Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн

Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн

Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн

«Чырыстийы Туг... мах намыс мард хъуыддӕгтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кусынӕн!» (ДЗУТТЫТӔМ 9:14).

1. Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, дӕ цард цӕй аргъ у, зӕгъгӕ, уӕд цы зӕгъис? Мах не ’ппӕт дӕр цардӕн,— уӕлдай нӕу, нӕхи цард у ӕви искӕй,— стыр аргъ кӕнӕм. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд, куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд дохтыртӕм нӕ цӕуиккам. Ӕнӕниз уӕвгӕйӕ дӕр ма сын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы фӕуынын кӕнӕм нӕхи. Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз ӕмӕ дзӕбӕх уӕм. Цыфӕнды зӕронд кӕнӕ сахъат адӕймаджы дӕр бафӕрс — мӕлын никӕй фӕнды.

2, 3. а) Ӕмбисӕндтӕ 23:22 цавӕр хӕсы кой кӕны? ӕ) Ӕмбисӕндты 23:22 цы хӕсы кой цӕуы, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ хъусын хъӕуы?

2 Йӕхи цардӕн аргъ чи кӕны, уый иннӕты цардӕн дӕр аргъ кӕндзӕн. Цӕвиттон, Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы: «Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус, ӕмӕ дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъил ма кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:22). Ацы ӕмбисонды «хъусын» амоны канд хъусын нӕ, фӕлӕ ма коммӕ кӕсын дӕр (Рацыд 15:26; Дыккаг закъон 7:12; 13:18; 15:5; Йесо Навин 22:2; Псалом 80:14). Уӕвгӕ, Хуыцауы Ныхас нын цӕмӕн фӕдзӕхсы, дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадмӕ хъус, зӕгъгӕ? Бирӕ хистӕр дӕ кӕй сты кӕнӕ царды фылдӕр кӕй федтой, канд уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма дӕ «ныййарджытӕ» кӕй сты, уый тыххӕй дӕр. Иуӕй-иу тӕлмацты ацы стих ивд у афтӕ: «Дӕ фыдмӕ хъус — цард дын уый радта». Уӕдӕ бӕрӕг у: цардӕн куы аргъ кӕнай, уӕд, цард дын чи радта, уый раз дӕхи хӕсджыныл нымайдзынӕ.

3 Кӕд ӕцӕг чырыстон дӕ, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы нымайыс Царддӕттӕгыл. «Цӕргӕ» дӕр ӕмӕ «змӕлгӕ» дӕр, хъуыды дӕр ӕмӕ ӕнкъаргӕ дӕр уый фӕрцы кӕныс. Уый фӕрцы «дӕ» ӕмӕ уый фӕрцы у дӕ бон дӕ фидӕныл, суанг де ’нусон цардыл, хъуыды кӕнын дӕр (Куыстытӕ 17:28; Псалом 36:9; Екклесиаст 3:11). Уӕдӕ Ӕмбисӕндтӕ 23:22 гӕсгӕ, хъуамӕ Хуыцаумӕ «хъусӕм» ӕмӕ нӕ фӕнда, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарын, цӕмӕй йӕм мах дӕр адӕмы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм.

Цардӕн аргъ кӕн

4. Цардӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, уый иууыл райдианы куыд рабӕрӕг?

4 Иууыл райдианы Иегъовӕ адӕмӕн бӕлвырд бамбарын кодта, цардӕн сӕхи хицау кӕй ма хъуамӕ кодтаиккой. Ӕмӕ уый кӕд Каин зыдта, уӕддӕр йӕ ӕнаххос ӕфсымӕр Авелы амардта. Каинӕн йе ’фсымӕры цард байсыны бар уыд? Хуыцау афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ӕндӕр дзы дзуапп не ’рдомдтаид. Загъта йын: «Уый цы бакодтай? Хъусыс! Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы» (Уӕвынад 4:10). Кӕс ма, Авелы туг, зӕхх сырххъулон кӕмӕй афӕлдӕхт, уый ӕвдыста Авелӕн йӕ цард ӕмӕ «дзынӕзта» Хуыцаумӕ маст райсынмӕ (Дзуттытӕм 12:24).

5. а) Нойы дуджы Хуыцау цавӕр фӕдзӕхст радта ӕмӕ кӕмӕ хаудта? ӕ) Уыцы фӕдзӕхстӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн уыд?

5 Доны хъаймӕты фӕстӕ цы аст адӕймаджы баззад, уыдонӕй та зӕхх хъуамӕ ногӕй байдзаг уыдаид. Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы фӕдзӕхст радта, уымӕй бӕлвырддӕр бамбарын кодта, цард ӕмӕ тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Адӕмӕн радта фыдызгъӕл хӕрыны бар, фӕлӕ сӕ иу хъуыддагӕй бафӕдзӕхста: «Цӕрӕгойтӕй цыдӕриддӕр змӕлы, удӕгас чи у, уыдоны фыд хӕрдзыстут. Зайӕгойты уын хӕрынӕн куыд дӕттын, афтӕ уыдон дӕр. Ӕрмӕст ын йӕ фыд йӕ удимӕ — йӕ тугимӕ — ма хӕрут» (Уӕвынад 9:3, 4). Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ацы фӕдзӕхст афтӕ ӕмбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, цалынмӕ цӕрӕгой тӕлфгӕ кӕна, уӕдмӕ йын йӕ фыд хӕрӕн кӕнӕ йӕ туг нуазӕн нӕй. Фӕлӕ рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕппындӕр нӕ уадзы туг хӕрын. Уыйхыгъд, Хуыцау Нойӕн цы амынд радта, уый уыд стыр къахдзӕф йӕ ӕвӕджиауы фӕнд — тугимӕ баст чи уыд, уыцы фӕнд — сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы фӕнд та у адӕмӕн ӕнусон цард раттын.

6. Хуыцау, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый Нойӕн куыд бамбарын кодта?

6 Хуыцау ма Нойӕн загъта: «Уӕ удты туг уын райсдзынӕн. Райсдзынӕн ӕй алы цӕрӕгойӕ дӕр; ӕмӕ адӕймагӕй, йӕ алы ӕфсымӕрӕй дӕр ӕз ӕрцагурдзынӕн адӕймаджы уд. Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн дӕр ӕй адӕймаг ныккалдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы йӕ фӕлгонцмӕ гӕсгӕ сфӕлдыста» (Уӕвынад 9:5, 6). Ацы фӕдзӕхст Хуыцау радта ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй адӕймагӕн йӕ туг нымайы йӕ цардыл. Уымӕ гӕсгӕ цард аскъуыныны бар никӕмӕн ис. Уӕдӕ Сфӕлдисӕгӕн уый бар ис, ӕмӕ лӕгмарӕй «туг райса».

7. Хуыцау Нойӕн туджы тыххӕй цы фӕдзӕхст радта, уый ӕмбарын мах цӕмӕн хъӕуы?

7 Хуыцау ацы фӕдзӕхст уымӕн радта, цӕмӕй адӕм тугӕн аргъ кодтаиккой. Куыд дӕм кӕсы, уыцы фӕдзӕхст цӕмӕн хъуыдис? Стӕй, Хуыцау тугмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсы? Йӕ дзуапп баст у Библийы сӕйрагдӕр ахуырӕдтӕй иуыл. Уыцы ахуырад та у, чырыстӕттӕ адӕммӕ цы хабар хӕссынц, фӕлӕ аргъуантӕм нымады дӕр чи нӕу, уымӕн йӕ апп. Цы у уыцы ахуырад, ӕмӕ дӕ цард, дӕ фӕндтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм куыд хауы?

Тугӕн цы кӕнӕн ис?

8. Закъонмӕ гӕсгӕ тугӕн цы не ’мбӕлд кӕнын?

8 Иегъовӕ, цард ӕмӕ тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый ноджы хуыздӕр бамбарын кодта, Израилӕн Закъон куы радта, уӕд. Уыцы Закъоны руаджы йӕ фӕнд ноджы фӕбӕлвырддӕр кодта. Ӕнӕзонгӕ дын нӕ уыдзӕн, Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ ардтаиккой алыхуызон кувинӕгтӕй. Дзырдӕн: хор, зети ӕмӕ сӕнӕй (Левит 2:1—4; 23:13; Нымӕцтӕ 15:1—5). Закъон ма сӕ домдта кусӕрттӕгтӕ дӕр. Уый фӕдыл Хуыцау загъта: «Буары уд туг у ӕмӕ йӕ ӕз сымахӕн радтон нывондхӕссӕныл калынӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ сыгъдӕг кӕнат, уымӕн ӕмӕ туг уд сыгъдӕг кӕны. Гъе уымӕн загътон Израилы фырттӕн: „Иу уд дӕр уӕ туг ма хӕрӕд“». Иегъовӕ ма загъта, зӕгъгӕ, цуанон сырд кӕнӕ маргъ куы амара, йе та исчи исты куы аргӕвда, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза ӕмӕ йӕ сыджыты хай фӕкӕна. Зӕхх Хуыцауы къӕхтӕвӕрӕн у, ӕмӕ-иу адӕймаг цӕрӕгойы туг зӕхмӕ куы уагъта, уӕд-иу ӕмбӕрста, цард йӕ Радтӕгмӕ кӕй здӕхы (Левит 17:11—13; Исай 66:1).

9. Закъонмӕ гӕсгӕ тугӕн цы хъуыди кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

9 Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы закъон цыдӕр дины фӕтк уыдис, стӕй махмӕ дӕр нӕ хауы. Израилӕгтӕн туг хӕрӕн цӕуылнӕ уыд, уый бамбӕрстай? Хуыцау сӕ бафӕдзӕхста: «Гъе уымӕн загътон Израилы фырттӕн: „Иу удгоймаг дӕр уӕ туг ма хӕрӕд“». Уымӕй сӕ цӕмӕн фӕдзӕхста? «Ӕз сымахӕн [туг] радтон нывондхӕссӕныл калынӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ сыгъдӕг кӕнат». Хуыцау Нойӕн афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, адӕмӕн туг хӕрӕн нӕй, уый ныр хуыздӕр не ’мбарӕм? Туг табуйагыл банымайын — бирӕты уый руаджы фервӕзын кӕнын — уый Сфӕлдисӕджы фӕнд у. Туг хъуамӕ ӕмбӕрзтаид (ссыгъдӕг кодтаид) адӕмы тӕригъӕдтӕ. Уӕдӕ, Хуыцау Закъоны куыд ныффыссын кодта, афтӕмӕй туг ӕмбӕлд ӕрмӕстдӕр нывондхӕссӕныл калын, цӕмӕй-иу израилӕгтӕ Иегъовӕйӕ хатыр куы куырдтой, уӕд-иу дзы сӕ удтӕ ссыгъдӕг кодтаиккой.

10. Фосы туг адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр цӕуылнӕ сыгъдӕг кодта ӕмӕ Закъон цы нывӕндтӕ домдта, уыдон зӕрдыл цы лӕууын кодтой?

10 Тугӕн цы аргъ ис, уый хорз зонынц чырыстӕттӕ дӕр. Апостол Павел фыста: «Уӕвгӕ алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ ӕнӕ туг акалгӕйӕ нӕ вӕййы хатырдзинад» (Дзуттытӕм 9:22). Павел дарддӕр куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй-иу нывонд чи ӕрхаста, уыцы адӕймаг-иу ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд нӕ фестад. Уый фыссы: «Нывӕндтӕй алы аз зӕрдыл ӕфтауынц тӕригъӕдты тыххӕй; уымӕн ӕмӕ гӕнӕн нӕй, цӕмӕй родты ӕмӕ сӕгъты туг сафа тӕригъӕдтӕ» (Дзуттытӕм 10:1—4). Фӕлӕ уыцы нывӕндтӕн уӕддӕр уыдис стыр ахадындзинад. Уыдон израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдджын кӕй уыдысты ӕмӕ, сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ фылдӕр цыдӕр кӕй хъуыди. Уӕдӕ кӕд адӕмы тӕригъӕдтӕ цӕрӕгойты туг нӕ сыгъдӕг кодта, уӕд кӕй?

Хуыцау фарст алыг кодта

11. Кусӕрттӕгты туг цӕмӕдӕр кӕй амыдта, уый кӕцӕй зонӕм?

11 Закъон комкоммӕ амыдта, Хуыцау йӕ фӕндон цы стырдӕр хъуыддаджы фӕрцы сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Павел бафарста: «Цӕй тыххӕй у закъон?» Ӕмӕ йӕхӕдӕг радта дзуапп: «Уый лӕвӕрд уыд фӕстӕдӕр, фыдракӕндты тыххӕй мыггаг ӕрцӕуыны афонмӕ, кӕцымӕ хауы зӕрдӕвӕрд, ӕмӕ лӕвӕрд у Зӕдты сӕрты, ӕхсӕны бацӕуӕджы [Моисейы] къухӕй» (Галатӕгтӕм 3:19). Павел ма фыста: «Закъон, ӕрцӕуинаг хорздзинӕдты аууон уӕвгӕйӕ... хорздзинӕдтӕн сӕхи фӕлгонц нӕу» (Дзуттытӕм 10:1).

12. Хуыцаумӕ туджы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый куыд ӕргом кодта?

12 Цӕуыл ӕрдзырдтам, уымӕн хатдзӕг скӕнынӕн ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцау Нойы рӕстӕг цы фӕдзӕхст радта, уый: адӕмӕн фыдызгъӕл хӕрӕн ис, туг та — нӕ. Фӕстӕдӕр Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, «буары уд туг у». Хуыцау туг схуыдта цард ӕмӕ загъта: «Ӕз сымахӕн [туг] радтон нывондхӕссӕныл калынӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ сыгъдӕг кӕнат». Фӕлӕ ма хъуамӕ ноджы тынгдӕр раргом уыдаид, Хуыцауы зӕрды цы диссаджы фӕнд уыд, уый. Закъон уыд ӕрцӕуинаг хорздзинӕдты аууон. Цы сты уыцы хорздзинӕдтӕ?

13. Чырыстийы мӕлӕтӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн уыд?

13 Закъон уыд Йесо Чырыстийы мӕлӕты аууон. Куыд зоныс, афтӕмӕй Йесо баййӕфта карз ӕфхӕрд, ӕмӕ йӕ цӕджындзыл байтыгътой — амард фыдгӕнӕджы мардӕй. Павел фыста: «Чырысти, мах ма ӕнӕхъару куы уыдыстӕм, бӕрӕг рӕстӕг амард ӕнӕсыгъдӕджыты тыххӕй. [...] Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй, Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд» (Ромӕгтӕм 5:6, 8). Чырысти йӕ мӕлӕтӕй ахӕстаргъ бафыста нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Гъе уыцы ахӕстаргъ у, чырыстӕттӕ адӕммӕ цы хабар хӕссынц, уымӕн йӕ апп (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16; 1 Коринфӕгтӕм 15:3; 1 Тимофеймӕ 2:6). Фӕлӕ ахӕстаргъ туг ӕмӕ цардмӕ цы бар дары, стӕй дӕ цардмӕ куыд хауы?

14, 15. а) Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕ Ефесӕгтӕм 1:7 Йесойы мӕлӕтмӕ ӕргом куыд здахынц? ӕ) Ефесӕгтӕм 1:7 цавӕр хъуыды аззайы аууоны?

14 Иуӕй-иу аргъуантӕ Йесойы мӕлӕтмӕ се ’ргом тынг здахынц. Ӕмӕ сӕм цы адӕм цӕуы, уыдонӕй арӕх фехъусдзынӕ ахӕм ныхӕстӕ: «Чырысти йӕ уд мӕн тыххӕй радта». Ӕркӕсӕм ма, иуӕй-иу Библиты Ефесӕгтӕм 1:7 куыд тӕлмац ӕрцыд, уымӕ: «Уый мидӕг ӕмӕ йӕ мӕлӕты руаджы нын ис ирвӕзындзинад, ома сӕрибар нӕ рӕдыдтытӕй» («The American Bible», Фрэнк Шэйл Бэлинтайн, 1902 аз). «Чырыстийы мӕлӕты руаджы ссӕрибар стӕм, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр ӕрцыдысты» («Today’s English Version», 1966 аз). «Чырыстийы мидӕг ӕмӕ йӕ уд нывондӕн кӕй радта, уый руаджы ссӕрибар стӕм,— ссӕрибар стӕм нӕ тӕригъӕдтӕй» («The New Testament», Уильям Баркли, 1969 аз). «Нӕ тӕригъӕдтӕ Чырыстийы мӕлӕты руаджы ӕрцыдысты хатыргонд ӕмӕ сӕрибар дӕр уый руаджы стӕм» («The Translator’s New Testament», 1973 аз). Куыд уыныс, афтӕмӕй ацы тӕлмацтӕ ӕргом здахынц Йесойы мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Ӕмӕ Йесойы мӕлӕтӕн исты гыццыл ахадындзинад ис? Цы дзы нӕу раст ацы тӕлмацты?»

15 Адӕймаг ӕрмӕст ахӕм тӕлмацтӕ куы кӕсид, уӕд иу ахсджиаг хъуыды ауадзид ӕмӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу кӕронмӕ нӕ бамбарид. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Ефесӕгтӕм 1:7 стихы ма грекъаг ӕвзагыл ис дзырд «туг» дӕр. Уыцы тӕлмацты та ацы дзырд аууоны аззад. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ тӕлмацты ӕмбӕлы, дзырдӕн, Ног Фӕдзӕхсты ирон ӕвзагыл: «Кӕцыйы мидӕг махӕн ис балхӕнындзинад Йӕ Тугӕй, тӕригъӕдтӕн хатыр Йӕ хорз лӕвары хъӕздыгадӕй».

16. «Йӕ Тугӕй», зӕгъгӕ, ацы дыууӕ дзырды нын нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ лӕууын кӕной?

16 «Йӕ Тугӕй», зӕгъгӕ, ацы дыууӕ дзырды ис арф хъуыды ӕмӕ нын хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕр дзурӕг уой. Ӕрмӕст мӕлӕт, суанг ӕххӕст адӕймаг Йесойы мӕлӕт дӕр фаг нӕ уыд. Закъоны, уӕлдайдӕр Сыгъдӕггӕнӕн боны, рагфӕлгонцтӕ сӕххӕст сты Йесойыл. Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу дзуттӕгтӕ сӕ нывондаг кусӕрттӕгтӕ аргӕвстой. Уый фӕстӕ-иу хистӕр сауджын кусӕрттӕгты тугӕй бахаста хӕсгӕ кувӕндоны цатыры кӕнӕ кувӕндоны Сыгъдӕджыты сыгъдӕгмӕ, Хуыцауы размӕ, цыма ӕцӕгӕйдӕр уым уыд, афтӕ (Рацыд 25:22; Левит 16:2—19).

17. Сыгъдӕггӕнӕн боны рагфӕлгонцтӕ Йесойыл куыд сӕххӕст сты?

17 Павел куыд фыссы, афтӕмӕй Сыгъдӕггӕнӕн боны рагфӕлгонцтӕ сӕххӕст сты Йесойыл. Павел сӕрӕй ской кодта, Израилы хистӕр сауджын-иу афӕдз иу хатт хӕсгӕ кувӕндоны цатыры Сыгъдӕджыты сыгъдӕгмӕ тугимӕ кӕй бацыд «йӕхи тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕнӕзонгӕ тӕригъӕдты тыххӕй» (Дзуттытӕм 9:6, 7). Афтӕ Йесо дӕр, уӕларвон буары куы райгас, уӕд бацыд арвӕн йӕхи мидӕг. Адӕймагау туг ӕмӕ стӕгӕй конд кӕй нӕу, фӕлӕ йын уӕларвон буар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд «мах тыххӕй Хуыцауы цӕсгомы раз» ӕрлӕууын. Фӕлӕ Хуыцауы размӕ цы бахаста? Цӕстӕй фенӕн ӕмӕ уырзӕй басгарӕн цы ис, йӕ ахадындзинад уымӕй бирӕ стырдӕр цӕмӕн у, ахӕм цыдӕр. Павел дарддӕр фыссы: «Чырысти... Хистӕр сауджын, ӕрцӕугӕйӕ... сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иухатт бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ ратта мыггагмӕйы хатырдзинад. Уымӕн ӕмӕ, кӕд родты ӕмӕ сӕгъты туг... сыгъдӕг кӕны чъизиты, цӕмӕй сыгъдӕг уа буар, уӕд уӕлдайдӕр Чырыстийы Туг, Кӕцы Сыгъдӕг Удӕй ӕрхаста Йӕхи Хуыцауӕн ӕнаиппӕй, мах намыс мард хъуыддӕгтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн, ӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кусынӕн!» Хуыцауы размӕ Чырысти бахаста йӕ «туджы» аргъ (Дзуттытӕм 9:11—14, 24, 28; 10:11—14; 1 Петры 3:18).

18. Библийы туджы тыххӕй цы фыст ис, уый абон чырыстӕттӕн ахсджиаг цӕмӕн хъуамӕ уа?

18 Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныффыста, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Библийы туджы тыххӕй цы арф хъуыдытӕ ис, уыдон: Хуыцау тугмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсы? мах ӕм нӕхӕдӕг цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? туджы тыххӕй Хуыцау цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонӕн аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ кӕсгӕйӕ дӕ цӕст арӕх ӕрхӕцдзӕн, Чырыстийы туджы кой кӕм кӕнынц, ахӕм ныхӕстыл. (Кӕс фӕлгӕты.) Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ ӕууӕнда «Йӕ [Йесойы] тугыл» (Ромӕгтӕм 3:25). Хуыцау адӕмы тӕригъӕдтӕ «Йӕ [Йесойы] туджы фӕрцы» хатыр кӕны ӕмӕ Хуыцауимӕ бафидауӕн дӕр йӕ туджы фӕрцы ис (Колоссӕгтӕм 1:20, НФ). Уый хауы, Йесо йемӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕныны тыххӕй бадзырд кӕимӕ скодта, уыдонмӕ (Лукайы 22:20, 28—30; 1 Коринфӕгтӕм 11:25; Дзуттытӕм 13:20). Афтӕ ма, «стыр бӕллӕхы» (НД) сӕрты чи ахиздзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ» дӕр. Уыдон иууылдӕр «цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй» (Раргомад 7:9, 14).

19, 20. а) Хуыцауӕн цӕмӕн ис, тугӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй аразӕн, уый амоныны бар, ӕмӕ уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Цы ма нӕ хъуамӕ фӕнда базонын?

19 Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты тугӕн сӕрмагонд нысаниуӕг ис. Мах цӕсты дӕр ын хъуамӕ уа ахӕм нысаниуӕг. Сфӕлдисӕгӕн, цард афтӕ зынаргъ кӕмӕн у, уымӕн, ис, тугӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй аразӕн, уый амоныны бар. Нӕ цард ын тынг зынаргъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, туг ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддагӕн кӕй ис спайда кӕнӕн — ӕнусон цардмӕ фӕндаг байгом кӕнынӕн. Гом ӕй кӕны Йесойы зынаргъ туг. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕ Хуыцауӕй, Йесойы туджы фӕрцы нын цард чи дӕтты! Стӕй Йесойӕ дӕр куыд бузныг стӕм, йӕхи нывондӕн мах тыххӕй чи радта! Мах дӕр апостол Иоаннау фӕнды зӕгъын: «Мах бауарзӕгӕн ӕмӕ Йӕ Тугӕй мах тӕригъӕдтӕ цӕхсӕгӕн, ӕмӕ мах Йӕ Фыдӕн ӕмӕ Хуыцауӕн паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ скӕнӕгӕн, кад ӕмӕ паддзахад мыггагӕй-мыггагмӕ! Аминь» (Раргомад 1:5, 6).

20 Нӕ Царддӕттӕг ӕппӕтзондджын Хуыцаумӕ туджы руаджы адӕмы фервӕзын кӕныны фӕнд рагӕй ис. Уӕдӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: уыцы фӕнд нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл куыд хъуамӕ фӕзына? Иннӕ статъяйы нӕ ныхас уыдзӕн ууыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй нын Авел ӕмӕ Нойы хабӕрттӕ цы дзурынц?

• Закъонмӕ гӕсгӕ тугӕн цы не ’мбӕлд кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

• Сыгъдӕггӕнӕн боны рагфӕлгонцтӕ Йесойыл куыд сӕххӕст сты?

• Йесойы туджы руаджы нӕ бон куыд у фервӕзын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 12 фарсыл]

КӔЙ ТУГ ИРВӔЗЫН КӔНЫ?

«Хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ ӕппӕт дзуг, кӕцыйӕн Сыгъдӕг Уд сымах сӕвӕрдта хъахъхъӕнджытӕй, хизын Хицау Хуыцауы [«Хицауы ӕмӕ Хуыцауы аргъуан», НФ] Аргъуан, кӕцыйы Уый ссардта Йӕхицӕн Йӕ тугӕй» (Куыстытӕ 20:28).

«Уымӕ гӕсгӕ уӕлдайдӕр ныр, Йӕ Тугӕй сраст уӕвгӕйӕ Уый фӕрцы фервӕзтыстӕм фыдӕхӕй» (Ромӕгтӕм 5:9).

«Сымах... уыдыстут ӕнӕхуыцӕуттӕ дунейы мидӕг; ныр та Йесо Чырыстийы мидӕг сымах, кӕддӕр дард чи уыд, систут хӕстӕг Чырыстийы Тугӕй» (Ефесӕгтӕм 2:12, 13).

«Хорз фӕндон уыд Фыдӕн, цӕмӕй Уый мидӕг цӕра алкӕцы ӕххӕстдзинад, ӕмӕ цӕмӕй Уый фӕрцы Йемӕ бафидауын кӕна ӕппӕты дӕр, басабыр кӕнгӕйӕ Уый сӕрты, Йӕ дзуары Тугӕй [«Йӕ туджы фӕрцы», НФ]» (Колоссӕгтӕм 1:19, 20).

«Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, махмӕ уӕндондзинад [ис] кувӕндонмӕ бацӕуынӕн, Йесо Чырыстийы Туджы фӕрцы» (Дзуттытӕм 10:19).

«Зонгӕйӕ, ӕмбийгӕ... [цӕмӕйдӕр] ӕлхӕд кӕй не стут сымах, уӕ фыдӕлтӕй лӕвӕрд тыхст цардӕй, фӕлӕ Чырыстийы зынаргъ Тугӕй, куыд ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕрыккӕй» (1 Петры 1:18, 19).

«Кӕд ӕмӕ рухсы цӕуӕм, Уый рухсы куыд ис, афтӕ, уӕд кӕрӕдзиимӕ ӕмхицдзинады стӕм, ӕмӕ йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы Туг, сыгъдӕг кӕны мах алы тӕригъӕдӕй» (1 Иоанны 1:7).

«Ды аккаг Дӕ чиныг райсын ӕмӕ уымӕй мыхуыртӕ сисынмӕ; уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ мард, ӕмӕ Дӕ Тугӕй балхӕдтай мах Хуыцауӕн алы фӕлтӕртӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ мыггӕгтӕй» (Раргомад 5:9).

«Ӕппӕрст ӕрцыд не ’фсымӕрты фыдкойгӕнӕг... уыдон фӕуӕлахиз сты ууыл, Уӕрыччы тугӕй ӕмӕ сӕ ӕвдисӕндзинады ныхасӕй» (Раргомад 12:10, 11).

[Ныв 10 фарсыл]

Закъоны руаджы Хуыцау бамбарын кодта, туг тӕригъӕдтӕ кӕй сыгъдӕг кӕны.

[Ныв 11 фарсыл]

Йесойы туджы руаджы бирӕты бон у фервӕзын.