Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн

Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн

Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн

«Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (ӔМБИСӔНДТӔ 22:4).

1, 2. а) Стефан уырнындзинад ӕмӕ сыгъдӕг удӕй ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уый Куыстыты чиныг куыд ӕвдисы? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Стефан сӕрныллӕг адӕймаг уыд?

СТЕФАН уыд уырнындзинад ӕмӕ сыгъдӕг удӕй, хъару ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй ӕххӕст адӕймаг. Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ стыр диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ ӕвдыста адӕмы ’хсӕн. Иухатт чидӕртӕ йемӕ фӕбыцӕу сты, «фӕлӕ сӕ бон нӕ уыд ныхмӕ лӕууын зонд ӕмӕ Удмӕ, Кӕцыйӕ уый дзырдта» (Куыстытӕ 6:5, 8—10). Стефан Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕста, ӕмӕ дзы цы фыст уыд, ууыл фидарӕй дзырдта йе ’мдуг иудейаг дины разамонджыты раз. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Куыстыты 7 сӕры, ӕмӕ дзурӕг сты, тынг ӕй кӕй фӕндыд, Хуыцау йӕ фӕндон куыд ӕргом кӕны, уый зонын.

2 Йӕ бирӕ зонындзинӕдтӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты чи хаста ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмыл уӕлӕхох чи кодта, уыцы дины разамонджытӕй хъауджыдӕр Стефан уыд сӕрныллӕг (Матфейы 23:2—7; Иоанны 7:49). Цӕмӕй апостолтӕ «куывды ӕмӕ ныхасы куыст» кодтаиккой, уый тыххӕй Стефан зӕрдиагӕй сразы «фынгты кой бакӕнын» (НФ), кӕд йӕхӕдӕг дӕр Фыстад тынг хорз зыдта, уӕддӕр. Стефан ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ ӕхсӕз ӕндӕр ӕфсымӕримӕ равзӕрстой ӕрвылбон хӕринаг уарынӕн. Ӕмӕ уый ӕнӕуӕлдай ныхасӕй сразы (Куыстытӕ 6:1—6).

3. Стефан йӕхиуыл куыд банкъардта Хуыцауы стыр хорзӕх?

3 Стефан канд сӕрныллӕг нӕ уыди, фӕлӕ ма иузӕрдион дӕр, фидар уырнындзинады хицау, ӕмӕ уыдӕттӕ Иегъовӕйӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты. Ӕнӕуынон цӕстӕй йӕм чи каст, уыцы дзуттаг разамонджыты тӕрхондоны — Синедрионы — раз Стефан ӕвдисӕн куы лӕууыд, уӕд йе знӕгтӕ федтой, йӕ цӕсгом кӕй уыди «куыд Зӕды цӕсгом» (Куыстытӕ 6:15). Йӕ цӕсгом уыд Хуыцауы минӕвары цӕсгомы хуызӕн сабыр, зынди йыл кадджын Хуыцау Иегъовӕйы фарн. Стефан Синедрионы кусджыты раз куы ’рлӕууыд ӕмӕ сын йӕ уырнындзинады тыххӕй уӕндонӕй куы радзырдта, уый фӕстӕ йӕхиуыл банкъардта Хуыцауы стыр хорзӕх: «Сыгъдӕг Удӕй ӕххӕст уӕвгӕйӕ, скаст уӕларвмӕ ӕмӕ федта Хуыцауы кад, ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахизварс лӕугӕйӕ» (Куыстытӕ 7:55). Ацы ӕвӕджиауы цӕстылуайӕнӕй Стефан ноджы хуыздӕр бамбӕрста, Йесо Хуыцауы Фырт ӕмӕ Мессиа кӕй у. Уымӕй ма Иегъовӕ бафидар кодта ацы сӕрныллӕг адӕймаджы ӕмӕ йын равдыста, йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг кӕй у.

4. Кӕмӕн ӕргом кӕны Иегъовӕ йӕ кад?

4 Стефан цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ йӕ кад ӕмӕ йӕ фӕндтӕ кӕй ӕргом кӕны, аргъуыц дзы чи кӕны, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй чи тӕрсы, уыдонӕн. «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард»,— дзырдӕуы Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 22:4). Уӕдӕ мах хъӕуы, сӕрныллӕгдзинад ӕцӕгӕй цы у, нӕ бон ӕй куыд у нӕ удыхъӕды фидар кӕнын ӕмӕ йӕ нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр куы ’вдисӕм, уӕд нын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый ӕмбарын.

Сӕрныллӕгдзинад — Хуыцауы миниуӕг

5, 6. а) Цы у сӕрныллӕгдзинад? ӕ) Иегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдисы? б) Куыд ныл хъуамӕ ӕндава Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад?

5 Чи зоны кӕмӕдӕр диссаг дӕр фӕкӕса, Иегъовӕ, Дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр удгоймаг, сӕрныллӕг Хуыцау кӕй у. Паддзах Давид Иегъовӕйӕн загъта: «Ды раттай мӕнӕн Дӕ ирвӕзындзинады уарт, ӕмӕ Дӕ рахиз къух хӕцы мӕныл, ӕмӕ Дӕ хорзӕх [«сӕрныллӕгдзинад», НД] бӕрзонд кӕны мӕн» (Псалом 17:36). Иегъовӕйы сӕрныллӕг схонгӕйӕ, Давид спайда кодта дзуттаг мивдисӕг «ӕргуыбыр кӕнын»-ӕй арӕзт дзырдӕй. Уыцы дзырдмӕ ма хӕстӕг дзырдтӕ сты «сабыр», «фӕлмас» ӕмӕ «сӕрӕй акувын». Иегъовӕ равдыста сӕрныллӕгдзинад, йӕхи ӕнӕххӕст адӕймаг Давидмӕ куы ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йӕ паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд. 17 псаломы фыццаг стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕ Давидӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта — «баиргъӕвта йӕ ӕппӕт знӕгты къухтӕй ӕмӕ Саулы къухӕй». Давид ӕмбӕрста, паддзах уӕвгӕйӕ йын цы кад уыд, уый — ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинады фӕрцы. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр сӕрныллӕг уыдаид.

6 Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Иегъовӕйы бафӕндыд махӕн ӕцӕгад бацамонын. Чи зоны нын йӕ организацийы нӕ бӕрны цавӕрдӕр стыр хъуыддӕгтӕ бакодта, кӕнӕ та йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн бӕлвырд уавӕрты мах уылты архайдта. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм уыдӕттӕм? Хъуамӕ сӕрныллӕг ма уӕм? Иегъовӕ афтӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕй хъуамӕ бузныг ма уӕм ӕмӕ адӕймаджы сафӕг сӕрбӕрзонд хъуыдытӕй нӕхи хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр ма хизӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 16:18; 29:23).

7, 8. а) Иегъовӕ Манассимӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй йӕ сӕрныллӕгдзинад куыд рабӕрӕг? ӕ) Иегъовӕ ӕмӕ Манасси дӕр сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй фӕзминаг цӕмӕй сты?

7 Фӕлӕ Иегъовӕ сӕрныллӕг канд уымӕй нӕу, ӕмӕ йӕхи ӕнӕххӕст адӕмыл бӕтты. Йӕ диссаджы сӕрныллӕгдзинад ма бӕрӕг у, алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы сӕрныллӕг адӕмӕн ныххатыр кӕнынмӕ, йӕхи чи ӕрныллӕг кӕны, уыдоны сисын ӕмӕ сӕ сбӕрзонд кӕнынмӕ (Псалом 112:4—7). Цӕвиттон, ӕркӕсӕм Иудӕйы паддзах Манассийы хабармӕ. Йӕхи цы фӕндыд, уый арӕзта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕнг дин апарахат. «Иегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ кодта, ӕмӕ йын уымӕй маст кодта» (2 Паралипоменон 33:6). Фӕстагмӕ йӕ Иегъовӕ бафхӕрдта: Ассирийы паддзахы къухӕй йӕ йӕ бынатӕй раппӕрста. Уацары Манасси «лӕгъстӕ кодта йӕ Хуыцау Иегъовӕйы цӕсгомы раз ӕмӕ йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта йӕ разы». Уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ раздӕхта ӕмӕ Манасси «базыдта, Иегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у» (2 Паралипоменон 33:11—13). Манассийы сӕрныллӕгдзинад фенгӕйӕ, Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс ӕмӕ йӕм уый дӕр йӕхи сӕрныллӕгӕй равдыста: ныххатыр ын кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ паддзахӕй сӕвӕрдта.

8 Манасси кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын Иегъовӕ кӕй ныххатыр кодта, уый махӕн у сӕрныллӕгдзинады цӕвиттон — зондзонӕн. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕхи цыхуызӕнӕй равдисӕм кӕнӕ нӕхӕдӕг куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕм нӕ зӕрдӕ цы фӕдзуры, уымӕй аразгӕ у, Иегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсдзӕн. Кӕд мах цӕттӕ стӕм иннӕты рӕдыдтытӕ хатыр кӕнынмӕ ӕмӕ нӕхи рӕдыдтытыл сӕрныллӕгӕй сӕттӕм, уӕд нын Иегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн (Матфейы 5:23, 24; 6:12).

Хуыцауы кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн

9. Сӕрныллӕгдзинад лӕмӕгъдзинады нысан у? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ лӕмӕгъ удыхъӕды нысан не сты. Стӕй афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг ӕвзӕр митӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Сыгъдӕг Фыстад ӕвдисы, Иегъовӕ сӕрныллӕг Хуыцау кӕй у, фӕлӕ рӕстдзинад куы фӕдомы, уӕд мӕсты дӕр свӕййы ӕмӕ йӕ ӕгӕрон тыхӕй дӕр архайын райдайы. Кӕд Иегъовӕ сӕрбӕрзӕндтӕй йӕхи дард кӕны, уӕд хуымӕтӕг адӕммӕ та йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй йе ’ргом здахы (Псалом 137:6). Фӕлӕ йе ’ргом йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕм куыд раздахы?

10. 1 Коринфӕгтӕм 2:6—10 гӕсгӕ Иегъовӕ сӕрныллӕг адӕмӕн цы ӕргом кӕны?

10 Йӕ рӕстӕгыл Иегъовӕ йӕ минӕвӕртты уылты сӕрныллӕг адӕмӕн йӕ фӕнд бӕстондӕр раргом кӕны — лыстӕг фӕзилӕнты онг. Фӕлӕ, сӕрбӕрзонд чи у ӕмӕ дунейы зондыл чи цӕуы, уыдонӕй та ӕмбӕхстӕй баззайынц (1 Коринфӕгтӕм 2:6—10). Сӕрныллӕг адӕм та, Иегъовӕйы фӕнд хуыздӕр базонгӕйӕ, ноджы тынгдӕр аргъуыц кӕнынц Иегъовӕйы кадӕй ӕмӕ йӕ бӕрзонд кӕнынц.

11. Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ сӕрныллӕг цавӕр хъуыддаджы нӕ разындысты ӕмӕ сын цы зиан ӕрхаста?

11 Фыццаг ӕнусы бирӕтӕ, уыимӕ йӕхи чырыстоныл чи нымадта, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ, сӕрныллӕг нӕ разындысты ӕмӕ апостол Павел Хуыцауы фӕндты тыххӕй цы ӕргом кодта, уый сын цӕлхдур сси. Павел «муртатты Апостол» уый тыххӕй не сси, дзуттаг кӕй уыд, ахуыр ӕм кӕй уыд, йӕ лӕджы кары кӕй уыд кӕнӕ дзы адӕм бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй зыдтой (Ромӕгтӕм 11:13). «Буарон» адӕймаджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иегъовӕ кӕй уылты архайдзӕн, уый ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уыдӕттӕм кӕсид (1 Коринфӕгтӕм 1:26—29; 3:1; Колоссӕгтӕм 2:18). Фӕлӕ Иегъовӕ Павелы йе ’нувыд уарзт ӕмӕ рӕстаг фӕндӕй равзӕрста (1 Коринфӕгтӕм 15:8—10). Павел «уӕлдӕр „апостолтӕ“» кӕй рахуыдта, уыдон ӕмӕ йӕ иннӕ ныхмӕдзӕуджытӕ йын нӕ разы кодтой нӕдӕр йӕ ныхӕстыл, нӕдӕр, Фыстадӕй цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдоныл. Иегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый, сӕрныллӕг кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ йӕ бамбарын уӕвгӕ нӕдӕр фӕндыд. Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй равзары, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ сыл уӕлӕхох ма кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 11:4—6).

12. Иегъовӕ сӕрныллӕг адӕймӕгты кӕй хорзӕхджын кӕны, уый Моисейы цардӕй куыд зыны?

12 Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, сӕрныллӕг адӕм Хуыцауы кад куыд федтой, уымӕн. Уыдонӕй иу у Моисей — «ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг» ӕмӕ Хуыцауы хӕлар (Нымӕцтӕ 12:3). Ацы сӕрныллӕг адӕймаг 40 азы дӕргъы фӕцыд фыййау. Уыцы азтӕн сӕ фылдӕр арвыста Аравийы ӕрдӕгсакъадахыл, ӕмӕ йӕ Сфӕлдисӕг бирӕ цӕмӕйдӕрты схорзӕхджын кодта (Рацыд 6:12, 30). Иегъовӕйы ӕххуысӕй Моисей сси Израилы разамонӕг ӕмӕ йӕ минӕвар. Уый ныхас кодта Хуыцауимӕ. Цӕстылуайӕны федта «Иегъовӕйы фӕлгонц» (Нымӕцтӕ 12:7, 8; Рацыд 24:10, 11). Ацы сӕрныллӕг лӕггадгӕнӕг ӕмӕ минӕвары чи нымадта, уыдон Хуыцауӕй арфӕгонд уыдысты. Мах дӕр арфӕгонд уыдзыстӕм, куы нымайӕм ӕмӕ коммӕгӕс куы уӕм Моисейӕ стырдӕр пехуымпарӕн, Йесойӕн, ӕмӕ йе ’вӕрд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» (Матфейы 24:45, 46; Куыстытӕ 3:22).

13. Фыццаг ӕнусы Иегъовӕ йӕ кад сӕрныллӕг фыййӕуттӕн куыд раргом кодта?

13 Чи уыдысты, «Хицауы кад [кӕй] ныррухс кодта» ӕмӕ зӕд хорз хабар кӕмӕн фехъусын кодта, «Ирвӕзынгӕнӕг... Хицау Чырысти» райгуырд, зӕгъгӕ, уыдон? Сӕрбӕрзонд дины разамонджытӕ кӕнӕ стыр бынаты кусӕг адӕм? Нӕ. Уыдон уыдысты хуымӕтӕг, сӕрныллӕг «фыййӕуттӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой ӕхсӕвы сӕ дзуджы» (Лукайы 2:8—11). Уыцы адӕммӕ нӕдӕр уӕлдӕр ахуыр уыд, нӕдӕр кадджын куыст кодтой. Фӕлӕ Иегъовӕ уыдонмӕ аздӕхта йе ’ргом, ӕмӕ фыццаг уыдонӕн фӕхабар кодта Мессиайы райгуырд. О, Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг чи у ӕмӕ дзы чи тӕрсы, уыдонӕн.

14. Цы ӕргом кӕны Хуыцау сӕрныллӕг адӕмӕн?

14 Ацы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын сты сӕрныллӕг адӕм ӕмӕ сын йӕ фӕнд ӕмбарын кӕны. Йӕ ӕвӕджиауы фӕнд фехъусын кӕнынӕн равзары, дунейы цӕсты нымад чи нӕу, ахӕмты. Уӕдӕ нын уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр разамынд агурӕм Иегъовӕйӕ, йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы. Иегъовӕ йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕй ницы бамбӕхсдзӕн — йӕ ӕвӕджиауы фӕнд дарддӕр дӕр куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый сын ӕргом дзурдзӕн. Пехуымпар Амос дзырдта: «Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕна, уӕдмӕ» (Амос 3:7).

Сӕрныллӕгдзинадыл кусӕм ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын уӕм

15. Сӕрныллӕгдзинадыл удуӕлдайӕ цӕмӕн хъуамӕ кусӕм ӕмӕ уый Израилы паддзах Саулы хабарӕй куыд зыны?

15 Цӕмӕй ӕдзухдӕр Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм. Абон сӕрныллӕг чи у, уый алкӕддӕр сӕрныллӕг уыдзӕн, уый зӕгъӕн нӕй. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ сӕрныллӕг чи уыд, уый схъал ис, ссӕрбӕрзонд ӕмӕ уый тыххӕй йӕхиуыл фервӕссыд ӕмӕ сӕфтмӕ ӕрцыд. Саулыл, Израилы фыццаг сӕрст паддзахыл, ӕрцыд растдӕр ахӕм хабар. Хуыцау ӕй паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд «йӕхи цӕсты [дӕр] уыд гыццыл» (1 Паддзахӕдты 15:17). Фӕлӕ дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ ссӕрбӕрзонд и. Хивӕндӕй, Иегъовӕйы ӕвӕрд фӕтк фехалгӕйӕ, Самуилы бӕсты нывонд ӕрхаста ӕмӕ ма йӕхи рӕстытӕ дӕр кодта (1 Паддзахӕдты 13:1, 8—14). Ацы хабарӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ’рцыд, уыдонӕй дӕр бӕрӕг уыд, сӕрныллӕг кӕй нал уыд. Куыдфӕстагмӕ йӕм Хуыцау фӕфыдӕх, сыгъдӕг уд ыл нал уыд ӕмӕ ӕгады мард акодта (1 Паддзахӕдты 15:3—19, 26; 28:6; 31:4). Йӕ цард махӕн у зондзонӕн: хъуамӕ удуӕлдайӕ кусӕм сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ коммӕ кӕсыныл, стӕй сӕрбӕрзонддзинадмӕ чи кӕны, ахӕм хъуыдытӕ уӕлӕмӕ скӕсын ма уадзӕм. Афтӕмӕй нӕхи бахиздзыстӕм, Хуыцау нӕм кӕй тыххӕй фӕфыдӕх уа, ахӕм хъуыддӕгтӕй.

16. Иегъовӕ ӕмӕ нӕ адӕмимӕ цы иу кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды ныффидар кӕнынӕн?

16 Кӕд сӕрныллӕгдзинад сыгъдӕг уды дыргъӕй нӕу, уӕддӕр Хуыцауы миниуӕг у, ӕмӕ йыл хъуамӕ кусӕм (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Колоссӕгтӕм 3:10, 12). Сӕрныллӕгдзинад нӕ зондахастыл — нӕхимӕ ӕмӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл баст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ удыхъӕды ныффидар кӕнынӕн хъӕуы хиуыл кусын. Иегъовӕ ӕмӕ дӕ адӕмимӕ цы иу кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый дӕр ахъаз уыдзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уай. Хуыцауы раз алы буар дӕр у кӕрдӕджы хуызӕн — дыууӕ бонмӕ чи баруайы ӕмӕ чи бахус вӕййы. Адӕм быдырон цъырцъырӕгтӕй хъауджыдӕр не сты (Исай 40:6, 7, 22). Куыд хъуамӕ бӕрзонддӕр кӕна йӕхи иу кӕрдӕджы хал, иннӕтӕй зына-нӕзына уӕлдӕр дӕн, зӕгъгӕ? Кӕнӕ цъырцъыраг, йӕ бон иннӕтӕй гыццыл дарддӕр агӕпп кӕнын кӕй у, уымӕй куыд хъуамӕ раппӕла? Уый худӕг дӕр куыннӕ у? Апостол Павел дӕр йе ’мчырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Чи иртасы дӕу? Цы дӕм ис, цы нӕ райстай ахӕмӕй? Ӕмӕ кӕд райстай, цӕуыл ӕппӕлыс, цыма нӕ райстай?» (1 Коринфӕгтӕм 4:7). Библийы ахӕм стихтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн ӕмӕ йӕ царды ӕвдисынӕн.

17. Цы ӕххуыс кодта Данелӕн сӕрныллӕгдзинад йӕ удыхъӕды ныффидар кӕнынӕн ӕмӕ махӕн дӕр цы ӕххуыс кӕндзӕн?

17 Дзуттаг пехуымпар Данелы Фыстад хоны Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын лӕг», уымӕн ӕмӕ уый «ӕрныллӕг кодта» (НД) йӕхи, ома сӕрныллӕг уыд (Данелы 10:11, 12). Уыцы миниуӕг Данелӕн йӕ удыхъӕды ныффидар кӕнынӕн цы баххуыс кодта? Фыццаджыдӕр, уый йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта Иегъовӕйыл, кувын ӕм никуы рох кодта (Данелы 6:10, 11). Уымӕй дарддӕр ма, Данел зӕрдиагӕй ӕмӕ биноныг ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ йын уый ӕххуыс кодта Хуыцауы ӕвӕджиауы фӕнд алкӕддӕр йӕ зӕрдыл дарынӕн. Стӕй уый канд йӕ адӕмы рӕдыдтытӕ нӕ уыдта, фӕлӕ ма йӕхи рӕдыдтытӕ дӕр. Йӕ мӕт йӕхи рӕстдзинадыл нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауы рӕстдзинадыл (Данелы 9:2, 5, 7). Хорз нӕ уаид Данелы диссаджы дӕнцӕг бафӕзмын — сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды куыд ныффидар уа ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕвдисӕм, ууыл архайын?

18. Цавӕр кад ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕрныллӕг адӕммӕ?

18 «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард»,— дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 22:4. О, Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын сты сӕрныллӕг адӕм, ӕмӕ сӕ хорзӕхджын кӕны кад ӕмӕ цардӕй. Псаломзарӕггӕнӕг Асаф гыццыл ма бахъӕуа Хуыцауы фӕндагӕй фӕцудыдтаид. Фӕлӕ йын Иегъовӕ йӕ зондахаст бараст кодта. Уый фӕстӕ Асаф сӕрныллӕгӕй загъта: «Ды къухдариуӕг кӕныс мӕныл Дӕ уынаффӕйӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ райсдзынӕ мӕн кадмӕ» (Псалом 72:24). Абон та? Цавӕр кад ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕрныллӕг адӕммӕ? Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын кӕй сты, йемӕ хӕларӕй кӕй цӕрынц, уыцы хорзӕхӕй дарддӕр ма цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, паддзах Давид Хуыцауы фӕндӕй цы рӕстӕджы кой кодта, уымӕ: «Сабыртӕ [«сӕрныллӕг адӕм», НД]... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй». Ӕцӕгдӕр, диссаджы кад! (Псалом 36:11)

Бахъуыды кодтай?

• Иегъовӕ йӕ кад кӕмӕн ӕргом кӕны, уый Стефаны хабарӕй куыд зыны?

• Иегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?

• Иегъовӕ йӕ кад сӕрныллӕг адӕмӕн кӕй ӕргом кӕ­ны, уый цавӕр цаутӕ ӕвдисынц?

• Данелы цард нын сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды ныффидар кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 22 фарсыл]

Фӕндфидар, фӕлӕ сӕрныллӕг

1919 азы Сидар-Пойнты (Америкӕйы, штат Огайо) уыд конгресс Библииртасджытӕн (абон сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ). 50-аздзыд Д. Ф. Рутерфорд, уӕд ӕппӕт дунейы уацамындӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уый, зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта конгрессдзаутӕн, сӕ дзаумӕттӕ сын хаста ӕмӕ сӕ сӕ цӕрӕнуӕттӕм кодта. Конгрессы фӕстаг бон та, цы 7 000 адӕймаджы дзы уыд, уыдоны зӕрдӕтӕ ссыгъта ахӕм ныхӕстӕй: «Сымах стут паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицауы минӕвӕрттӕ... нӕ Хицауы кадджын Паддзахады... хъусынгӕнджытӕ». Кӕд ӕфсымӕр Рутерфорд фӕндфидар адӕймаг уыд, ӕцӕгады сӕрыл фидарӕй дзырдта, уӕддӕр уыд тынг сӕрныллӕг. Уый бӕрӕг уыд, райсомӕй-иу Вефилы куыд куывта, уымӕй дӕр.

[Ныв 19 фарсыл]

Стефан Фыстад тынг хорз зыдта, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй дзул уӕрста.

[Ныв 20 фарсыл]

Манассийы сӕрныллӕгдзинадӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс.

[Ныв 22 фарсыл]

Данел Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын лӕг» куыд сси?