Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнут Хуыцауы

«Ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнут Хуыцауы

«Ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнут Хуыцауы

«Ӕмхъӕлӕсӕй кадджын кӕнут Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Фыды» (РОМӔГТӔМ 15:6).

1. Иу хъуыддаджы фӕдыл ӕмхуызон куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхи куыд дарӕм, уый фӕдыл Павел йе ’муырнджытӕн цавӕр хорз зонд бацамыдта?

ЧЫРЫСТӔТТӔ алцӕмӕ иу цӕстӕй нӕ кӕсынц, иуӕн цы цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, иннӕмӕн уый нӕ цӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр царды фӕндагыл не ’ппӕт дӕр хъуамӕ цӕуӕм ӕрми-ӕрм. Уый гӕнӕн ис? Ис, кӕд-иу, цыдӕр гыццыл хъуыддӕгты ӕмхуызон кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, уый нӕ ныддисаг кӕнӕм. Уыцы хорз зонд бацамыдта апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн фыццаг ӕнусы. Куыд бамбарын кодта Павел ацы ахсджиаг хъуыды? Ӕмӕ абон махӕн куыд у нӕ бон уыцы уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондмӕ гӕсгӕ архайын?

Чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад — ӕнӕмӕнг хъуыддаг

2. Не ’хсӕн иудзинад ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ уа, уый Павел куыд бамбарын кодта?

2 Павел зыдта, чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ уа, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ радта, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ куыд цӕрой, уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ (Ефесӕгтӕм 4:1—3; Колоссӕгтӕм 3:12—14). Фӕлӕ рацыд 20 азӕй фылдӕр. Уӕдмӕ Павел сарӕзта бирӕ ног ӕмбырдтӕ, иннӕты та бӕрӕг кодта, ӕмӕ йӕхи цӕстӕй уыдта, иумӕ ӕмвӕндӕй цӕрын алкӕд ӕнцон кӕй нӕу (1 Коринфӕгтӕм 1:11—13; Галатӕгтӕм 2:11—14). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн фӕдзӕхста: «Фӕразондзинады ӕмӕ рӕвдауӕг Хуыцау та уадз дӕтта... цӕмӕй сымах ӕмзӕрдӕйӕ, ӕмхъӕлӕсӕй кадджын кӕнат Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Фыды» (Ромӕгтӕм 15:5, 6). Абон мах дӕр Иегъовӕ Хуыцауы хъуамӕ кадджын кӕнӕм «ӕмхъӕлӕсӕй», йӕ адӕмимӕ иумӕ. Куыд ӕфты уый нӕ къухы?

3, 4. а) Ромы чырыстӕттӕ иухуызон цӕмӕй нӕ уыдысты? ӕ) Ромы чырыстӕттӕн сӕ бон цӕй фӕрцы уыди Иегъовӕйы «ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнын?

3 Ромы чырыстӕттӕй бирӕтӕ Павелӕн йӕ хӕлӕрттӕ уыдысты (Ромӕгтӕм 16:3—16). Чи сӕ цавӕр адӕмӕй уыд, раздӕр цы диныл хӕст уыд, Павел уымӕ нӕ каст — йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр нымадта «Хуыцауы уарзонтыл». Уый фыста: «Арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы сӕрты сымах ӕппӕты тыххӕй, уӕ уырнындзинад кӕй цӕуы хъуыстгонд ӕппӕт дунейыл». Бӕрӕг у, ромӕгтӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕзминаг кӕй уыдысты (Ромӕгтӕм 1:7, 8; 15:14). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ цыдӕр хъуыддӕгты фӕдыл иууылдӕр иухуызон нӕ хъуыды кодтой. Абоны чырыстӕттӕ дӕр ӕмхуызон не сты: раздӕр куыд цардысты, цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уымӕй дӕр. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы «ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнынӕн стыр ахъаз уыдзӕн, Павел, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын уӕвгӕйӕ, цы хорз зонд бацамыдта, уымӕ ӕркӕсын.

4 Ромы уыди уырнджытӕ дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй дӕр (Ромӕгтӕм 4:1; 11:13). Дзуттаг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты, ӕвӕццӕгӕн, зын уыди, Моисейы Закъоны цы ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдон ныууадзын (кӕд, уыцы ӕгъдӕуттӕ сӕ ирвӕзындзинадӕн ницы ахъаз уыдысты, уый хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, уӕддӕр). Фӕлӕ дзы уыди ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ уайтагъд бамбӕрстой, чырыстӕттӕ цалынмӕ не систы, уӕдмӕ сын кӕнын цы не ’мбӕлд, уыдӕттӕй сӕ Чырыстийы нывонд кӕй сӕрибар кӕны. Уыйадыл, се ’гъдӕуттӕй, цӕуыл ахуыр уыдысты, уыдӕттӕй цӕуылдӕрты сӕ къух систой (Галатӕгтӕм 4:8—11). Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,— Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, се ’ппӕт дӕр уыдысты «Хуыцауы уарзонтӕ». Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыди Хуыцауы иумӕ «ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнын — ӕцӕг сӕ уый тыххӕй хъуыди кӕрӕдзимӕ раст цӕстӕй кӕсын. Афтӕ вӕййы абон дӕр, цыдӕр хъуыддӕгты фӕдыл мах дӕр ӕмхуызон нӕ фӕхъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ хорз уаид, Павел ацы ахсджиаг хъуыды куыд бамбарын кодта, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын (Ромӕгтӕм 15:4).

«Кӕрӕдзийы исут»

5, 6. Ромы чырыстӕтты ’хсӕн алыхуызон хъуыдытӕ цӕмӕн уыди?

5 Йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм Павел рӕгъмӕ хӕссы, чырыстӕттӕ ӕмхуызон кӕм нӕ хъуыды кодтой, иу ахӕм хъуыддаг. Уый фыссы: «Иннӕйы уырны, алцыдӕр хӕрӕн кӕй ис, лӕмӕгъ та хӕры халсартӕ». Цӕмӕн афтӕ? Цӕвиттон, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хуыйы фыд хӕрӕн нӕ уыд (Ромӕгтӕм 14:2; Левит 11:7). Фӕлӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ уыцы Закъон йӕ тыхы нал уыди (Ефесӕгтӕм 2:15). Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ зӕд апостол Петрӕн загъта: Хуыцауы цӕсты хӕринагӕй «ӕнӕсыгъдӕг», кӕнӕ нӕфӕтчиаг ӕппындӕр ницыуал у (Куыстытӕ 11:7—12). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзуттаг чырыстӕттӕй бирӕтӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕвзӕр нал каст хуыйы фыд — йе та Закъонмӕ гӕсгӕ нӕфӕтчиаг цы уыд, ӕндӕр ахӕм исты хӕрын.

6 Фӕлӕ дзуттаг чырыстӕттӕй уыди ахӕмтӕ дӕр, нырмӕ сыгъдӕгыл нымад чи нӕ уыди, ахӕм хӕринагӕн ӕрмӕст йӕ кой дӕр ӕлгъаг кӕмӕ каст. Йӕ зӕрдӕмӕ алцы афтӕ хӕстӕг чи иста, уыдон се ’мчырыстон дзуттӕгты ахӕм хӕринаг хӕргӕ куы уыдтой, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕмдӕр сӕхицӕн ӕфхӕрдыл нымадтой. Иннӕ адӕмтӕй чи сси чырыстӕттӕ, сӕ раздӕры дины хӕринагӕй нӕфӕтчиаг ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдон та, чи зоны, ӕмӕ дис кодтой, хӕринаг уӕвгӕ дзырддаг куыд хъуамӕ уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чидӕр цавӕрдӕр хӕринаг нӕ хӕры, уым ӕвзӕрӕй ницы уыд — ӕрмӕст афтӕ ма дзырдтаид, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй фервӕзӕн нӕй, ӕндӕр. Фӕлӕ уӕддӕр, уыцы хъуыддагмӕ иу цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый тӕссаг уыди уымӕй, ӕмӕ ӕмбырд ӕддӕг-мидӕг ауадаид. Уӕдӕ цӕмӕй Ромы чырыстӕтты уыдӕттӕ Хуыцауы «ӕмхъӕлӕсӕй» кадджын кӕнын ма хъыгдардтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди стыр ӕмбаргӕдзинад.

7. Къуырийы мидӕг кӕцыдӕр бон иннӕ бонтӕй хицӕн кӕныны фӕдыл чырыстӕтты ’хсӕн цавӕр хъуыдытӕ уыди?

7 Павел ӕрхаста ӕндӕр цӕвиттон дӕр: «Иуӕй-иу иртасы бон бонӕй, иннӕ та алы боны тыххӕй дӕр тӕрхон кӕны иухуызон» (Ромӕгтӕм 14:5а). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ сабатбон ӕппындӕр ницы кусӕн уыди. Уыцы бон искуыдӕм ацӕуын дӕр уыд стыр фыдракӕнд (Рацыд 20:8—10; Матфейы 24:20; Куыстытӕ 1:12). Фӕлӕ Закъонӕн кӕрон куы ’рцыд, уӕд кӕрон ӕрцыд уыцы тобӕгонд хъуыддӕгтӕн дӕр. Ӕцӕг та ам дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты йӕ мидӕфсарм уый бар нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ сын уӕды онг табуйаг цы бон уыди, уыцы бон исты кусой кӕнӕ балцы ацӕуой. Чырыстӕттӕ куы систы, уый фӕстӕ дӕр ма, чи зоны, афтӕ нымадтой, ӕмӕ къуырийы ӕвдӕм бон уыди ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кувынӕн — кӕд Хуыцауы цӕсты сабатбон иннӕ бонтӕй ницӕмӕйуал хицӕн кодта, уӕддӕр. Ӕмӕ уӕд уыдон рӕдыдысты? Нӕ, ӕрмӕст афтӕ ма дзырдтаиккой, зӕгъгӕ, сабатбон исты аразӕн уымӕн нӕй, ӕмӕ уый Хуыцауы цӕсты раст нӕу. Уӕдӕ, йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕм сӕ мидхъӕлӕс иухуызон кӕй нӕ дзырдта, уый ӕмбаргӕйӕ Павел фыста: «Алчидӕр кӕнӕд йӕхи зондӕй сбӕлвырд кӕнгӕйӕ» (Ромӕгтӕм 14:5ӕ).

8. Кӕд Ромы чырыстӕтты, иннӕтӕн сӕ мидӕфсарм цы дзуры, уый рох кӕнын нӕ хъуыди, уӕддӕр сын цы нӕ уыди кӕнӕн?

8 Уӕвгӕ, кӕд Павел йе ’фсымӕртӕм зӕрдӕхӕларӕй ӕрсидт, цыдӕр хъуыддӕгты йӕ мидӕфсарм уайдзӕф кӕмӕн кӕны, уыдонӕн быхсут, фӕразон сӕм ут, зӕгъгӕ, уӕд, йе ’муырнджыты Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕрын кодта,— кӕннод нӕ фервӕздзыстут, зӕгъгӕ,— уыдонӕн та карз уайдзӕф бакодта. Цӕвиттон, н. э. 61 азы Павел ныффыста Дзуттытӕм ӕрвыст. Ацы фыстӕджы Павел дзуттаг чырыстӕттӕн бӕлвырд-бӕрӕгӕй ӕмбарын кӕны, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй ницы ахъаз уыд, уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн уыд хуыздӕр ныфс. Уыцы ныфс лӕууыд Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл (Галатӕгтӕм 5:1—12; Титмӕ 1:10, 11; Дзуттытӕм 10:1—17).

9, 10. Чырыстӕтты цӕмӕй хъӕуы сӕхи хизын? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Павел ӕмбарын кӕны: иу хъуыддаджы ӕмхуызон кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, уый, чырыстон уагӕвӕрдтӕ ма халӕд, ӕндӕр нӕ иудзинадӕн тӕссаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ мидхъӕлӕс гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр уайдзӕф кӕмӕн кӕны, ахӕм чырыстӕтты фӕрсы: «Ды... цы тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн?» Стӕй фарст дӕтты, фидардӕр чи у (ӕвӕццӕгӕн, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нӕфӕтчиаг цы уыди, ахӕм хӕринаг чи хордта, кӕнӕ сабатбон йӕ куыстытӕ чи кодта, ӕмӕ йӕ мидхъӕлӕс кӕуыл нӕ тӕрхон кодта), уыдонмӕ дӕр: «Ды цы ныллӕг кӕныс де ’фсымӕры?» (Ромӕгтӕм 14:10). Павел уый зӕгъинаг уыд, ӕмӕ йӕ мидхъӕлӕс гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр уайдзӕф кӕмӕн кӕны, уыцы чырыстӕттӕ иннӕты хъуамӕ ма азымджын кӕной. Чырыстӕттӕй фидардӕр чи у, уыдон та хъуамӕ, йӕ намыс царды цыдӕр фӕзилӕнты хӕрзвӕлтӕрд кӕмӕн нӕу, уыдоныл уӕлӕхох ма кӕной. Хъуамӕ нӕ иу дӕр дызӕрдыг ма кӕна, иннӕтӕ цы аразынц, уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразынц. Стӕй хъуамӕ «нӕхиуыл ма сагъӕс кӕнӕм, цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр» (Ромӕгтӕм 12:3, 18).

10 Не ’рхъуыдыдзинад цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый Павел афтӕ ӕмбарын кӕны: «Хӕргӕ чи кӕны, ныллӕг ма кӕн, чи нӕ хӕры, уый; ӕмӕ чи нӕ хӕры, тӕрхон ма кӕн, чи хӕры, уымӕн: уымӕн ӕмӕ Хуыцау уый райста». Ӕмӕ дарддӕр зӕгъы: «Чырысти дӕр Хуыцауы кадмӕ сымах... райста». Кӕд Хуыцау ӕмӕ Чырысти тыхджыны дӕр ӕмӕ ӕдыхы дӕр райстой, уӕд хъуамӕ мах зӕрдӕ дӕр гом уа алкӕмӕндӕр — хъуамӕ «кӕрӕдзийы исӕм» (Ромӕгтӕм 14:3; 15:7). Уӕвгӕ чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ афтӕ нӕу?

Иудзинад цӕуы ӕфсымӕрон уарзтӕй

11. Павел цавӕр уавӕры кой кӕны?

11 Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм Павел ныхас ӕрӕфтыдта, уӕдмӕ чи никуы ма уыд, иу ахӕм уавӕры тыххӕй. Иегъовӕ йӕ къух систа иу бадзырдыл ӕмӕ сфидар кодта ӕндӕр — ног бадзырд. Иуӕй-иутӕн зын уыди сӕ зонд уыцы ног бадзырдмӕ гӕсгӕ аивын. Абон раст ахӕм уавӕр нал уыдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр цыдӕр фарстытӕ хатт фӕзыны.

12, 13. Чырыстӕтты, се ’фсымӕртӕ куыд хъуыды кӕнынц, уый цавӕр уавӕрты хъӕуы зӕрдыл дарын?

12 Цӕвиттон, хо раздӕр ахӕм диныл хӕст уыди, ӕмӕ йӕ сахуыр кодтой, адӕймагӕн йӕ бакаст, йӕ уӕлӕдарс кӕй хъуамӕ уа тынг хуымӕтӕг: хи ахорын, хи аив кӕнын — уыдон иууылдӕр сты уӕлдай митӕ. Ныр ӕцӕгад базыдта, фӕлӕ уӕддӕр ирдхуыз, хъулӕттӕ, фӕлӕ уыимӕ аив дарӕс дара (кӕм цы фидауы, уымӕ гӕсгӕ) кӕнӕ иу гыццыл йӕхи ахора, ууыл йӕ мидӕфсарм нӕ разы кӕны. Фӕлӕ уымӕй Библийы ӕвӕрд ӕгъдау нӕ халы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдзӕн, исчи йын, йӕ мидзӕрдӕйы разы цӕуыл нӕу, уый аразын кӕна. Иннӕмӕй та йӕхӕдӕг ӕмбары: хотӕй уыдӕттӕ ӕвзӕр кӕмӕ нӕ кӕсынц, уыдоны кой хъуамӕ ма кӕна.

13 Мӕнӕ ӕндӕр цӕвиттон дӕр. Ӕфсымӕр схъомыл, нуазын ӕгад хъуыддагыл нымад кӕм уыд, ахӕм ран. Ӕцӕгады фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд Библийӕ базыдта, сӕн Хуыцауы лӕвар кӕй у ӕмӕ дзы бӕрцӕй нуазӕн кӕй ис (Псалом 103:15). Ӕмӕ кӕд йӕхӕдӕг дӕр разы у ацы хъуыдыйыл, уӕддӕр раздӕр афтӕ ахуыр кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр нозт йӕ дзыхмӕ нӕ исы. Фӕлӕ, гыццыл чи аназы, уыдонӕн дӕр сӕ кой нӕ кӕны. Афтӕмӕй уый архайы Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Байдайӕм, уӕдӕ, агурын, фарнӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы схуыздӕр кӕнынӕн ахъаз цы у, уыдӕттӕ» (Ромӕгтӕм 14:19, НФ).

14. Чырыстӕтты бон цавӕр уавӕрты у, Павелы уынаффӕйы цы хъуыды ис, уымӕ гӕсгӕ архайын?

14 Павелы уынаффӕйы цы хъуыды ис, уый ма ахӕссӕн ис ӕндӕр уавӕртӕм дӕр. Чырыстон ӕмбырды бирӕ адӕм ис, ӕмӕ дзы иуӕн иу цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, иннӕмӕн та ӕндӕр цыдӕр. Райсӕм, конд ӕмӕ химӕ зилыны хъуыддаг. Библийы ис, ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтмӕ дӕр чи хауы, ахӕм бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ. Йӕ конд, йӕ сӕрыхъуынты арӕзтӕй нӕ йӕхи цӕсты хъуамӕ мачи ӕфтауа, кӕнӕ адӕмы йӕхимӕ ӕркӕсын кӕна, йе та йыл ацы дунейы ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ тӕваг зына (1 Иоанны 2:15—17). Чырыстӕттӕй рох нӕу, кӕдфӕнды дӕр — сӕ фӕллад куы уадзой, уӕд дӕр — Дунедарӕг Стыр Хуыцауы ном кӕй хӕссынц, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты (Исай 43:10; Иоанны 17:16; 1 Тимофеймӕ 2:9, 10). Фӕлӕ царды бирӕ ис ахӕм фӕзилӕнтӕ, ӕмӕ алы чырыстон дӕр, куыд бакӕндзӕн, цы равзардзӕн, уый йӕхи бар у *.

Иннӕтӕн фӕкӕлыны хос ма у

15. Чырыстон, йе ’фсымӕртыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, бар ын цӕмӕн ис, уый цавӕр уавӕры нӕ бакӕндзӕн?

15 Павел Ромы чырыстӕттӕн цы зонд бацамыдта, уый ма нын не ’ргом здахы ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддагмӕ. Йӕ намыс хӕрзвӕлтӕрд кӕмӕн у, ахӕм чырыстон хатт цыдӕр нӕ бакӕны, кӕд ын уый бар ис, уӕд дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зоны: афтӕ куы бакӕна, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, иннӕтӕ раст ма бамбарой. Куыд кӕнгӕ у махӕн ахӕм уавӕры? «Хуыздӕр у нӕ хӕрын дзидза, нӕ нуазын сӕн ӕмӕ мацы кӕнын ахӕмӕй, кӕцыйӕ де ’фсымӕр фӕкӕлы»,— зӕгъы Павел (Ромӕгтӕм 14:14, 20, 21). Уӕдӕ «мах, тыхджынтӕ хъуамӕ хӕссӕм лӕмӕгъты ӕдыхдзинӕдтӕ ӕмӕ нӕхицӕн зӕрдӕлхӕнӕн ма кӕнӕм: махӕй алчидӕр хӕстӕгӕн хъуамӕ кӕна зӕрдӕлхӕнӕн, хорзӕн, зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:1, 2). Зӕгъгӕ цыдӕр аразинаг стӕм, фӕлӕ йӕ зонӕм, не ’мчырыстон нӕ раст нӕ бамбардзӕн, уӕд ӕй нал бакӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм. Цӕвиттонӕн райсӕм нозты хабар. Чырыстонӕн искуы иу хатт гыццыл сӕн аназыны бар ис. Фӕлӕ кӕд уый йе ’мбалӕн фӕкӕлыны хос у, уӕд йӕхион нӕ кӕндзӕн, мӕ бар мӕхи куы у, зӕгъгӕ.

16. Цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый куыд ис равдисӕн?

16 Ацы хъуыды зӕрдыл дарын хорз уаид чырыстон ӕмбырды ӕдде дӕр. Зӕгъӕм, кӕм цӕрӕм, уым дингӕнӕг адӕм зӕгъынц: къуырийы мидӕг иу бон ницы кусӕн ис. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ сыхӕгтӕн фӕкӕлыны хос ма уӕм ӕмӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цӕлхдуртӕ ма ӕвӕрӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, уыцы бон ахӕмӕй ницы араздзыстӕм, ӕмӕ нӕ сыхӕгты нӕхимӕ фӕхъыг кӕнӕм. Райсӕм ӕндӕр уавӕр дӕр: хъӕздыгцӕрӕг чырыстон йӕ цӕрӕнбынат, хъусынгӕнджыты сӕр тынгдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ аивта; йӕ ног бынаты адӕм цӕрынц мӕгуыр. Ӕмӕ ныр йӕ сыхӕгтыл кӕй хъуыды кӕны, уый равдисдзӕн, тынг хуымӕтӕг кондӕй куы цӕуа йе та ӕндӕр цӕмӕйдӕр куы фӕхуымӕтӕгдӕр кӕна йӕ цард (кӕд ӕй йӕ фадӕттӕ фылдӕр амонынц, уӕддӕр).

17. Куыд бакӕнӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ нӕ иннӕтыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

17 Цымӕ «тыхджын» чи у, уыдон ӕцӕгдӕр хъуамӕ кӕной афтӕ? Дӕ цӕстытыл ма ауайӕд ахӕм ныв: стыр фӕндагыл машинӕйыл фӕцӕуыс, ӕмӕ уыныс — уӕртӕ сывӕллӕттӕ тӕккӕ фӕндаггӕрӕтты сӕхицӕн уыцы ӕнӕмӕт цыд фӕкӕнынц. Цымӕ дарддӕр дӕр, куыд тагъд скъӕрдтай, афтӕ скъӕрдзынӕ, закъонмӕ гӕсгӕ мын уый бар ис, зӕгъгӕ? Ницы хуызы! Уайтагъд дӕ цыд фӕсындӕг кӕндзынӕ, уыцы сывӕллӕттӕ фыдбылызы куыд нӕ бахауой. Хатт не ’муырнджытӕ кӕнӕ иннӕ адӕмыл хъуыдыгӕнгӕйӕ мах дӕр афтӕ фӕхъӕуы нӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕнын, ома нӕхиуыл фӕхӕцын. Чи зоны, цы аразӕм, уым мисхал дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис. Библийы уагӕвӕрдтӕй иу дӕр нӕ халӕм. Фӕлӕ гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр йӕ мидхъӕлӕс уайдзӕф кӕмӕн кӕны, уыдон нӕ раст куы нӕ бамбарой кӕнӕ сын уый масты хос куы фӕуа, уӕд нӕм чырыстон уарзт нӕ зӕрдӕйӕ сдзурдзӕн, ныууадз уыцы хъуыддаг, фӕлтау дӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 14:13, 15). Ӕмбырды иудзинад ӕмӕ Паддзахады хъуыддаг размӕ кӕнын нӕ бартӕй бирӕ ахсджиагдӕр у.

18, 19. а) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕй Йесойы фӕзмӕм? ӕ) Не ’ппӕт дӕр ӕмзонд-ӕмзӕрдӕйӕ цавӕр хъуыддаджы архайӕм ӕмӕ иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

18 Уымӕй мах фӕзмдзыстӕм нӕ хуыздӕр Дӕнцӕджы. «Чырысти дӕр Йӕхицӕн зӕрдӕлхӕнӕн нӕ кодта, фӕлӕ фыст куыд у: „Дӕуӕн ӕвзӕр дзурджыты ӕвзӕр ныхӕстӕ хаудтой Мӕныл“». Йесо мах сӕрвӕлтау йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта. Цӕйнӕфӕлтау «лӕмӕгъ» чи у, уымӕн немӕ иумӕ Хуыцауы кадджын кӕнын фӕзын уа, фӕлтау мах дӕр, бар нын цӕмӕн ис, ууыл дӕр нӕ къух ауигъдзыстӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр йӕ мидхъӕлӕс уайдзӕф кӕмӕн фӕкӕны, уыцы чырыстӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уарзон цӕстӕй сӕм куы кӕсӕм,— уыдон тыххӕй, зынаргъ нын цы у кӕнӕ нын бар цӕмӕн ис, уымӕй дӕр нӕхиуыл куы хӕцӕм,— уӕд ӕвдисдзыстӕм, «уыцы иу зондыл [кӕй] хӕцӕм Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (Ромӕгтӕм 15:1—5, НФ).

19 Библийы уагӕвӕрдтӕм чи нӕ хауы, уыцы хъуыддӕгты, гӕнӕн ис, иухуызон ма хъуыды кӕнӕм ӕмӕ иухуызон ма архайӕм. Фӕлӕ Хуыцауӕн кувыныл дзырд кӕм фӕцӕуы, уым не ’ппӕт дӕр архайӕм ӕмзонд-ӕмзӕрдӕйӕ (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Уыцы иудзинад бӕрӕг у, зӕгъӕм, ӕцӕг дины ныхмӕлӕуджытӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй. Ахӕм ныхмӕлӕуджыты Хуыцауы Ныхас хоны ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, къӕрцхъус ут, «ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс» уӕ ма фӕсайӕд (Иоанны 10:5). Куыд ис базонӕн уыцы ӕцӕгӕлӕтты? Ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ацы фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Уӕлӕдарӕсы хъуыддаджы сывӕллӕттӕ хъусынц сӕ ныййарджытӕм — уыдон сын куыд амонынц, ахӕм кондӕй цӕуынц.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хи сӕрмагонд хъуыддӕгты фӕдыл ӕмхуызон кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, уый нын нӕ иудзинад цӕуылнӕ хъуамӕ хала?

• Мах, чырыстӕтты, нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

• Павел иудзинады тыххӕй цы уынаффӕ радта, уый нӕ цавӕр уавӕрты хъӕуы зӕрдыл дарын ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда уымӕ гӕсгӕ архайын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Павел иудзинады тыххӕй цы уынаффӕ радта, уый тынг ахсджиаг уыди ӕмбырдӕн.

[Ныв 24 фарсыл]

Кӕд чырыстӕттӕ раздӕр алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад.

[Ныв 26 фарсыл]

Ацы шофыры ныртӕккӕ куыд бакӕнын хъӕуы?