Иегъовӕ у нӕ тых уынгӕгдзинады рӕстӕг
Иегъовӕ у нӕ тых уынгӕгдзинады рӕстӕг
«Хицауӕй ирвӕзындзинад рӕстгӕнджытӕн; Уый сӕ иргъӕвӕг [«сӕ тых», МГТ] уынгӕгдзинады рӕстӕг» (ПСАЛОМ 36:39).
1, 2. а) Йесо йӕ Фыдӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй цы куырдта? ӕ) Хуыцаумӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?
ИЕГЪОВӔЙЫ тых ӕмӕ хъомыс сты ӕгӕрон. Йӕ бар цӕуы алцӕуылдӕр, ӕмӕ йӕ бон у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕнын, суанг сӕ ацы дунейӕ ахибар кӕнын, сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ куыд цӕрой. Фӕлӕ Йесо уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта: «Нӕ кувын, цӕмӕй Ды акӕнай уыдоны дунейӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахъахъхъӕнай фыддзинадӕй [«Фыдбылызӕй», НД]» (Иоанны 17:15).
2 Иегъовӕ нӕ «дунейӕ» нӕ акодта. Уый йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн цӕрӕм, ныфс чи фидар кӕны ӕмӕ мастӕфхӕрд зӕрдӕтӕм рухс чи уадзы, уыцы хорз хабар сын хъусын кӕнӕм (Ромӕгтӕм 10:13—15). Фӕлӕ Йесо куыд куывта, афтӕмӕй нӕм, дунейы цӕргӕйӕ, «Фыдбылыз» бахъав-бахъав кӕны. Сау тыхтӕ ӕмӕ зыгъуыммӕ зондыл хӕст адӕм цард зындон фестын кодтой. Ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕмаст, ӕнӕфыдбылыз не сты (1 Петры 5:9).
3. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕн дӕр цард цытӕ ӕвзарын кӕны, фӕлӕ сын Хуыцауы Ныхас сӕ зӕрдӕ куыд фидар кӕны?
3 Ахӕм рӕстӕг адӕймагӕн йӕ ныфс дӕр асӕтты, йе онг амӕлы (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Библи арӕх дзуры, Хуыцауы иузӕрдион адӕмӕй бирӕ маст ӕмӕ зынтӕ чи федта, ахӕмты тыххӕй. «Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн,— зӕгъы псаломзарӕггӕнӕг,— ӕмӕ йӕ уыдон се ’ппӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (Псалом 33:20). О, «рӕстгӕнӕг» дӕр бавзары бирӕ маст. Мах дӕр, псаломзарӕггӕнӕг Давидау, хатт «сфӕлмӕцӕм ӕмӕ ӕгӕр фӕхъынцъым кӕнӕм» (Псалом 37:9). Фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕ фидар кӕнынц мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Хӕстӕг у Хицау [Иегъовӕ] саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты [ныфссаст чи у, уыдоны] ирвӕзын кӕны» (Псалом 33:19; 93:19).
4, 5. а) Цӕмӕй нӕ Хуыцау хъахъхъӕна, уый тыххӕй Ӕмбисӕндтӕ 18:10-мӕ гӕсгӕ цы хъӕуы? ӕ) Цӕмӕй нын Хуыцау ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй нӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ хъӕуы кӕнын?
4 Йесойы куывдмӕ гӕсгӕ нӕ Иегъовӕ хъахъхъӕны. Иегъовӕ у нӕ «иргъӕвӕг [«тых», МГТ] уынгӕгдзинады рӕстӕг» (Псалом ). Ӕмбисӕндты чиныджы дӕр ис ахӕм ныхӕстӕ: «Иегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг балидзы уырдӕм — ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы» ( 36:39Ӕмбисӕндтӕ 18:10). Ацы стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Иегъовӕ йе сконд адӕмыл йӕ арм дары, ауды сыл. Уӕлдайдӕр та, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры — «фидар мӕсыг» кӕмӕн свӕййы ӕмӕ йӕм чи балидзы,— уыцы рӕстгӕнджыты йе уазӕг бакӕны.
5 Уынгӕджы рӕстӕг куыд ис нӕ фидар Мӕсыг Иегъовӕмӕ лидзӕн, ома дзы ӕххуыс агурӕн? Уый тыххӕй хъӕуы ӕртӕ хъуыддаджы кӕнын. Фыццаг, хъуамӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувӕм. Дыккаг, йӕ сыгъдӕг уд нын цы амоны, уымӕ хъусӕм. Ӕртыккаг, Иегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нӕхи бӕттӕм, «уынгӕгдзинады рӕстӕг» нын нӕ маст чи ферох кӕнын кӕны, уыдоныл — не ’муырнджытыл. Цӕй, равзарӕм сӕ.
Куывдӕн ис стыр тых
6. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
6 Ӕрхӕндӕг низ фенцондӕр кӕнынӕн ӕмӕ нервытӕ ӕрсабыр кӕнынӕн дохтыртӕй иуӕй-иутӕ амонынц Хуыцаумӕ кувын. Ӕмӕ раст у, адӕймаг кувӕгау хъуыдыты куы ацӕуы, уӕд ын фенцондӕр вӕййы. Фӕлӕ ма адӕймагӕн фенцон вӕййы цъиуты зарынмӕ, доны хӕл-хӕлмӕ куы фӕхъусы, йе та йын исчи йӕ фӕсонтӕ куы феууӕрды, уӕд дӕр. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ кувынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц ӕмӕ йӕ зӕрдӕхъӕлдзӕггӕнӕн хосыл нӕ нымайынц. Мах ӕй зонӕм — куывд у не Сфӕлдисӕгимӕ сӕрныллӕг ныхас. Хуыцаумӕ чи кувы, уый дзы хъуамӕ уа ныфсджын ӕмӕ йыл уа ӕнувыд. Кувын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у — ӕнӕ уымӕй нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм.
7. Хуыцаумӕ ныфсзӕрдӕйӕ кувын цы нысан кӕны ӕмӕ нын «уынгӕгдзинады рӕстӕг» куыд баххуыс кӕны?
7 Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусы, ууыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм. Апостол Иоанн фыста: «Мӕнӕ нӕм цавӕр уӕндондзинад ис Уымӕ [«мах Уымӕ цы ныфс зӕрдӕ дарӕм», НФ], исты куы курӕм Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд нӕм Уый хъусы» (1 Иоанны 5:14). О, Иегъовӕ, ӕппӕтхъомысджын Иунӕг Ӕцӕг Хуыцау, йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын куывдтытӕм кӕддӕриддӕр байхъусы. Нӕ уарзӕгой Хуыцауӕн нӕ мӕстытӕ ӕмӕ нӕ тыхстытӕ куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ кӕй фӕхъусы — ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы (Филиппӕгтӕм 4:6).
8. Иузӕрдион чырыстӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕной Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, уый аккаг нӕ дӕн?
8 Иузӕрдион чырыстӕттӕ хъуамӕ макуы ӕфсӕрмы кӕной Иегъовӕмӕ кувын. Стӕй, мӕ кувын мын нӕ фехъусдзӕн, йе та уый аккаг нӕ дӕн, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыдытӕ сӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзой. Уӕвгӕ, нӕхицӕй куы сфӕлмӕцӕм ӕмӕ ныл «уынгӕгдзинады рӕстӕг» куы скӕны, уӕд нӕм кувын Исай 49:13; 2 Коринфӕгтӕм 7:6). Нӕ сӕр катайаг куы свӕййы, мӕстыты бын куы фӕвӕййӕм, уӕлдайдӕр нӕ уӕд фӕхъӕуы нӕ тыхдӕттӕг уӕларвон Фыдмӕ ныфсджынӕй кувын.
дӕр нал фӕцӕуы. Ахӕм заман-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Иегъовӕ «ӕфхӕрд адӕймӕгтӕн [кӕй] тӕригъӕд кӕны» ӕмӕ «сабырты [ссӕст адӕмы] рӕвдауӕг» кӕй у (9. Кувгӕйӕ нӕ уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы?
9 Цӕмӕй нӕ куывдтытӕ дзӕгъӕлы ма уой, уый тыххӕй нӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Уый кӕй ис, ууыл, ӕмӕ Йӕ агурджытӕн ратты», ома сӕ схорзӕхджын кӕны (Дзуттытӕм 11:6). Фидар уырнындзинад канд уый нӕу, ӕмӕ Хуыцау «кӕй ис», ууыл ӕууӕндӕм. Хъуамӕ ма нӕ уырна, кӕй йӕм хъусӕм, уый тыххӕй нӕ схорзӕхджын кӕнынхъом кӕй у ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны. «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ куывдмӕ» (1 Петры 3:12). Иегъовӕ ныл кӕй ауды, кӕй нӕ уарзы, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд нӕ куывдтытӕ уыдзысты мидисджындӕр.
10. Цӕмӕй нын Иегъовӕ ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй нӕ куывдтытӕ цавӕр хъуамӕ уой?
10 Нӕ куывдтытӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй куы фӕцӕуынц, уӕд сӕ Иегъовӕ хъусы. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Кувын мӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ: байхъус мӕнмӕ, Хицау» (Псалом 118:14, МГТ). Нӕ куывдтытӕ, кӕй сахуыр кӕнынц ӕмӕ алы хатт кӕй фӕдзурынц, ахӕм куывдтытау уӕлӕнгай ӕмӕ уазал не сты. Мах Иегъовӕмӕ «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» куы фӕкувӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ вӕййынц мидисджын. Ахӕм куывдтыты фӕстӕ нын тынг фенцон вӕййы, уымӕн ӕмӕ «Хицауыл нӕ мӕт сӕвӕрӕм». Ӕмӕ Библи дӕр зӕгъы, зӕгъгӕ ныл уый «хӕцдзӕн» (Псалом 54:23; 1 Петры 5:6, 7).
Хуыцауы сыгъдӕг уд — не ’ххуысгӕнӕг
11. Иегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд нын дзуапп куыд ратты?
11 Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм канд хъусгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ дзы цы фӕкурӕм, уый нын аразгӕ дӕр скӕны (Псалом 64:3). Давид фыста: «Мӕ зындзинады бон Дӕумӕ дзурын, уымӕн ӕмӕ Ды фехъусдзынӕ мӕн» (Псалом 85:7). Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕ ӕххуыс «курут», уымӕн ӕмӕ уӕ «Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:9—13). Хуыцау йӕ архайгӕ тыхӕй йӕ адӕмы «рӕвдауы» — ӕххуыс сын кӕны (Иоанны 14:16).
12. Нӕ зындзинӕдтӕй хъуырмӕ куы свӕййӕм, уӕд нын сыгъдӕг уд куыд баххуыс кӕны?
12 Хуыцауы сыгъдӕг уд нын суанг фӕлварӕнты дӕр дӕтты «стыр хъару» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Апостол Павел дӕр, бирӕ зынтӕ фенӕг, фидарӕй загъта: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13, НД). Абон дӕр афтӕ: чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, Хуыцауӕн сӕ уды дудгӕтӕ куы ракӕнынц, уӕд сӕ уырнындзинад фӕцардхъомдӕр вӕййы, се уӕнгты хъарутӕ бацӕуы. Хуыцау нын сыгъдӕг удӕй куы бахай кӕны, уӕд нӕм нӕ зынтӕ ахӕм зын нал фӕкӕсынц. Хуыцау нын хъарутӕ кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у апостол Павелау дзурын: «Мах алырдыгӕй дӕр ӕлхъывд, фӕлӕ уынгӕг не стӕм; мах ныфссаст уавӕрты, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты; мах ӕфхӕрд, фӕлӕ уагъд не стӕм; ӕппӕрст, фӕлӕ нӕ сӕфӕм» (2 Коринфӕгтӕм 4:8, 9).
13, 14. а) Иегъовӕ нын Библийы руаджы «тых» куыд дӕтты? ӕ) Библийы уагӕвӕрдтӕ дын царды куыд ахъаз сты?
13 Хуыцау ма йӕ сыгъдӕг удӕй ныффыссын кодта Библи ӕмӕ йӕ сӕфын нӕ бауагъта. Иегъовӕ нын «уынгӕгдзинады рӕстӕг» Библийы руаджы «тых» куыд ратты? Дзырдӕн, куырыхон зонд ӕмӕ нӕ ӕрхъуыдыйӕ схайджын кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 3:21—24). Нӕ зонды авналӕнтӕ нын фӕуӕрӕхдӕр кӕны, фембаргӕдӕр вӕййӕм (Ромӕгтӕм 12:1). Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм, иудадзыгдӕр ӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы царды куы пайда кӕнӕм, уӕд фӕлтӕрӕм «хорз ӕмӕ фыддзинад ӕвзарын» (Дзуттытӕм 5:14). Уӕззау уавӕры бахаугӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕхицӕн дӕр Библи иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕахъаз зондджын уынаффӕ рахӕссынӕн. Библи ма нӕ ахуыр кӕны «дардмӕ уынын» дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у зындзинӕдты сӕрты хизын (Ӕмбисӕндтӕ 1:4).
14 Хуыцауы Ныхас нын ирвӕзындзинадӕй ныфс кӕй ӕвӕры, уымӕй дӕр нӕ тыхыл тых ӕфты (Ромӕгтӕм 15:4). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ нӕ мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ мыггагмӕ не ’вдӕрздзысты (2 Коринфӕгтӕм 4:16—18). Дӕтты ма нын ӕнусон царды ныфс дӕр. Уымӕй «зӕрдӕ сӕвӕрдта дзырды ӕнаивгӕ Хуыцау, ӕнусты афонтӕй раздӕр» (Титмӕ 1:2). Уыцы ныфсыл куы цин кӕнӕм, Иегъовӕ нын зӕрдӕ цы рухс фидӕнӕй бавӕрдта, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд фыдӕвзарӕнты фидар лӕудзыстӕм (Ромӕгтӕм 12:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 1:3).
Ӕмбырд — Хуыцауы уарзты ӕвдисӕн
15. Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн стыр ныфс куыд сты?
15 Иегъовӕ ма нын «уынгӕгдзинады рӕстӕг» не уӕнгты тых уадзы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты руаджы дӕр. Библи уый фӕдыл афтӕ дзуры: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы, ӕмӕ у, зын сахат цӕмӕй адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Хуыцауы Ныхас не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзи уарзӕм (Ромӕгтӕм 12:10). «Мачи агурӕд йӕхион, фӕлӕ алчидӕр иннӕйы пайдайӕн»,— фыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 10:24). Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд канд нӕхи мӕт нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ иннӕты мӕт дӕр. Нӕ удыл иннӕты тыххӕй куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд нӕ циныл дӕр цин бафты, нӕ зӕрдӕ барухс вӕййы ӕмӕ нӕхи уаргъ дӕр фӕрогдӕр вӕййы (Куыстытӕ 20:35).
16. Чырыстӕттӕй алкӕй бон дӕр куыд у иннӕты ныфсыл ӕфтауын?
16 Фӕлтӕрд чырыстӕттӕй бирӕ кӕнгӕ у, цӕмӕй иннӕты тыхыл тых ӕфта. Уый тыххӕй хъуамӕ уой зӕрдӕхӕлар ӕмӕ хуымӕтӕг (2 Коринфӕгтӕм 6:11—13). Ӕмбырды алчидӕр кӕстӕртӕй, фӕсивӕдӕй куы ӕппӕла, ногты уырнындзинад куы фидар кӕна ӕмӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыдоны ныфсыл ныфс куы ӕфтауа, уӕд уыцы ӕмбырды уыдзӕн фарн (Ромӕгтӕм 15:7). Кӕрӕдзи куы уарзӕм, уӕд нӕ иу иннӕйыл гуырысхо нӕ кӕндзӕн. Зӕгъгӕ, чидӕр мӕстытӕ ӕййафы, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Павел чырыстӕттӕн дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Ныфсхаст кӕнут зӕрдӕсӕстыты» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй иузӕрдион чырыстӕттыл дӕр скӕны «уынгӕгдзинады рӕстӕг» (Куыстытӕ 14:15).
17. Цӕмӕй ӕнгомдӕр уӕм, уымӕн цы хъӕуы?
17 Фембӕлдтӕ сты хорз рӕстӕг кӕрӕдзийы Дзуттытӕм 10:24, 25). Фӕлӕ хъуыддаг ӕмбырды фембӕлдтыл нӕ аскъуыйы: чырыстӕттӕ ма ӕнӕуи дӕр амбырд вӕййынц, иумӕ абадынц, фӕныхӕстӕ кӕнынц. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ кӕнӕм ӕнгомдӕр, ӕввахсдӕр, ӕмӕ нӕ исчи уӕззау уавӕры куы бахауы, уӕд уыцы тӕккӕ йӕ фарсмӕ балӕууӕм. Апостол Павел фыста: «[Хъуамӕ] ма уа хицӕндзинӕдтӕ буары, уӕнгтӕ та иууылдӕр иухуызон мӕт кӕной кӕрӕдзиуыл. Уымӕ гӕсгӕ иу уӕнг куы тухӕн кӕны, йемӕ тухӕн кӕнынц иууылдӕр уӕнгтӕ; кадджын кӕны иу уӕнг, йемӕ цин кӕнынц уӕнгтӕ иууылдӕр» (1 Коринфӕгтӕм 12:25, 26).
ныфсыл ныфс, циныл цин ӕфтауынӕн (18. Нӕ чемы куы нӕ вӕййӕм, уӕд нӕ нӕ сӕрӕй цавӕр хъуыдытӕ сурын хъӕуы?
18 Нӕ чемы куы нӕ вӕййӕм, уӕд нӕм хатт искӕй уынын, искӕимӕ дзурын дӕр нӕ фӕцӕуы. Ахӕм хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй сурын хъӕуы — нӕхи хъуамӕ ӕнӕхай ма кӕнӕм не ’мчырыстӕтты рӕвдыд ӕмӕ ӕххуысӕй. Библи ӕргом дзуры: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый сфыдзонд уыдзӕн. Цӕудзӕн, царды чи ахады, ӕппӕт уыцы зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Хуыцау нын не ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты уымӕн радта, ӕмӕ нӕ уарзы, тыхсы ныл. Ӕмӕ сыл нӕхи куы бӕттӕм, уӕд нын «уынгӕгдзинады рӕстӕг» уыдзӕн ӕнцондӕр.
Дӕ зӕрдӕ рухс хъуыдытӕй дзаг кӕн
19, 20. Фыстад нын куыд ӕххуыс кӕны тар хъуыдытӕ сурынӕн?
19 Нӕ ныфс куы асӕтты, нӕ зӕрдӕйыл ӕрхӕндӕг куы бафты, уӕд нӕ сӕр байдзаг вӕййы алыхуызон тар хъуыдытӕй. Дзырдӕн, иуӕй-иутыл ӕнамонд хабар куы ’рцӕуы, уӕд сӕ уырнындзинад фидар кӕй у, ууыл фӕдызӕрдыг вӕййынц: фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ мӕ уый уымӕн баййӕфта, ӕмӕ мӕм Хуыцау фӕфыдӕх. Фӕлӕ цыфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕ рох ма уӕд — Иегъовӕ «фыддзинадӕй» никӕй фӕлвары (Иаковы 1:13). Хуыцау «адӕмы хъӕбулты Йӕхи зӕрдӕйы фӕндӕй нӕ бафхӕры ӕмӕ нӕ бахъыгдары»,— дзуры Библи (Иеремийы хъарӕг 3:33, «Мах дуг» № 12, 1999). Иегъовӕйӕн тынг зын вӕййы йӕ адӕмы зын (Исай 63:8, 9; Захари 2:8).
20 Иегъовӕ у «хӕларзӕрдӕйы Фыд ӕмӕ алы рӕвдауындзинады Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 1:3). Уый не ’ппӕтыл дӕр ауды, ӕмӕ нӕ «йӕ рӕстӕджы сисдзӕн», сбӕрзонд кӕндзӕн (1 Петры 5:6, 7). Зынаргъ ын кӕй стӕм, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нӕ зӕрдӕ дзаг кӕндзӕн рухс хъуыдытӕй, ӕмӕ нӕ циныл цин ӕфтдзӕн. Иаков фыста: «Стыр циндзинадимӕ исут, ме ’фсымӕртӕ, куы хауат алыхуызон фӕлварӕнты» (Иаковы 1:2). Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ фӕлварӕнты фӕуӕвгӕйӕ уый райсдзӕн царды кады худ, кӕцыйӕ зӕрдӕ сӕвӕрдта Хицау, Уый уарзджытӕн» (Иаковы 1:12).
21. Кӕд зындзинӕдтӕ ӕййафӕм, уӕддӕр нын Хуыцау нӕ зӕрдӕ куыд фидар кӕны?
21 «Дунейы уын уыдзӕн зындзинад»,— фӕдзӕхста Йесо (Иоанны 16:33). Фӕлӕ Библи дзуры, зӕгъгӕ нӕ «хъыг, кӕнӕ уынгӕгдзинад, кӕнӕ сурындзинад, кӕнӕ ӕххормаг, кӕнӕ бӕгънӕг, кӕнӕ тӕссаг уавӕр» Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты уарзондзинадӕй никуы ахицӕн кӕндзысты (Ромӕгтӕм 8:35, 39). Нӕ зынтӕ мыггагмӕ кӕй нӕ уыдзысты, уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы уа! Фӕлӕ цалынмӕ адӕмы тухитӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ та нӕ нӕ уарзӕгой Фыд Иегъовӕ хъахъхъӕндзӕн. Ӕмӕ нӕхи йе уазӕг куы кӕнӕм, уӕд «уыдзӕн ӕрлидзӕндон ӕфхӕрдӕн, ӕрлидзӕндон уынгӕгдзинады рӕстӕджыты» (Псалом 9:10).
Цы базыдтам?
• Ацы фыддунейы цӕргӕйӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ ӕмбарой?
• Фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд нӕ тыхыл тых куыд ӕфтдзӕн?
• Хуыцауы сыгъдӕг уд нын куыд ӕххуыс кӕны?
• Нӕ бон куыд у нӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 14 фарсыл]
Иегъовӕйы хъуамӕ афтӕ агурӕм, раст цыма фидар мӕсыгмӕ лидзӕм.
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ алкӕддӕр иннӕтӕй ӕппӕлынц ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц.