Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъӕуы нӕ хорз уынаффӕтӕ?

Хъӕуы нӕ хорз уынаффӕтӕ?

Хъӕуы нӕ хорз уынаффӕтӕ?

АБОН бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕхӕдӕг хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын хъом сты ӕмӕ, цы аразынц, уый дӕр сӕхи бар у. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ӕхцондзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Бинонты цард, рагӕй фӕстӕмӕ ӕхсӕнады бындур чи уыд, уый цуды (Уӕвынад 3:5).

Ӕркӕсӕм Вероникӕйы * цардмӕ. Цӕры Мексикӕйы. Вероникӕ дзуры: «Мӕ лӕгимӕ 15 азы бӕрц куы фӕцардтӕн, уӕд мын загъта, ӕндӕр сылгоймаджы кӕй бауарзта. Уый, дам, ӕрыгондӕр у, йемӕ амондджын дӕн ӕмӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн. Ӕз арвы цӕфау фӕдӕн: мӕ цардӕмбал, мӕ хуыздӕр хӕлар мӕ фарсмӕ нал уыдзӕн! Раздӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг куы амӕла, уымӕй зындӕр ницы ис. Фӕлӕ мыл мӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд мын уый ноджы зындӕр уыд — иуӕй, бирӕ кӕй уарзтон, уый мемӕ нал уыд, иннӕмӕй та ма мын уый фӕстӕ дӕр йӕ митӕй мӕ зӕрдӕ риссын кодта».

Мӕнӕ ай та иу ӕрыгон лӕппуйы хабар. Нырма йыл 22 азы йеддӕмӕ нӕ цӕуы, афтӕмӕй йӕ усӕй ахицӕн; ис ын лӕппу, фӕлӕ йӕм кӕсгӕ нӕ кӕны. Йӕ мадӕй домы, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллоны дӕр дара. Цы йӕ бафӕнды, мад уый куы нӕ бакӕны, уӕд мӕстӕй рафыцы ӕмӕ ӕдзӕсгом сывӕллонӕй уӕлдай нал вӕййы, алы ӕвзӕртӕ йын фӕдзуры. Йӕ мад йӕ ныхмӕ сдзурын дӕр ницы бауӕнды.

Ахӕм хабӕрттӕ стӕм не сты. Кӕцыфӕнды бӕстӕ дӕр райс — лӕг ӕмӕ ус ахицӕн вӕййынц кӕнӕ та сӕ иу тӕргай ацӕуы, ӕмӕ ахӕм бинонты нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Сывӕллӕттӕ уынынц, сӕ ныййарджытӕй сӕ иу куыд ныууадзы ӕмӕ ӕндӕр бинонтӕ куыд скӕны. Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ никӕйуал ницӕмӕ дарынц — нӕдӕр сӕ ныййарджыты, нӕдӕр сӕ алыварсцӕрӕг адӕмы. Худинаг сӕм ницыуал кӕсы. Алы ӕнӕгъдау, ӕнӕфсарм митӕ кӕй кӕнынц, наркотиктыл кӕй бафтынц, фыдгӕнджытӕ кӕй свӕййынц, сӕ ахуыргӕнджыты ӕмӕ сӕ ныййарджыты кӕй марынц, уый бирӕ бӕстӕты диссаг никӕмӕуал кӕсы. Стӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыдтӕ, абоны дунейы зындзинӕдтӕ ӕрмӕст сывӕллӕтты хъомылады ӕмӕ бинонты царды кӕй нӕй.

Нӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый уынгӕйӕ адӕймаг куыннӕ хъуамӕ бадис кӕна, адӕмыл цы ’рцыди, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын хъом сты, уӕд уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис? Кӕд, мыййаг, хорз уынаффӕхъуаг стӕм? Чи нын ратдзӕн, баууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ? Кӕд бирӕтӕ дзурынц, Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл кӕй ӕууӕндынц, уӕддӕр адӕймагмӕ афтӕ кӕсы, цыма уый сӕ цардыл никӕцырдыгӕй зыны. Фӕлӕ Хуыцауӕй уынаффӕ куы агурӕм, уыд нын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн? Ууыл иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ном ивд у.