Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы диссӕгтӕ — ӕцӕг сты ӕви ӕрымысгӕ?

Чырыстийы диссӕгтӕ — ӕцӕг сты ӕви ӕрымысгӕ?

Чырыстийы диссӕгтӕ — ӕцӕг сты ӕви ӕрымысгӕ?

«УЫМӔ [Йесо Чырыстимӕ] ӕрбакодтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Уый расырдта ныхасӕй хӕйрӕджыты, ӕмӕ сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты» (Матфейы 8:16). «Сыстгӕйӕ, Уый [Йесо Чырысти], басабыр кодта дымгӕ ӕмӕ загъта денджызӕн: банцай, ныхъхъус у. Ӕмӕ дымгӕ басабыр, ӕмӕ сси стыр сабыр» (Маркы 4:39). Ацы хабӕртты тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Ӕцӕг уыдысты ӕви ӕрымысгӕ сты? Гъе та, кӕд таурӕгътӕ сты?

Бирӕтӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц Чырыстийы диссӕгтыл. Абон, телескоп ӕмӕ микроскоп, космос сгарын ӕмӕ генты инженерийы дуджы цӕргӕйӕ, адӕммӕ уӕлӕрдзон хъуыддӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ фӕкӕсынц худӕг ӕмӕ сыл нӕ феууӕндынц.

Иуӕй-иутӕ диссӕгты кой куы фехъусынц, уӕд фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ уыдон таурӕгътӕ, аргъӕуттӕ сты. Иу фыссӕг йӕ чиныджы (афтӕ кӕмӕй дзурынц, ӕмӕ «ӕцӕг» Чырыстийы ӕргом кӕны) фыссы, зӕгъгӕ, Йесойы диссӕгтӕ сты чырыстон дин «адӕмӕн хъарыны мадзал», ӕндӕр ницы.

Иннӕтӕ та Чырыстийы диссӕгтӕ цӕстфӕлдахӕн митӕй дарддӕр ницӕуыл нымайынц. Хатт ын йӕхи схонынц цӕстфӕлдахӕг дӕр. Н. э. II ӕнусы цӕрӕг Хъизӕмаргӕнӕг Юстин куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йесойы йӕ ныхмӕдзӕуджытӕ «хуыдтой суанг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ фӕлитой». Ӕндӕртӕ та дзы дзырдтой, зӕгъгӕ «йӕ диссӕгтӕ арӕзта дзуттаг пехуымпартау нӕ, фӕлӕ муртаттаг кувӕндӕтты кӕлӕнгӕнджытау».

«Уый гӕнӕн нӕй» цӕмӕн фӕзӕгъынц

Адӕм диссӕгтыл не ’ууӕндынц сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ сӕ сӕрмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уадзынц ахӕм хъуыды, уӕлӕрдзон тыхтӕ кӕй ис. «Диссӕгтӕ? Цӕуылты феууӕндынц!» — загъта, йӕхи агностикыл чи нымайы, ахӕм ӕрыгон лӕппу. Уый ӕрхаста XVIII ӕнусы цӕрӕг шотландиаг философ Дейвид Юмы ныхӕстӕ: «Диссӕгтӕ ӕрдзы закъӕтты ныхмӕ сты».

Уӕддӕр бирӕтӕ «диссӕгтӕ нӕй» зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнынц. Дзырдӕн, иу энциклопеди, диссаг цы у, уый ӕмбарын кӕны афтӕ: «Ӕрдзы закъӕттӕй кӕй зонӕм, уыдон бындурыл бамбарын кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабар» («The World Book Encyclopedia»). Афтӕмӕй, космосмӕ тӕхын, уырдӕм спутниктӕ ӕрвитын ӕмӕ радиобастдзинад адӕм сӕдӕ азы размӕ схуыдтаиккой «диссӕгтӕ». Уӕдӕ диссӕгтӕ абоны зонындзинӕдты бындурыл бамбарын кӕнӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй афтӕ зӕгъын раст уыдзӕн, зӕгъгӕ диссӕгтӕн уӕвӕн нӕй?

Йесо Чырыстийы диссӕгтӕ кӕй хонынц, уыдонӕй Фыстады цалдӕрмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд цы базондзыстӕм? Ӕцӕг сты ӕви ӕрымысгӕ?