Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсӕм

Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсӕм

Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсӕм

«Сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар» (МАТФЕЙЫ 20:26).

1. Дуне стырадмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

КАИРӔЙ хуссарӕрдӕм 500 км дӕрддзӕгӕн рагон египетаг сахар Фивмӕ (ныртӕккӕ Карнак) хӕстӕг лӕууы фараон Аменхотеп III цырт. Йӕ бӕрзӕнд у 18 метры. Уый афтӕ ӕнахуыр стыр у, ӕмӕ йӕ разы чифӕнды ма ’рлӕууа,— йӕхимӕ фӕкӕсы мӕлдзыджыйас. Фараон цырт скӕнын кодта, цӕмӕй дзы адӕм аргъуыц кодтаиккой. Фӕлӕ ма уыцы цырт ӕвдисы, дуне стырад ӕмӕ кадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый дӕр — чидӕр йӕхи бӕрзонд ӕвӕры, иннӕты та ницӕуыл нымайы, дӕлдзиныг сӕ кӕны.

2. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фӕзминаг цӕмӕй у, ӕмӕ нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

2 Йесо Чырысти стырадмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст. Кӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн «Ахуыргӕнӕг [дӕр] ӕмӕ Хицау» дӕр уыд, уӕддӕр сын амыдта, зӕгъгӕ, стыр, кадджын уыцы адӕймаг у, иннӕтӕн чи лӕггад кӕны. Ӕмӕ уый йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ хъуыддагӕй равдыста — йӕ апостолты къӕхтӕ ныхсадта. Ахӕм лӕггад ӕрмӕст ӕцӕг сӕрныллӕг адӕймаг бакӕндзӕн! (Иоанны 13:4, 5, 14). Ды та фылдӕр цы уарзыс: искӕмӕн балӕггад кӕнай ӕви дын исчи балӕггад кӕна? Чырыстийау дӕ иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын фӕнды? Уӕдӕ бӕлвырддӕр аныхас кӕнӕм, Чырысти стырадмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ йӕм дуне цы цӕстӕй кӕсы, ууыл.

Стырадмӕ дунейы цӕстӕй ма кӕсӕм

3. Кадыл мард чи у, уый ӕгады бынаты кӕй баззайы, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис?

3 Стырадмӕ дунейы цӕстӕй чи кӕсы, уый йӕхи фыдбылызы кӕй ӕппары, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Есфир ӕмӕ Мардохейы заман персайнаг паддзахы галуаны стыр бынат чи ахста, уыцы дзырддзӕугӕ лӕг Аманы хабар. Йӕ фыркадмондагӕй ӕгады бынатмӕ ӕрхауд ӕмӕ худинаджы мардӕй амард (Есфир 3:5; 6:10—12; 7:9, 10). Йӕ тӕккӕ хъомысджынӕй йӕ зонд кӕмӕн фӕцыд, уыцы хъал паддзах Навуходоносор та? Стырадмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ каст, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Нӕу цы ацы... стыр Вавилон, ӕз мӕ хъӕздыгады хъаруйӕ ӕмӕ ме стырады намысӕн паддзӕхты цӕрӕндонӕн кӕй сарӕзтон, уый?» (Данелы 4:27). Иннӕ ахӕм та сӕрбӕрзонд паддзах Ирод Агриппӕ I. Кӕд зыдта, кадджын кӕнын Хуыцауы хъӕуы, уӕддӕр йӕхи уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ уый тыххӕй «скъуыдыргалм уӕвгӕйӕ, амард» (Куыстытӕ 12:21—23). Ацы лӕгтӕ ӕгады бынатмӕ уымӕн ӕрхаудтой, ӕмӕ стырадмӕ Иегъовӕйы цӕстӕй нӕ кастысты.

4. Адӕймаджы йӕхиуыл чи фервӕссын кӕны?

4 Алы адӕймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ нымайой, аргъ ын кӕной, ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Хӕйрӕг дӕр зоны, ӕмӕ нӕхиуыл фервӕссӕм, уый хуызӕн суӕм, ууыл йӕ былыцъӕрттӕ хӕры (Матфейы 4:8, 9). Хӕйрӕг «ацы дуджы хуыцау» кӕй у ӕмӕ адӕмӕн йӕ зонд кӕй хъары, уый рох никуы хъӕуы (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Ефесӕгтӕм 2:2; Раргомад 12:9). Чырыстӕттӕ зонынц, уыцы зонд кӕмӕй цӕуы, уый, ӕмӕ стырадмӕ дунейы цӕстӕй уымӕн нӕ кӕсынц.

5. Ӕнтыстдзинӕдтӕ, ном ӕмӕ хъӕздыгдзинад амондджын царды бындур сты? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Хӕйрӕджы хъуыдытӕй иу у ахӕм: дӕ кад, дӕ ном дунетыл куы айхъуысой, бирӕ ӕхца дӕм куы уа, уӕд дӕуӕй амондджындӕр ничи уыдзӕн. Ӕцӕгдӕр афтӕ у? Цымӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ, ном ӕмӕ хъӕздыгдзинад амондджын царды бындур сты? Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдытӕ ма фӕсайой. Хӕдзонд паддзах Соломон фыста: «Ӕз федтон, адӕм кӕрӕдзимӕ кӕй хӕлӕг кӕнынц, уый тыххӕй кӕй кӕнынц уӕззау куыст ӕмӕ кӕй тырнынц, цӕмӕй куысты мидӕг иу иннӕмӕй дӕсныдӕр уа; уый дӕр у дзӕгъӕлы ӕмӕ дымгӕйы сурынау» (Екклесиаст 4:4). Царды размӕ рацӕуыныл йӕ уд чи бахордта, уыдон сразы уыдзысты, ацы уынаффӕ раст кӕй у, ууыл. Мӕнӕ цы зӕгъы, адӕймаг Мӕймӕ фыццаг хатт цы науыл атахт, уымӕн хахнывтӕ скӕнынӕн, йӕ саразынӕн ӕмӕ йӕ фӕлварынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ахуыргондтӕй иу: «Кусгӕ дӕр бирӕ фӕкодтон, дӕсны кусӕг дӕр мӕ рауад, фӕлӕ амондджын не сдӕн, удӕнцой нӕ федтон» *. Адӕймаг бизнесы, спорты, эстрадӕйы цыфӕнды зындгонд ма суа, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд у.

Иннӕты чи уарзы, уыцы лӕггадгӕнӕг у стыр ӕмӕ кадджын

6. Иаков ӕмӕ Иоанн стырадмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Стырад ӕцӕгдӕр цы у, уый бӕрӕг у, н. э. 33 азы цы хабар ӕрцыд, уымӕй. Йесо йӕ апостолтимӕ Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд бафиппайдта, йе ’мхӕрӕфырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанн стырадмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ кастысты. Сӕ мады йӕм ахӕм ныхасимӕ барвыстой, дӕ паддзахады махӕй иуы дӕ рахизфарс ӕрбадын кӕн, иннӕйы та дӕ галиуфарс, зӕгъгӕ (Матфейы 20:21). Уыцы дуджы дзуттӕгтӕм хицауӕн йӕ рахизфарсӕрдыгӕй кӕнӕ йӕ галиуфарсӕрдыгӕй бадын кадджын уыд (3 Паддзахӕдты 2:19). Иаков ӕмӕ Иоанн архайдтой тӕккӕ стырдӕр бынӕттӕ бацахсын, ӕмӕ сӕ курдиатӕй зӕгъынмӕ хъавыдысты, уыцы бынӕттӕ уыдонмӕ кӕй ӕмбӕлынц. Йесо сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ фӕндтӕ зыдта ӕмӕ стырадмӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уый сын бамбарын кодта.

7. Цӕмӕй чырыстон стыр, кадджын уа, уымӕн Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы хъӕуы?

7 Йесо зыдта, ацы хъал дунейы стыр адӕймагыл нымад у, йӕ бар иннӕтыл кӕмӕн цӕуы, йӕ алы дзырд дӕр кӕмӕн ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ йӕ цы бахъӕуы, уый уайтӕккӕ кӕмӕн ацаразынц. Фӕлӕ Йесойы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн стыр, кадджын ахӕм адӕймаг у, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй чи лӕггад кӕны. Йесо загъта: «Сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар; ӕмӕ кӕй фӕнды сымах ӕхсӕн фыццаг уӕвын, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг» (Матфейы 20:26, 27).

8. «Лӕггадгӕнӕг» кӕмӕ амоны, ӕмӕ нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

8 Библийы «лӕггадгӕнӕгӕй» цы грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый амоны, иннӕтӕн зӕрдиагӕй чи кӕстӕриуӕг кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Йесо йӕ апостолтӕн амыдта иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕймаг бардзырдтӕ кӕй дӕтты, кадджын уымӕй не свӕййы, фӕлӕ иннӕты кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕстӕриуӕг кӕй кӕны, уымӕй. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Иаков кӕнӕ Иоанны бынаты ӕз куы уыдаин, уӕд цы загътаин? Бамбӕрстаин, иннӕты чи уарзы ӕмӕ сын чи лӕггад кӕны, гъе уый кӕй у стыр ӕмӕ кадджын?» (1 Коринфӕгтӕм 13:3).

9. Иннӕтӕм цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм, уымӕй нын Йесо фӕзминаг куыд у?

9 Йесо йӕ апостолтӕн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй стырадмӕ дунейӕн уый цӕстӕнгас нӕй. Кӕмӕн лӕггад кодта, уыдоныл уӕлӕхох нӕ кодта ӕмӕ сӕ цуры йӕхи афтӕ нӕ дардта, цӕмӕй сӕхимӕ ницӕйаг кастаиккой. Йемӕ ӕнцон уыд алыхуызон адӕймӕгтӕн — сылгоймӕгтӕн, нӕлгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, хъӕздгуытӕн, мӕгуыртӕн, дзырддзӕугӕтӕн ӕмӕ суанг тӕригъӕдджынтӕн дӕр (Маркы 10:13—16; Лукайы 7:37—50). Рынчын, сахъат чи у, уыдонимӕ адӕм нӕ фӕразынц. Фӕлӕ Йесо ахӕм нӕ уыд. Суанг-иу йӕ апостолтӕ ӕнӕрхъуыды митӕ куы кодтой ӕмӕ-иу кӕрӕдзиимӕ куы фӕбыцӕу сты, уӕддӕр сын-иу сабырӕй сӕ рӕдыд бамбарын кодта,— ӕмӕ уымӕй ӕвдыста, сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмас кӕй уыд (Захари 9:9; Матфейы 11:29; Лукайы 22:24—27).

10. Йесо адӕмӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодта, уый йӕ цард куыд ӕвдисы?

10 Хуыцауы Фырт — Дун-дунейы Хуыцауы фӕстӕ дыккаг бынат чи ахсы, уый йӕ уд адӕмӕн кӕй не ’вгъау кодта, уымӕй бамбарын кодта, цы у стырад. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕм уымӕн нӕ, фӕлӕ сын йӕхӕдӕг лӕггад кодтаид. Уый, «алыхуызон низтӕй» чи сади, уыдоны сӕ къахыл лӕууын кодта ӕмӕ хӕйрӕджджынты дзӕбӕх кодта. Фӕллайгӕ дӕр куыннӕ кодта, улӕфын дӕр ӕй куыннӕ хъуыди, фӕлӕ, зӕгъгӕ, йӕ сӕр бахъуыд — фӕстӕ никуы фӕлӕууыд: ацыд, ӕмӕ-иу рӕвдыдцух адӕмы бафидар кодта (Маркы 1:32—34; 6:30—34; Иоанны 11:11, 17, 33). Адӕмы афтӕ бирӕ уарзта, ӕмӕ-иу сӕм сӕдӕгай километртӕ рыг фӕндӕгтыл фӕцыд, цӕмӕй сын Паддзахады хорз хабар дзырдтаид (Маркы 1:38, 39). Иннӕтӕн лӕггад кӕнын Йесо стыр хъуыддагыл нымадта.

Чырыстийау сӕрныллӕг уӕм

11. Ӕмбырды цӕстдарджытӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа?

11 XIX ӕнусы кӕрон арӕх ныхас цыд, ӕмбырдтыл зилынӕн цы бӕрнон ӕфсымӕрты ӕвзӕрстой, уыдонмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уыдаид, ууыл. 1894 азы 1 сентябры «Сионы Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы дзырдӕуыд, зӕгъгӕ нӕ хъӕуы, «йӕхиуыл чи нӕ фервӕсса, ахӕм фӕлмас нӕлгоймӕгтӕ... стӕй, йӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй чи дзура, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ иннӕты ӕргом йӕхимӕ нӕ, фӕлӕ Чырыстийы Евангелийы хуымӕтӕгдзинад ӕмӕ тыхмӕ чи здаха». Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕрнон бынатмӕ цыт, кад кӕнӕ барты тыххӕй нӕ тырнынц. Сӕрныллӕг цӕстдарӕг нӕ рох кӕны, йӕ хӕс кӕй у «хорз хъуыддаг» аразын, йӕхицӕн ном скӕнын нӕ, фӕлӕ (1 Тимофеймӕ 3:1, 2). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ фӕзминаг уой, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй куыд лӕггад кӕнынц ӕмӕ ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕттынц, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 9:19; Галатӕгтӕм 5:13; 2 Тимофеймӕ 4:5).

12. Ӕмбырды бӕрнон бынатмӕ чи тырны, уыдоны цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

12 Ӕфсымӕртӕй бӕрнон бынатмӕ чи тырны, уыдонӕй хъуамӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Уыцы бынатмӕ цӕмӕн бӕллын: цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кӕнон ӕви мӕнӕн лӕггад кӕной? Цӕсты чи нӕ ахады, ахӕм куыстытӕ кӕнынмӕ цӕттӕ дӕн?» Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕфсымӕрӕн алыхатт дӕр хорз раныхӕстӕ вӕййы, фӕлӕ ӕмбырды ацӕргӕтӕм йӕ хъус нӕ дары. Уарзы бӕрнон ӕфсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитын — хъусын кӕнын та йӕ нӕ фӕнды. Хорз уаид, ахӕм ӕфсымӕр куы ахъуыды кӕнид: «Хуыцау нын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдонӕй ном скӕнӕн цӕмӕй ис, ӕрмӕст уыдон кӕнын? Иннӕты ’хсӕн бӕрӕг куыд дарон, иууылдӕр мӕ куыд зоной, мыййаг, ууыл архайын?» Кадыл мӕлӕг адӕймаг Чырыстийы зондыл нӕ цӕуы (Иоанны 5:41).

13. а) Цӕстдарӕджы сӕрныллӕгдзинад иннӕтыл куыд фӕзыны? ӕ) Чырыстон сӕрныллӕг уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕрмагонд хъуыддаг цӕуылнӕ у?

13 Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад фӕзмыныл нӕ уд куы хъарӕм, уӕд нӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнын зӕрдиагӕй фӕнддзӕн. Ӕркӕсӕм ма ахӕм цӕвиттонмӕ. Зоналон цӕстдарӕг бабӕрӕг кодта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй иу. Типографийыл куы зылд, уӕд ауыдта иу ӕрыгон ӕфсымӕры телӕй хуыйӕн машинӕимӕ архайгӕ. Цӕстдарӕг кӕд тынг ӕнӕвдӕлон уыд, уӕддӕр ӕм бацыд ӕмӕ йӕм фӕкаст. «Тынг бадис кодтон»,— зӕгъы уыцы ӕфсымӕр. «Радзырдта мын, уый дӕр ӕрыгонӕй Вефилы ахӕм машинӕйыл кӕй куыста ӕмӕ зын архайӕн кӕй уыд. Кӕд ын бирӕ куыстытӕ уыд, уӕддӕр мӕ разы фӕлӕууыд ӕмӕ мын аххуыс кодта. Мӕ зӕрдӕйы мын арф фӕд ныууагъта». Ацы ӕфсымӕр нырма дӕр лӕггад кӕны филиалы, ныр йӕхӕдӕг дӕр у цӕстдарӕг, ӕмӕ кӕд бирӕ рӕстӕг рацыд, уӕддӕр уыцы сӕрныллӕг цӕстдарӕджы нӕ рох кӕны. Нӕхимӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ макуы ӕруадзӕм, зӕгъгӕ, ӕз стыр бынат ахсын, ӕмӕ ӕнӕуи куыстытӕ дӕр нӕ кӕндзынӕн, искӕмӕн дӕр нӕ лӕггад кӕндзынӕн. Уый раст нӕу. Махӕй хъуамӕ алчидӕр сфӕлында «сабыр [сӕрныллӕг] зонды». Сӕрныллӕг уыдзынӕ ӕви нӕ, уый сӕрмагонд хъуыддаг нӕу. Ацы миниуӕг «ног адӕймаджы» дарӕстӕй у, ӕмӕ йӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ йӕ уӕлӕ скӕна (Филиппӕгтӕм 2:3; Колоссӕгтӕм 3:10, 12; Ромӕгтӕм 12:16).

Ахуыр кӕнӕм стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсын. Куыд?

14. Хуыцауыл ӕмӕ адӕмыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стырадмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

14 Цӕмӕй стырадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, уымӕн цы хъӕуы? Иегъовӕ Хуыцауыл хъуыды кӕнын. Хуыцаумӕ цы хъомыс, цы тых ӕмӕ цы зонд ис, уый цур зӕххон адӕймаджы хъомыс, тых ӕмӕ зонд ницы у (Исай 40:22). Нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый руаджы дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕндзӕн сӕрныллӕгдзинад. Дзырдӕн, мах иннӕтӕй цӕмӕдӕр хуыздӕр арӕхсӕм, фӕлӕ уыдон та ӕндӕр, ноджы ахсджиагдӕр хъуыддаджы сты арӕхстджын, кӕнӕ, не ’мчырыстӕттӕм цы миниуджытӕ ис, махмӕ уыдон не сты. Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыцы адӕм сабыр ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иннӕты ’хсӕн бӕрӕг нӕ дарынц (Ӕмбисӕндтӕ 3:34; Иаковы 4:6).

15. Мах иннӕ чырыстӕттӕй хуыздӕр кӕй не стӕм, уый, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдоны цард куыд ӕвдисы?

15 Уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг у, сӕ дины тыххӕй тынг кӕй ӕфхӕрдтой, уыцы Ӕвдисӕнты цардӕй. Дунейы кӕй ницӕуыл нымайынц, уыдон уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ никуы сивтой. Сӕ царды хабӕрттыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм сӕрныллӕг ӕмӕ нӕхицӕй «уӕлдай... ӕнхъӕл нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ куыд аккаг у, афтӕ» (Ромӕгтӕм 12:3НФ) *.

16. Йесо стырадмӕ цы цӕстӕй каст, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыныл куыд хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?

16 Чырыстӕттӕ иууылдӕр — стырӕй-чысылӕй — хъуамӕ ахуыр кӕной стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсын. Куыд зонӕм, афтӕмӕй алы ӕмбырды дӕр фӕхъӕуы алыхуызон куыстытӕ кӕнын. Цыфӕнды куыст дын ма радтой — хъуыр-хъуыр ма кӕн (1 Паддзахӕдты 25:41; 4 Паддзахӕдты 3:11). Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты фӕразӕнгард кӕнут, цӕмӕй, Паддзахады залы кӕнӕ конгресс кӕм фӕцӕуы, уым цыфӕнды куыст дӕр зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй кӕной? Уӕхи уын фӕуынынц ахӕм куыстытӕ кӕнгӕ? Иу ӕфсымӕры — лӕггад кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады — нӕ рох кӕны йӕ ныййарджыты фӕзминаг цӕвиттон. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Паддзахады зал кӕнӕ конгресс кӕм цыд, уыцы бӕстыхай-иу зӕрдиагӕй кӕй ӕфснайдтой, уымӕй бӕрӕг уыд, уыцы куыст стыр хъуыддагыл кӕй нымадтой. Зӕгъгӕ-иу, ӕмбырдӕн кӕнӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕн балӕггад кӕнын хъуыд — цыфӕнды куыст ма уыдаид,— уӕд-иу фӕстӕ никуы фӕлӕууыдысты. Ӕмӕ ӕз дӕр, Вефилы мын цыфӕнды куыст ма бахӕс кӕной,— мӕ ныййарджытау ӕй зӕрдиагӕй бакӕнын».

17. Сӕрныллӕг хотӕ ӕмбырдӕн Хуыцауы лӕвар схонӕн цӕмӕн ис?

17 Иннӕтыл хъуыды кӕнынӕй нын фӕзминаг у, н. э. агъоммӕ V ӕнусы Персы паддзахы ус чи сси, уыцы дзуттаг чызг Есфир. Кӕд галуаны цард, уӕддӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕмы сӕрвӕлтау йӕ уд раттыныл дӕр разы уыд (Есфир 1:5, 6; 4:14—16). Абон дӕр чырыстон сылгоймӕгтӕ — хъӕздыг сты ӕви мӕгуыр — сӕ бон у Есфиры фӕзмын: йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыдоны рӕвдауын, рынчынты бӕрӕг кӕнын, иннӕтимӕ уацамынды цӕуын ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕнын. Ахӕм сӕрныллӕг хотӕ ӕмбырдӕн сты Хуыцауы лӕвар!

Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсын — фӕрнӕйдзаг хъуыддаг

18. Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй чи кӕсы, уый фӕрнӕйдзаг цӕмӕн у?

18 Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд уыдзыстӕм фӕрнӕйдзаг. Зӕгъӕм, иннӕтӕн удуӕлдайӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕхи ӕмӕ уыдоны циныл цин ӕфтдзӕн (Куыстытӕ 20:35). Зӕрдиагӕй де ’мчырыстӕттӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ фылдӕр уарздзысты (Куыстытӕ 20:37). Уӕлдайдӕр та Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ дын дӕ лӕггӕдтӕ ӕхцон нывондау исдзӕн (Филиппӕгтӕм 2:17).

19. Стырадмӕ дарддӕрдӕр цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм?

19 Алкӕйдӕр нӕ хъӕуы йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын: «Стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсыныл ахуыр кӕнын, зӕгъгӕ, дзурын, фӕлӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕнын?» Не ’ппӕт дӕр ӕй зонӕм, Иегъовӕ сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕм цы зӕрдӕ дары, уый (Ӕмбисӕндтӕ 16:5; 1 Петры 5:5). Цӕй уӕдӕ ӕмбырды, хӕдзары ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн дӕр нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕм, стырадмӕ нын Чырыстийы цӕстӕй кӕсын ӕхсызгон кӕй у. Афтӕмӕй алцыдӕр кӕндзыстӕм Хуыцауы кадӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:31).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Кӕс 1984 азы, 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (8—10 фф.) статья «Ӕнтыстдзинӕдтӕ агургӕйӕ» (уыр.).

^ 15 абз. Хорз цӕвиттонтӕ ис «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» 1992 азӕн, 181—182 фӕрстӕ (англ.) ӕмӕ 1993 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 27—31 фӕрстӕ (уыр.).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Стырадмӕ дунейы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

• Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ стыр, кадджын адӕймаг чи у?

• Цӕстдарджыты бон куыд у Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад фӕзмын?

• Цӕмӕй стырадмӕ Чырыстийы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 27 фарсыл]

Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ стыр, кадджын чи у?

Афтӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уымӕн лӕггад кӕной, ӕви иннӕтӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны?

Йӕхи равдисыныл чи хъуыды кӕны, ӕви алы куыст дӕр йӕ сӕрмӕ чи хӕссы?

Йӕхи чи уӕлдӕр кӕны, ӕви иннӕты йӕхицӕй уӕлдӕр чи ӕвӕры?

[Ныв 24 фарсыл]

Фараон Аменхотеп III цырт.

[Ныв 25 фарсыл]

Аман йӕхи куыд бабын кодта, уый зоныс?

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иннӕтӕн куыд балӕггад кӕнай, ууыл фӕхъуыды кӕныс?