Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕуынон стӕм ницӕй тыххӕй

Ӕнӕуынон стӕм ницӕй тыххӕй

Ӕнӕуынон стӕм ницӕй тыххӕй

«Дзӕгъӕлы сынӕуынон дӕн уыдонӕн» (ИОАННЫ 15:25).

1, 2. а) Чырыстӕтты ныхмӕ цӕмӕн дзурынц, уый чидӕртӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, фӕлӕ уый нӕхимӕ диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? ӕ) Ацы статьяйы дзырд «ӕнӕуынонӕн» йӕ цавӕр нысаниуӕг равзардзыстӕм? (Кӕс фиппаинагмӕ.)

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ сӕ цард аразынц Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй сӕ бирӕ бӕстӕты уарзынц, аргъ сын кӕнынц. Фӕлӕ сыл уӕддӕр хатт хахуыртӕ ӕмӕ даутӕ фӕкӕнынц. Цӕвиттон, Петербурджы иу бӕрнон кусӕг загъта: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дзырдтой, зӕгъгӕ уыдон сты, къуымты-къуымты чи рамбӕхс-бамбӕхс кӕны, сӕхи чи мары ӕмӕ сывӕллӕтты чи ӕргӕвды, ахӕм сектанттӕ». Фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕн дунеон конгрессы хъуыддӕгтӕ банывыл кӕнынмӕ куы баххуыс кодта, уӕд скодта ахӕм хатдзӕг: «Куыд сӕм бакастӕн, афтӕмӕй сты тынг хорз адӕм, стӕй хъӕлдзӕг... Сты сабыр, никӕй хъыгдарынц ӕмӕ бирӕ уарзынц кӕрӕдзи». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Раст зӕгъгӕйӕ йӕ не ’мбарын, адӕм сӕ афтӕтӕ цӕмӕн дзурынц» (1 Петры 3:16).

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн, фыдгӕнджытӕ сӕ кӕй хонынц, уый ӕхсызгон нӕу. Фӕлӕ сӕм диссаг дӕр нӕ кӕсы. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Кӕд дунейӕн сымах ӕнӕуынон стут, уӕд зонут, Мӕн сымах разӕй нӕ бауарзта. [...] Фӕлӕ уадз сӕххӕст уӕд сӕ закъоны цы дзырд фыст ис: „дзӕгъӕлы сынӕуынон дӕн уыдонӕн“» * (Иоанны 15:18—20, 25; Псалом 34:19; 68:5). Уымӕй размӕ та сын загъта: «Кӕд хӕдзары хицауы хӕйрӕджыты ӕлдар схуыдтой, уӕд уӕлдайдӕр та йӕ хӕдзаронты [не схондзысты]?» (Матфейы 10:25). Чырыстӕттӕ зонынц — ахӕм хахуыртӕ сты, сӕхиуыл кӕй сӕвӕрдтой, уыцы «хъизӕмӕртты цӕджындз» (Матфейы 16:24, НД).

3. Хуыцауы адӕм карз ӕфхӕрд кӕдӕй нырмӕ ӕййафынц ӕмӕ кӕмӕй?

3 Хуыцауы адӕм рагӕй ӕййафынц карз ӕфхӕрд, суанг «рӕстгӕнӕг Авелӕй» фӕстӕмӕ (Матфейы 23:34, 35). Ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ стӕм нӕ уыдысты. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ номы тыххӕй «уыдзысты ӕнӕуынон ӕппӕтӕн» дӕр (Матфейы 10:22). Апостол Павел та дзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр сурдзысты,— ӕмӕ нӕм уый хъуамӕ диссаг ма кӕса (2 Тимофеймӕ 3:12). Фӕлӕ уӕддӕр цӕй тыххӕй ӕййафӕм ӕфхӕрд?

Стӕм ӕнӕуынон. Чи у ардауӕг?

4. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты адӕмӕн ӕнӕуынон чи скодта, уый Библи куыд ӕргом кӕны?

4 Сӕрысуангӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл адӕмы чидӕр кӕй ардауы, уый нын Библи ӕргом кӕны. Ахъуыды ма кӕн, Каин йе ’фсымӕр Авелы — фыццаг рӕстуд адӕймаджы — куыд ӕгъатыр мард акодта. Библи дзуры, зӕгъгӕ, Каин «уыд хинӕйдзагӕй», Сайтан Хӕйрӕгӕй (1 Иоанны 3:12). Каин йӕ зондыл кӕй ацыд, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг йӕ фыдвӕндтӕ уый къухӕй сӕххӕст кодта. Библи ма ӕргом кӕны, Иов ӕмӕ Йесо Чырыстийы фыдтухитӕ Сайтанӕй кӕй уыдысты (Иов 1:12; 2:6, 7; Иоанны 8:37, 44; 13:27). Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕнцад чи нӕ уадзы, адӕмы сыл чи ардауы, уыцы фыдгулы гамхуд бынтондӕр систа Раргомады чиныг. Уым кӕсӕм: «Хӕйрӕг сымах ӕхсӕнӕй [кӕйдӕрты] ӕппардзӕн ахӕстонмӕ, цӕмӕй бафӕлвара сымах» (Раргомад 2:10). Уӕдӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты адӕмӕн ӕнӕуынон скодта Сайтан.

5. Сайтанӕн Хуыцауы адӕм ӕнӕуынон цӕмӕн сты?

5 Сайтанӕн Хуыцауы адӕм ӕнӕуынон цӕмӕн сты? Ацы кадмондаг фыдгулы зӕрдӕйы сӕвзӕрд сау фӕнд, ӕмӕ рацыд «Ӕнусты Паддзах» Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ (1 Тимофеймӕ 1:17; 3:6). Загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау ахӕм карз у, ӕмӕ йе сконд адӕмы скӕсын дӕр нӕ уадзы. Стӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр ӕрмӕст пайдайы ӕнхъӕлӕй. Сайтан ма ноджыдӕр загъта, ома, дам, адӕмы фыдӕвзарӕнты хай куы бакӕнон, уӕд се ’ппӕты дӕр Хуыцауӕй аздахдзынӕн (Уӕвынад 3:1—6; Иов 1:6—12; 2:1—7). Иегъовӕйы залым, фӕлитой ӕмӕ ӕнӕбон Хуыцау кӕй хоны, уымӕй йӕ цӕсты ӕфтауы, йӕхи та кӕны бӕрзонд, зӕгъгӕ, Дун-дуне мӕ къухы куы уаид, уӕд ӕз уаин хӕларзӕрдӕ хицау. Уӕдӕ бӕрӕг у, Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны — Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн табу кӕной, уымӕ бӕллы (Матфейы 4:8, 9).

6. а) Дун-дунейы Хицау чи у, уыцы дзырддаг фарста нӕ алкӕмӕдӕр куыд хауы? ӕ) Ацы дзырддаг фарста хорз кӕй зонӕм, уый нӕ цудын куыд нӕ бауадздзӕн? (Кӕс фӕлгӕты 12 фарсыл.)

6 Сайтан цытӕ фӕдзырдта, уый дӕумӕ дӕр кӕй хауы, уый ӕмбарыс? Иегъовӕйӕн цы лӕггад кӕныс, уымӕй йӕ зондзынӕ: кӕд йӕ зондыл цӕуынӕн хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын, уӕддӕр арфӕйаг хъуыддаг у. Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ цард фӕивта, ӕмӕ дын Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын фӕзын, суанг дын уӕззау уаргъау сси. Чи зоны дӕм афтӕ дӕр фӕкаст, ӕмӕ сӕ ницы пайда ис. Уӕд цымӕ зӕгъдзынӕ, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дзӕгъӕлы у? Ӕви йӕ уарздзынӕ ӕмӕ диссаджы рӕсугъд удыхъӕды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын дарддӕр дӕр йӕ фӕнд ӕххӕст кӕндзынӕ? (Дыккаг закъон 10:12, 13). Иегъовӕ Сайтаны адӕмы удӕвзарӕнты хай бакӕнын кӕй бауагъта, уымӕй нӕ алкӕмӕндӕр фадат радта, Сайтан цы сдзырддаг кодта, уымӕн дзуапп раттынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

«Куы уӕ ӕфхӕрой»

7. Мах Иегъовӕйӕ аздахыны тыххӕй Хӕйрӕг цы хин митӕ кӕны, уыдонӕй иу цы у?

7 Сайтан, уыцы дзырддаг фарстайы раст дӕн, зӕгъгӕ, сбӕлвырд кӕнынӕн цы алыхуызон хин митӕ кӕны, уыдонӕй иу у мӕнг ныхас. Лӕмбынӕгдӕр ӕм ӕркӕсӕм. Йесо Сайтаны схуыдта «мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44). Хуыцауыл хахуыртӕ уый кӕны, стӕй йын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг номыл дӕр цъыф уый калы. Сайтан Иегъовӕйы хицаудзинадӕй сусӕг-ӕргом ныхӕстӕ куыд кӕны ӕмӕ мӕнгтӕ куыд дзуры, афтӕ цъыфкалӕн кӕны Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл дӕр. Ӕмӕ сӕ цы фӕлварӕнты баппары, уыдон кӕд ӕнӕуи дӕр ӕнцон нӕ вӕййынц, уӕд сын уыдӕттӕй та ноджы удхайрагдӕр кӕны сӕ уавӕр.

8. Сайтан Иовы куыд ӕфхӕрдта ӕмӕ йӕ цы уавӕрмӕ ӕртардта?

8 Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм Иовы (йӕ ном нысан кӕны «фыдзӕрдӕ кӕмӕ дарынц»). Куыд зонӕм, афтӕмӕй уый бирӕ тухитӕ бавзӕрста. Сайтан ӕй сгӕвзыкк кодта, йӕ хъӕбулты йын амардта ӕмӕ йыл фыдниз бафтыдта. Фӕлӕ йын уый ӕгъгъӕд нӕ уыд — ӕвӕрдта йыл тӕригъӕдджыны гакк, ӕмӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ арӕзта, цыма йӕ Хуыцау ӕфхӕры. Ӕмӕ кӕд Иов уый размӕ тынг кадджын лӕг уыд, уӕд ныр та адӕмы цӕсты, суанг йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕртты цӕсты дӕр, сӕгад ис (Иов 19:13—19; 29:1, 2, 7—11). Ӕппынфӕстаг Сайтан ӕфсоны ныфсӕвӕрджыты дзыхӕй Иовы бадомдта: фыццаг ын загътой, зӕгъгӕ, дам, ӕвӕццӕгӕн цыдӕр уӕззау тӕригъӕд ракодтай; уый фӕстӕ йӕ фыдгӕнӕг рахуыдтой (Иов 4:6—9; 19:2; 22:5—10). Уыцы ныхӕстӕй Иовы зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ аскъуыдаид!

9. Сайтан Йесойыл тӕригъӕдджыны гакк куыд ӕвӕрдта?

9 Йесо Иегъовӕйы хицаудзинады фарс фидар кӕй лӕууыд, уый тыххӕй Сайтан сӕйраджыдӕр йӕ хъавд уымӕ сарӕзта. Иовы куыд ныссагъта йӕ ныхтӕ, афтӕ Йесойы дӕр — архайдта йӕ цӕсты бафтауын, цӕмӕй йыл тӕригъӕдджыны гакк сбадтаид (Исай 53:2—4; Иоанны 9:24). Адӕм ӕй хуыдтой нозтуарзаг ӕмӕ гуыбындзӕл. Дзырдтой, зӕгъгӕ йӕ «мидӕг ис хӕйрӕг» (Матфейы 11:18, 19; Иоанны 7:20; 8:48; 10:20). Ӕрымысыдысты йыл: Хуыцауы, дам, фауы (Матфейы 9:2, 3; 26:63—66; Иоанны 10:33—36). Уыцы ныхӕстӕ Йесойы зӕрдӕйы иннӕрдӕм хызтысты, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыдыл кодтой цъыфкалӕн (Лукайы 22:41—44). Фӕстагмӕ Йесойы фыдгӕнӕгау цӕджындзмӕ ныххуыдтой (Матфейы 27:38—44). Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй бавзӕрста «тӕригъӕдджынты» ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ (Дзуттытӕм 12:2, 3).

10. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны Сайтан ӕнцад куыд нӕ уадзы?

10 Абон та Хӕйрӕг ӕнцад нӕ уадзы, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны. Библи Сайтаны хоны Чырыстийы «ӕфсымӕрты фыдкойгӕнӕг, кӕцы Хуыцауы раз ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдоны фыдкой кӕны» (Раргомад 12:9, 10). Уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд ӕмӕ йын зӕххӕй дарддӕр авналӕн куы нал ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы тынгдӕр архайы, цӕмӕй сыл фидиссаджы ном сбада (1 Коринфӕгтӕм 4:13). Фыццаг ӕнусы сӕ куыд хуыдтой, афтӕ сӕ абон дӕр хонынц тӕссаг сектанттӕ (Куыстытӕ 24:5, 14; 28:22, НД). Статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй сыл алы тугтӕ мысынц. Фӕлӕ уӕддӕр сӕрст чырыстӕттӕ се ’мбал «ӕндӕр фыстимӕ», Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй дзурынц «намысы ӕмӕ ӕнӕнамысы, уайдзӕфы ӕмӕ ӕппӕлдтыты» (2 Коринфӕгтӕм 6:8; Иоанны 10:16; Раргомад 12:17).

11, 12. а) Чырыстӕтты хатт цӕй тыххӕй фефхӕрынц? ӕ) Чырыстӕттӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстӕй цавӕр хъуыддӕгты фӕтухӕн кӕнынц?

11 Хуыцауы лӕггадгӕнджыты кӕй ӕфхӕрынц, уый, раст зӕгъгӕйӕ, алкӕд «рӕстдзинады тыххӕй» нӕ вӕййы (Матфейы 5:10). Бирӕ хатт нӕм маст ӕрхауы не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй. Куы нӕ «нӕмой нӕ аххосы тыххӕй» ӕмӕ куы быхсӕм, уӕд уым раппӕлинагӕй ницы ис. Фӕлӕ «Хуыцауы тыххӕй хъуыды кӕнгӕйӕ, [куы] хӕссӕм хъыгдзинӕдтӕ, растӕй тухӕн кӕнгӕйӕ», уӕд уымӕй рухс кӕнӕм Хуыцауы зӕрдӕ (1 Петры 2:19, 20). Хъыгдзинӕдтӕ та кӕд фӕхӕссӕм ӕмӕ рӕстӕй кӕд фӕтухӕн кӕнӕм?

12 Иутӕм ныхас ӕрхауы, зианы ӕгъдӕуттӕй Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыдон кӕй нӕ кӕнынц, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 14:1). Ӕрыгон Ӕвдисӕнтыл се ’мгӕрттӕ худынц, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты сӕрты нӕ хизынц (1 Петры 4:4). Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн тугӕй хос кӕнын кӕй нӕ уадзынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ хонынц дурзӕрдӕ (Куыстытӕ 15:29). Кӕуылдӕр та, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сси, уый тыххӕй йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ сыхӕгтӕ хъоды бакодтой (Матфейы 10:34—37). Ацы чырыстӕттӕ дӕр, пехуымпартӕ ӕмӕ Йесойау, рӕстӕй тухӕн кӕнынц (Матфейы 5:11, 12; Иаковы 5:10; 1 Петры 2:21).

Ӕфхӕрдӕн быхсӕм

13. Карзӕй нӕ куы фефхӕрынц, уӕд цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда, уымӕн цы хъӕуы?

13 Нӕ дины тыххӕй нӕ карзӕй куы фефхӕрынц, уӕд, чи зоны, Иеремиау махӕн дӕр нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕм афтӕ кӕса, нӕ бон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нал у (Иереми 20:7—9). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда, уымӕн цы хъӕуы? Фыццаджыдӕр, уавӕрмӕ Иегъовӕйы цӕстӕй акӕсын. Иегъовӕ, фӕлварӕнтӕн чи ныффӕразы, уыдоны тӕригъӕддӕгтыл нӕ, фӕлӕ уӕлахиздзаутыл нымайы (Ромӕгтӕм 8:37). Дыккаджыдӕр, дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, Хӕйрӕг кӕй ӕфхӕрдта, фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы хицаудзинады фарс фидарӕй чи лӕууыд, уыдоны — Авелы, Иовы, Йесойы мад Мариайы ӕмӕ иннӕ рагон иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, стӕй нырыккон Ӕвдисӕнты (Дзуттытӕм 11:35—37; 12:1). Ӕртыккаджы, хъуыды кӕн, цудын сӕ цы нӕ бауагъта, ууыл. Уыцы иузӕрдион адӕм нӕм иууылдӕр «сидынц», зӕгъгӕ, рацӕут ӕмӕ сымах дӕр хайджын уыдзыстут, уырнындзинадӕй дунейыл фӕуӕлахиз уӕвгӕйӕ мах цы хорзӕхтӕ райстам, уыдонӕй (1 Иоанны 5:4).

14. Хуыцауӕн алцыдӕр ӕргом куы дзурӕм, уӕд уый фӕрцы фидар куыд уыдзыстӕм?

14 Нӕ «зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ фылдӕр [куы] кӕной», уӕд сӕ Иегъовӕйӕн ӕргом дзурӕм. Уый нын нӕ уд ӕрсабыр кӕндзӕн, не уӕнгты нын хъарутӕ бауадздзӕн (Псалом 49:15; 93:19). Иегъовӕ нын дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй фӕлварӕнты рӕстӕг ӕмбаргӕ уӕм. Нӕ нӕ уадздзӕн рох кӕнын: йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ хицаудзинады фарс кӕй хӕцынц, адӕмӕн ӕнӕуынон уый тыххӕй сты (Иаковы 1:5). Стӕй нын бахай кӕндзӕн йӕ «фарнӕй, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Афтӕмӕй нӕ уд уыдзӕн сабыр, уӕззау рӕстӕг ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм, ӕмӕ нын дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕ зӕрдӕ не ’хсындзысты. Стӕй ныл цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр нын Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хъарутӕ дӕтдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:13).

15. Зын рӕстӕг цӕмӕй не ’фхӕрджытӕм ма сфыдӕх уӕм, уымӕн цы хъӕуы?

15 Ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдонмӕ цӕмӕй ма сфыдӕх уӕм, уымӕн цы хъӕуы? Дӕ зӕрдыл ӕй дар, нӕ цыфыддӕр знӕгтӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ кӕй сты (Ефесӕгтӕм 6:12). Кӕд нӕ зонгӕ-зонын чи ӕфхӕры, ахӕмтӕ дӕр ис, уӕддӕр бирӕтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, хъуыддаг бӕлвырд кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй, йе та кӕйдӕр зондӕй (Данелы 6:4—16; 1 Тимофеймӕ 1:12, 13). Иегъовӕйы «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Ӕмӕ раздӕр нӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй чидӕртӕ, не ’гъдау ӕмӕ не ’фсарм уынгӕйӕ, систы не ’фсымӕртӕ (1 Петры 2:12). Афтӕ ма нӕ бон у Иаковы фырт Иосифы бафӕзмын. Кӕд йе ’фсымӕрты тыххӕй бирӕ тухитӕ бавзӕрста, уӕддӕр сӕм не сфыдӕх. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, цы йыл ӕрцыд, уый кӕй уыд Хуыцауӕй — уымӕй ӕххӕст кодта йӕ фӕнд (Уӕвынад 45:4—8). Раст афтӕ абон дӕр — мах цы ӕфхӕрд ӕййафӕм, уымӕй Иегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ ном скадджын кӕнын (1 Петры 4:16).

16, 17. Кӕд нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг къуылымпы кӕныныл архайынц, уӕддӕр нӕ ууыл тыхсын цӕуылнӕ хъӕуы?

16 Кӕд нӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ нын нӕ ныхмӕлӕуджытӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг къуылымпы кӕнынц, уӕддӕр нӕ ууыл тыхсын нӕ хъӕуы. Абон Иегъовӕ уацамынды руаджы ӕгас дунейыл дӕр «змӕлын кӕны ӕппӕт адӕмыхӕттыты», ӕмӕ йӕм сӕ «хӕзнатӕ» цӕуынц (Аггей 2:7). Йесо Чырысти — Хорз Фыййау — загъта: «Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ Ӕз зонын уыдоны, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕстӕ, ӕмӕ Ӕз дӕттын уыдонӕн мыггагмӕйы цард... ӕмӕ ничи аскъӕфдзӕн уыдоны мӕ къухӕй» (Иоанны 10:27—29). Стыр «хуымгӕрдӕны» кусынц уӕларвон зӕдтӕ дӕр (Матфейы 13:39, 41; Раргомад 14:6, 7). Уӕдӕ, нӕ ныхмӕлӕуджытӕ цыфӕнды ма дзурой, цыфӕнды ма аразой — Хуыцауы фӕнд бакъуылымпы кӕнын сын нӕ рауайдзӕн (Исай 54:17; Куыстытӕ 5:38, 39).

17 Арӕх не знӕгты фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадынц. Африкӕйы иу ран Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл алы дамтӕ ауагътой, суанг ма сӕ Хӕйрӕджы адӕмӕй дӕр схуыдтой. Грейс уыдӕттӕ хъуыста, ӕмӕ-иу ӕм Ӕвдисӕнтӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд-иу йӕ хӕдзары фӕстӕ бамбӕхст. Иу афон сӕ сауджын нӕ чингуытӕй иу йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ адӕмӕн загъта, адӕттӕ ма кӕсут, зӕгъгӕ, науӕд уын уӕ дин ныууадзын кӕндзысты. Грейс уыцы ныхӕстӕ куы айхъуыста, уӕд сцымыдис. Ӕмӕ иннӕ хатт Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ нал бамбӕхст. Семӕ фӕныхас кодта ӕмӕ йын ныууагътой, сауджыны къухы цы чиныг уыд, ахӕм. Йемӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ 1996 азы донаргъуыд райста. Грейс ныр йӕхӕдӕг ныхас кӕны, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй гӕды ныхӕстӕ кӕмӕн фӕкодтой, уыдонимӕ.

Дӕ уырнындзинад ныртӕккӕ фидар кӕн

18. Цалынмӕ фӕлварӕнтӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ йӕ куыд фидар кӕнӕм?

18 Сайтан ныл йӕхи цы бон ныццӕвдзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы нӕ уырнындзинад ныртӕккӕ фидар кӕнын. Куыд? Ӕвдисӕнты тынг кӕм хъыгдарынц, иу ахӕм бӕстӕйӕ фыссынц: «Иу хъуыддаг бӕлвырд у: ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты лӕуд чи у ӕмӕ Библийы ӕцӕгадӕн чи аргъ кӕны, уыдонӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын зын нӕу. Фӕлӕ „хорз афон“ фембӕлдтӕ чи цух кӕны, арӕх чи нӕ хъусын кӕны ӕмӕ гыццыл хъуыддӕгты йӕ бон фидар фӕлӕууын кӕмӕн нӕу, уыдон фӕлварӕнты фӕцудынц» (2 Тимофеймӕ 4:2, НД). Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ царды фӕивын цы хъӕуы, уый зоныс, уӕд фӕстиат ма кӕн, тӕккӕ абон архайын байдай (Псалом 118:60).

19. Кӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ адӕмӕн ӕнӕуынон сты, уӕддӕр иузӕрдион кӕй сты, уый ӕвдисӕн цӕмӕн у?

19 Хуыцауы адӕмы Сайтаны хахуыртӕ ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй нӕ сӕттынц, уый ӕвдисы, Иегъовӕ кӕй у Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау ӕмӕ рӕстаг Хуыцау. Иузӕрдион ыл кӕй сты, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнынц. Ӕмӕ сӕ кӕд адӕм ӕфхӕрынц, фидистӕ сын кӕнынц, уӕддӕр иунӕг кадджын «Хуыцау... не ’фсӕрмы кӕны, Йӕхи уыдоны Хуыцау хонынӕй». Хуыцауыл ӕнувыд чи у, уыдонӕй бӕгуыдӕр зӕгъӕн ис: «Ӕнӕхъӕн дуне дӕр сӕ аккаг... нӕу» (Дзуттытӕм 11:16, 38).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Сыгъдӕг Фыстады дзырд «ӕнӕуынонӕн» ис цалдӕр нысаниуӕджы. Кӕмдӕрты амоны «къаддӕр уарзын» (Дыккаг закъон 21:15, 16). Цалдӕр раны йӕ нысаниуӕг у ахӕм, ӕмӕ кӕмӕндӕр чидӕр ӕнад у, йӕхи дзы дӕрдты ласы, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ ӕвзӕрӕй ницы зӕгъы. Ӕндӕр рӕтты та — адӕймаг фыдзӕрдӕ кӕмӕ хӕссы, уымӕн исты знаггад ракӕна, ууыл у. Ацы статьяйы ныхас цӕуы фӕстаг нысаниуӕгыл.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Хуыцауы адӕм иннӕтӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты?

• Сайтан Иов ӕмӕ Йесойы хахуыртӕй басӕттыныл куыд архайдта?

• Сайтаны ӕфхӕрдӕн цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нын Иегъовӕ хъарутӕ куыд дӕтты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 12 фарсыл]

Дзырддаг фарста зыдтой

Украинӕйы Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг 50 азӕй фылдӕр уыд ӕхгӕд. Уый тыххӕй иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕн зӕгъы: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы цы уавӕры уыдысты, уымӕ канд адӕймаджы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. [...] Бӕрнон кусджытӕй бирӕтӕ, цы сын дзырдтой, уый арӕзтой — уый уыд сӕ куыст. Фӕлӕ хицауад куы фӕивта, уӕд уыдон дӕр къӕссавӕлдӕхт фесты, мах та куыд уыдыстӕм, афтӕмӕй баззадыстӕм. Нӕ бӕллӕхтӕ кӕмӕй цыдысты, уый хорз зыдтам Библийӕ.

Тӕригъӕддаг хуыз нын никуы уыд. Никуы нӕ ничи загъта, зӕгъгӕ нӕ ӕфхӕрынц, ӕмӕ нӕ сӕрыл иу сдзурӕг нӕй. Едемы цы хъуыддаг сдзырддаг, ома Хуыцауӕн хицауиуӕг кӕныны бар ис ӕви нӕ, уый хорз зыдтам ӕмӕ уыдыстӕм фидар. [...] Ӕрмӕст нӕхи номы мӕт нӕ кодтам, фӕлӕ ма хъуыды кодтам Дунедарӕг Хуыцауы номыл дӕр. Ӕмӕ уый та у ӕппӕты сӕйрагдӕр. Уый нын лӕвӕрдта тых ӕмӕ нӕ бон баци уыцы фыдуавӕрты фидар фӕлӕууын».

[Ныв]

Виктор Попович, ӕрцахстой йӕ 1970 азы.

[Ныв 9 фарсыл]

Йесойыл адӕмы чи ардыдта?

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Куыд Иов, Мариа, афтӕ Хуыцауы нырыккон лӕггадгӕнджытӕ дӕр, дзырдӕн, Стенли Джонс, уыдысты Иегъовӕйы хицаудзинады фарс.