Фӕллад, фӕлӕ фидар
Фӕллад, фӕлӕ фидар
«Иегъовӕ, зӕххы кӕрӕттӕ Сфӕлдисӕг... дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн ӕмӕ стыр хъару — ӕдыхӕн» (ИСАЙ 40:28, 29).
1, 2. а) Йесо, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр йӕхимӕ куыд хоны? ӕ) Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у?
МАХӔН, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, зонгӕ сты йӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн... уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог» (Матфейы 11:28—30). Чырыстӕттӕн ма ис ахӕм хорзӕх дӕр — ӕрцӕуы сыл «циндзинады рӕстӕджытӕ Хицауы цӕсгомӕй» (Куыстытӕ 3:20). Дӕхиуыл дӕр ӕй бавзӕрстаис, Библийы ӕцӕгад кӕй базыдтай, рухс фидӕны ныфс дӕ кӕй ис ӕмӕ Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый цӕй стыр цин ӕмӕ удӕнцой у.
2 Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ сфӕлмӕцы. Ӕмӕ уый иутӕн ахӕссы цыбыр рӕстӕг, иннӕтӕн — фылдӕр. Рӕстӕг цӕуы, ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕндӕр йӕ чырыстон хӕстӕ — Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уа, афтӕ — удӕнцой нал вӕййынц, фӕлӕ йӕм уӕззау уаргъау фӕкӕсынц. Ахӕм хъуыдытӕ нӕ уӕгъд куы нӕ уадзой, уӕд нӕ Иегъовӕимӕ цы хӕлардзинады тӕгтӕ бӕтты, уыдонӕн аскъуыйынӕй тӕссаг у.
3. Цӕй тыххӕй радта Йесо Иоанны 14:1 фыст уынаффӕ?
3 Йесойы куы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уый хӕдразмӕ дзырдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уӕ зӕрдӕ уынгӕг ма кӕнӕд; ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоанны 14:1). Ацы ныхӕстӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ӕвирхъау цаутӕ, стӕй ма карз ӕфхӕрд дӕр. Йесо зыдта, сӕ ныфс бынтон куы асастаид, уӕд фӕрӕдыдаиккой — зын сын уыдаид дарддӕр йӕ фӕдыл цӕуын (Иоанны 16:1). Сӕхимӕ куы ныхъхъуыстаиккой, уӕд сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдаид ӕмӕ сӕ ныфс Иегъовӕйыл нал дардтаиккой. Афтӕ у абон дӕр. Чырыстон йӕхимӕ куы ныхъхъуса, ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт нал кӕсдзӕн (Иереми 8:18). Йӕ мидӕггаг адӕймаг ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, зӕрдӕ ныддур уыдзӕн, уырнындзинады зынг ӕрмынӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр нал фӕнддзӕн.
4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ ныфссастӕй бахъахъхъӕнынӕн?
4 Библи дӕр нын уымӕн зӕгъы: «Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ; уымӕн ӕмӕ царды суадӕттӕ уырдыгӕй гуырынц» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23, «Мах дуг» №12, 1999). Библи нын дӕтты ахадгӕ уынаффӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ бахъахъхъӕнӕм ныфссастӕй ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ма бафӕллайӕм. Фӕлӕ уал нӕ фыццаг хъӕуы, цӕмӕн фӕлмӕцӕм, уый сбӕрӕг кӕнын.
Чырыстон дин уаргъ нӕу
5. Уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесо чырыстон фӕндаджы тыххӕй цы хъуыдытӕ загъта, уыдон кӕмӕдӕр ныхмӕвӕрд фӕкӕсой?
5 Раст у, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл цӕуай, уый тыххӕй хъӕуы удӕй арт цӕгъдын (Лукайы 13:24). Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Чи цӕуы Мӕ фӕдыл ӕмӕ нӕ хӕссы йӕ дзуар [«хъизӕмӕрты цӕджындз», НД], уый бон нӕу Мӕ ахуыргӕнинаг уӕвын» (Лукайы 14:27). Чи зоны нӕм фыццаг афтӕ фӕкӕса, цыма ацы ныхӕстӕ ӕмӕ раздӕр кӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕ уаргъ у рог ӕмӕ удӕнцойы хос, уыдон сты ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу.
6, 7. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй нӕ фӕлмӕцӕм?
6 Исты хорз хъуыддаг аразгӕйӕ адӕймаг Екклесиаст 3:13, 22). Ӕмӕ уӕд, адӕмӕн Библийы диссаджы ӕцӕгад кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр хъуыддаг исты ис?! Афтӕ ма, кӕд Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу, уӕддӕр нын цы пайда хӕссы, уый ницӕимӕ ис абарӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:10—20). Кӕд нӕ адӕм лӕггад кӕнын хъыгдарынц, уӕддӕр нӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый нӕхицӕн нымайӕм стыр кадыл (1 Петры 4:14).
кӕд уӕззау куыст фӕкӕны, йӕ удӕй арт фӕцӕгъды ӕмӕ тынг бафӕллайы, уӕддӕр дзы вӕййы райгонд, удӕнцой дзы райсы (7 Йесойы уаргъ у удӕнцойы хос. Уый бӕрӕг у, Хуыцауы рухсӕй иппӕрд адӕм мӕнг дины уаргъӕй куыд тыхсынц, уыимӕ абаргӕйӕ. Хуыцау нӕ фӕлмӕн уарзт кӕны ӕмӕ нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы. Иегъовӕйы «фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Фыстадыл чи ӕнцайы, уыцы ӕцӕг чырыстон дин уаргъ нӕу. Уӕдӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, нӕ ныфс уымӕй нӕ сӕтты, уымӕй нӕ фӕлмӕцӕм.
«Нӕхицӕй аппарӕм алы уаргъ»
8. Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цӕмӕн сфӕлмӕцӕм?
8 Ацы фыддуне ныл йӕ уӕргътӕ кӕй сӕвӕры, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ арӕхдӕр уый тыххӕй фӕлмӕцӕм. «Ӕппӕт дуне кӕй ис фыддзинады [«Фыдбылызы къухы», НД]», уымӕ гӕсгӕ нӕ алыварс ис, уӕлӕмӕ скӕсын нӕ чи нӕ уадзы ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл чи архайы, ахӕм тыхтӕ (1 Иоанны 5:19). Уымӕй уӕлдай ма нӕ лӕггад кӕнын хъыгдарынц, тынг ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр. Ахӕм уӕргътӕ ныл уӕз кӕнынц ӕмӕ сӕ фӕллайӕм. Библи дӕр нӕ уымӕн фӕдзӕхсы, «уӕхицӕй аппарут алы уаргъ», зӕгъгӕ (Дзуттытӕм 12:1—3).
9. Мулкыл куы бафтӕм, уӕд нын уый уаргъау куыд уыдзӕн?
9 Ацы дунейы адӕм бӕрзонд бынат бацахсыныл, хиирхӕфсӕнтӕ, алы рӕттӕм балцы цӕуын, ӕхца ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕныныл кӕй сты, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бандава мах зондахастыл дӕр (1 Иоанны 2:15—17). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ мулкыл бафтыдысты ӕмӕ сӕхиуыл уӕззау ӕргъӕмттӕ сӕвӕрдтой. Уый тыххӕй апостол Павел фыста: «Схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыддзинӕдты уидаг у ӕвзист уарзын, кӕцымӕ сӕхи ратгӕйӕ, иуӕй-иутӕ аздӕхтысты уырнындзинадӕй ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи баппӕрстой бирӕ уынгӕгдзинӕдты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10).
10. Цы базыдтам мулк ӕмбырд кӕныны тыххӕй Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй?
10 Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цӕмӕн фӕллайӕм ӕмӕ цӕмӕн фӕлмӕцӕм? Мыййаг, мулк ӕмбырд кӕнынмӕ нӕ фестӕм? Уый гӕнӕн дӕр кӕй ис, уый Йесо равдыста йе цӕстуынгӕ цӕвиттоны тауӕджы тыххӕй. Йесо «дунейаг царды мӕт, хъӕздыгдзинадмӕ цыбӕлдзинад ӕмӕ ӕндӕр фӕндӕттӕ» абарста, нӕ зӕрдӕтӕ нын чи бацахсы ӕмӕ Хуыцауы «дзырд чи бамынӕг кӕны», ахӕм сындзытимӕ (Маркы 4:18, 19). Библи нӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Уӕ зӕрдӕйы уаг ӕхца уарзыны ’рдӕм ма уӕд, цы уын ис, уымӕй разы ут. Уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг загъта: „нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн“» (Дзуттытӕм 13:5).
11. Цы саразӕн ис, цӕмӕй ныл ӕнӕхъуаджы уӕргътӕ ма уа?
11 Мулк ӕмбырд кӕныныл кӕй бафтӕм, нӕ цард сагъӕссагдӕр канд уый тыххӕй не свӕййы, фӕлӕ ма нӕм ныртӕккӕ цы ис, цӕуыл ахуыр стӕм, уымӕй дӕр. Иуӕй-иутӕ бавзӕрстой низтӕ, хиуӕтты зиан ӕмӕ ӕндӕр мӕстытӕ, ӕмӕ сын уыдӕттӕ сӕ хъарутӕ байстой. Уыдон бамбӕрстой, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ кӕй хъӕуы сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын. Иу лӕг ӕмӕ ус сфӕнд кодтой, ӕнӕмӕнг чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ ныууадзын. Стӕй сӕ дзауматӕ равзӕрстой ӕмӕ сӕ ныртӕккӕ чи нӕ хъуыд, уыдон батыхтой ӕмӕ сӕ бафснайдтой. Мах дӕр-иу хаттӕй-хатт ахъуыды кӕнӕм, цавӕр хъуыддӕгтӕ нӕ хъӕуы ныууадзын кӕнӕ нӕм цавӕр уӕлдай дзауматӕ ис. Афтӕмӕй нӕхицӕй аппардзыстӕм уӕлдай уӕргътӕ ӕмӕ не ’рлӕмӕгъ уыдзыстӕм.
Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ бонзонгӕ
12. Нӕ рӕдыдтытӕ нӕ цардыл куыд фӕзынынц?
12 Цыфӕнды гыццыл хъуыддӕгты дӕр раст куы нӕ бакӕнӕм, уӕд нын уыцы рӕдыдтытӕ цадӕггай нӕ цардыл ӕруӕз кӕнынц. Давид раст дзырдта: «Мӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕ мӕ сӕрӕй фӕбӕрзонддӕр сты, куыд уӕззау уаргъ ӕруӕз кодтой мӕныл» (Псалом 37:5). Арӕх нӕ цардмӕ куы ӕркӕсӕм ӕмӕ дзы истытӕ куы аивӕм, уӕд нӕ уӕззау уӕргъ фӕрогдӕр вӕййы.
13. Ӕмбаргӕдзинад нын нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсын куыд ӕххуыс кӕны?
13 Библи нын амоны, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм «куырыхон зонд ӕмӕ ӕрхъуыды» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21, 22). «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд у... уӕздан [«ӕмбаргӕ», НД]»,— дзырдӕуы Фыстады (Иаковы 3:17). Кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, цыма иннӕтӕ цас лӕггад кӕнынц, уыдон дӕр хъуамӕ уыйас кӕной. Фӕлӕ нын Библи уынаффӕ кӕны: «Алчидӕр фӕлварӕд йӕ хъуыддаг, ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕппӕлд ӕрмӕст йӕхи мидӕг, фӕлӕ иннӕйы мидӕг нӕ; уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (Галатӕгтӕм 6:4, 5). Раст у, не ’мчырыстӕтты хорз цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, фӕлӕ нӕм куырыхон зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куы уа, уӕд нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон цас у, уыйас араздзыстӕм.
14, 15. Цӕмӕй ма фӕлмӕцӕм, уый тыххӕй цы аразӕм, уымӕй нӕ куырыхон зонд бӕрӕг куыд уыдзӕн?
14 Бирӕтӕм афтӕ ахсджиаг чи нӕ кӕсы, уыцы хъуыддӕгтӕм дӕр раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд дӕр тынг нӕ фӕллайдзыстӕм. Дзырдӕн, хъуыды кӕнӕм нӕ царды уаг не ’нӕниздзинадыл куыд ӕндавы, ууыл? Ӕркӕсӕм иу чырыстон бинонты цӕвиттонмӕ, лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй иуы. Уыдон ӕркӕсынц, ахъуыды кӕнынц, цы саразӕн ис, цӕмӕй къаддӕр фӕллайой. Ус зӕгъы: «Цасфӕнды кӕнинӕгтӕ нын ма уа, уӕддӕр архайӕм алы изӕр дӕр уыцы-иу афон схуыссыныл. Афтӕ ма не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн фӕаразӕм фӕлтӕрӕнтӕ. Адӕттӕ нын стыр ӕххуыс сты. Нӕ бон цас у, уый бамбӕрстам, ӕмӕ уымӕй фылдӕр нӕ домӕм нӕхицӕй. Иуӕй-иутӕм куы кӕсай, уӕд афтӕ зыны, цыма фӕллайгӕ никуы кӕнынц, фӕлӕ мах уыдоныл нӕхи нӕ барӕм». Мах дӕр, цас хъӕуы, уый бӕрц улӕфӕм, афойнадыл ӕмӕ хӕрзгъӕд, пайда чи у, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрӕм? Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, цӕмӕй тынг ма фӕллайӕм ӕмӕ ма фӕлмӕцӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы не ’нӕниздзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсын.
15 Иуӕй-иутӕн та царды ноджы зындӕр вӕййы. Дзырдӕн, иу хо ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта, ӕнцон кӕм нӕ уыд, цалдӕр ахӕм раны. Бирӕ низтӕй тыхсы, суанг ма йӕм ис рак дӕр. Цы йын ӕххуыс кӕны уыцы уӕззау уавӕры? Афтӕ зӕгъы: «Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мӕ фӕхъӕуы иунӕгӕй баззайын. Цас тынгдӕр фӕтыхсын ӕмӕ фӕфӕлмӕцын, уыйас мӕ тынгдӕр фӕфӕнды хибар ранмӕ, мӕ бон истытӕ бакӕсын ӕмӕ баулӕфын кӕм уа». Куырыхон зонд ӕмӕ ӕрхъуыдыйӕ хайджын куы уӕм, уӕд-иу ӕй нӕхӕдӕг дӕр бамбардзыстӕм, цы нӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ма фӕлмӕцӕм.
Иегъовӕ нын дӕтты хъарутӕ
16, 17. а) Иууыл ахсджиагдӕр нын цӕмӕн у нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнын? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм ӕрвылбон дӕр?
16 Нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕй ахсджиагдӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы ис. Кӕд Иегъовӕимӕ хӕлардзинады тӕгтӕй фидар баст стӕм, уӕд цыфӕнды фӕллад ма бакӕнӕм,— нӕ лӕггаддзинадӕй никуы схъыг уыдзыстӕм. Иегъовӕ «дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн ӕмӕ стыр хъару — ӕдыхӕн» (Исай 40:28, 29). Афтӕ кӕй у, уый апостол Павел йӕхиуыл бавзӕрста. Уый фыста: «Мах ӕнкъард нӕ кӕнӕм, фӕлӕ кӕд нӕ ӕддаг адӕймаг ӕмбийы, уӕддӕр мидӕггаг бонӕй-бон ногдӕр кӕны» (2 Коринфӕгтӕм 4:16)
17 Ӕркӕс ма дзырдбаст «бонӕй-бон»-мӕ. Уый нысан кӕны, Иегъовӕ нын алы бон дӕр ӕххуысӕн цы дӕтты, уымӕй пайда кӕнын. Иу хо 43 азы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта миссионерӕй. Кӕд-иу фӕллайгӕ дӕр кодта ӕмӕ-иу йӕ ныфс дӕр асаст, уӕддӕр не ’рлӕмӕгъ. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Сахуыр дӕн алы райсом дӕр раджы стын: иннӕ хъуыддӕгты разӕй Иегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын йӕ Ныхас бакӕсын. Уый фӕрцы нырмӕ дӕр фидар дӕн». Махӕн дӕр Иегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, кӕд ӕм ӕппынӕдзух — «бонӕй-бонмӕ» — кувӕм ӕмӕ йын йӕ фӕрнджын миниуджытыл ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтыл хъуыды кӕнӕм, уӕд.
18. Ацӕргӕ ӕмӕ рынчын чи у, уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн Библи сӕ зӕрдӕты ныфс куыд уадзы?
18 Уый уӕлдай тынгдӕр хъӕуы азты ӕмӕ низты уӕзӕй ныфссаст чи у, уыцы чырыстӕтты. Уыдон хатт сӕхимӕ ныхъхъусынц, сӕхи иннӕтыл кӕй барынц, уый тыххӕй нӕ — сӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын кӕй нал у, уый у сӕ сагъӕс. Цӕйас ныфс у, Иегъовӕ ацӕргӕтӕн кӕй аргъ кӕны! Библийы дзырдӕуы: «Адӕймагӕн йӕ сӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы сурс уа, уӕд ын уый у, чи йӕ рӕсугъд кӕны, ахӕм кады худ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:31). Иегъовӕ зоны, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, ӕмӕ стыр аргъ кӕны нӕ удуӕлдай лӕггадӕн. Ӕмӕ ныры онг цы хорз хъуыддӕгтӕ бакодтам, уыдон дӕр дзы рох никуы уыдзысты. Фыстад нын ныфс ӕвӕры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн» (Дзуттытӕм 6:10). Куыд ӕхсызгон нын у, не ’хсӕн кӕй ис, Иегъовӕйӕн дӕсгай азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!
Дӕ къухтӕ ма ауадз
19. Цы пайда у ӕппынӕдзух хорз хъуыддӕгтӕ аразын?
19 Алчидӕр ӕй зоны, ӕдзух фӕлтӕрӕнтӕ чи кӕны, уӕнгдыхӕй чи архайы, уыдон къаддӕр фӕлмӕцынц. Афтӕ Хуыцауы хъуыддӕгты ӕппынӕдзух чи архайы, уыдон дӕр вӕййынц ӕвӕлмондӕр ӕмӕ сӕ уырнындзинад та — цардхъомдӕр. Библийы дзырдӕуы: «Хорздзинад кӕнгӕйӕ... ӕнкъард ма кӕнӕм; уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм, кӕд не слӕмӕгъ уӕм, уӕд. Уӕдӕ цалынмӕ рӕстӕг ис, кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:9, 10). Нӕ хъус ма ӕрдарӕм ахӕм дзырдбастмӕ — «хорздзинад кӕнгӕйӕ», уый амоны архайдмӕ. Уӕдӕ цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ма сфӕлмӕцӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн хорз хъуыддӕгтӕ аразӕм.
20. Цӕмӕй ныфссаст ма уӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр адӕмӕй хъӕуы дард лӕууын?
20 Уый хыгъд, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕмимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд нын уый суыдзӕн уӕззау уаргъ. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ ӕдылыйы маст сӕ дыууӕйӕ уӕззаудӕр у» (Ӕмбисӕндтӕ 27:3, «Мах дуг» №12, 1999). Цӕмӕй ныфссаст ма уӕм ӕмӕ ма фӕллайӕм, уый тыххӕй нӕхи дард ласӕм, ӕдзух ӕрхӕндӕг хъуыдытыл хӕст чи у, иннӕты хъӕндзинӕдтӕ чи агуры ӕмӕ искӕй фыдгой чи кӕны, ахӕмтӕй.
21. Нӕ бон куыд у иннӕты чырыстон фембӕлдты фидар кӕнын?
21 Чырыстон фембӕлдты дӕр нын Иегъовӕ дӕтты хъару, фидар нын кӕны нӕ Дзуттытӕм 10:25). Ӕмбырды дзуапп дӕттӕм ӕви сценӕйӕ дзурӕм — хъуамӕ нӕ алчидӕр архайа иннӕты бафидар кӕныныл. Уый уӕлдайдӕр хауы, амоныны хӕс кӕуыл ис, уыдонмӕ (Исай 32:1, 2). Искӕмӕн уынаффӕ раттын кӕнӕ бауайдзӕф кӕнын куы хъӕуа, уӕддӕр дӕ ныхас хъуамӕ уа уӕнгроггӕнӕг (Галатӕгтӕм 6:1, 2). Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Иегъовӕйӕн ӕвӕллайгӕйӕ лӕггад кӕнын (Псалом 132:1; Иоанны 13:35).
уырнындзинад. Уым махӕн дӕр ис хорз фадат, цӕмӕй нӕ ныхасӕй кӕрӕдзийӕн удӕнцой хӕссӕм ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи фидар кӕнӕм (22. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм фидар?
22 Иегъовӕйӕн ацы кӕроны рӕстӕджы лӕггад кӕнынӕн фыдӕбон кӕнын хъӕуы. Чырыстӕттӕ дӕр ӕййафынц алыхуызон зындзинӕдтӕ: фӕллад, зӕрдӕрыст ӕмӕ маст. Не ’нӕххӕст удыхъӕд, ӕлыг мигӕнӕнау, у тӕссонд. Фӕлӕ Библийы дзырдӕуы: «Ацы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй мигӕнӕнты, цӕмӕй уыцы стыр хъару махыл нымад ма уа, фӕлӕ Хуыцауыл» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Раст у, фӕллайгӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ нӕ къухтӕ макуы ауадзӕм. Уӕдӕмӕ «уӕндонӕй зӕгъӕм: „Хуыцау у мӕнӕн ӕххуысгӕнӕг“» (Дзуттытӕм 13:6).
Цыбыр афӕлгӕст
• Цавӕр уӕззау уӕргътӕ у нӕ бон не ’ккойӕ аппарын?
• Куыд у нӕ бон не ’мчырыстӕттӕн «хорздзинад кӕнын»?
• Фӕллад ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын Иегъовӕ хъару куыд ратты?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 19 фарсыл]
Йесо зыдта: йӕ апостолтӕ сӕхимӕ куы ныхъхъуыстаиккой, уӕд сын зын уыдаид йӕ фӕдыл цӕуын.