Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон сывӕллон хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу

Абон сывӕллон хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу

Абон сывӕллон хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу

ИЗӔР. Ӕнафон. Ныртӕккӕ рестораны хицау дуар сӕхгӕндзӕн ӕмӕ хӕдзармӕ ацӕудзӕн. Фӕлӕ раст уыцы рӕстӕг ӕрбахызт дыууӕ сылгоймаджы сывӕллонимӕ ӕхсӕвӕр хӕрынмӕ. Рестораны хицау тынг фӕллад у, ӕмӕ йӕ фӕнды ӕрбацӕуджыты арвитын, ресторан ӕхгӕд у, зӕгъгӕ, фӕлӕ сын уӕддӕр хӕринаг рахаста. Цалынмӕ дыууӕ сылгоймаджы ныхӕстӕгӕнгӕ сӕ хӕрды кой кӕнынц, уӕдмӕ гыццыл лӕппу та залы къуымты ралидз-балидз кӕны, ӕмӕ йӕ къухы цы адджын гуыл ис, уый къӕбӕртӕ йӕ къӕхты бын мур кӕны. Сывӕллонӕн «ма кӕн» зӕгъыны бӕсты йӕ мад йӕ мидбылты худы. Сылгоймӕгтӕ куы ацыдысты, уӕд рестораны фӕллад хицау сӕ фӕстӕ ӕфснайынтыл схӕцыд.

Ацы цауӕй хорз зыны, стӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр зоныс, бирӕ бинонтӕ сӕ сывӕллоны хъомыл кӕнынмӕ сӕ хъус куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ дарынц. Уый бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты сӕхи бар ауадзынц, сывӕллоны цы фӕнды, уый хъуамӕ араза, зӕгъгӕ. Кӕнӕ та ныййарджытӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон вӕййынц ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕттӕм кӕсынӕн ӕмӕ сӕ хъомыл кӕнынӕн рӕстӕг нал вӕййы. Иннӕтӕн та ахуырӕй сӕйрагдӕр ницы ис: кӕд сӕ сывӕллон хорз ахуыр кӕны ӕмӕ адӕмы цӕсты кадджын чи у, ахӕм институтмӕ бацӕуынмӕ хъавы, уӕд ӕй уӕгъдибарӕй ауадзынц.

Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, ныййарджыты ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр хъӕуы хъомыладмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсын. Уыдон куыд дзурынц, афтӕмӕй уымӕн ӕвдисӕн, сывӕллӕттӕ алыхуызон фыдракӕндтӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ скъолаты тыхми кӕй фылдӕр кӕны. Сеулы (Корейы) иу астӕуккаг скъолайы директор куыд загъта, афтӕмӕй фыццаджыдӕр хъӕуы сывӕллонӕн йӕ удыхъӕд хъомыл кӕнын. Уый зӕгъы: «Сывӕллоны хорз миниуджытыл куы сахуыр кӕнай, уӕд ӕй ӕндӕр истӕуыл дӕр ис ахуыр кӕнӕн».

Сӕ сывӕллӕттӕ институтмӕ ахуыр кӕнынмӕ бацӕуой ӕмӕ сын царды исты бантыса, уымӕ цы ныййарджытӕ бӕллынц, уыдон ницӕмӕ дарынц, абон цы фӕдисы хъӕр хъуысы, уый. Дӕу та куыд фӕнды, дӕ сывӕллонӕй цавӕр адӕймаг рауайа? Ӕгъдауджын ӕмӕ йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕна? Иннӕтыл чи хъуыды кӕна, зынтӕн фӕразаг ӕмӕ ныфсвидар? Кӕд о, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, иннӕ статья дӕр бакӕс.