цагъарады ма уӕнт нозтӕн, ахуыр кӕнӕнт хорздзинадыл» (Титмӕ 2:2—4).

14. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг рагӕй чи у, уымӕн йӕ бон куыд у раст динӕн ахъаз кӕнын?

14 Мыййаг, рагӕй дӕ хистӕр нӕлгоймаг? «Цы базыдтай, царды цы федтай, уый иннӕтӕн ма ӕвгъау кӕн,— зӕгъы, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг рагӕй чи у, иу ахӕм ӕфсымӕр.— Ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыцы ӕфсымӕртӕн бӕрнон хӕстӕ дӕтт ӕмӕ сын дӕ фӕлтӕрддзинад ма ’вгъау кӕн... Чи сӕ цӕмӕ арӕхсы, уымӕ дӕ хъус дар ӕмӕ йын уыцы курдиат рӕзынӕн ӕххуыс кӕн. Стӕй сӕ фидӕнмӕ цӕттӕ кӕн» (Дыккаг закъон 3:27, 28). Ӕгас дунейыл дӕр чи анхъӕвзта, уыцы Паддзахады хъуыддагӕн зӕрдиагӕй куы ахъаз кӕнай, уӕд уымӕй дӕ чырыстон ’фсымӕртӕн стыр ӕххуыс уыдзынӕ.

«Хъусын кӕнынц, Хицау раст кӕй у»

15. Ацӕргӕ чырыстӕттӕ куыд «хъусын кӕнынц, Хицау раст кӕй у», уый тыххӕй?

15 Хуыцауы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс — «хъусын кӕнынц, Хицау раст кӕй у». Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын, Иегъовӕ кӕй у «дӕ фидардзинад, ӕмӕ Йӕм [кӕй] нӕй мӕнгдзинад» (Псалом 91:16). Кӕд пальмӕ дзурын нӕ зоны, уӕддӕр «дзуры» йе Скӕнӕджы ӕвӕджиауы миниуджытыл. Дӕумӕ та Иегъовӕйӕ ӕрхаудта ахӕм кад: раст дин ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн Иегъовӕйы тыххӕй дзурын (Дыккаг закъон 32:7; Псалом 70:17, 18; Иоил 1:2, 3). Фӕлӕ цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйы тыххӕй дзурын?

16. Библийӕ цавӕр хабар ӕвдисы, Иегъовӕ «раст кӕй у», уый тыххӕй дзурын кӕй хъӕуы?

16 Израилӕгты раздзог Йесо Навин куы «базӕронд ӕмӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруагътой», уӕд «фӕсидт ӕгас Израилмӕ, сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, сӕ сӕргълӕуджытӕм, сӕ тӕрхоны лӕгтӕм ӕмӕ сӕ хицӕуттӕм» ӕмӕ сын Хуыцауы раст хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта. Загъта сын: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты» (Йесо Навин 23:1, 2, 14). Цасдӕр рӕстӕгмӕ сын ацы ныхӕстӕ сӕ фӕнд фӕфидар кодтой — Иегъовӕйы зондыл цыдысты. Фӕлӕ Йесо Навины мӕлӕты фӕстӕ «цы ног фӕлтӕр рахъомыл», уый «нӕдӕр Иегъовӕйы зыдта, нӕдӕр, Израилӕн цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ Израилы фырттӕ, Иегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, ахӕм митӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ Ваалтӕн кувынмӕ фесты» (Тӕрхонгӕнджыты 2:8—11).

17. Нӕ рӕстӕджы Иегъовӕ йӕ адӕмы сӕраппонд цавӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ аразы?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цы фӕдзурынц, чырыстон ӕмбырды иузӕрдиондзинад уымӕй аразгӕ нӕу. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмы сӕраппонд цы «стыр хъуыддӕгтӕ» сарӕзта ӕмӕ аразы, уыдӕттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕн сӕ сӕхицӕй куы фехъусӕм, уӕд Иегъовӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл не ’ууӕнк фӕфидардӕр вӕййы (Тӕрхонгӕнджыты 2:7; 2 Петры 1:16—19). Кӕд Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн рагӕй дӕ, уӕд ма хъуыды кӕндзынӕ, цы ран, цы бӕстӕйы цӕрыс, уым раздӕр Ӕвдисӕнтӕ куыд гыццыл уыд кӕнӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цас цӕлхдуртӕ ӕвӕрдтой. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уыдтай, Иегъовӕ уыцы цӕлхдуртӕ куыд айста ӕмӕ хъусынгӕнджыты нымӕцы рӕзт зынгӕ куыд фӕтагъддӕр (Исай 54:17; 60:22). Науӕд, Библийы ахуырӕдтӕ бӕлвырддӕр куыд кодтой ӕмӕ Хуыцауы зӕххон организацийы ивддзинӕдтӕ куыд цыд (Ӕмбисӕндтӕ 4:18; Исай 60:17). Уӕдӕ иннӕтӕн сӕ ныфс бафидар кӕнынӕн, Иегъовӕйы раст хъуыддӕгтӕй дӕхӕдӕг цытӕ федтай, уыдӕттӕ фӕдзурыс? Уымӕй нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад афтӕ бафидар вӕййы, ӕмӕ раст диссаг!

18. а) Ӕрхӕсс цӕвиттон, «Хицау раст кӕй у», уый тыххӕй дзургӕйӕ иннӕтӕн сӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕнӕм, уымӕн. ӕ) Иегъовӕ раст Хуыцау кӕй у, уый дӕхиуыл куыд бавзӕрстай?

18 Иегъовӕ дын дӕхиуыл куыд баузӕлыд ӕмӕ дын цавӕрдӕр хъуыддаджы куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй та цы зӕгъис? (Псалом 36:25; Матфейы 6:33; 1 Петры 5:7). Иу ацӕргӕ хо, Марфӕ, зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕй фидар кӕнын уарзта йе ’муырнджыты: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Иегъовӕйы ма ныууадз. Уый дын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн». Марфӕйы ныхӕстӕ тынг бацагайдтой, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы сылгоймаг Толминӕйы зӕрдӕ (аргъуыд райста 1960 азты райдианты). «Мӕ лӕджы фӕстӕ мӕ,— дзуры Толминӕ,— а-дунейыл ницыуал хъуыд. Фӕлӕ мын уыцы ныхӕстӕ уыдысты ныфс ӕмӕ мӕхицӕн загътон: иу фембӕлд дӕр никуы фӕцух кӕндзынӕн. Ӕмӕ мын Иегъовӕ хъарутӕ лӕвӕрдта». Уый фӕстӕ-иу Толминӕ йӕхӕдӕг дӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уый дзырдта. Дзырд дӕр ыл нӕй: де ’мчырыстӕтты ныфсыл ныфс куы ӕфтауай ӕмӕ сын Иегъовӕйы раст хъуыддӕгты тыххӕй куы дзурай, уӕд сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн.

Иегъовӕ аргъ кӕны йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕн

19, 20. а) Иегъовӕ йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонмӕ цы цӕстӕй кӕсы? ӕ) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

19 Ацы ӕбузн дунейы зӕронд адӕймаг никӕй хъӕуы, нымады никӕмӕ у (2 Тимофеймӕ 3:1, 2). Кӕд ма сӕ исчи ӕрхъуыды кӕны, уӕд сӕ ивгъуыд ӕнтыстыты тыххӕй — ныр цы аразынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ кӕддӕр цы арӕзтой, уый тыххӕй. Библийы та афтӕ дзырдӕуы: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн» (Дзуттытӕм 6:10). Иузӕрдионӕй йын бирӕ азты кӕй лӕггад кодтат, уый Иегъовӕйӕ рох нӕу. Фӕлӕ ма уын стыр аргъ кӕны, ныр ын кӕй лӕггад кӕнут, уый тыххӕй дӕр. О, Иегъовӕйӕн уыцы ацӕргӕ чырыстӕттӕ сты бирӕ дыргъ хӕссӕг, уырнындзинад ӕмӕ уды хъаруйӕ фидар. Уыдон йӕ ӕгӕрон тыхӕн сты ӕвдисӕн (Филиппӕгтӕм 4:13).

20 Не ’мбырдты хистӕр фӕлтӕрӕй чи ис, уыдонмӕ ды дӕр Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс? Кӕд о, уӕд сӕ уарздзынӕ (1 Иоанны 3:18). Иннӕ статьяйы ныхас кӕндзыстӕм, нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй куыд ис ӕвдисӕн, ууыл.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Финикы цупалыл ӕрзайы мин дыргъы бӕрц, йӕ уӕз та вӕййы 8 килӕйы кӕнӕ фылдӕр. Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ «алы дыргъхӕссӕг [пальмӕ] дӕр цы цӕры, уымӕй йӕ хицӕуттӕн ратты дыууӕ-ӕртӕ тоннӕйы финиктӕ».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ацӕргӕ чырыстӕттӕ «дыргъ [куыд] хӕссынц»?

• Ацӕргӕ чырыстӕттӕ Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уымӕй се ’муырнджытӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн сты?

• Хистӕртӕн сӕ бон куыд у «хъусын кӕнын, Хицау раст кӕй у»?

• Иегъовӕ, рагӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн стыр аргъ цӕмӕн кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 11 фарсыл]

Сӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы у

Ӕцӕгады рагӕй чи ис, уыдоны уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы у? Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн сӕм хъарутӕ кӕцӕй ис? Мӕнӕ цы зӕгъынц:

«Иудадзыгдӕр кӕсын хъӕуы, Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ куыд фӕфидардӕр кӕнӕм, ууыл чи дзуры, ахӕм стихтӕ. Изӕрыгӕтты арӕх мӕхицӕн хъӕрӕй фӕдзурын 22 ӕмӕ 90 псаломтӕ» (Олив, аргъуыд райста 1930 азы).

«Мӕхицӕн загътон, алы хатт дӕр лӕмбынӕг хъусдзынӕн, донаргъуыд чи исы, уыдонӕн цы раныхас вӕййы, уымӕ, раст цыма мӕхӕдӕг исдзынӕн аргъуыд, уыйау. Мӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодтон, уыцы бон мӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мӕ уырнындзинад у фидар» (Харри, аргъуыд райста 1946 азы).

«Алы бон дӕр Иегъовӕмӕ кувын хъӕуы, цӕмӕй нын ӕххуыс ӕмӕ ахъаз кӕна, хъахъхъӕна нӕ ӕмӕ нӕ „нӕ фӕндӕгтӕй иуыл дӕр рох ма уа“» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6) (Антонио, аргъуыд райста 1951 азы.)

«Иегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ куы байхъусын, уӕд мӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды, ӕмӕ Иегъовӕйыл ӕнувыд, иузӕрдион уон» (Джоан, аргъуыд райста 1954 азы).

«Хъуамӕ нӕхицӕй ӕгӕр исты ӕнхъӕл ма уӕм. Цыдӕриддӕр нӕм ис, уыдон нӕм Хуыцауы стыр хорзӕхы руаджы сты. Ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд, кӕронмӕ фидарӕй баззайынӕн афтӕ ахсджиаг чи у, уыцы монон хӕринаг кӕцӕй исгӕ у, уымӕ нын раст цӕстӕнгас уыдзӕн» (Арлин, аргъуыд райста 1954 азы).

[Ныв 9 фарсыл]

Хистӕртӕ хӕссынц бирӕ Паддзахады дыргъ.

[Ныв 10 фарсыл]

Ацӕргӕ чырыстӕттӕ Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уымӕй се ’муырнджытӕн сты стыр ӕххуыс.