Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕм ссарӕн ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ

Кӕм ссарӕн ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ

Кӕм ссарӕн ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ

АЛКӔЙДӔР фӕнды, цӕмӕй амондджын уа. Уый тыххӕй ацы тыхст дунейы хъӕуы хорз уынаффӕтӕ зонын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Фӕлӕ адӕм арӕх хорз уынаффӕмӕ нӕ байхъусынц. Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ йӕхи зондӕй цӕра. Библийы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ фыццаг адӕймӕгты Сайтан — Хуыцауы хицаудзинады фыццаг знаг — самидин кодта, цӕмӕй ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрой. Евӕйӕн цы загъта, уый кӕсӕм Уӕвынады 3:5: «Хуыцау зоны, цы бон дзы бахӕрат [хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй], уыцы бон байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн, зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр».

Цымӕ, Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи зондӕй архайын кӕй райдыдтой, уымӕй амондджындӕр фесты? Кӕцӕй. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр базондзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды сӕ фӕсайдта — сӕ хивӕнд ми уайтагъддӕр йӕ фӕдыл расайдта стыр бӕллӕхтӕ. Хуыцау сӕм фӕфыдӕх, систы ӕнӕххӕст, сӕ цард сси фыдӕбон ӕмӕ тухи; фӕстагмӕ та сӕм ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт (Уӕвынад 3:16—19, 23). Абон иу адӕймаг дӕр ӕнӕмӕлгӕ нӕу. Библийы дзырдӕуы: «Иу адӕймагӕй [Адамӕй] тӕригъӕд куыд бацыди дунемӕ, ӕмӕ тӕригъӕдӕй мӕлӕт, афтӕ мӕлӕт дӕр бахызт ӕппӕт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый мидӕг иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой» (Ромӕгтӕм 5:12).

Адам ӕмӕ Евӕйы хивӕнд ми цы фыдбылызтӕ расайдта, уыдӕттӕ кӕд адӕм уынынц, уӕддӕр бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнынц, не Сфӕлдисӕджы уынаффӕтӕ цас ахадгӕ сты, ууыл. Фӕлӕ Библи йӕхӕдӕг дзуры, кӕй у фыст «Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у» ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ» уӕм (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ Библийы уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд ӕцӕг уыдзыстӕм амондджын. Уӕлдайдӕр та бинонты царды.

Цардӕмбалыл иузӕрдион

Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ цӕрой (Уӕвынад 2:22—24; Матфейы 19:6). Стӕй ма Сыгъдӕг Фыстады дзырдӕуы, «къайады... хуыссӕнуат [хъуамӕ уа] ӕнаипп [«ӕнӕфӕчъизигондӕй», НФ]», ома лӕг кӕнӕ ус ӕндӕр искӕимӕ ӕмуат ма цӕуа (Дзуттытӕм 13:4). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, абон бирӕтӕ уымӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц. Кӕмӕдӕр ӕвзӕр нӕ кӕсы куысты искӕимӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ кӕнын. Иннӕтӕ та сӕ цардӕмбӕлтты асайынц, цӕмӕй сӕ рӕстӕг сӕ лымӕнтимӕ ӕрвитой. Чидӕр та йӕ лӕг кӕнӕ йӕ усы ныууадзы (фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы Вероникӕйы хабар куыд уыд, афтӕ) ӕмӕ ӕрыгондӕримӕ бацӕры, ома уыимӕ мӕхи ӕрыгондӕр хатын, амондджындӕр дӕн, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ адӕймаг ӕрмӕст йӕхи уды мӕт куы кӕна ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд амондджын никуы уыдзӕн. Уымӕн Роналды цард ӕвдисӕн. Роналды ныфс уыд, йӕ цардӕмбалы куы ныууадза ӕмӕ ӕндӕр сылгоймагимӕ, ныр 6 азы сусӕгӕй кӕмӕ цыд, дыууӕ сывӕллоны йын кӕмӕй уыд, уыимӕ куы бацӕра, уӕд йӕ цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ, йӕ усӕй куы ахицӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ йӕ хӕзгул ныууагъта! Ӕппынфӕстаг Роналд йӕ ныййарджытӕм ӕрцард. Йӕ цард йӕхӕдӕг хоны, «кӕуинаг» кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Уый ӕрмӕст иу цӕвиттон. Ахӕм хиуарзон адӕм сӕ монцты фӕдыл кӕй ацӕуынц, уый тыххӕй уыйбӕрц бинонтӕ ахицӕн вӕййы, ӕмӕ диссаг. Уый бирӕтӕн — стыртӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр — цас маст ӕрхӕссы!

Фӕлӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ӕцӕг амондджын сты. Ӕркӕсӕм Робертойы хабармӕ. Уый зӕгъы: «Библийы уынаффӕты фӕрцы мӕ бинойнагимӕ абон дӕр цӕрын. Адӕймаг йӕ цардӕмбалы искӕй тыххӕй куы ныууадза, уӕд амондджын никуы уыдзӕн, уыцы адӕймаг ӕм цыфӕнды хорз, цыфӕнды рӕсугъд куы кӕса, уӕддӕр. Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтон, уый руаджы мӕ бинойнагӕн, бирӕ азты дӕргъы мӕ фарсмӕ чи ис, уымӕн аргъ кӕнын базыдтон». Библийы уынаффӕ, «гадзрахатӕй уӕ мачи рацӕуӕд, йе ’взонджы бонтӕ цы усимӕ арвыста, ууыл», зӕгъгӕ, Робертойӕн йӕ цард аивта (Малахи 2:15). Кӕм ма нын баххуыс кӕндзысты Хуыцауы уынаффӕтӕ?

Сывӕллӕтты хъомылад

Иу-40 азы размӕ хъомыл кӕныны хъуыддаджы фӕзынд ахӕм хъуыды: ныййарджыты хъӕуы сӕ сывӕллӕтты сӕхи бар уадзын. Хорзыл нымад уыд, сывӕллон йӕхи зондыл куы цӕуа, куыд ӕй фӕнды, афтӕ куы кӕна, ома, дам, ӕй афтӕмӕй рӕзынӕн ницы хъыгдардзӕн. Иуӕй-иу рӕтты ма уый суанг скъолаты фӕткӕвӕрдыл дӕр фӕзынд: зӕгъӕм, ахуырдзау йӕхӕдӕг скъуыддзаг кодта, уроктӕм цӕудзӕн ӕви нӕ, цас улӕфдзӕн кӕнӕ цас ахуыр кӕндзӕн. Иу скъолайы та уыд ахӕм ӕгъдау: «сывӕллӕттӕн хъӕуы уый бар раттын, цӕмӕй сӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕной, стыртӕй сын зонд куыд ничи амона, куыд ничи сын уайдзӕф кӕна». Абон дӕр, адӕймаджы уагахаст чи иртасы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, ӕфхӕрын, нӕмын пайда кӕй нӕу, суанг ма ныййарджытӕ куы уыной, сывӕллоны цӕйдӕр тыххӕй ӕнӕмӕнг бафхӕрын хъӕуы, уӕд дӕр.

Уый цӕмӕ ’ркодта? Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, сывӕллӕттӕн «ма кӕн» зӕгъӕг кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ сты ӕгӕр уӕгъдибар, ӕмӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ наркомани дӕр афтӕ арӕх уый аххосӕй сты. Иугонд Штатты иу ӕрфарсты архайджытӕн сӕ 70 проценты бӕрц нымайынц, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕм куыд ӕмбӕлы, ахӕм ӕркаст нӕй. Уӕдӕ скъолаты сывӕллӕттӕ сӕ ахуыргӕнджыты ӕмӕ иннӕ скъоладзауты кӕй багӕрах кӕнынц ӕмӕ ӕндӕр ӕвирхъау фыдракӕндтӕ кӕй кӕнынц, уый дӕр бирӕтӕ, сӕ «ныййарджыты ’рдыгӕй сӕм хъусдард кӕй нӕй», уый аххос кӕнынц. Ӕмӕ кӕд алыхатт ахӕм бӕллӕхтӕ не ’рцӕуы, уӕддӕр, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты раст кӕй нӕ хъомыл кӕнынц, уый тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр бирӕ маст бавзарынц.

Уый тыххӕй Библи та цы зӕгъы? Сыгъдӕг Фыстады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ фӕлмӕн, уарзӕгой куыд хъуамӕ уой, ных бакъуырын дӕр афтӕ хъуамӕ зоной. Библийы дзырдӕуы: «Лӕппуйы зӕрдӕ сонт у; зондамонӕн уис — йӕ хос» (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ хъуамӕ зоной, зонд бацамонын, бафхӕрын кӕм куыд хъӕуы, уый. Стӕй хъуамӕ уой фӕлмӕн, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн сӕ уарзондзинад. Ныййарджытӕ ӕгӕр тызмӕг куы нӕ уой, фӕлӕ сӕ алы ныхас, сӕ алы фезмӕлд уарзондзинадыл куы ӕнцайа, хорз цот уӕд схъомыл кӕндзысты.

Ацы уынаффӕтӕ куыд хорз сты, уымӕн бирӕты цард ӕвдисӕн. Уыдонӕй иу у Артуро (Мексикӕйӕ). Цӕуы йыл 30 азы, ӕрӕджы ракуырдта ус. Артуро зӕгъы: «Мӕ фыд-иу мӕнӕн ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн ӕмбарын кодта, хӕдзары хистӕртӕ ныййарджытӕ кӕй сты. Ӕмӕ-иу куы хъуыд, уӕд-иу нӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакодтой. Фӕлӕ сын алы хатт дӕр рӕстӕг уыд немӕ ныхас кӕнынӕн. Ныр амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ зонын, царды кӕм цы аразын хъӕуы, ӕмӕ йӕ ӕмбарын — уый сӕйраджыдӕр хорз хъомылады руаджы у».

Байхъус ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕм

Хуыцауы Ныхасы, Библийы, адӕмӕн ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ. Уыцы уынаффӕтӕ ӕрмӕст бинонты цардмӕ нӕ хауынц. Уыдон ахъаз сты бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ ахуыр кӕнынц, Хуыцаумӕ — зонды Суадонмӕ — хъусын кӕй нӕ фӕнды, уыцы дунейы куыд цӕрын хъӕуы, ууыл.

Иегъовӕ Хуыцау, адӕмы Сфӕлдисӕг, псаломзарӕггӕнӕг Давиды дзыхӕй загъта: «Бамбарын кӕндзынӕн дӕуӕн, сӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндагыл, кӕцыйыл дӕу цӕуын хъӕуы; разамынд дын дӕтдзынӕн, Мӕ цӕстӕнгас дӕ сӕрмӕ» (Псалом 31:8). Ахъуыды ма кӕн: Сфӕлдисӕг нӕм кӕсы, цӕмӕй нӕ фыдбылызтӕй хъахъхъӕна! Уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕхи бафӕрсӕд: «Ӕз Иегъовӕйы разамындмӕ сӕрныллӕгӕй хъусдзынӕн, йе ’ххуысыл мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн?». Хуыцау нын йӕ Ныхасы уарзгӕйӕ зӕгъы: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Цӕмӕй Иегъовӕйы базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы архайын, фыдӕбон кӕнын. Базонӕн та йӕ ис Библийы фӕрцы. Иегъовӕ нын цы цардвӕндаг амоны, уый мидӕг ис «ацы ӕмӕ фидӕны царды зӕрдӕвӕрӕн». Ахъуыды ма кӕнӕм, уый ӕцӕгдӕр стыр хӕзна куыннӕ у — цас хорздзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы уыцы фӕндагыл! (1 Тимофеймӕ 4:8, НФ; 6:6).

Кӕд Библи цы дзуры, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын куыд арфӕйаг хъуыддаг у, уый банкъарын дӕ фӕнды, уӕд дӕ царды сӕйрагдӕр уӕд Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын. Афтӕмӕй цыфӕнды зын хъуыддаджы дӕр — абон дӕр ӕмӕ кӕддӕриддӕр — зондзынӕ, цы дӕ хъӕуы бакӕнын, уый. Стӕй дын фӕзындзӕн, Иегъовӕ се ’ппӕты дӕр кӕм ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ иууылдӕр фӕрнӕйдзаг кӕм уыдзысты, уыцы ног дунейы цӕрыны ныфс (Исай 54:13).

[Ныв 5 фарсыл]

Библийы уынаффӕты фӕрцы бинонтӕ кӕнынц ӕнгомдӕр.

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Библийы уынаффӕтӕ ӕрмӕст хорз разамынд нӕ дӕттынц, фӕлӕ ма сты зӕрдӕрухсы хос дӕр.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон сты зӕрдӕрухс.