Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн

Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн

Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн

«Фехъусын кӕндзынӕн уынаффӕ: Хицау загъта Мӕнӕн: Ды Мӕ Фырт... Кур Мӕнӕй, ӕмӕ ратдзынӕн адӕмты Дӕуӕн бынӕн» (ПСАЛОМ 2:7, 8).

1. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц Хуыцауы фӕндтӕ адӕмы фӕндтӕй?

ИЕГЪОВӔ Хуыцаумӕ адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй стыр фӕндтӕ ис. Стыр фӕндтӕ ис адӕмтӕм дӕр. Фӕлӕ Иегъовӕйы ӕмӕ хицӕутты фӕндтӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ уый махмӕ диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Арв зӕххӕй куыд дард у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр бӕрзонддӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ уӕ хъуыдытӕй». Йӕ ныхас кӕй нӕ сайы, уый тыххӕй дарддӕр дзуры: «Къӕвда ӕмӕ мит куыд ӕруарынц ӕмӕ фӕстӕмӕ арвмӕ куыд нӕ аздӕхынц, цалынмӕ зӕхх донӕй нӕ бафсада ӕмӕ дзы тавс бауадза ӕмӕ мыггаг сӕвзӕрын кӕна, цӕмӕй таугӕ чи кӕны, уымӕн тауинаг уа, хӕргӕ чи кӕны, уымӕн та — хойраг. Раст афтӕ, мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый дӕр мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ ӕнӕмӕнг сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:9—11).

2, 3. Дыккаг псаломы цы ис фыст ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

2 Хуыцаумӕ Паддзах-Мессиайы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл ныхас цӕуы дыккаг псаломы. Ам рагон Израилы паддзах Давид Хуыцауы фӕндӕй фыста, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕмтӕ тыхст змӕст кӕндзысты. Сӕ хицӕуттӕ сыстдзысты Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Сӕрсты ныхмӕ. Фӕлӕ ма псаломзарӕггӕнӕг зары: «Фехъусын кӕндзынӕн [Иегъовӕйы] уынаффӕ: Хицау загъта Мӕнӕн: Ды [дӕ] Мӕ Фырт... Кур Мӕнӕй, ӕмӕ ратдзынӕн адӕмты Дӕуӕн бынӕн ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕ Дӕуӕн бар дарынӕн» (Псалом 2:7, 8).

3 Иегъовӕйы «уынаффӕмӕ» гӕсгӕ адӕмты цы баййафдзӕн? Дунейы та? Цӕуыл дзурӕг у, дыккаг псалом йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕн та?

Адӕмтӕ тыхст змӕст кӕнынц

4. Псалом 2:1, 2 стихты сӕйраг хъуыды цы у?

4 Псаломзарӕггӕнӕг йӕ зарӕг райдайы, адӕмтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ цы митӕ кӕнынц, уый койӕ: «Цӕмӕн тыхст змӕст кӕнынц адӕмтӕ, ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц? Зӕххы паддзӕхтӕ сыстынц, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ иумӕ уынаффӕ кӕнынц Хицауы ныхмӕ ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ» (Псалом 2:1, 2) *.

5, 6. «Адӕмыхӕттытӕ» цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд» кӕнынц?

5 Абон та «адӕмыхӕттытӕ» цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц»? Уыдон Хуыцауы Байсӕрсты — Мессиайы, ома Чырыстийы — бӕрны сӕхи нӕ кӕнынц, фӕлӕ хъуыды кӕнынц, сӕ бартӕ сын куыд ничи байса, ууыл. Псаломы 2:1, 2 ныхӕстӕ ма сӕххӕст сты фыццаг ӕнусы дӕр, дзуттаг ӕмӕ ромаг хицӕуттӕ, ӕмдзырд бакӕнгӕйӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзахы, Йесо Чырыстийы, марынвӕнд куы скодтой, уӕд. Сӕйраджыдӕр та ӕххӕст кӕнын райдыдтой 1914 азы, Хуыцау Йесойы уӕлӕрвты Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нырма иу зӕххон хицауад дӕр нӕ басаст уӕларвон Паддзахӕн.

6 Цы нысан кӕны псаломзарӕггӕнӕджы фарст: «Адӕмыхӕттытӕ дзӕгъӕл фӕнд [цӕмӕн] кӕнынц?» Уый ӕмӕ сӕ фӕндтӕ сты дзӕгъӕлы, ницы сын дзы рауайдзӕн. Уыдон а-зӕххыл сабырдзинад никуы ӕрӕвӕрдзысты, адӕмы кӕрӕдзиимӕ никуы бафидауын кӕндзысты. Уый нӕ, фӕлӕ ма цы аразынц — у Стыр Хуыцауы ныхмӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын йӕхи ӕмӕ йӕ Сӕрсты ныхмӕ уынаффӕ кӕнынц. Уымӕй ӕнӕзонддӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа!

Иегъовӕйы кадджын Паддзах

7. Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджыты куывдӕй куыд зыны, афтӕмӕй Псалом 2:1, 2 стихтӕ кӕмӕ хауынц?

7 Рагон чырыстӕттӕ зыдтой, Псалом 2:1, 2 ныхӕстӕ Йесомӕ кӕй хауынц. Сӕ дины тыххӕй сӕ фӕдыл куы зылдысты, уӕд куывтой: «Хицау Хуыцау [Иегъовӕ], арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ денджызтӕ ӕмӕ ӕппӕт уыдоны цы ис, уыдон Скӕнӕг! Ды нӕ фыд, Дӕ цагъар Давиды хъӕлӕсӕй загътай Сыгъдӕг Удӕй: „цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕм сфӕнд кодтой ӕнӕпайда хъуыддаг? Сыстадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хицауыл ӕмӕ Йӕ Чырыстийыл“. Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрӕмбырд сты ацы сахары Дӕ Сыгъдӕг Фырт Йесойыл, Дӕуӕй сӕрстыл, Ирод [Антипӕ] ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилаг адӕмимӕ» (Куыстытӕ 4:24—27; Лукайы 23:1—12) *. Хъуыддаг раст афтӕ уыд: фыццаг ӕнусы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ фыдвӕнд скодтой. Фӕлӕ ма ацы псалом хъуамӕ сӕххӕст уыдаид бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр.

8. Псалом 2:3 абон адӕмтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

8 Раджы заманты, Израилы зӕххон паддзӕхтӕ куы уыд, зӕгъӕм, Давид, уӕд муртакк адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ ӕмвӕндӕй цыдысты Хуыцау ӕмӕ йӕ сӕрст паддзахы ныхмӕ. Абон та? Абон дӕр адӕмтӕ, Иегъовӕ ӕмӕ Мессиа цы дзурынц, уымӕ нӕ хъусынц. Псаломзарӕггӕнӕг уыдоны номӕй дзуры: «Аскъуынӕм сын сӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ аппарӕм нӕхицӕй сӕ хъадамантӕ» (Псалом 2:3). Хуыцау ӕмӕ йӕ Сӕрст, Йесо, хицӕуттӕ ӕмӕ адӕмтӕн цӕмӕйфӕнды ма зӕгъа, уый ма бакӕнут зӕгъгӕ, уӕд ссонт вӕййынц. Фӕлӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы «бӕттӕнтӕ» аскъуынын ӕмӕ «хъадамантӕ» аппарын нӕ рауайдзӕн.

Иегъовӕ сыл худы

9, 10. Иегъовӕ адӕмтыл цӕмӕн худы?

9 Хицӕуттӕ Иегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дарынц, сӕхи фӕнд кӕй кӕнынц, ууыл Иегъовӕ ӕппындӕр нӕ тыхсы. 2 псаломы дарддӕр кӕсӕм: «Ӕрвтыл цӕрӕг фӕхуддзӕн, Хицау бафхӕрдзӕн уыдоны» (Псалом 2:4). Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны, цыма уыцы хицӕуттӕ нӕдӕр сты, афтӕ. Сӕ къӕйныхдзинадыл сын худы. Цасфӕнды ӕппӕлӕнт сӕ фӕндтӕй, стауӕнт сӕхи — уӕддӕр сыл Иегъовӕ худы. Сӕ бон ницы у, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый дӕр ӕм худӕг кӕсы.

10 Давид йӕ иннӕ псаломты дӕр кӕны знаг адӕмы ӕмӕ дзыллӕты кой: «Ды, Хицау, тыхы Хуыцау, Израилы Хуыцау, слӕуу бабӕрӕг кӕнынмӕ ӕппӕт адӕмты, ма бахатыр кӕн иуӕн дӕр ӕнӕраст ӕнӕзакъонтӕй. Изӕры раздӕхынц уыдон, ниуынц, куыд куыйтӕ, ӕмӕ зилынц сахары алыварс. Мӕнӕ уыдон се ’взагӕй дзурынц фауындзинад; сӕ дзыхты кӕрдтӕ: „уымӕн ӕмӕ“, ӕнхъӕл сты уыдон, „чи хъусы?“ Фӕлӕ Ды, Хицау, бахуддзынӕ уыдоныл; Ды фефсӕрмы кӕндзынӕ ӕппӕт адӕмты» (Псалом 58:6—9). Адӕмтӕ сӕхи кӕй стауынц ӕмӕ се ’нӕзондӕй йӕ ныхмӕ уынаффӕтӕ кӕй кӕнынц, ууыл Иегъовӕ кӕны худгӕ.

11. Адӕмтӕ Хуыцауы фӕндонӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕрын куы райдайынц, уӕд цы ’рцӕуы?

11 2 псаломы цы фыст ис, уымӕй уынӕм, Хуыцауӕн зын кӕй ницы у. Йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй никуы ныууадздзӕн, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм (Псалом 93:14). Адӕмтӕ Иегъовӕйы фӕндонӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕрын куы райдайынц, уӕд цы ’рцӕуы? Ацы псаломы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй сӕм Хуыцау фӕдзуры «Йӕ мӕстӕй», раст цыма арвнӕрдӕй бӕстӕ гуыпп-гӕрах свӕййы, уыйау. Уымӕй уӕлдай ма сӕ «Йӕ тызмӕгдзинадӕй», цыма арв гӕрӕхтӕ кӕны, уыйау, «ӕркӕны змӕстдзинадмӕ» (Псалом 2:5).

Хуыцау сӕвӕрдта Паддзахы

12. Псалом 2:6 цавӕр Паддзахы кой кӕны?

12 Адӕмтӕн, ай-гъай, нӕу ӕхсызгон, Иегъовӕ псаломзарӕггӕнӕджы дзыхӕй дарддӕр цы дзуры, уый: «Ӕз байсӕрстон [сӕвӕрдтон] Мӕ Паддзахы, Мӕ сыгъдӕг хох Сионыл» (Псалом 2:6). Сион уыд Иерусалимы хӕхтӕй иу — Давид ӕгас Израилыл паддзахӕй ӕвӕрд кӕм ӕрцыд, уый. Фӕлӕ Паддзах-Мессиа Иерусалимӕй кӕнӕ зӕххыл ӕндӕр искӕцӕй нӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн. Иегъовӕ Йесо Чырыстийы уӕларвон Сионыл Паддзахӕй сӕвӕрдта (Раргомад 14:1).

13. Иегъовӕ йӕ Фыртимӕ цавӕр бадзырд сфидар кодта?

13 Паддзах-Мессиа ныр йӕхӕдӕг дзуры: «Фехъусын кӕндзынӕн уынаффӕ [Иегъовӕйы уынаффӕ, йӕ Фыртимӕ Паддзахады тыххӕй бадзырд чи скодта, уый уынаффӕ]: Хицау [Иегъовӕ Хуыцау] загъта Мӕнӕн: Ды Мӕ Фырт; Ӕз ныр райгуырын кодтон Дӕу» (Псалом 2:7). Чырысти Паддзахады бадзырды кой кодта, йӕ апостолтӕн куы загъта, «мӕ фыдӕвзарӕнты рӕстӕг уыдыстут мемӕ, ӕмӕ ӕз уемӕ аразын паддзахады тыххӕй бадзырд, мӕ Фыд мемӕ бадзырд куыд сарӕзта, афтӕ», зӕгъгӕ, уӕд (Лукайы 22:28, 29НД).

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесомӕ ӕппӕт бартӕ дӕр уыд, цӕмӕй паддзах суыдаид?

14 Псалом 2:7 куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй Йесо аргъуыд куы райста, уӕд ӕй Иегъовӕ схуыдта, «Мӕ Фырт», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта (Маркы 1:9—11; Ромӕгтӕм 1:4; Дзуттытӕм 1:5; 5:5). Уӕларвон Паддзахады Паддзах у Хуыцауы иунӕггуырд Фырт (Иоанны 3:16). Йесо паддзах Давиды мыггагӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕппӕт бартӕ дӕр уыд, цӕмӕй паддзах суыдаид (2 Паддзахӕдты 7:4—17; Матфейы 1:6, 16). Ацы псаломмӕ гӕсгӕ Хуыцау йӕ Фыртӕн дзуры: «Кур Мӕнӕй, ӕмӕ ратдзынӕн адӕмты Дӕуӕн бынӕн ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕ Дӕуӕн бар дарынӕн» (Псалом 2:8).

15. Йесо Чырысти адӕмты йӕхицӕн бынӕн цӕмӕн куры?

15 Иегъовӕйы фӕстӕ стыр бартӕ ис йӕ Фыртмӕ, Паддзах-Мессиамӕ. Йесо фӕлвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ разынд иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын. Стӕй йӕ фыццаггуырд Фырт кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм хауы «бын». Йесо Чырысти у «ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц, ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд» (Колоссӕгтӕм 1:15). Хуыцауӕй кургӕ ракӕнӕд, ӕндӕр ын «ратдзӕн адӕмты... бынӕн ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕ... бар дарынӕн». Кургӕ та дзы уымӕн кӕны, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕн зӕххон адӕм тынг зынаргъ сты, стӕй йӕ уӕларвон Фыдмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмты тыххӕй цы фӕндтӕ ис, уыдон сӕххӕст кӕнын ӕй тынг фӕнды (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31).

Иегъовӕйы «уынаффӕ» адӕмты тыххӕй

16, 17. Псалом 2:9 гӕсгӕ адӕмтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

16 Дыккаг псалом ныридӕгӕн, Чырысти адӕмы ’хсӕн куы ис, уыцы рӕстӕджы, кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕ гӕсгӕ адӕмтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Тагъд, Паддзах сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы ныхас: «Ды ныццӕвдзынӕ ӕфсӕн лӕдзӕгӕй уыдоны [адӕмты]; ныппырх сӕ кӕндзынӕ куыд дурынгӕнӕджы мигӕнӕн» (Псалом 2:9).

17 Незаманты паддзӕхтӕм цы лӕдзгуытӕ уыд, уыдон дзурӕг уыдысты ӕппӕт бартӕ дӕр сӕ къухы кӕй уыдысты. Уыцы лӕдзгуытӕй иуӕй-иутӕ уыдысты ӕфсӕн, 2 псаломы кӕй кой цӕуы, уыйау. Ацы ран аив ӕвзагӕй ӕвдыстӕуы, Паддзах Йесо Чырысти адӕмты куыд ӕнцонтӕй ныппырх кӕндзӕн, уый. Йе ’фсӕн лӕдзӕг бӕрзонд фӕхӕсдзӕн, ӕмӕ дурынгӕнӕджы ӕлыг мигӕнӕнау лыстӕг тӕгӕлтӕ фӕхаудзысты.

18, 19. Кӕд зӕххон паддзӕхты Хуыцауы хорзӕх ссарын фӕнды, уӕд сӕ цы бакӕнын хъӕуы?

18 Ау, зӕххон хицӕутты уыцы ӕбуалгъы хабарӕй сӕ бон сӕхи бахизын нӕу? У, ӕмӕ сын уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Афтӕ, бамбарут, паддзӕхтӕ; сахуыр ут, зӕххы тӕрхонгӕнджытӕ!» (Псалом 2:10). Сиды сӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕной ӕмӕ байхъусой. Хъуамӕ бамбарой, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ цӕттӕ кӕны, уыдоны раз сӕ фӕндтӕ уӕвгӕ дӕр кӕй ницы сты.

19 Зӕххон паддзӕхты кӕд Хуыцауы хорзӕх ссарын фӕнды, уӕд хъуамӕ сӕхи ӕрӕмбарой ӕмӕ «Хицауӕн кусой тасдзинадимӕ ӕмӕ цин кӕной ризгӕйӕ» (Псалом 2:11). Афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд цы уыдаид? Уӕд ныры хуызӕн змӕст нӕ уаиккой, фӕлӕ цин кӕниккой, Паддзах-Мессиа цы хорздзинӕдтӕ скӕндзӕн, ууыл. Зӕххон хицӕуттӕ хъуамӕ сӕхи ӕрӕмбарой: афтӕ схъӕл, сӕрбӕрзонд ма уой. Ӕвӕстиатӕй сӕ хъӕуы сӕ зонд аивын ӕмӕ Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау Иегъовӕ кӕй у ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ Паддзах-Мессиамӕ стыр тых кӕй ис, уый бамбарын.

«Фыртӕн апъа кӕнут»

20, 21. Куыд ӕмбаргӕ у, «Фыртӕн апъа кӕнут», зӕгъгӕ?

20 Псаломзарӕггӕнӕг зӕрдиагӕй хоны адӕмты хицӕутты. Хуыздӕр сын уаид, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ куы нӕ цӕуиккой, фӕлӕ йӕ уынаффӕмӕ куы байхъусиккой: «Фырты скадджын кӕнут [«Фыртӕн апъа кӕнут», НД], цӕмӕй Уый [Иегъовӕ Хуыцау] ма смӕсты уа, ӕмӕ цӕмӕй сымах ма фесӕфат уӕ фӕндагыл; уымӕн ӕмӕ Йӕ маст тагъд ссудздзӕн» (Псалом 2:12а). Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ цы уынаффӕ рахӕссы, уымӕ хъусын хъӕуы. Хуыцау йӕ Фырты Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд зӕххон хицӕуттӕ хъуамӕ сӕ «дзӕгъӕл фӕнд» ныууагътаиккой. Хъуамӕ уайтӕккӕ сӕхи бакодтаиккой Паддзахы бӕрны, йӕ дӕлбар.

21 Фӕлӕ «Фыртӕн пъа кӕнын» цӕмӕн хъӕуы? Ацы псалом ныффыссыны рӕстӕджы адӕммӕ уыдис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ-иу хӕлӕрттӕ куы фембӕлдысты, уӕд-иу кӕрӕдзийӕн кодтой пъа. Кӕнӕ та-иу искӕмӕ уазӕг куы бацыд, уӕд-иу ын фысым апъа кодта, «ӕгасцуай», зӕгъгӕ. Пъа ма уыд иузӕрдиондзинад ӕмӕ ӕнувыддзинады нысан дӕр (1 Паддзахӕдты 10:1). Псалом 2:12а гӕсгӕ Хуыцау адӕмтӕн дзуры, зӕгъгӕ мӕ «Фыртӕн апъа кӕнут», ома ме ’взӕрст Паддзахӕн «ӕгасцуай» зӕгъут.

22. Адӕмты хицӕуттӕ цавӕр фӕдзӕхстмӕ хъуамӕ байхъусой?

22 Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахы бӕрны йӕхи чи нӕ кӕны, уыдон Хуыцауы сӕхимӕ фыдӕх кӕнынц. Нымады дӕр сӕм нӕй, Иегъовӕ Хуыцау Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау кӕй у, бартӕ йӕ къухы кӕй сты ӕмӕ, адӕмӕн хуыздӕр хицау чи уыдзӕн, ахӕм Паддзах равзарын йӕ бон кӕй у. Адӕмты хицӕуттӕ сӕхи фӕндтӕ ӕххӕст кӕныныл куыд уой, афтӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн. «Йӕ маст тагъд ссудздзӕн» — афтӕ тагъд, ӕмӕ сӕ бон ницы бауыдзӕн. Хицӕуттӕ, кӕй сӕ фӕдзӕхсы, уымӕй хъуамӕ бузныг уой ӕмӕ йӕм байхъусой, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайой.

23. Адӕмӕн нырма рӕстӕг цӕмӕн ис?

23 Ацы ӕмбисонды псалом фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Тӕхудиаг Ууыл [Иегъовӕйыл] ӕнхъӕлцау уӕвджытӕ се ’ппӕт» (Псалом 2:12ӕ). Нырма ис рӕстӕг алы адӕймагӕн дӕр, суанг, адӕмы тыххӕй стыр фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыцы хицӕуттӕн дӕр, цӕмӕй сӕхи ӕрӕмбарой ӕмӕ ӕдас бынат ссарой. Нырма сӕ бон у Иегъовӕйы базыры бын бамбӕхсын — сӕхи уӕларвон Паддзахады дӕлбар бакӕнын. Фӕлӕ — цалынмӕ Мессиайы паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕмты нӕ ныддӕрӕн кодта, уӕдмӕ.

24. Цӕмӕй нын ацы тызмӕг рӕстӕджы ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

24 Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йӕ уынаффӕйыл куы цӕуӕм, уӕд нын ацы тызмӕг рӕстӕджы ӕнцондӕр уыдзӕн. Библийы уынаффӕтыл чи цӕуы, уыдон иннӕ адӕмӕй хъауджыдӕр бирӕ мӕстытӕй хызт сты ӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уый сӕ катайы не ’фтауы. Бинонтӕ свӕййынц ӕнгомдӕр, сӕ хӕдзары ӕрфидар вӕййы фарн. Стӕй ма нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм, уый руаджы зонӕм, не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг Стыр Хуыцауы бон у «ныры ӕмӕ фидӕны цардӕй» зӕрдӕ бавӕрын. «Фидӕны цард» та уӕд ралӕудзӕн, ӕмӕ Иегъовӕ, уӕларвон Паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, йӕ бӕрны йӕхи чи нӕ кӕны, уыдоны куы ныццӕгъда (1 Тимофеймӕ 4:8).

25. Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ гӕсгӕ нӕ дуджы цытӕ ’рцӕудзӕн?

25 Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн. Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, адӕмӕн хуыздӕр цы у, уый ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕндон: йӕ уарзон Фырты Паддзахады руаджы коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад, фарн ӕмӕ ӕдасдзинад. Нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Данел фыста: «Уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад... уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44). Цӕй уӕдӕ ӕвӕстиатӕй Фыртӕн апъа кӕнӕм ӕмӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Фыццаг «Байсӕрст» уыд паддзах Давид, «зӕххы паддзӕхтӕ» та — филистимаг паддзӕхтӕ, се стыр ӕфсӕдтимӕ йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдон.

^ 7 абз. Чырыстон Грекъаг Фыстыты ма ӕндӕр стихтӕ дӕр амонынц, 2 псаломы Хуыцауы Сӕрст чи хуыйны, уый Йесо Чырысти кӕй у. Зӕгъӕм, абарӕм Псалом 2:7 ӕмӕ Куыстытӕ 13:32, 33, Дзуттытӕм 1:5; 5:5; Псалом 2:9 та — Раргомад 2:27.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Адӕмыхӕттытӕ цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц»?

• Иегъовӕ адӕмтыл цӕмӕн худы?

• Цавӕр «уынаффӕ» рахаста Хуыцау адӕмты тыххӕй?

• Куыд ӕмбаргӕ у, «Фыртӕн апъа кӕнут», зӕгъгӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Хицӕуттӕ Израилы адӕмимӕ Чырыстийы ныхмӕ ӕмдзырд бакодтой.

[Ныв 16 фарсыл]

Чырысти уӕларвон Сионыл Паддзахӕй ӕвӕрд ӕрцыд.