Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕгас Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъус

Ӕгас Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъус

Ӕгас Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъус

«Раздӕхут ӕгас Хуыцаумӕ, Кӕцы сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ уыдоны хуылфы цы ис» (КУЫСТЫТӔ 14:15).

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ «ӕгас Хуыцау» у?

ЛИСТРӔЙЫ апостол Павел ӕмӕ Варнавӕ иу рынчын лӕджы сдзӕбӕх кодтой. Цы адӕм сӕм каст, уыдонмӕ Павел йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ сын загъта: «Мах дӕр стӕм сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ, ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм, цӕмӕй сымах мӕнг хуыцӕуттӕй раздӕхат ӕгас Хуыцаумӕ, Кӕцы сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ уыдоны хуылфы цы ис» (Куыстытӕ 14:15).

2 Павел раст загъта — Иегъовӕ ӕдзард гуымиры нӕу, фӕлӕ «ӕгас Хуыцау»! (Иереми 10:10; 1 Фессалоникӕгтӕм 1:9, 10). Уый у царды Суадон, Царддӕттӕг. «Йӕхӕдӕг дӕтты ӕппӕтӕн цард ӕмӕ улӕфт ӕмӕ ӕппӕтдӕр» (Куыстытӕ 17:25). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ цардӕй алкӕддӕр райа,— ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. Павел ма загъта, зӕгъгӕ, уый «не ’нцад ӕвдисӕн лӕууын Йӕхи тыххӕй хорз хъуыддӕгтӕй, дӕтгӕйӕ махӕн арвӕй уарынтӕ ӕмӕ дыргъджын рӕстӕджытӕ, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕфсӕста хӕринагӕй ӕмӕ циндзинадӕй» (Куыстытӕ 14:17).

3. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд дзы ӕмбулгӕ цы ракӕнӕм, уый йеддӕмӕ нын зиан цӕуылнӕ уыдзысты?

3 Хуыцауы нӕ хорздзинад кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд дзы ӕмбулгӕ цы ракӕнӕм, уый йеддӕмӕ нын зиан нӕ уыдзысты (Псалом 146:8; Матфейы 5:45). Фӕлӕ бирӕтӕ, чи зоны, афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йе Библийы фӕдзӕхст раст не ’мбарынц, йе та сӕм ӕгӕр карз кӕсы. Цард куыд равдыста, афтӕмӕй Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм чи хъуыста, уыдонӕй никуы ничи фӕфӕсмон кодта. Цӕвиттон, раджы заманты израилӕгтӕ кӕд не ’мбӕрстой, Закъонмӕ гӕсгӕ мардмӕ ӕвналын цӕуылнӕ ӕмбӕлд, уӕддӕр ӕй ӕххӕст кодтой ӕмӕ сын уыд пайда: ӕввахс кодтой ӕгас Хуыцаумӕ ӕмӕ бирӕ низтӕй хызт уыдысты (Левит 5:2; 11:24).

4, 5. а) Рагзаманты Иегъовӕ туджы тыххӕй цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта? ӕ) Туджы тыххӕй фӕдзӕхстытӕ чырыстӕттӕм дӕр кӕй хауынц, уый кӕцӕй зонӕм?

4 Афтӕ у, Хуыцау туджы тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдоны хабар дӕр. Нойӕн загъта, зӕгъгӕ, туг нуазӕн ӕмӕ хӕрӕн нӕй. Фӕстӕдӕр Закъоны бацамыдта, туг кӕй ис ӕрмӕстдӕр нывондхӕссӕныл калӕн, цӕмӕй Иегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ бара. Уыцы фӕдзӕхстыты фӕрцы Хуыцау сабыргай ӕргом кодта, туджы тыххӕй йӕм цы стыр фӕнд уыд, уый — Йесойы ахӕстаргъы руаджы адӕмы фервӕзын кӕнын (Дзуттытӕм 9:14). Уӕдӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сты нӕ пайдайӕн. Библииртасӕг Адам Кларк (XIX ӕнус) Уӕвынад 9:4 стихы тыххӕй фыста: «Ацы фӕткыл [Нойӕн лӕвӕрд чи уыд, уый] нырма дӕр хӕст у Скӕсӕйнаг Чырыстон Аргъуан... Закъонмӕ гӕсгӕ туг хӕрӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ туг амыдта, ӕппӕт адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугмӕ. Евангелимӕ гӕсгӕ дӕр ӕй хӕрӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ иудадзыгдӕр зӕрдыл лӕууын кодтаид, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи ныккалд, уыцы туг».

5 Адам Кларк, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта евангелийыл, кӕнӕ хорз хабарыл Чырыстийы тыххӕй. Уымӕ хауы, Хуыцау йӕ Фырты кӕй рарвыста йӕ уд мах тыххӕй раттынмӕ — йӕ туг ныккалынмӕ, цӕмӕй нын уа ӕнусон цард (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:8, 9). Уыцы библииртасӕг ма дзырдта, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ фӕстӕдӕр туджы тыххӕй цы амынд райстой, уый тыххӕй дӕр,— уӕхи уромут тугӕй, зӕгъгӕ.

6. Чырыстӕттӕн туджы тыххӕй цы загъдӕуыд ӕмӕ цӕмӕн?

6 Хуыцау израилӕгтӕн радта бирӕ закъӕттӕ. Фӕлӕ сӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххӕст кӕнын нал хъуыд (Ромӕгтӕм 7:4, 6; Колоссӕгтӕм 2:13, 14, 17; Дзуттытӕм 8:6, 13). Уӕддӕр иу хатт ныхас рауад Закъонӕй иу ахсджиаг фӕткыл — сунӕтыл: ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй Чырыстийы туджы фӕрцы хӕрзиуӕг райсын кӕй фӕндыд, уыдоны ма сунӕт кӕнын хъуыд? Н. э. 49 азы чырыстӕтты разамонӕг совет ӕркаст уыцы хъуыддагмӕ (Куыстытӕ, 15 сӕр). Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуысӕй апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ: Закъонӕн йӕ тых цы бон фесӕфт, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сунӕт кӕнын дӕр нал хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр чырыстӕттӕ Хуыцауы Закъонӕй иуӕй-иу уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой. Разамонӕг совет ӕмбырдтӕм фыстӕджы арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Фӕндон у Сыгъдӕг Удӕн ӕмӕ махӕн, нӕ ӕвӕрын сымахыл фылдӕр ницавӕр уаргъ, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй уӕлдай: уӕхи уромут гуымирыты нывӕндтӕй ӕмӕ тугӕй, ӕмӕ хӕдмӕл ӕмӕ хӕтындзинадӕй... адон ӕххӕст кӕнгӕйӕ хорз бакӕндзыстут» (Куыстытӕ 15:28, 29).

7. Чырыстӕттӕ тугӕй сӕхи цӕмӕн хъуамӕ уромой?

7 Разамонӕг советы уынаффӕйӕ бӕрӕг уыд, адӕймаг йӕхи хӕлд митӕ ӕмӕ гуымирытӕн кувынӕй куыд хъуамӕ урӕдтаид, афтӕ хъуамӕ «урӕдтаид... тугӕй» дӕр. Ай та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ туджы тыххӕй фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Чырыстӕттӕй зонгӕ-зонын гуымирытӕн чи кувы, чи хӕты ӕмӕ хӕлд митӕ чи кӕны, уыдонӕн «Хуыцауы Паддзахадӕй хай... нӕй». Ахӕмтӕн «[сӕ] хъысмӕт... [у] дыккаг мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Раргомад 21:8; 22:15). Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ туг табуйагыл чи нӕ нымайы, уыдоны дӕр баййафдзӕн мӕлӕт. Йесойы нывондӕн аргъ чи кӕны, уыдон та райсдзысты ӕнусон цард.

8. Хуыцау туджы тыххӕй цы фӕдзӕхст радта, уымӕ рагон чырыстӕттӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Хуыцау туджы тыххӕй цы фӕдзӕхст радта, уый фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд ӕмбӕрстой ӕмӕ йӕ куыд ӕххӕст кодтой? Нӕ зӕрдыл ма иу хатт ӕрлӕууын кӕнӕм Алан Кларкы ныхӕстӕ: «Евангелимӕ гӕсгӕ дӕр ӕй [туджы] хӕрӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ иудадзыгдӕр зӕрдыл лӕууын кодтаид, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи ныккалд, уыцы туг». Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй рагон чырыстӕттӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кастысты. Дзырдӕн, Тертуллиан фыста: «Цы зӕгъӕн ис, цирчы аренӕйы цы ӕвзӕргӕнджыты сӕргӕвдынц, уыдоны туг зыдӕй чи фембырд кӕны... ӕмӕ йӕ суртӕгӕнаг адӕймӕгтӕн чи фӕцӕй скъӕфы, уыдоны тыххӕй?». Уыцы дуджы муртаттӕгтӕ туг нуазгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр куы кодтой, уӕд Тертуллиан чырыстӕтты тыххӕй та афтӕ фыста, зӕгъгӕ, уыдон, «туг кӕм ис, ахӕм дзидза нӕ хӕрынц... Ахст чырыстӕттӕн фыдӕнӕн тугӕй къалбас куы фӕхӕрын кӕнут! Иттӕг хорз куы зонут, туг хӕрӕн сын кӕй нӕй». Чырыстӕтты маргӕ куы кодтаиккой, уӕд дӕр сӕ дзыхмӕ туг не схастаиккой — Хуыцауы фӕдзӕхст сын уыд сӕйрагдӕр.

9. Уынаффӕ, «уӕхи уромут... тугӕй», зӕгъгӕ, туг нуазын ӕмӕ хӕрын кӕй нӕ уыд, уымӕй уӕлдай цӕуыл дзурӕг уыд?

9 Чи зоны, ӕмӕ исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, разамонӕг совет дзырдта ӕрмӕст, чырыстӕттӕн кӕй нӕй туг хӕрӕн ӕмӕ нуазӕн; стӕй — йӕ туг дзӕбӕх кӕмӕн нӕ рацыд, ахӕм фосы кӕнӕ маргъы фыд ӕмӕ тугимӕ конд хӕринӕгты тыххӕй. Уӕвгӕ, раст у — Хуыцау Нойӕн сӕйраджыдӕр уый тыххӕй дзырдта. Ӕмӕ апостолтӕ дӕр чырыстӕттӕн куы амыдтой, цӕмӕй «сӕхи хъахъхъӕдтаиккой... хӕдмӕлӕй», уӕд сӕ фӕдзӕхстой йӕ туг дзӕбӕх кӕмӕн нӕ рацыд, ахӕм цӕрӕгойы фыд хӕрынӕй (Уӕвынад 9:3, 4; Куыстытӕ 21:25). Фӕлӕ рагон чырыстӕттӕ зыдтой, Хуыцауы фӕдзӕхст туджы тыххӕй канд ууыл кӕй нӕ дзырдта. Уыцы рӕстӕджыты тугӕй кодтой хос дӕр. Тертуллиан фыссы, зӕгъгӕ, муртаттытӕ суртӕгӕнаг адӕймагӕн фӕдарынц туг йӕ тӕвдӕй. Стӕй ма дзы, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр низтӕн дӕр хос кодтой кӕнӕ йӕ нуӕзтой ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнын ӕнхъӕлӕй. Уӕдӕ уынаффӕ «уӕхи уромут... тугӕй» чырыстӕттӕн дзурӕг уыд, тугӕй «хос» кӕнӕн кӕй нӕ уыд, ууыл дӕр. Уыдон уыцы уынаффӕйы сӕрты цыфӕндыйӕ дӕр нӕ хызтысты.

Тугӕй хос кӕнын

10. Дохтыртӕ тугӕй куыд хос кӕнынц ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарст ӕвзӕры?

10 Абон туг медицинӕйы нымайынц «ӕвдадзы хосыл». Фыццаг-иу дохтыртӕ тугдадзины уагътой, туг куыд уыд, афтӕмӕй: адӕймагӕй-иу ӕй систой, уазалгӕнӕны-иу ӕй бавӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй бахъуаджы сахат рынчынты, дзырдӕн, хӕсты чи фӕцӕф, уыдоны бауагътой. Фӕстӕдӕр ахуыргӕндтӕ базыдтой туг хицӕн хӕйттыл дих кӕнын. Уыцы хӕйттӕй дохтыртӕн сӕ бон уыд фылдӕр адӕмӕн хос кӕнын: плазмӕ уагътой иуӕн, эритроциттӕ та — ӕндӕрӕн. Дарддӕр цы иртасӕнтӕ цыдис, уыдон равдыстой, туджы хицӕн хӕйттӕ, зӕгъӕм, плазмӕ, кӕй ис алыхуызон фракцитыл дих кӕнӕн. Ӕмӕ афтӕмӕй дохтырты бон сси ноджы фылдӕр адӕмӕн хос кӕнын. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ банцад: ныр дӕр ма фехъусӕм, ахуыргӕндтӕ фракцитӕй цы хос кӕныны ног мадзӕлттӕ ӕрхъуыды кӕнынц, уыдон тыххӕй. Чырыстӕттӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Цӕвиттон, хо кӕнӕ ӕфсымӕр не сразы тугауадзыныл, фӕлӕ йын дохтыр уӕддӕр дзуры, цӕмӕй сразы уа туджы иу хицӕн хайыл, зӕгъӕм, эритроцитты массӕйыл, кӕнӕ та, туджы сӕйраг хайӕ хицӕнгонд чысыл фракци кӕм ис, ахӕм хосыл. Ахӕм уавӕры Хуыцауы лӕггадгӕнӕг цы хъуамӕ кӕна, кӕд ӕмӕ зоны, туг у табуйаг ӕмӕ адӕймаджы ирвӕзын кӕны ӕрмӕстдӕр Чырыстийы туг?

11. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр туджы тыххӕй цавӕр хъуыды ис ӕмӕ уый медицинӕмӕ гӕсгӕ раст цӕмӕн у?

11 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туджы тыххӕй сӕ хъуыды раджы бамбарын кодтой. Дзырдӕн, «Америкӕйы медицинон ӕхсӕнады журнал»-мӕ ныффыстой статья (1981 азы 27 ноябры номыр; статья рамыхуыр кодтой брошюрӕмӕ «Туг куыд ирвӕзын кӕны?», 27—29 фф.) *. Уыцы статьяйы ӕрхастой стихтӕ Уӕвынад, Левит ӕмӕ Куыстыты чингуытӕй. Уым фыстӕуы: «Ацы стихтӕ кӕд дохтырты ӕвзагыл фыст не сты, уӕддӕр Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзурӕг сты, тугдадзины, туг, куыд сисынц, афтӕмӕй, кӕнӕ эритроцитты массӕ [сырх чырӕгтӕ], плазмӕ, лейкоциттӕ [урс чырӕгтӕ] ӕмӕ тромбоциттӕ уадзӕн кӕй нӕй». 2001 азы уагъд журнал «Тагъд ӕххуыс»-ы уыд статья «Туджы конд», зӕгъгӕ. Уым дзырдӕуыд: «Туг конд у цалдӕр хайӕ: плазмӕйӕ, эритроциттӕй, лейкоциттӕй ӕмӕ тромбоциттӕй» («Emergency Care»). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы хабӕрттӕ хорз кӕй зонынц, уый тыххӕй никуы сразы вӕййынц, цӕмӕй сӕ бауадзой туг, куыд ӕй сисынц, афтӕмӕй кӕнӕ йӕ цыппар сӕйраг хайы.

12. а) Туджы сӕйраг хӕйттӕй хицӕнгонд фракциты тыххӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый тыххӕй цы фыстӕуыд? ӕ) Ацы хъуыддаджы фӕдыл ма ӕрмӕг ссарӕн кӕм ис?

12 Уыцы статьяйы дарддӕр бакӕсӕн ис: «Ӕвдисӕнты дин бынтондӕр нӕу фракцитӕй хос кӕныны ныхмӕ, зӕгъӕм, альбумин, иммуноглобулинтӕ ӕмӕ гемофилийы хосты ныхмӕ; адонӕй йӕхи дзӕбӕх кӕндзӕн ӕви нӕ, уый Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ лыг кӕна». 1981 азӕй фӕстӕмӕ ма ахуыргӕндтӕ бирӕ фракцитӕ рахицӕн кодтой (туджы цыппар сӕйраг хайы сӕхӕдӕг цы лыстӕг хӕйттӕй конд сты, уыдон). 2000 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы «Кӕсджыты фарстыты» ацы хъуыддаджы фӕдыл уыд статья. Уым лӕмбынӕг ныхас цӕуы тугӕй хос кӕныны тыххӕй ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй. Фӕлӕ ацы статьяйы хъуыды, 1981 азы цы фыстой, уымӕй нӕ хицӕн кӕны.

Сӕрмагонд хъуыддаг

13, 14. а) Цы у намыс ӕмӕ туджы хъуыддагмӕ цы бар дары? ӕ) Дзидза хӕрыны тыххӕй Иегъовӕ израилӕгтӕн цавӕр фӕдзӕхст радта ӕмӕ уый фӕдыл адӕймагмӕ цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры?

13 Тугӕй хос кӕныны тыххӕй адӕймаджы бахъӕуы, йӕ мидхъӕлӕс ӕм цы дзуры, уымӕ хъусын. Цӕмӕн? Чырыстӕттӕ кӕд бӕлвырдӕй зонынц, Хуыцау туджы тыххӕй цы фӕдзӕхсы, уый, уӕддӕр сӕ цавӕрдӕр хъуыддаг бахъӕуы сӕ намыс, сӕ цӕсгомы бар бакӕнын. Намыс, кӕнӕ ӕфсарм, у нӕ мидӕг ӕвӕрд хъомыс, нӕ мидхъӕлӕс — уый фӕрцы у нӕ бон цавӕрдӕр фарсты (арӕхдӕр ӕгъдауыл баст) алцыдӕр сбарын ӕмӕ йӕ алыг кӕнын (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Куыд зонӕм, афтӕмӕй адӕм сты алыхуызон, ӕмӕ иуӕн йӕ цӕсгом цы хъӕцы, иннӕмӕн уый нӕ хъӕцы *. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕн «ӕдых [у сӕ] намыс», кӕнӕ сӕ цӕсгом. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ иннӕтӕн та сӕ намыс «ӕдых» нӕу (1 Коринфӕгтӕм 8:12). Чырыстӕттӕ Хуыцауы фӕндон ӕмхуызон тагъд нӕ бамбарынц, ӕмхуызон тагъд нӕ райдайынц йӕ зондыл цӕуын ӕмӕ ӕмхуызон тагъд нӕ сахуыр вӕййынц хъуыддаг лыггӕнгӕйӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ хынцын. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, дзуттӕгтӕ цавӕр дзидза хордтой, уымӕ.

14 Библи бӕлвырдӕй дзуры: Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕймаг йӕхи никуы фӕхъӕстӕ кодтаид, йӕ туг дзӕбӕх кӕмӕн нӕ рацыд, ахӕм дзидзайӕ. Ацы фӕдзӕхст афтӕ ахсджиаг уыд, ӕмӕ израилаг хӕстонтӕ фырӕххормагӕй, туг кӕм уыд, ахӕм фосы фыд кӕй бахордтой, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтой (Дыккаг закъон 12:15, 16; 1 Паддзахӕдты 14:31—35). Фӕлӕ уӕддӕр адӕймагмӕ сӕвзӕры фарстытӕ. Израилӕгтӕй-иу исчи фыс куы аргӕвста, уӕд-иу ын йӕ туг цас хъуамӕ фӕуагътаид? Йӕ хурх-иу ын ӕрбалыг кодта, цӕмӕй йӕ туг рацыдаид? Йӕ фӕстаг къӕхтӕй-иу ӕй ӕрцауыгъта? Ауыгъдӕй⁠-иу ӕй цас хъуамӕ фӕдардтаид? Стур куы уыдаид, уӕд та йын цы хъуамӕ кодтаид? Фӕлӕ фосӕн йӕ туг цасфӕнды ма уадз, уӕддӕр дзы баззайы. Ахӕм дзидза хӕрӕн ис? Уый чи аскъуыддзаг кӕндзӕн?

15. Дзуттытӕй иуӕй-иутӕ дзидзамӕ цы цӕстӕй кастысты, фӕлӕ Хуыцау цавӕр уагӕвӕрдтӕ радта?

15 Цӕвиттон, Хуыцауыл ӕнувыд дзуттаг лӕг хъуыды кӕны уыцы фарстытыл. Йӕхицӕн дзуры: цӕйнӕфӕлтау мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл худа, фӕлтау мӕ базары дзидза нӕ хъӕуы. Ӕндӕр дзуттаг лӕг никуы бахордтаид, йӕ зӕрдӕ кӕмӕ ӕхсайдтаид, ахӕм фыдызгъӕл: уӕд та ма мӕнг хуыцауы номыл хаст кусӕрттаг у. Иннӕ та, цалынмӕ дзидза цавӕрдӕр бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ нӕ ныхсадтаид, уӕдмӕ дзы комдзаг дӕр нӕ акодтаид * (Матфейы 23:23, 24). Иутӕ афтӕ кӕй кодтой, иннӕтӕ та ӕндӕрхуызон, уый дӕм куыд кӕсы? Стӕй, кӕд Хуыцау адӕмӕй ахӕм цыдӕртӕ нӕ домдта, уӕд сын хуыздӕр нӕ уыдаид, ӕмӕ сӕ фарстытӕ раввинты уынаффӕдонмӕ куы арвыстаиккой, цӕмӕй сын сӕ алы фарстӕн дӕр бӕлвырд амындтӕ радтаиккой? Ахӕм ӕгъдау сфидар ис иудаизмы. Фӕлӕ Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ туджы тыххӕй сӕ фарстытӕ афтӕ лыг кӕной — сӕ бӕсты ӕндӕр исчи хӕсса уынаффӕ. Хуыцау радта сӕйраг уагӕвӕрд сыгъдӕг цӕрӕгой ӕргӕвдыны ӕмӕ йын йӕ туг уадзыны тыххӕй,— ӕмӕ йӕм ӕндӕр ницы бафтыдта (Иоанны 8:32).

16. Чырыстӕттӕй иутӕ цӕмӕн сразы вӕййынц, цӕмӕй сын туджы цавӕрдӕр хайы чысыл фракцийӕ инъекци скӕной, иннӕтӕ та — цӕуылнӕ?

16 11 ӕмӕ 12 абзацты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никуы сразы вӕййынц, цӕмӕй сӕ бауадзой, туг куыд сисынц, афтӕмӕй кӕнӕ йӕ сӕйраг хӕйттӕ: плазмӕ, эритроциттӕ, лейкоциттӕ ӕмӕ тромбоциттӕ. Фӕлӕ туджы сӕйраг хӕйттӕй цы чысылдӕр хӕйттӕ — фракцитӕ — рахицӕн кӕнынц, уыдон та? зӕгъӕм, сывороткӕ? Сывороткӕйы ис, низимӕ чи тох кӕны ӕмӕ калмыхӕстӕн хорз чи у, ахӕм антибуартӕ. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ ахӕм чысыл фракцитӕ туг нал вӕййынц, ӕмӕ уыдонӕй хос кӕнын нӕ хауы амындмӕ — «уӕхи уромут... тугӕй» (Куыстытӕ 15:29; 21:25). Афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый сӕхи бар у. Кӕмӕндӕр йӕ цӕсгом бар нӕ дӕтты, адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойты тугӕй цы хостӕ аразынц, уыдонӕй (суанг туджы иу сӕйраг хайы чысыл фракцийӕ дӕр) хи дзӕбӕх кӕнын *. Чидӕр та сразы вӕййы, цӕмӕй йын цавӕрдӕр низы кӕнӕ калмыхӕсты тыххӕй плазмӕйы урсӕгтӕй инъекцитӕ скӕной,— фӕлӕ ӕндӕр чысыл фракцитыл не сразы вӕййы. Уымӕй уӕлдай ма, туджы сӕйраг хӕйттӕй искӕцы фракцийӕ арӕзт хостӕй иуӕй-иутӕ туджы сӕйраг хайӕн йӕхи хуызӕн кӕй ахадынц, уымӕ гӕсгӕ уыдонӕй хос кӕнын чырыстӕттӕй бирӕтӕм раст нӕ кӕсы.

17. а) Туджы фракцитӕй хос кӕныны фарстытӕ лыг кӕнынӕн нын нӕ намыс куыд баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Ацы фарстытӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕуылнӕ ис?

17 Ахӕм фарстытӕ лыг кӕнынӕн ахъаз у, Библи намыс, ӕфсармы тыххӕй цы дзуры, уый. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ, цы фыст дзы ис, уый зонай ӕмӕ йӕ дӕ намыс, де ’фсармӕн цырагъдар скӕнай. Афтӕмӕй дӕ бон уыдзӕн алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ хынцын ӕмӕ дӕ нӕ хъӕудзӕн искӕмӕ цӕуын, цӕмӕй йӕ дӕ бӕсты алыг кӕна (Псалом 24:4, 5). Туджы фракциты тыххӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц: «Уый кӕд алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у, уӕд ма йыл дзурын та цӕмӕн хъӕуы?» Ахӕм хъуыды раст нӕу. Ныхас кӕд сӕрмагонд хъуыддагыл фӕцӕуы, уӕддӕр ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Уымӕн ӕмӕ мах цы уынаффӕ рахӕссӕм, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕты фӕкъуылымпы кӕна. Бамбарӕн ӕй ис, Павел, базары цы фыдызгъӕл уӕй кодтой (бӕрӕг-иу нӕ уыд, гуымирытӕн нывондӕн хаст фосы фыд у, ӕви нӕ), уый тыххӕй цы дзуры, уымӕй. Чырыстон хъуамӕ кӕса, цӕмӕй искӕй «ӕдых намыс [ма] фӕцӕф кӕна», ма йӕ фӕкъуылымпы кӕна. Уымӕн ӕмӕ уӕд «сафы ӕнӕхъару ӕфсымӕры, кӕцыйы тыххӕй амард Чырысти», ӕмӕ тӕригъӕд аразы Чырыстийы ныхмӕ. Уӕдӕ, кӕд туджы чысыл фракцийӕ хос кӕнын сӕрмагонд хъуыддаг у, уӕддӕр ӕм адӕймаг хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕса (1 Коринфӕгтӕм 8:8, 11—13; 10:25—31).

18. Чырыстон туджы тыххӕй цы фарст лыг кӕны, уый йӕ цӕсгомы бар цӕмӕн хъуамӕ бакӕна?

18 Туджы тыххӕй ма исты фарст лыггӕнгӕйӕ хъӕуы ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг хынцын: цы уынаффӕ рахӕссай, уый дӕхиуыл та куыд фӕзындзӕн? Хуыцауы раз дын кӕд дӕ цӕсгом туджы чысыл фракцитӕй хос кӕныны бар нӕ дӕтты, фӕлӕ дын уӕддӕр исчи дзуры, зӕгъгӕ дзы ахӕмӕй ницы ис, иу ӕмӕ дзы дыууӕ не ’схос кодтой,— ма сӕм хъус. Рох дӕ ма уӕд: бирӕтӕ, сӕ цӕсгом цы нӕ хъӕцыд, уыдӕттӕ кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын бӕзджын цъар сӕвӕрдта, се ’фсарм бахордтой. Чырыстӕттӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуы дӕр нӕ фӕнды уыдоны фӕндагыл ацӕуын (2 Паддзахӕдты 24:10; 1 Тимофеймӕ 4:1, 2).

19. Тугӕй хос кӕныны фарстатӕ лыггӕнгӕйӕ фыццаджы-фыццаг нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 2000 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 30, 31 фӕрстыл журналкӕсджыты фарстӕн цы дзуапп ис, уым кӕронбӕттӕны кӕсӕм: «Ацы хъуыддаджы фӕдыл алкӕмӕдӕр йӕхи хъуыды кӕй ис, алчидӕр ӕй йӕхӕдӕг кӕй лыг кӕны, уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг нӕу? Нӕ. Тынг ахсджиаг хъуыддаг у». Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ дӕ уый «ӕгас Хуыцаумӕ» йе ’ввахс кӕны, йе — дард. Ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс куы уай, уӕд Йесойы туджы руаджы ӕнусон цард райсдзынӕ. Дӕхи ахуыр кӕн тугӕн аргъ кӕнын, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уый руаджы ирвӕзын кӕны адӕмы. Павел уый тыххӕй хорз ныффыста: «Нӕ уӕм уыд ӕнхъӕлцаудзинад [ныфс] ӕмӕ уыдыстут ӕнӕхуыцӕуттӕ дунейы мидӕг; ныр та Йесо Чырыстийы мидӕг сымах, кӕддӕр дард чи уыд, систут хӕстӕг Чырыстийы Тугӕй» (Ефесӕгтӕм 2:12, 13).

[Фмппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ис уырыссагау.

^ 13 абз. Иуафон Павел йе ’муырнджытӕй цыппаримӕ бацыд кувӕндонмӕ, цӕмӕй дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтаиккой. Ӕмӕ кӕд уӕдмӕ Закъон йӕ тыхы нал уыд, уӕддӕр Павел, Иерусалимы йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд дзырдтой, афтӕ бакодта (Куыстытӕ 21:23—25). Чырыстӕттӕй ӕндӕр исчи та, чи зоны, загътаид, уыцы ӕгъдау бакӕнын нӕ, фӕлӕ кувӕндонмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ бацӕудзынӕн. Афтӕ абон дӕр: уыцы иу хъуыддагмӕ алчи алыхуызон цӕстӕй кӕсы.

^ 15 абз. Дзидзайӕ «кошер» скӕныны тыххӕй «Иудейаг энциклопеди»-йы ис «вазыгджын ӕмӕ лӕмбынӕг фӕтктӕ». Зӕгъӕм, дзидза доны цал минуты хъуамӕ фӕлӕууа; цы туг ма дзы баззад, уымӕй йӕ куыд ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы; цавӕр цӕххӕй йӕ хъӕуы сӕрдын; цал хатты йӕ хъӕуы уазал доны ӕхсын.

^ 16 абз. Фӕстаг рӕстӕг инъекцитӕ цы хостӕй фӕкӕнынц, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕр кӕнӕ сӕ иу ахадгӕ хай вӕййы тугӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕр — хуыйны рекомбинантон продукт. Фӕлӕ йӕм хатт гыццыл бафтауынц туджы фракци, дзырдӕн, альбумин. (Кӕс 1994 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы «Кӕсджыты фарстытӕ», уыр.)

Хъуыды ма кӕныс?

• Хуыцау туджы тыххӕй Ной, израилӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕн цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта?

• Туджы тыххӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бынтондӕр разы цӕуыл не сты?

• Чысыл фракцитӕй хос кӕнын алкӕмӕн йӕхи хъуыддаг цӕмӕн у, фӕлӕ уый цӕуыл нӕу дзурӕг?

• Тугӕй хос кӕныны тыххӕй исты фарст лыггӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл «ӕгас Хуыцауы» цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Схемӕ 16 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ЧЫРЫСТӔТТӔ ӔМӔ ТУГ

ТУГ ЙӔХӔДӔГ

НЕ ’МБӔЛЫ

Эритроциттӕ

Лейкоциттӕ

Тромбоциттӕ

Плазмӕ

СӔРМАГОНД ХЪУЫДДАГ

Фракцитӕ эритроциттӕй

Фракцитӕ лейкоциттӕй

Фракцитӕ тромбоциттӕй

Фракцитӕ плазмӕйӕ

[Ныв 14 фарсыл]

Разамонӕг совет ӕрцыд хатдзӕгмӕ: чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи «уромой тугӕй».

[Ныв 17 фарсыл]

Туджы фракцийӕ хос кӕныны тыххӕй дӕм дӕ мидхъӕлӕс цы дзура, уымӕ хъус.