Абон Хуыцауы чи кадджын кӕны?
Абон Хуыцауы чи кадджын кӕны?
«Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых» (РАРГОМАД 4:11).
1, 2. а) Биомиметикӕ цы у, уый цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц? ӕ) Цавӕр фарстыл ӕмбӕлы ахъуыды кӕнын ӕмӕ уавӕр ӕцӕгӕй куыд у?
ИУ БОН швейцариаг инженер Жорж де Местраль йӕ куыдзы ӕддӕмӕ ракодта. Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд кӕсы, ӕмӕ — цы куыдзы хъуын, цы йӕхи дарӕс,— ичъийӕ нал зынынц. Гъа-ма, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм микроскопӕй лыстӕг фӕракӕс-бакӕс кодта. Тынг диссаг ӕм фӕкастысты, цӕуылдӕриддӕр фӕхӕцӕн уыд, ууыл чи ныффидар, уыцы гыццыл къӕпсыртӕ. Афтӕ фӕзынд «велкро» — ӕндадзгӕ ӕфтауӕнтӕ. Уый уыд 1940 азты. Фӕлӕ, ӕрдзы цы ис, уый иунӕг Местраль нӕ бафӕзмыдта. Америкӕйы Иугонд Штатты дыууӕ ӕфсымӕры, сӕ мыггаг Райт, зӕгъгӕ, стыр мӕргътӕ куыд тӕхынц, уымӕ кӕсгӕйӕ, сарӕзтой хӕдтӕхӕг. Францаг инженер Александр Гюстав Эйфель, агъды стӕг буары уӕз куыд уромы, уымӕ гӕсгӕ Парижы сарӕзта, абон дӕр йӕ номӕй кӕй хонынц, уыцы мӕсыг.
2 Ацы цӕвиттонтӕ хорз ӕвдисынц, цы у, биомиметикӕ кӕй хонынц, уый. Ома, ӕрдзы мидӕг цы диссӕгтӕ ис, уыдоны хуызӕгмӕ гӕсгӕ ног цыдӕртӕ чи аразы, зонады ахӕм фадыг *. Ӕмӕ уый хорз, фӕлӕ ахъуыды кӕнын ӕмбӕлы: цымӕ уыцы адӕймӕгтӕ, ног цыдӕртӕ цы гыццыл ичъитӕ, стыр мӕргътӕ, агъды стӕг ӕмӕ ӕрдзы ӕндӕр диссӕгты хуызӕгтӕм гӕсгӕ скодтой, уыдон Скӕнӕгӕн йӕ кой арӕх ракӕнынц? Хъыгагӕн, Хуыцау цы кады аккаг у, абоны дуне йын уыцы кад нӕ кӕны.
3, 4. Дзырд «кад» дзуттаг ӕвзаджы цы нысан кӕны ӕмӕ Иегъовӕйыл куы дзурӕм, уӕд та йӕ хъуыды цы у?
3 Чи зоны, исчи зӕгъа, Хуыцауы ма кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, ӕнӕуи дӕр кадджын нӕу, зӕгъгӕ. Уый афтӕ у, Дун-дунейы Иегъовӕйӕ бӕрзонддӕр, кадджындӕр ничи у, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы цӕсты дӕр у кадджын. Библийы «кад»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ сӕйраг нысаниуӕг у «уӕз». Афтӕ фӕзӕгъынц, адӕймаг иннӕтӕм нымад куы вӕййы, стыр уӕз ын куы вӕййы сӕ цӕсты, дзырддзӕугӕ йыл ӕй куы фӕнымайынц. Дзырд Хуыцауыл куы фӕцӕуы, уӕд та — Хуыцауӕн адӕмы цӕсты ис уӕз.
4 Хуыцау кады аккаг цӕмӕн у, ууыл абон стӕмтӕ хъуыды кӕнынц (Псалом 9:25; 13:1). Дзырддзӕугӕ адӕймӕгтӕ арӕх сӕхӕдӕг дӕр нӕ феууӕндынц Хуыцауыл, стӕй сӕ зондӕй иннӕтӕ дӕр Дун-дунейы кадджын Сфӕлдисӕджы ницӕмӕ дарынц. Цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у уый?
«Хатыр сын нӕй»
5. Ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕрдзы диссӕгтӕ куыд фӕзындысты?
5 Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ цӕхгӕр зӕгъынц, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ. Уӕдӕ цымӕ уӕд утӕппӕт ӕрдзы диссӕгтӕ — уыимӕ адӕм дӕр — кӕцӕй фӕзындысты? Уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ — сӕхигъӕдӕй, цавӕрдӕр ӕбӕрӕг тыхы архайдӕй. Зӕгъӕм, иу эволюционист (цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд, зӕгъгӕ, чи зӕгъы, ахӕм ахуыргонд), Стивен Джей Гулд фыссы: «Мах ам уымӕн стӕм, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕнагъӕддаджы кӕсӕгтӕн сӕ ленкгӕнӕн базыртӕ афтӕ конд уыдысты, ӕмӕ сӕ куыдфӕстагмӕ рауад, къӕхтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ сурзӕххыл чи цӕры, ахӕм сфӕлдисондтӕ... Бӕргӕ, ацы фарстӕн исты „аивдӕр“ дзуапп куы уаид — фӕлӕ нӕй». Афтӕ ма Ричард Лики ӕмӕ Роджер Левин дӕр фыссынц: «Чи зоны, ӕмӕ адӕмы мыггаг, дӕлӕмӕдӕр-уӕлӕмӕдӕр, у ӕрдзы стыр рӕдыд».
Ӕрдзы алӕмӕты рӕсугъддзинад, ӕмӕ дзы алцыдӕр куыд конд у, уый дисӕн чи хӕссы, уыцы ахуыргӕндтӕй дӕр Хуыцауӕн алчи нӕ кӕны кад.6. Бирӕтӕ Хуыцауы, Сфӕлдисӕджы, цӕуылнӕ кадджын кӕнынц?
6 Ахуыргонд адӕм куы фӕдзурынц, алцыдӕр йӕхигъӕдӕй кӕй фӕзынд, ууыл дзырд дӕр нӕй, зӕгъгӕ, уӕд сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ чи ницы ӕмбары, ӕрмӕст уый нӕу разы уыцы хъуыдыйыл. Адӕм ахӕм ныхӕстӕ куы фехъусынц, уӕд сыл куыд фӕзыны? Цалдӕр азы размӕ, эволюционистты хъуыдытӕ хорз зонгӕ кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм нӕлгоймаг, алцы йӕхигъӕдӕй фӕзынд, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдонимӕ аныхас кодта. «Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй, эволюцийыл чи ӕууӕнды, уыдон ыл уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ, дам, зондджын адӕм иууылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц»,— загъта уый. Ахуыргонд адӕм афтӕ кӕй дзурынц, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ иннӕ адӕмӕй дӕр бирӕтӕ Хуыцауы Сфӕлдисӕгыл нал нымайынц ӕмӕ йӕ нӕ кадджын кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 14:15, 18).
7. Ромӕгтӕм 1:20 стихмӕ гӕсгӕ, сфӕлдыстадмӕ кӕсгӕйӕ, нӕ бон цы у фенын ӕмӕ цӕмӕн?
7 Цымӕ ахуыргӕндтӕ ахӕм хатдзӕг уымӕн скодтой, ӕмӕ ууыл дзурӕг сты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ, сӕ цӕстӕй цы уынынц, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Нӕ алыварс кӕдӕмфӕнды ма акӕсӕм — ӕппӕт дӕр ӕвдисӕн у, Сфӕлдисӕг кӕй ис. Сфӕлдисӕгӕй апостол Павел афтӕ загъта: «[Йӕ] ӕнӕуынгӕ, Йӕ мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинад, дунейы [ома, адӕмы] сфӕлдисынӕй нырмӕ цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зынынц, афтӕ ӕмӕ [ӕнӕуырнджытӕ] сты ӕнӕдзырдхъом [«хатыр сын нӕй», НФ]» (Ромӕгтӕм 1:20). Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый зыны йе сконд хъуыддӕгты. Ӕмӕ Павел дӕр уымӕн дзырдта, зӕгъгӕ, адӕм цы цӕрынц, уӕдӕй ардӕм, Хуыцау кӕй ис, уый сӕ бон у уынын, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ. Уӕдӕ сӕ кӕм у нӕ бон фенын?
8. а) Арв Хуыцауы стыр тых ӕмӕ зондӕн ӕвдисӕн куыд лӕууы? ӕ) Дуне йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?
8 Хуыцау кӕй ис, уымӕн ӕвдисӕн — стъалыджын арв. «Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад»,— кӕсӕм Псаломы 18:2. «Ӕрвтӕ» — хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ — ӕвдисӕн сты Хуыцауы стыр тых ӕмӕ зондӕн. Стъалыты нымӕц нӕ дисы ӕфтауы. Уыцы уӕларвон буӕрттӕ иу ран нӕ лӕууынц, фӕлӕ се змӕлд ӕмтъеры нӕу — иууылдӕр сӕ цыд кӕнынц физикӕйы бӕлвырд закъӕттӕм гӕсгӕ * (Исай 40:26). Куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы фидар фӕтк йӕхигъӕдӕй фӕзынд?! Диссаг уый у, ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ сӕхӕдӕг кӕй дзурынц, зӕгъгӕ, Дун-дунейӕн уыди райдиан. Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, уый иу профессор мӕнӕ куыд ӕмбарын кӕны: «Дун-дуне алкӕддӕр уыди — афтӕ зӕгъӕн ис, Хуыцау бынтондӕр кӕй нӕ уырны, кӕнӕ афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ йӕ кӕронмӕ базонӕн нӕй, уыдоны цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Фӕлӕ иугӕр Дун-дунейӕн райдайӕн уыди, уӕд ӕнӕ искӕмӕй нӕ уыдаид. Ахӕм диссӕгтӕ сӕхигъӕдӕй фӕзындысты — уыцы хъуыды йӕ сӕрмӕ цӕугӕ та кӕмӕн хъуамӕ ӕркӕна?»
9. Иегъовӕйы зонд цӕрӕгойты скондӕй куыд зыны?
9 Уӕдӕ зӕхх дӕр ӕвдисӕн у, Хуыцау кӕй ис, уымӕн. «Куыд бирӕ нымӕц сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Хицау! Ӕппӕтдӕр скодтай Ды уӕлзондджын, зӕхх дзаг у Дӕ сфӕлдыстадӕй»,— дис кодта псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 103:24). Иегъовӕйы «сфӕлдыстады» — цӕрӕгойтӕ куыд конд сты, уымӕй дӕр зыны йӕ зонд. Райдианы куыд загътам, афтӕмӕй зӕххыл цӕрдудты сконд ахӕм диссаг у, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ арӕх уыдонмӕ гӕсгӕ ног диссӕгтӕ саразынц. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Ахуыргӕндтӕ, ноджы фидардӕр чи уа, ахӕм худ скӕныны тыххӕй иртасынц, саджы сыкъатӕ куыд конд сты, уый; кӕсынц, тынг къӕрцхъус чи у, ахӕм бындзытӕм, цӕмӕй хъусӕн аппараттӕ фӕхуыздӕр кӕной; ахуыр кӕнынц уыджы базыры систы конд — базоной, сусӕг хӕдтӕхджытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕн куыд ис. Фӕлӕ адӕймаг цыфӕнды куы фӕкӕна,— цы аразы, уыдон ын уӕддӕр ӕрдзы хуызӕгты халдих никуы рауайдзысты. Иу чиныджы фыстӕуы: «Цӕрӕгойтӕ аразынц, мах цытӕ фӕнды саразын, уыдӕттӕ иууылдӕр, ӕрмӕст махӕй уӕлдай уыдон нӕдӕр артаджы ӕвӕрӕнтӕ ихсийын кӕнынц, нӕдӕр ӕрдз чъизи кӕнынц, нӕдӕр сомбон карды комыл ӕвӕрынц» («Biomimicry—Innovation Inspired by Nature»). Ӕцӕгдӕр, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм зонд!
10. Раст цӕуылнӕ у афтӕ дзурын, зӕгъгӕ, Дӕсны Аразӕг нӕй? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
10 Уӕлӕмӕ арвмӕ кӕсай ӕви, зӕххыл дӕ разы цы ис, уымӕ,— алцыдӕр дзуры: Сфӕлдисӕг ис! (Иереми 10:12). Мах дӕр хъуамӕ уӕларвон сфӕлдисонтау зӕрдӕйӕ дзурӕм: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр» (Раргомад 4:11). Фӕлӕ бирӕ ахуыргӕндтӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ сӕ «зӕрдӕйы цӕстытӕй» нӕ уынынц, кӕд сӕ, ӕнӕуи цӕстӕй цы уынынц, уыдӕтты сконд дисы ӕфтауы, уӕддӕр (Ефесӕгтӕм 1:18). Ӕрдзы алӕмӕты рӕсугъддзинадыл, алцы дзы куыд диссаг конд у, ууыл дис кӕн ӕмӕ, Дӕсны Аразӕг нӕй, зӕгъгӕ, дзур, уый куыд уайы? Ныр рӕсугъд нывмӕ куы кӕсис, дӕ дисӕн кӕрон куы нӕ уаид, ӕмӕ стӕй, хуымӕтӕг кӕттаджы гӕбаз дунеон аивады хӕзна кӕй къухты фестад, уымӕй афтӕ куы зӕгъис, ахӕм адӕймаг уӕвгӕ дӕр нӕ уыд, зӕгъгӕ. Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдонӕй Библи афтӕ цӕмӕн зӕгъы — «хатыр сын нӕй»!
«Куырм фӕтӕгтӕ» адӕмы зонд дзӕгъӕл кӕнынц
11, 12. Алкӕмӕндӕр йӕ хъысмӕт конд у, зӕгъгӕ, афтӕ цӕмӕн дзурынц, ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, ацы ахуырад Хуыцауӕн кад кӕй нӕ хӕссы?
11 Уырнӕг адӕмӕй бирӕтӕ се ’нӕхин зӕрдӕйӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кувынц, уымӕй йӕ кадджын кӕнынц (Ромӕгтӕм 10:2, 3). Фӕлӕ динтӕ иумӕ куы райсӕм (ӕмӕ динӕн дӕр адӕмы царды стыр уӕз ис), уӕд уыдон дӕр милуангай адӕмы къуылымпы кӕнынц Хуыцауы кадджын кӕнын. Куыд ис уый гӕнӕн? Дыууӕ хуызы. Ӕмӕ сӕм, цӕй, ӕркӕсӕм.
12 Фыццаг: динтӕ сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй ӕнӕхай кӕнынц Хуыцауы, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уымӕй. Дзырдӕн райсӕм ахӕм ахуырад, алкӕмӕндӕр йӕ хъысмӕт конд у, зӕгъгӕ. Ома, дам, иугӕр Хуыцауӕн фидӕн зонын йӕ бон у, уӕд алцыдӕр куыд уыдзӕн, уый дӕр рагацау зоны. Уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ, Хуыцау алкӕмӕндӕр йӕ хъысмӕт — кӕмӕн хорз, кӕмӕн ӕвзӕр — раджы сныв кодта. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ абон ӕвзӕрдзинадӕй, хъизӕмар ӕмӕ дудгӕбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон сты Хуыцауы аххосӕй. Афтӕмӕй та гӕнӕг Сайтан у, Хуыцауы цыфыддӕр знаг — Библи «ацы дунейы ӕлдар» кӕй хоны, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы ахуырад Хуыцауы куыд хъуамӕ кадджын кӕна?! (Иоанны 14:30; 1 Иоанны 5:19).
13. Раст цӕуылнӕ у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ фидӕнзоныны хъомысыл йӕ бар нӕ цӕуы? Цӕвиттонӕй йӕ равдис.
13 Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъысмӕт Хуыцауӕй нывгонд у. Уыцы ахуырад ын йӕ номыл цъыф калы. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ ницы уӕлдай ис, Хуыцауӕн йӕ бон цы у аразын ӕмӕ ӕцӕгӕй цы аразы, уый ’хсӕн. Раст у, Фыстад нын йӕхӕдӕг дзуры, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у хабӕрттӕ рагацау зонын (Исай 46:9, 10). Фӕлӕ цас раст уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ уыцы хъомысыл йӕ бар нӕ цӕуы кӕнӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа — ӕппӕт дӕр уый фӕндӕй ӕрцӕуы? Ахъуыды ма кӕн: тынг тыхджын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд цымӕ, дӕ цӕст йӕхи цӕуылдӕриддӕр уӕззауӕй скъуыра, уыдӕттӕ-иу иууылдӕр хӕрдмӕ фелвасдзынӕ? Кӕцӕй! Афтӕ Хуыцау дӕр — кӕд йӕ бон фидӕн зонын у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алцыдӕр хъуамӕ рагацау зона кӕнӕ алкӕмӕндӕр йӕ хъысмӕт сныв кодта. Йӕ фидӕнзоныны хъомысӕй спайда кӕны, кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ кӕм фӕхъӕуы, уым *. Уӕдӕ бӕрӕг у, мӕнг ахуырӕдтӕ, уыимӕ афтӕ кӕй зӕгъынц, алкӕмӕндӕр йӕ хъысмӕт конд у, зӕгъгӕ, уый дӕр, Хуыцауӕн кад нӕ хӕссынц.
14. Динтӕ Хуыцауы цы хуызы худинаг кӕнынц?
14 Дыккаг та уый, ӕмӕ дингӕнӕг адӕм Хуыцауы худинаг кӕнынц сӕ митӕй — куыд цӕрынц, уымӕй. Чырыстӕттӕ хъуамӕ цӕрой Йесойы амындтӕм гӕсгӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ та хауынц ацы дыууӕ фӕдзӕхсты дӕр: «уарзут уӕ кӕрӕдзийы» ӕмӕ ма ут «дунейӕ» (Иоанны 15:12; 17:14—16). Цы ис зӕгъӕн чырыстон аргъуанты динамонджытӕй, сауджынтӕй та? Ӕцӕгӕйдӕр ӕххӕст кӕнынц ацы фӕдзӕхстытӕ?
15. а) Сауджынтӕ хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Сауджынтӕ сӕхи куыд дарынц, уый бирӕтыл куыд бандӕвта?
15 Ӕркӕсӕм, сауджынтӕ хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕ. Уыдон «о» кодтой хӕстытӕн, ӕххуыс сын кодтой, суанг ма-иу бирӕ хатт сӕхӕдӕг амидингӕнӕг дӕр уыдысты. Хӕстмӕ ацӕуыны размӕ-иу ӕфсӕдты Хуыцауыл бафӕдзӕхстой ӕмӕ туг кӕй калдтой, уымӕн сын ӕфсон ардтой. Адӕймагмӕ диссаг кӕсы: ау, никуы ахъуыды кодтой, хӕсты иннӕ фарс цы сауджынтӕ ис, уыдон дӕр раст афтӕ кӕй кӕнынц? (Кӕс фӕлгӕт «Хуыцау кӕй фарс у?»). Уӕдӕ, афтӕ куы фӕдзурынц, ӕмӕ сӕ тугкалӕн хӕстыты Хуыцау се ’вварс у, уӕд уымӕй Хуыцауы кадджын кӕнынц? Библи нӕ цы ӕгъдауыл ахуыр кӕны, уый йӕ тыхы нал ис, абон ӕндӕр рӕстӕг у, зӕгъгӕ, кӕй дзурынц, стӕй алы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, ӕвзӕрӕй ӕвзӕр кӕй нӕ зӕгъынц, уымӕй дӕр ӕй нӕ кадджын кӕнынц. Ӕцӕгдӕр, Йесо «закъон халджытӕ» ӕмӕ «куырм фӕтӕгтӕ» кӕй хуыдта, уыцы дины разамонджытӕй фӕсте ницы ныууагътой! (Матфейы 7:15—23; 15:14). Сауджынты митӕм кӕсгӕйӕ бирӕтӕн сӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕруазал (Матфейы 24:12).
Хуыцауы ӕцӕгӕй чи кадджын кӕны?
16. Хуыцауы ӕцӕгӕй чи кадджын кӕны, уыцы фарстӕн дзуапп раттыны тыххӕй нӕ Библимӕ ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?
16 Кӕд ацы дунейы зындгонд ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕм, ӕмткӕй райсгӕйӕ, Хуыцауы нӕ кадджын кӕнынц, уӕд ӕй чи кадджын кӕны? Дзуапп ссарынӕн нӕ хъӕуы Библимӕ ӕркӕсын. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ис уый бар, ӕмӕ нын зӕгъа, куыд ӕй хъӕуы кадджын кӕнын. Ӕмӕ йӕ зӕгъгӕ та кодта йӕ Ныхасы, Библийы (Исай 42:8). Уӕдӕ равзарӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы йӕ ис кадджын кӕнӕн, ӕмӕ дзуапп раттӕм фарстӕн: афтӕ абон чи кӕны?
17. Иегъовӕ йӕхӕдӕг куыд равдыста, йӕ ном кадджын кӕнын йӕ фӕндоны ахсджиаг фӕзилӕн кӕй у, ӕмӕ абон Хуыцауы ном ӕгас зӕххыл дӕр чи бӕрзонд кӕны?
17 Фыццаджыдӕр, Хуыцауы кадджын кӕндзыстӕм, йӕ ном ын куы бӕрзонд кӕнӕм, уӕд. Уыцы хъуыддаг Иегъовӕйы фӕндоны ахсджиаг фӕзилӕн кӕй у, уый бӕрӕг у, Йесойӕн цы загъта, уымӕй. Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ Йесо куывта: «Мӕ Фыд! скадджын кӕн Дӕ ном. Уӕд ӕрцыд арвӕй хъӕлӕс: скадджын кодтон, ӕмӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоанны 12:28). Уый уыд Иегъовӕйы хъӕлӕс. Йӕ ныхӕстӕй зыны, йӕ ном ын кадджын кӕнӕм, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Ӕмӕ уӕдӕ абон кӕмӕй ис уый зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнынц: ӕгас зӕххыл ын чи хъусын кӕны йӕ ном ӕмӕ йӕ чи бӕрзонд кӕны? Уыдон сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — йӕ кадджын номы тыххӕй дзурынц 235 бӕстӕйы! (Псалом 85:11, 12).
18. Хуыцауӕн «ӕцӕгадӕй» чи кувы, уыдоны куыд ис базонӕн, ӕмӕ Библийы ӕцӕгад адӕмӕн сӕдӕ азӕй фылдӕр цавӕр динон къорд амоны?
18 Хуыцауы каджын кӕнын нӕ бон цы хъуыддӕгтӕй у, уыдонӕй дыккаг — ӕцӕгад, ома ӕцӕгӕй чи у, цавӕр Хуыцау у, уый иннӕтӕн дзурын. Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕцӕг кувӕг адӕм Хуыцауӕн «кувдзысты... ӕцӕгадӕй» (Иоанны 4:24). Куыд ис базонӕн, Хуыцауӕн «ӕцӕгадӕй» чи кувы, уыцы адӕмы? Уыдон, Библийыл чи не ’нцайы, Хуыцау чи у, уый йӕхирдыгонау чи ӕмбарын кӕны, ӕмӕ йын йӕ фӕндон зыгъуыммӕ чи кӕны, уыцы ахуырӕдтыл хъуамӕ сӕ къух сисой. Ӕмӕ хъуамӕ иннӕтӕн амоной, Хуыцауы Ныхасы цы сыгъдӕг ӕцӕгад ис, уый. Зӕгъӕм: Иегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ ахӕм стыр кад ӕндӕр никӕмӕ ӕмбӕлы (Псалом 82:19, МГТ); Йесо у Хуыцауы Фырт ӕмӕ Мессианон Паддзахады сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:27, 28); Хуыцауы Паддзахад Иегъовӕйы ном ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ йӕм, зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн (Матфейы 6:9, 10); хорз хабар йӕ Паддзахады тыххӕй хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕппӕт зӕххыл (Матфейы 24:14). Сӕдӕ азӕй фылдӕр ацы диссаджы хабӕрттӕ адӕмӕн амоны ӕрмӕстӕр иу динон къорд — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ!
19, 20. а) Чырыстон йӕ хӕрзуаг цардӕй Хуыцауӕн кад куыд хӕссы? ӕ) Абон Хуыцауы йӕ хӕрзуаг цардӕй чи кадджын кӕны, уый цавӕр фарстыты руаджы ис базонӕн?
19 Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ӕй уымӕй дӕр кадджын кӕндзыстӕм — уый та у ӕртыккаг хъуыддаг. Апостол Петр фыста: «Ӕрвитут хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн, цӕмӕй уыдон уый тыххӕй, цӕй тыххӕй уӕ фыдкой кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ, скадджын кӕной Хуыцауы бабӕрӕг кӕныны бон» (1 Петры 2:12). Чырыстон йӕ хъуыддӕгтӕй кӕны ном йӕ динӕн. Йӕ хорз хъуыддӕгтӕм, йӕ ӕгъдаумӕ кӕсгӕйӕ адӕм куы фембарынц, уырнӕг кӕй у, уымӕн у ахӕм, уӕд уый кад фӕхӕссы Хуыцауӕн.
20 Абон Хуыцауы йӕ хӕрзуаг цардӕй чи кадджын кӕны? Хицӕуттӕ арӕх цавӕр динон къордӕй раппӕлынц, ӕнӕбахъыгдаргӕ ӕмӕ закъонӕн коммӕгӕс кӕй сты, хъалонтӕ кӕй фидынц, уый тыххӕй? (Ромӕгтӕм 13:1, 3, 6, 7). Ӕппӕт дунейы дӕр иу бинонтау ӕнгомӕй чи цӕры — чи не ’взары кӕрӕдзийы буары хуызмӕ гӕсгӕ, чи нӕ кӕсы, нӕдӕр цы ’взагыл дзурынц ӕмӕ цы адӕмӕй сты, уымӕ — уымӕй хъуыстгонд чи сты? (Псалом 132:1; Куыстытӕ 10:34, 35). Ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр адӕмимӕ Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ сын закъонӕн, бинонтӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы сыгъдӕг уагӕвӕрдтӕн аргъ кӕнын чи амоны, уыцы куыстгӕнджытӕй кӕй зонынц? Уыдон сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — иунӕг уыдон сты зындгонд сӕ хорз ӕгъдауӕй ацы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты!
Ды кадджын кӕныс Хуыцауы?
21. Ӕз кадджын кӕнын Иегъовӕйы — ацы фарстыл нӕ алкӕй дӕр ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
21 Хъуамӕ нӕ алчидӕр йӕхи бафӕрса: «Ӕз та? Ӕз кадджын кӕнын Иегъовӕйы?» 148 псалом куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдонӕй йӕ сӕ фылдӕр кадджын кӕнынц. Зӕдтӕ, арв, зӕхх ӕмӕ цӕрӕгойтӕ — иууылдӕр стауынц Иегъовӕйы (Пс 148:1—10 стихтӕ). Фӕлӕ, хъыгагӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй. Алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауӕн кад куы кӕнай, уӕд ын йӕ ном чи стауы, уыдонимӕ ӕмхъӕлӕсӕй кады зарӕг кӕндзынӕ (Пс 148:11—13 стихтӕ). Царды уымӕй хуыздӕр ницы ис!
22. Хуыцауы кадджын кӕнгӕйӕ арфӕгонд цӕмӕй уыдзынӕ ӕмӕ фидарӕй цы хъуамӕ сфӕнд кӕнай?
22 Иегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ адӕймаг арфӕгонд у бирӕ хорздзинӕдтӕй. Кӕд Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл ӕууӕндыс, уӕд бафидыдтай Хуыцауимӕ, ӕмӕ рӕвдыд дӕ дӕ уӕларвон Фыды уарзт ӕмӕ фарнӕй (Ромӕгтӕм 5:10). Цас фылдӕр хъуыды кӕныс, Хуыцау кады аккаг цӕмӕн у, уыйас дзы тынгдӕр бузныг дӕ ӕмӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ тынгдӕр райы (Иереми 31:12). Ӕмӕ дӕ бон у иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр царды амондджын ӕмӕ райгонд уой. Афтӕмӕй та дӕхӕдӕг кӕныс ноджы амондджындӕр (Куыстытӕ 20:35). Цӕй уӕдӕ, фидарӕй чи сфӕнд кодта Хуыцауы кадджын кӕнын, уыдонимӕ у алкӕддӕр — абон дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕр!
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 2 абз. Дзырд «биомиметикӕ» равзӕрд грекъаг дзырдтӕй би́ос, ома «цард», ӕмӕ ми́месис — «фӕзмын».
^ 8 абз. Арв Хуыцауы стыр зонд ӕмӕ тыхӕн ӕвдисӕн куыд лӕууынц, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 5 ӕмӕ 17 сӕрты; мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 13 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 февраль, 1995 аз, 5—7 фӕрстӕ (уыр.); стӕй «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 853 фарс (англ.). Мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Бахъуыды кодтай?
• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, адӕмӕн Хуыцауы кадджын кӕнынӕн не ’ххуыс кӕнынц?
• Динтӕ иумӕ райсгӕйӕ адӕмы Хуыцауы кадджын кӕнын цавӕр дыууӕ хуызы къуылымпы кӕнынц?
• Куыд у нӕ бон Хуыцауы кадджын кӕнын?
• Ӕз кадджын кӕнын Иегъовӕйы — ацы фарстыл нӕ алкӕй дӕр цӕмӕн хъӕуы ахъуыды кӕнын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ 21 фарсыл]
«Хуыцау кӕй фарс у?»
Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Германы уӕлдӕфон тыхты чи уыд, фӕлӕ уый фӕстӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, иу ахӕм нӕлгоймаг дзуры:
«Хӕсты рӕстӕг уыдтон, зӕгъӕн ис, сауджынтӕ ӕппӕт динтӕй дӕр — католиктӕй, лютерантӕй, епископалон ӕмӕ ӕндӕр аргъуантӕй — хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ дзы чи тӕхдзӕн, уыдоны, мӕлӕтхӕссӕг бомбӕтӕ згъалынмӕ атӕхыны размӕ, Хуыцауыл куыд фӕдзӕхстой. Ӕмӕ мын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Арӕх-иу хъуыдыты ацыдтӕн: „Хуыцау кӕй фарс у?“
Немыцаг салдӕттӕй алкӕмӕндӕр йӕ роны ӕргъӕвӕгыл фыст уыдис — „Gott mit uns“ („Хуыцау ис немӕ“). Фӕлӕ ӕз хъуыды кодтон: уӕд Хуыцау, иннӕрдыгӕй цы салдӕттӕ ис, уыдоны фарс цӕуылнӕ хъуамӕ уа, уыдон дӕр уыцы диныл хӕст куы сты ӕмӕ уыдон дӕр уыцы Хуыцаумӕ куы кувынц?»