Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дын Библи баххуыс кӕндзӕн?

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дын Библи баххуыс кӕндзӕн?

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дын Библи баххуыс кӕндзӕн?

ОРХИДЕЙӔ у диссаджы рӕсугъд дидинӕг, фӕлӕ зын зилӕн. Хъуамӕ йын уа фаг рухс ӕмӕ хъарм, йӕ къопп дӕр нӕдӕр ӕгӕр стыр, нӕдӕр ӕгӕр гыццыл. Цы сыджыты сагъд у ӕмӕ йыл цы хъацӕнтӕ кӕнынц, уый йыл уайтагъд фӕзыны. Стӕй ӕнцонӕй рынчын кӕны ӕмӕ йыл сасчытӕ дӕр тагъд фӕзыны. Уымӕ гӕсгӕ орхидейӕ дарын чи райдайы, уымӕн дзы арӕх ницы рауайы.

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын та ноджы зындӕр ӕмӕ вазыгджындӕр хъуыддаг у, уымӕн дӕр гыццыл фыдӕбон нӕ хъӕуы. Уӕдӕ диссаг нӕу, сывӕллон куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ ныййарджытӕ арӕх катайы кӕй бацӕуынц. Бирӕтӕ фембарынц, ӕххуыс сӕ кӕй хъӕуы, мӕнӕ орхидейӕ дарын чи райдыдта, уый, зилын сӕм чи зоны, ахӕм адӕймаджы ӕххуыс куыд фӕхъӕуы, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ныййарӕджы дӕр фӕнды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ базонын. Кӕм агургӕ сты ахӕм уынаффӕтӕ?

Кӕд Библи, сывӕллон куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй фыст нӕу, уӕддӕр дзы Сфӕлдисӕг ныффыссын кодта, уыцы хъуыддаджы чи баххуыс кӕндзӕн, бирӕ ахӕм уынаффӕтӕ. Библи дзуры, сывӕллоны удыхъӕды ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы хорз миниуджытӕ хъомыл кӕнын, уымӕ та, бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, арӕх куыдфӕндыйы цӕстӕй фӕкӕсынц (Ефесӕгтӕм 4:22—24). Сыгъдӕг Фыстады уынаффӕтӕн ис стыр ахадындзинад хъомыл кӕныны хъуыддаджы. Уыдон баххуыс кодтой, алы рӕстӕджыты ӕмӕ алыхуызон уавӕрты чи цард, ахӕм адӕмтӕй бирӕтӕн. Уӕдӕ, дӕлдӕр Библийӕ цы уынаффӕтӕ ис хаст, уыдон дӕуӕн дӕр стыр ӕххуыс уыдзысты дӕ сывӕллӕттӕ хорз хъомыл кӕнынӕн.

Ныййарджыты цӕвиттон — ӕппӕты хуыздӕр хъомылгӕнӕн мадзал

«Ды та, искӕй ахуыр кӕнгӕйӕ, дӕхӕдӕг дӕхи куыннӕ ахуыр кӕныс? Амонгӕйӕ нӕ давын, давыс? дзургӕйӕ: «ма хӕт», хӕтыс?» (Ромӕгтӕм 2:21, 22).

Сеулы Ахуырады министрады сӕрдар загъта: «Фӕзминаг ныхас ӕмӕ хъуыддӕгтӕ — ӕппӕты хуыздӕр мадзал сывӕллоны истӕуыл сахуыр кӕнынӕн». Ныййарджытӕ сывӕллоны цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый сӕ ныхасӕй, сӕ митӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд уайтагъд бамбары, цӕстмӕмитӕ кӕй кӕнынц, уый. Афтӕмӕй ныййарджыты ныхасӕн нал фӕаргъ кӕны. Зӕгъӕм, ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сывӕллон сайгӕ ма кӕна, уӕд сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ ма сайой. Иуӕй-иу ныййарджытӕм ницы кӕсы, исчи сӕм телефонӕй куы фӕдзуры, уӕд сывӕллонӕн афтӕ зӕгъын, ам нӕ дӕн, зӕгъгӕ йын зӕгъ. Сывӕллоны афтӕ куы дзурын кӕной, уӕд ӕй къӕмдзӕстыг кӕнынц. Куыдфӕстагмӕ, гӕнӕн ис, сывӕллон ӕнӕфсармӕй сайын райдайа. Уӕдӕ кӕд ныййарджыты ӕцӕгдӕр фӕнды, сӕ сывӕллон сайгӕ ма кӕна, уӕд сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уой ӕууӕнкджын ӕмӕ ма сайой.

Фӕнды дӕ, дӕ сывӕллон уӕздан ныхас кӕна? Уӕд дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уӕзданӕй дзурай, ӕмӕ дӕ уӕд дӕ сывӕллон бафӕзмдзӕн. Сунг-сик, цыппар сывӕллоны фыд, дзуры: «Мӕ цардӕмбалимӕ баныхас кодтам, нӕ дзыхӕй схуыст ныхас кӕй никуы схаудзӕн. Кӕрӕдзимӕ уӕздан ныхас кодтам, кӕрӕдзиуыл аудыдтам; цыфӕнды мӕстыйӕ дӕр хъӕрныхас нӕ кодтам. Хорз цӕвиттон бирӕ дзурынӕй тынгдӕр ахадыдта. Тынг ӕхсызгон нын у, нӕ сывӕллӕттӕ уӕздан ныхас кӕнын кӕй сахуыр сты». Библийы Галатӕгтӕм 6:7 дзырдӕуы: «Цы байтауа адӕймаг, уый ӕркӕрддзӕн». Йӕ сывӕллӕттӕ ӕгъдауджын уой, уый цы ныййарджыты фӕнды, уыдон фыццаджыдӕр сӕхӕдӕг хъуамӕ уой ӕгъдауджын.

Дӕ сывӕллӕттимӕ арӕхдӕр ныхас кӕн

«[Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ] уарзын... кӕн дӕ фыртӕн ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд дӕр» (Дыккаг закъон 6:7).

Фӕскуыст дӕр ма чи фӕкусы, ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Мад дӕр ӕмӕ фыд дӕр куы фӕкусынц, уӕд уый сӕ сывӕллӕттыл тынг фӕзыны. Ныййарджыты сӕ цотмӕ уыйас нал февдӕлы. Уӕдӕ сын хӕдзары дӕр гыццыл куыст нӕй ӕмӕ уый тыххӕй арӕх вӕййынц фӕллад, фӕлмӕст. Ахӕм уавӕрты сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг ссарӕн куыд ис? Зӕгъӕм, хӕдзары куыстытӕ дӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ куы кӕнай. Иу лӕг та, цӕмӕй йын йӕ сывӕллӕттӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид, уый тыххӕй, йӕ хӕдзары телевизор куыд нӕуал уа, афтӕ бакодта. Уый загъта: «Райдианты сывӕллӕттӕ ӕнкъард кодтой, фӕлӕ семӕ алыхуызон хъӕзтытӕй хъазын ӕмӕ цымыдисаг чингуытыл ныхас кӕнын куы райдыдтон, уӕд сӕ телевизор рох дӕр фӕци».

Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ гыццылӕй ахуыр кӕной сӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕнын. Науӕд стырӕй зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд сӕм ӕххуысмӕ не ’рбацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сын хӕлары ад нӕ кӕндзысты. Куыд ис сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕн? Ӕмбисӕндты 20:5 дзырдӕуы: «Адӕймаджы зӕрдӕйы фӕндтӕ сты арф дӕттау, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг базондзӕн». Ныййарджытӕ сывӕллӕтты куы фӕрсой, ды та куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй дзурдзысты.

Цы сараздзынӕ, дӕ сывӕллон исты ӕвзӕр хъуыддаг куы бакӕна, уӕд? Ахӕм рӕстӕг ӕй уӕлдай тынгдӕр хъӕуы ӕххуыс. Дӕ маст бауром, байхъус ӕм. Иу фыд, ахӕм рӕстӕг цы саразы, уый тыххӕй дзуры: «Сывӕллӕттӕ исты раст куы нӕ бакӕнынц, уӕд ӕдзухдӕр мӕхицӕн уый фӕдзурын, мӕ зӕрдӕмӕ йӕ ӕгӕр хӕстӕг ма айсон. Сбадын ӕмӕ сӕм байхъусын. Фӕархайын хъуыддаг бамбарыныл. Мӕхиуыл хӕцын мын зын куы вӕййы, уӕд та уал банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ ӕрсабыр уон, уӕдмӕ». Кӕд дӕхиуыл хӕцын фӕразыс ӕмӕ дӕ сывӕллонмӕ байхъусыс, уӕд дын уый дӕр дӕ уайдзӕфмӕ хуыздӕр хъусдзӕн.

Зонд амонын, уайдзӕф кӕнын — уарзгӕйӕ

«Фыдӕлтӕ, сымах дӕр ма мӕсты кӕнут уӕ цӕуӕты, фӕлӕ ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4).

Сывӕллоны раст зондыл аразынӕн ахсджиаг у — уарзгӕйӕ йын амонай зонд, уарзгӕйӕ йын уайдзӕф кӕнай. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ныййарджытӕ «сӕ цӕуӕты мӕсты кӕной»? Уайдзӕф, цы рафыдуаг кодта, уымӕй карздӕр куы уа, кӕнӕ йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ ныййарджыты ныхмӕ кӕнынц. Зонд амонын, уайдзӕф кӕнын алы хатт дӕр хъӕуы уарзгӕйӕ (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Сывӕллӕттӕн куы ӕмбарын кӕнай, цӕмӕн сын уайдзӕф кӕныс, уӕд ӕй зондзысты, уарзгӕ сӕ кӕй кӕныс ӕмӕ сын сӕ ных уый тыххӕй кӕй бакъуырыс (Ӕмбисӕндтӕ 22:15; 29:19).

Стӕй ма ӕвзӕр нӕ уаид, сывӕллӕттӕ, раст цы нӕ сарӕзтой, уый ӕнкъаргӕ куы бакӕниккой. Зӕгъӕм, кӕйдӕр фӕхъыг кодта, уӕд ын хъуамӕ хатыр ракурын кӕнай. Кӕд хӕдзары ӕвӕрд ӕгъдау истӕмӕй фехӕлдта, уӕд ӕй цӕмӕйдӕр фӕцух кӕн, цӕмӕй бамбара, афтӕ гӕнӕн кӕй нӕй.

Уайдзӕф кӕнын хъӕуы йӕ рӕстӕгыл. Екклесиаст 8:11 кӕсӕм: «Ӕвзӕр хъуыддагыл тӕрхон уайтагъд нӕ сӕххӕст вӕййы, ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаджы фыртты зӕрдӕ сахуыр вӕййы ӕвзӕр кӕныныл». Афтӕ иуӕй-иу сывӕллӕтты дӕр фӕфӕнды бафӕлварын, сӕ фыдуаг мийы тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзысты ӕви нӕ. Уӕдӕ сӕ кӕд бафӕдзӕхстай, цыдӕр знаггады тыххӕй уӕ бафхӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕ ныхасӕн хицау у.

Улӕфын дӕр зонын хъӕуы

«Ис... рӕстӕг худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг хъазынӕн» (Екклесиаст 3:1, 4).

Сывӕллон куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы нӕ улӕфа, йӕхи куы нӕ ирхӕфса, уӕд уый йӕ зонд ӕмӕ буары рӕзтыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Ныййарджытӕ сӕ рӕстӕг сӕ сывӕллӕттимӕ куы ӕрвитой, уӕд бинонтӕ ӕнгомдӕр кӕнынц ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ӕдас фӕхатынц. Бинонтӕн сӕ бон куыд у сӕ рӕстӕг иумӕ ’рвитын? Дзӕбӕх ахъуыдыгӕнгӕйӕ, бирӕ хорз фадӕттӕ ссарӕн ис. Зӕгъӕм, велосипедыл, пуртийӕ, теннисӕй, бадминтонӕй ӕмӕ волейболӕй хъазын. Кӕнӕ куыд ӕхсызгон уыдзӕн, бинонтӕ иумӕ музыкалон инструменттыл куы цӕгъдой. Ӕрдзы хъӕбысы цы рӕстӕг арвитат, уый дӕр тагъд нӕ ферох кӕндзысты.

Афтӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕндзысты, улӕфтмӕ куыд ӕмбӕлы, ахӕм цӕстӕй кӕсын. Ӕртӕ лӕппуйы цы чырыстон фыдӕн ис, уый дзуры: «Улӕфты рӕстӕг, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, вӕййын мӕ сывӕллӕттимӕ. Зӕгъӕм, компьютерыл цыдӕр хъӕзтытӕй куы фӕхъазынц, уӕд сӕ уыцы хъӕзтытӕй фӕрафӕрс-бафӕрс кӕнын. Зӕрдиагӕй мын дзурын куы райдайынц, уӕд ӕз дӕр уыцы фадатӕй спайда кӕнын ӕмӕ сын фӕдзурын, куыд тӕссаг сты ӕвзӕр хъӕзтытӕ. Ӕмӕ иу хъуыддаг бафиппайдтон: ӕвзӕр хъӕзтытӕй нал фӕхъазынц». Йӕ улӕфты рӕстӕг йӕ бинонтимӕ ӕрвитын чи уарзы, уыцы сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр вӕййы тыхми, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ наркотикты тыххӕй цы телералӕвӕрдтӕ, кинотӕ, Интернеты цы хъӕзтытӕ ис, уыдоныл къух сисын.

Уӕ сывӕллӕтты хӕлӕрттӕ ӕвзарын ахуыр кӕнут

«Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

Цыппар сывӕллоны хорз чи схъомыл кодта, ахӕм фыд зӕгъы: «Тынг ахсджиаг у, сывӕллӕттӕ сӕхицӕн хӕлӕрттӕн кӕй ӕвзарынц, уый. Уымӕн ӕмӕ иу ӕвзӕр хӕлар дӕр уе ’ппӕт фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы фӕкӕндзӕн». Ацы лӕг йӕ сывӕллӕтты хӕлӕрттӕ ӕвзарын ахуыр кодта ахӕм фарстаты руаджы: «Чи у дӕ хуыздӕр хӕлар? Дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы? Цы йӕм ис бафӕзминагӕй?» Ӕндӕр фыд та йӕ сывӕллӕттӕн дзырдта, цӕмӕй-иу сӕ хӕлӕртты хӕдзармӕ ӕрбахуыдтаиккой. Афтӕмӕй йӕ бон уыд семӕ зонгӕ кӕнын ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн раст уынаффӕтӕ дӕттын.

Сывӕллӕттӕн ма хъӕуы амонын, хӕлӕрттӕ ссарын сӕ бон кӕй у ӕрмӕст се ’мбӕйтты ’хсӕн нӕ, фӕлӕ хистӕрты ’хсӕн дӕр. Бум-сун, ӕртӕ лӕппуйы фыд, дзуры: «Ӕз мӕ сывӕллӕттӕн фембарын кӕнын, ӕнӕмӕнг кӕй нӕу, ӕмӕ дӕ хӕлӕр де ’мбай уа. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Давид ӕмӕ Ионафан дӕр ӕмбӕйттӕ нӕ уыдысты. Ӕз ӕрбахонын алы кары чырыстӕтты, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг семӕ ӕрвитой ӕмӕ сӕхи ирхӕфсой». Сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг, кӕстӕртӕн фӕзминаг чи у, ахӕм хистӕртимӕ куы ’рвитой, уӕд бирӕ хорз цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзысты.

Уӕ бон у уӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнын

Америкӕйы иу ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, йӕ сывӕллӕтты хиуыл хӕцын, хиуыл кусын ӕмӕ сайгӕ ма кӕна, ууыл чи ахуыр кодта, уыцы ныййарджытӕн бирӕ нӕ бантыст. Цӕмӕн? Кӕй фарстой, уыдонӕй иу мад зӕгъы: «Хъыгагӕн, нӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнынӕн ис ӕрмӕстдӕр иу мадзал — дуарӕхгӕдӕй сӕ дар ӕмӕ сӕ дунеимӕ иу кӕнын ма уадз». Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ цы дунейы хъомыл кӕнынц, уый ныры хуызӕн хӕлд никуы уыди. Уӕдӕ цымӕ ахӕм уавӕры сывӕллӕттӕ хорз схъомыл кӕнӕн ис?

Орхидейӕ ӕрзайын кӕнын дӕ куы фӕнда, фӕлӕ йын исты кӕнынӕй куы тӕрсай, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ дӕ ныфс ма бахӕссай. Фӕлӕ куыд бацин кӕндзынӕ, орхидейӕтӕм зилын чи зоны, ахӕм адӕймаг дӕм ӕххуысмӕ куы фӕзына: цалдӕр хорз уынаффӕйы дын радта ӕмӕ дын ныфс бавӕрдта, афтӕ кӕн ӕмӕ дын алцыдӕр рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Иегъовӕйӕ хуыздӕр адӕмы ничи зоны, ӕмӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый дӕр нын уымӕй хуыздӕр ничи зӕгъдзӕн. Уый дзуры: «Дӕ фырты раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕддӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Дӕ сывӕллӕтты Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы хъомыл кӕнай, уӕд дын сӕ рауайдзӕн йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, иннӕтыл чи хъуыды кӕны, ахӕм ӕгъдауджын адӕймӕгтӕ. Уӕд сӕ адӕм уарздзысты, ӕмӕ уымӕй сӕйрагдӕр та — уарздзӕн сӕ Иегъовӕ, нӕ уӕларвон Фыд.