Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма хъусут «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕсмӕ»

Ма хъусут «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕсмӕ»

Ма хъусут «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕсмӕ»

«Ӕцӕгӕлоны фӕстӕ... нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс» (ИОАННЫ 10:5).

1, 2. а) Мариамӕ Йесо йӕ номӕй куы сдзырдта, уӕд куыд фӕци ӕмӕ ацы хабар, Йесо уымӕй размӕ цы дзырдта, уымӕн цардӕгас ӕвдисӕн куыд у? ӕ) Йесомӕ ӕнгом цӕй фӕрцы лӕууӕм?

МӔНӔ райгасуӕвӕг Йесо кӕсы, йӕ афтид зӕппадзы раз тыхстхуызӕй цы сылгоймаг лӕууы, уымӕ. Ацы сылгоймаджы хорз зоны. Уый у Мариа Магдалинӕ. Иу дыууӕ азы размӕ йӕ Йесо хӕйрӕджыты ахӕстӕй фервӕзын кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ кӕдӕм цыдысты, уым Мариа дӕр уыд семӕ — лӕггад сын кодта (Лукайы 8:1—3). Фӕлӕ абон Мариа цӕссыгӕй йӕхи ӕхсы, уымӕн ӕмӕ Йесо амард ӕмӕ ма ныр йӕ мард дӕр цыдӕр фӕци. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Йесо фӕрсы: «Усай! цӕмӕн кӕуыс? кӕй агурыс?» Мариа йӕ дыргъдонгӕс фенхъӕлдта, ӕмӕ йын загъта: «Ӕлдар! кӕд Ӕй ды ахастай, зӕгъ мӕнӕн кӕм Ӕй бавӕрдтай ӕмӕ Йӕ ӕз рахӕссон». Уӕд ӕм Йесо сдзырдта: «Мариа!» Ацы иу дзырд фехъусгӕйӕ Мариа базыдта Йесойы — уый-иу ӕм дзырдта афтӕ. «Ахуыргӕнӕг!» — фырцинӕй фӕхъӕр кодта Мариа ӕмӕ йӕм балыгъд (Иоанны 20:11—18).

2 Ацы хабар у цардӕгас ӕвдисӕн, Йесо уымӕй размӕ цы дзырдта, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Йӕхи абарста фыййауимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та — фыстимӕ, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, фыййау йӕ фыстӕм сиды сӕ нӕмттӕй ӕмӕ йын уыдон зонынц йӕ хъӕлӕс (Иоанны 10:3, 4, 14, 27, 28). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фыстӕ сӕ фыййауы куыд базонынц, афтӕ Мариа дӕр базыдта йӕ Фыййау Чырыстийы. Уый зӕгъӕн ис Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй абон дӕр (Иоанны 10:16). Фысты сӕ хъус кӕй нӕ сайы, уый фӕрцы сӕ фыййауӕй куыд нӕ адзӕгъӕл вӕййынц, афтӕ махӕн дӕр не ’мбаргӕ, нӕ къӕрцхъус зӕрдӕ дӕтты уый фадат, цӕмӕй нӕ Хорз Фыййау Йесо Чырыстийы фӕдыл ӕнӕрӕдыдӕй цӕуӕм (Иоанны 13:15; 1 Иоанны 2:6; 5:20).

3. Йесо фыййау ӕмӕ фысты тыххӕй цы радзырдта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕм цавӕр фарстытӕ гуыры?

3 Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй фыстӕ адӕймаджы хъӕлӕс базонынхъом кӕй сты, уый фӕрцы канд сӕ хӕлары нӕ базонынц — се знаджы дӕр раиртасынц. Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ нын тынг хин ӕмӕ мӕнгард ныхмӕлӕуджытӕ ис. Чи сты уыцы ныхмӕлӕуджытӕ? Куыд архайынц? Ӕмӕ сӕ нӕхи куыд бахизӕм? Ацы фарстытӕ бамбарынӕн ӕркӕсӕм, фыййау ӕмӕ фысты кой кӕнгӕйӕ ма Йесо ноджыдӕр цы загъта, уымӕ.

«Дуарыл чи нӕ бацӕуы, уый»

4. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыстӕ кӕй фӕдыл цӕуынц ӕмӕ кӕй фӕдыл нӕ цӕуынц?

4 «Дуарыл бацӕуӕг,— дзуры Йесо,— у фыййау фыстӕн. Уымӕн дуаргӕс байгом кӕны ӕмӕ фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны; ӕмӕ куы ракӕны йӕ фысты, уӕд цӕуы сӕ разӕй; фыстӕ та йӕ фӕстӕ цӕуынц, уымӕн ӕмӕ зонынц йӕ хъӕлӕс; ӕцӕгӕлоны фӕстӕ та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс» (Иоанны 10:2—5). Йесо дзырд «хъӕлӕс» загъта ӕртӕ хатты. Фыццаг дыууӕ хатты кӕны фыййауы хъӕлӕсы кой, фӕлӕ ӕртыккаг хатт ӕргом здахы «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕсмӕ». Чи у, Йесо кӕй кой кӕны, уыцы ӕцӕгӕлон?

5. Иоанны чиныджы 10-ӕм сӕры цы ӕцӕгӕлоны кой цӕуы, уый суазӕг кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

5 Йесо, суазӕг кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм ӕцӕгӕлоны кой нӕ кӕны, кӕд ӕмӕ дзырд «уазӕгуарзон» рагон Библийы ӕвзагыл «ӕцӕгӕлӕтты, ӕнӕзонгӕты уарзын» амоны, уӕддӕр (Дзуттытӕм 13:2). Йесо цы ӕцӕгӕлоны кой кӕны, уый уазӕг нӕу, ничи йӕ хуыдта. Уый «дуарыл... нӕ бацӕуы фысты кӕртмӕ, фӕлӕ ӕндӕр уылты... бахизы». Уый у «давӕг ӕмӕ абырӕг» (Иоанны 10:1). Хуыцауы Ныхас нын куыд дзуры, афтӕмӕй давӕг ӕмӕ абырӕг ӕппӕты фыццаг чи сси? Сайтан Хӕйрӕг. Уый тыххӕй нын дзуры Уӕвынады чиныг.

Ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс фыццаг хатт кӕд фехъуыст

6, 7. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Сайтан у ӕцӕгӕлон ӕмӕ давӕг?

6 Уӕвынад 3:1—5 нын дзуры, ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс зӕххыл фыццаг хатт куыд фехъуыст, уый тыххӕй. Сайтан калмы уылты йӕхи баласта фыццаг сылгоймаг Евӕмӕ ӕмӕ йын сайӕн ныхӕстӕ фӕкодта. Ӕцӕг ацы скъуыддзаджы Сайтаны «ӕцӕгӕлон» комкоммӕ не схуындӕуыд. Фӕлӕ йӕ митӕй бӕрӕг у, Йесо Иоанны чиныджы 10-ӕм сӕры цы ӕцӕгӕлоны кой кӕны, уый хуызӕн кӕй у бирӕ цӕмӕйдӕрты. Ӕркӕсӕм, цы сӕм ис иухуызонӕй.

7 Йесо дзуры, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕлон йӕ амӕттӕгтӕм фысты кӕртмӕ бацӕуы фӕстӕты. Раст афтӕ Сайтан дӕр йӕ амӕттагмӕ ӕргомӕй нӕ рацыд, фӕлӕ калмы уылты. Ӕмӕ уыцы фӕлывд мийӕ хурӕргом кӕны Сайтаны ӕцӕг цӕсгом — уый у цӕстфӕлдахӕг. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йесо цы ӕцӕгӕлоны кой кӕны, уый хъавы фысты сӕ ӕцӕг хицауӕй адавынмӕ. Уӕвгӕ, уый давӕгӕй дӕр фыддӕр у — йӕ нысан канд сӕ адавын нӕу, фӕлӕ сӕ хъуамӕ «амара ӕмӕ фесафа» (Иоанны 10:10). Афтӕ Сайтан дӕр у давӕг. Евӕйы куы афӕлывта, уӕд ын уый адавта йӕ зӕрдӕ — уӕдмӕ Хуыцауыл ӕнувыд чи уыди, уыцы зӕрдӕ. Стӕй ма адӕмы мӕлӕты амӕттаг дӕр фӕкодта. Гъе уымӕ гӕсгӕ Сайтан у лӕгмар.

8. Сайтан Иегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сзыгъуыммӕ кодта ӕмӕ йын йӕ фӕндтӕ куыд сдызӕрдыггаг кодта?

8 Сайтаны ӕдзӕсгом бӕрӕг у, Иегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сзыгъуыммӕ кодта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сыгъдӕг фӕндтӕ дызӕрдыггаг куыд скодта, уымӕй. «Ӕцӕг загъта Хуыцау, дыргъдоны уын алы бӕласӕй кӕй нӕй хӕрыны бар?» — бафарста Евӕйы. Сайтан ахӕм хуыз скодта, цыма зӕгъынмӕ хъавыд, Хуыцау афтӕ карз куыд хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Хуыцау зоны, цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ». Ахъуыды ма кӕн йӕ ныхӕстыл — «Хуыцау зоны». Ома, Хуыцау цы зоны, уый ӕз зонын. Зонын ын йӕ мидвӕндтӕ — хорзӕй дзы ницы ис, зӕгъгӕ (Уӕвынад 2:16, 17; 3:1, 5). Хъыгагӕн, Евӕ ӕмӕ Адам уыцы ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс фехъусгӕйӕ, сӕхи иуварс нӕ айстой. Байхъуыстой йӕм, ӕмӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр додойаг фӕкодтой (Ромӕгтӕм 5:12, 14).

9. Абон ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс кӕй хъуысы, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?

9 Сайтан Хуыцауы адӕмы сайыныл абон дӕр уыцы мадзӕлттӕй архайы (Раргомад 12:9). Уый у «мӕнгдзинады фыд», ӕмӕ уӕд, уыйау Хуыцауы лӕггадгӕнджыты сайыныл чи архайы, уыдон та сты йӕ сывӕллӕттӕ (Иоанны 8:44). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс абон кӕцӕй хъуысы, уымӕ.

Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс абон кӕцӕй хъуысы

10. Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс кӕмӕй хъуысы?

10 Сайӕн ныхӕстӕ. «Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырадтӕн уӕ зӕрдӕ ма дӕттут»,— дзуры нын апостол Павел (Дзуттытӕм 13:9). Цавӕр сты уыцы ахуырӕдтӕ? Павел афтӕ кӕй зӕгъы, «уӕ зӕрдӕ [сын] ма дӕттут», зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ уыдон сты, нӕ уырнындзинад нын чи цудын кӕны, ахӕм ахуырӕдтӕ. Кӕмӕй цӕуынц уыцы ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ? «Сымахӕн уӕхицӕй,— фӕдзӕхста Павел чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты,— сыстдзысты адӕм, кӕцытӕ дзурдзысты мӕнг, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты акӕной сӕ фӕдыл» (Куыстытӕ 20:30). Павелы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ абон дӕр ис ахӕмтӕ, кӕддӕр чырыстон ӕмбырды чи уыди, фӕлӕ ныр та «мӕнг» чи дзуры — кӕм гӕдыбыд ныхӕстӕй, кӕм та ӕргомӕй тугтӕ мысгӕйӕ — ӕмӕ афтӕмӕй фысты афӕливыныл чи архайы. Апостол Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ дӕр уыдон кӕнынц «мӕнг ныхӕстӕ» — адӕймагмӕ ӕцӕг чи кӕсы, фӕлӕ ӕцӕгӕй та мӕнг ӕхцатау афтид, ӕнӕпайда чи у, ахӕм ныхӕстӕ (2 Петры 2:3).

11. Динафӕливджытӕ куыд архайынц ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уый нын 2 Петры 2:1, 3 ныхӕстӕ куыд ӕргом кӕнынц?

11 Дарддӕр Петр хурӕргом кӕны, ӕцӕгады фӕндаг чи ныууагъта, уыдон куыд архайынц, уый. Зӕгъы, зӕгъгӕ, уыдон аивӕй «бахӕсдзысты сӕфты мӕнг ахуырадтӕ» (2 Петры 2:1, 3). Йесо йӕ ӕмбисонды цы давӕджы кой кӕны, уый «дуарыл [куыд] нӕ бацӕуы фысты кӕртмӕ, фӕлӕ ӕндӕр уылты [куыд] бахизы», раст афтӕ ӕрбахъуызынц махмӕ дӕр динафӕливджытӕ (Галатӕгтӕм 2:4; Иудӕйы 4). Фӕлӕ сӕ цы хъӕуы махӕй? «Уыдон сымах ахсдзысты»,— дзуры дарддӕр Петр. Уыцы динафӕливджытӕ цыфӕнды ма дзурой, цы сӕ хъӕуы, уый — «адавын, амарын ӕмӕ фесафын» (Иоанны 10:10). Ма хъусут ахӕм ӕцӕгӕлӕттӕм!

12. а) Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс хъусӕм не ’мбӕлтты ’хсӕнӕй? ӕ) Сайтан ӕмӕ, абон цы ӕцӕгӕлӕттӕ ис, уыдон цавӕр ӕмхуызон мадзӕлттӕй архайынц?

12 Адӕймаджы сафӕг ӕмбӕлттӕ. Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс ма гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыса, нӕхи кӕимӕ бӕттӕм, уыдоны уылты дӕр. Сафӕг ӕмбӕлттӕ уӕлдай тӕссаг ӕрыгӕттӕн сты (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Хъуыды кӕныс, Сайтан йӕ хъавд кӕмӕ скодта? Фыццаг дыууӕ адӕймагӕй кӕстӕр ӕмӕ ӕвӕлтӕрддӕр чи уыди, уымӕ — Евӕмӕ. Бауырнын ын кодта, Иегъовӕ дын дӕ сӕрибар исы, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та йӕ ныхӕсты рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд — Иегъовӕ уарзта йе сконд адӕмы ӕмӕ хъуыды кодта сӕ хӕрзӕбоныл (Исай 48:17). Раст афтӕ абон дӕр ӕцӕгӕлӕттӕ сымах, кӕстӕртӕ, ардауынц уыцы зондыл, зӕгъгӕ уӕ уӕ чырыстон ныййарджытӕ сӕрибарӕй акъахдзӕф кӕнын нӕ уадзынц. Ахӕм ӕцӕгӕлӕтты ныхӕстӕй дын исты тӕссаг у? Мӕнӕ цы зӕгъы иу ӕрыгон чырыстон-чызг: «Мӕ къласӕгтӕ мын цы дзырдтой, уый мыл иу афон афтӕ фӕзынд, ӕмӕ мӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Ӕдзух сӕ ныхас уый уыди, дӕ дин дӕ фезмӕлын нӕ уадзы, уый бакӕнӕн дын нӕй, уырдӕм ацӕуын дын не ’мбӕлы, зӕгъгӕ». Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, ӕцӕгдӕр афтӕ у? Исты дӕ дӕ ныййарджытӕ нӕ уарзынц? Уӕдӕ скъолайы де ’мбӕлттӕ, дӕ ныййарджытыл фенӕууӕнк уай, ууыл куы архайой, уӕд сӕм ма хъус — Евӕйау сайын ма баком.

13. Давид зонды фӕндагыл куыд цыди ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

13 Ӕвзӕр ӕмбӕлтты тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Давид афтӕ дзырдта: «Нӕ бадтӕн ӕз сайӕг адӕмимӕ, ӕмӕ хинӕйдзӕгтимӕ нӕ ацӕудзынӕн» (Псалом 25:4). Ам дӕр та нӕ фӕхатыдтӕ, ӕцӕгӕлӕттӕ бӕрӕг цӕмӕй дарынц? Уыдон сты хинӕйдзаг, ӕцӕгӕй чи сты, уый нӕ хъӕр кӕнынц — Сайтан йе ’цӕг цӕсгом калмы фӕсаууон куыд бамбӕхста, раст афтӕ. Абон хӕлд адӕм, ӕцӕгӕй чи сты ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕй цы хъӕуы, уый бамбӕхсынӕн арӕх фӕархайынц Интернеты уылты. Дзӕнгӕдацӕгъдӕн уатты цъаммар ас адӕймӕгтӕ сӕхи ӕрыгӕттӕ схонынц, цӕмӕй дӕ къӕппӕджы баппарой. Нӕ кӕстӕртӕ, курӕг уӕ стӕм, къӕрцхъус ут, мацы хуызы бауадзут, ӕмӕ уӕ исчи фыдбылызы баппара, Иегъовӕйӕ уӕ адард кӕна (Псалом 118:101; Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

14. Хатт радио, газеттӕ, телевизор «ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс» хъусынгӕнӕг куыд свӕййынц?

14 Рӕстӕй азым хӕссын. Кӕд хатт ног хабӕртты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, раст цы у, уый фӕдзурынц, уӕддӕр вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ радио, газеттӕ, телевизор свӕййынц «ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс» хъусынгӕнӕг. Зӕгъӕм, иу бӕстӕйы ног хабӕртты радзырдтой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, Дыккаг Дунеон хӕсты Гитлеры фарс уыдысты. Ӕндӕр бӕстӕйы та сӕм ахӕм азым ӕрхастой, зӕгъгӕ, аргъуантӕй хынджылӕг кӕнынц, халынц сӕ. Къорд бӕстӕты сӕ аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, сӕ сывӕллӕттӕн хос кӕнын нӕ уадзынц; се ’муырнджыты стыр тӕригъӕдракӕндтӕ зонгӕ-зонын ницӕмӕ дарынц (Матфейы 10:22). Фӕлӕ уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр, хорз нӕ чи зоны, уыдон ӕй уайтагъддӕр бамбарынц, уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты.

15. Телевизор, радио, газетты цы дзурынц, уыдӕттӕй алцӕуыл ӕууӕндын цӕуылнӕ хъӕуы?

15 Зӕгъгӕ нӕм ахӕм ӕцӕгӕлӕтты ардыдӕй рӕстӕй цыдӕр азымтӕ хӕссынц, уӕд куыд хъуамӕ кӕнӕм? Нӕ зӕрдыл дарӕм, Ӕмбисӕндтӕ 14:15 нын цы дзуры, уый: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг». Телевизор, радио, газетты цы дзурынц, уыдӕттӕй алцӕуыл ӕууӕндӕн нӕй. Афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ цыдӕриддӕр фехъусӕм,— ӕппӕтыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, «ӕппӕт дуне кӕй ис фыддзинады», Фыдбылызы къухы (1 Иоанны 5:19).

Иртасут, Хуыцауӕй сты ӕви нӕ

16. а) Фыстӕ сӕхи куыд фӕдарынц, уымӕй Йесойы ныхӕсты рӕстдзинад куыд бӕлвырд кӕны? ӕ) Библи нын цы фӕдзӕхсы?

16 О, фӕлӕ куыд базонӕм, хӕлар ис нӕ разы ӕви знаг? Йесо загъта, зӕгъгӕ, фыстӕ цӕуынц фыййауы фӕдыл, «уымӕн ӕмӕ [йын] зонынц йӕ хъӕлӕс» (Иоанны 10:4). Фыййауы фӕдыл цӕугӕйӕ фыстӕн сӕйраг йӕ хъӕлӕс у, йӕ бакаст нӕ, фӕлӕ. Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы бӕстӕты тыххӕй иу чиныджы фыст ис ахӕм хабар. Иу адӕймаг тынг фидарӕй дзырдта, зӕгъгӕ, фыстӕ сӕ фыййауы йӕ хъӕлӕсӕй нӕ, фӕлӕ йӕ дарӕсӕй базонынц. Фыййау та загъта — йӕ хъӕлӕсӕй. Ӕмӕ ӕрбацӕуӕгимӕ йӕ дарӕс фӕивта, дӕхӕдӕг ӕй фен, зӕгъгӕ. Ныр ӕрбацӕуӕг фыййауы дарӕсы фыстӕм фӕсидт, фӕлӕ марадз-зӕгъай, ӕрбацӕуой йӕм — нӕ йын зонынц йӕ хъӕлӕс. Фӕлӕ сӕм фыййау куы фӕсидт (кӕд ыл ӕндӕр дарӕс уыди, уӕддӕр), уӕд фыстӕ уайтагъд йӕ алыварс атыгуыр сты. Уӕдӕ чидӕр, гӕнӕн ис, йӕ бакастӕй фыййауы хуызӕн уа, фӕлӕ фысты уымӕй нӕ фӕсайдзынӕ. Фыстӕн сӕйраг у, чи сӕм сиды, уый хъӕлӕс: сӕ фыййауы хъӕлӕсимӕ йӕ абарынц, ӕмӕ йӕ уайтагъд раиртасынц. Ӕмӕ Хуыцауы Ныхас махӕн дӕр гъе уый фӕдзӕхсы — «алкӕцы удыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ фӕлварут [«раиртасут», НФ], Хуыцауӕй сты ӕви нӕ» (1 Иоанны 4:1; 2 Тимофеймӕ 1:13). Фӕлӕ куыд?

17. а) Иегъовӕйы хъӕлӕсыл куыд ахуыр кӕнӕм? ӕ) Иегъовӕйы куы зонӕм, уӕд нӕ бон цы уыдзӕн?

17 Цас хуыздӕр зонӕм Иегъовӕйы хъӕлӕс, цы нын дзуры, уый, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс» рахатын. Ацы хъуыддаджы куыд ис сфӕлтӕрӕн, уый тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Рахизырдӕм дӕр куы аздӕхат ӕмӕ галиуырдӕм дӕр, уӕд хъусдзыстут уӕ фӕстӕ дзурӕджы хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“» (Исай 30:21). Нӕ фӕстӕ цы «хъӕлӕс» хъусӕм, уый цӕуы Хуыцауы Ныхасӕй. Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕхъусӕм не Стыр Фыййау Иегъовӕйы хъӕлӕс (Псалом 22:1). Уӕдӕ, цас фылдӕр ахуыр кӕнӕм Библи, уыйас нын Хуыцауы хъӕлӕс уыдзӕн зонгӕдӕр. Ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕсыл ахуыр куы уӕм, уӕд та ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс уайтагъддӕр иртасдзыстӕм (Галатӕгтӕм 1:8).

18. а) Кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы хъӕлӕс зонӕм? ӕ) Матфейы 17:5 ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ Йесойы хъӕлӕсмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

18 Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ Иегъовӕйы хъӕлӕс зонӕм, уый тыххӕй ма хъусынӕй дарддӕр цы хъӕуы? Цы хъусӕм, уый ӕххӕст кӕнын. Иу хатт ма ӕркӕсӕм Исайы 30:21. Хуыцауы Ныхас нын дзуры, «мӕнӕ фӕндаг», зӕгъгӕ. О, Библи ахуыргӕнгӕйӕ мах хъусӕм Иегъовӕйы амындтытӕ. Фӕлӕ ма нын дарддӕр фӕдзӕхсы: «Цӕут ыл». Иегъовӕйы уый фӕнды, ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Иегъовӕйы хъӕлӕс ӕрмӕст хъусгӕ кӕй нӕ кӕнӕм, фӕлӕ ма йӕ коммӕ дӕр кӕй кӕсӕм (Дыккаг закъон 28:1). Иегъовӕйы коммӕ кӕсын ма нысан кӕны Йесойы хъӕлӕсмӕ хъусын дӕр — уый нын Иегъовӕ йӕхӕдӕг фӕдзӕхсы (Матфейы 17:5). Цы нын дзуры Йесо, нӕ Хорз Фыййау? Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ не ’ууӕнк бафтауӕм «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл» (Матфейы 24:45; 28:18—20). Йесойы хъӕлӕсмӕ куы хъусӕм, уӕд ссардзыстӕм ӕнусон цард (Куыстытӕ 3:23).

«Лидзынц дзы»

19. Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс фехъусгӕйӕ нӕ цы бакӕнын хъӕуы?

19 Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс фехъусгӕйӕ та нын куыд кӕнгӕ у? Фыстӕ куыд бакӕнынц, афтӕ. «Ӕцӕгӕлоны фӕстӕ та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц»,— загъта Йесо (Иоанны 10:5). Мах фӕхъӕуы дыууӕ хъуыддаджы бакӕнын. Фыццаг уый, ӕмӕ «ӕцӕгӕлоны фӕстӕ нӕ ацӕудзыстӕм» — йӕ зондыл ницы хуызы, ницы амалӕй адзӕгъӕл уыдзыстӕм. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл — Библийы иу хай цы ӕвзагыл фыстой, ууыл — ацы стихы «нӕ» загъд у, тыхджындӕр ӕй куыд ис зӕгъӕн, афтӕ. Дыккаг та — «алидздзыстӕм дзы», ома ӕцӕгӕлонӕй нӕхи дард айсдзыстӕм. Уӕвгӕ, сӕ ахуырӕдтӕ Хорз Фыййауы хъӕлӕсимӕ ӕмзӕл кӕмӕн не сты, уыдоны хъӕлӕс фехъусгӕйӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ бакӕнӕм.

20. Цы кӕнгӕ нын у а) куы сӕмбӕлӕм цӕстфӕлдахӕг динафӕливджытыл ӕмӕ адӕймаджы сафӕг ӕмбӕлттыл, ӕ) куы фехъусӕм, раст нӕ кӕм нӕ дзурынц, ахӕм хабӕрттӕ?

20 Уӕдӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕ куы фехъусӕм, уӕд архайӕм, Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ: «[Уӕхи] хъахъхъӕнут хицӕндзинад ӕмӕ рӕдийындзинӕдтӕ аразджытӕй, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырады ныхмӕ, ӕмӕ иуварс ут уыдонӕй» (Ромӕгтӕм 16:17; Титмӕ 3:10). Афтӕ чырыстон фӕсивӕд дӕр, адӕймаджы сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕмтыл куы сӕмбӕлой, уӕд, Павел ӕрыгон Тимофейӕн куыд загъта, раст афтӕ бакӕндзысты: «Ӕрыгонты фӕндӕттӕй лидз». Ӕмӕ нӕм кӕд телевизор, радио кӕнӕ газетты ӕнаххосӕй азым хӕссой, уӕд та нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, Павел ма Тимофейӕн ноджыдӕр цы бауынаффӕ кодта, уый, зӕгъгӕ, «[ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсмӕ чи хъусы, уыдон] аздӕхдзысты таурӕгътӕм. Фӕлӕ ды цырддзаст у алцӕмӕй дӕр» (2 Тимофеймӕ 2:22; 4:3—5). Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс нӕм цыфӕнды ӕхцонзӕл ма фӕкӕса,— нӕ уырнындзинад нын цы мары, уымӕй кӕндзыстӕм лидзгӕ (Псалом 25:5; Ӕмбисӕндтӕ 7:5, 21; Раргомад 18:2, 4).

21. Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсмӕ чи нӕ хъусы, уыдонмӕ цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

21 Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсмӕ кӕй нӕ хъусынц, уымӕй ӕвдисынц, сӕ Хорз Фыййау сын цы загъта, уый сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой. Уыцы ныхӕстӕ фыст сты Лукайы 12:32 стихы: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг! уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды хорз фӕндон у сымахӕн Паддзахад раттын». «Ӕндӕр фыстӕ» дӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Йесо сын кӕд зӕгъдзӕн: «Ӕрцӕут, Мӕ Фыдӕй арфӕгӕндтытӕ, уӕхи бакӕнут дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сымахӕн цӕттӕгонд Паддзахад» (Иоанны 10:16; Матфейы 25:34). Ахуыды ма кӕн, «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕсмӕ» куы нӕ хъусӕм, уӕд нӕм цӕй стыр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы!

Бахъуыды кодтай?

• Сайтаны цӕмӕн ис схонӕн, Йесо кӕй кой кодта, ахӕм ӕцӕгӕлон?

• Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс абон кӕцӕй хъуысы?

• Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс куыд ис базонӕн?

• Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс фехъусгӕйӕ куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Мариа базыдта Йесойы.

[Ныв 32 фарсыл]

Ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕс фехъусгӕйӕ куыд бакӕндзыстӕм?