Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сабырты... уыдзӕн зӕхх». Куыд сӕххӕст уыдзӕн?

«Сабырты... уыдзӕн зӕхх». Куыд сӕххӕст уыдзӕн?

«Сабырты... уыдзӕн зӕхх». Куыд сӕххӕст уыдзӕн?

«ЧИ ЗОНЫ, фехъуыстай Йесойы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ, „сабырты... уыдзӕн зӕхх“, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ уынӕм, адӕм кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ зӕхмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсынц, уый. Ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс, зӕхх ма уымӕн бӕздзӕн, ӕмӕ йӕ сабыртӕ бынӕн райсой?» (Матфейы 5:5; Псалом 36:11).

Афтӕ райдыдта йӕ ныхас иу нӕлгоймагимӕ Мириам, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уыцы нӕлгоймаг ын дзуапп радта, зӕгъгӕ, кӕд ацы ныхӕстӕ Йесо загъта, уӕд зӕхх хъуамӕ бынӕн райсынӕн бӕзза — цӕрӕн кӕм нӕй, ахӕм бынат ма уа.

Уый уыд, царды хорз цӕмӕдӕр чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм адӕймаджы дзуапп. Фӕлӕ нӕ рухс фидӕнӕй ныфс ӕцӕгдӕр ис? О, ацы зӕрдӕвӕрдыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн нын Библи дӕтты бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Йӕ сӕххӕст ӕнгом баст у, Хуыцау зӕхх дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр цӕмӕн сфӕлдыста, уыимӕ. Хуыцау цы сфӕнд кӕны, уый та ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕны (Исай 55:11). Уӕдӕ Хуыцаумӕ иууыл фыццаг адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд ӕмӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн?

Хуыцауы ӕнӕивгӕ фӕнд зӕххы тыххӕй

Иегъовӕ Хуыцау зӕхх дзӕгъӕлы не скодта. «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ, ӕрвтӕ Скӕнӕг, ӕцӕг Хуыцау, зӕххы Скӕнӕг ӕмӕ йӕ Радтӕг, зӕхх фидар чи сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ чи не сфӕлдыста, фӕлӕ йӕ цӕрынӕн чи сарӕзта: „Ӕз дӕн Иегъовӕ, ӕз иунӕг дӕн“» (Исай 45:18). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцау зӕхх скодта адӕмӕн цӕрынӕн. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕхх адӕмӕн ӕнустӕм уа сӕ цӕрӕнбынат, сӕ хӕдзар. «Ды сӕвӕрдтай зӕхх фидар бындуртыл: нӕ фӕцуддзӕн уый ӕнустӕй ӕнустӕм» (Псалом 103:5; 118:90).

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый ма бӕрӕг у, фыццаг дыууӕ адӕймагӕн цы куыст бахӕс кодта, уымӕй дӕр. Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ зӕххыл хилӕг алкӕцы цӕрӕгойыл» (Уӕвынад 1:28). Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бӕрны цы зӕхх бакодта, ууыл хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр ӕнустӕм цардаиккой. «Арв — арв Хицауӕн, зӕхх та ратта Уый адӕймаджы фырттӕн»,— бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр загъта псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 113:24).

Цӕмӕй ацы рӕсугъд ныфс сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Адам ӕмӕ Евӕ, стӕй сӕ цот дӕр, хъуамӕ хъуыстаиккой Иегъовӕ Хуыцаумӕ, се Сфӕлдисӕг ӕмӕ сӕ Царддӕттӕгмӕ. Хъуамӕ йӕ Дунедарӕгыл нымадтаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой. Иегъовӕ фыццаг адӕймагӕн уый бӕлвырд бамбарын кодта, афтӕ йын куы бафӕдзӕхста: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕр, цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:16, 17). Цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны ӕнустӕм цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыстаиккой ацы хуымӕтӕг ӕмӕ бӕлвырд фӕдзӕхстмӕ. Афтӕмӕй равдыстаиккой, сӕ уӕларвон Фыд сын цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕй бузныг кӕй сты.

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ зонгӕ-зонын кӕй нӕ байхъуыстой, йӕ фӕдзӕхст ын кӕй фехӕлдтой, уымӕй равдыстой, кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕппӕт дӕр сын чи радта, Уый (Уӕвынад 3:6). Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рӕсугъд хӕдзарӕй — Дзӕнӕтӕй — ӕнӕхай фӕкодтой ӕрмӕст сӕхи нӕ, фӕлӕ сӕ цоты дӕр (Ромӕгтӕм 5:12). Цымӕ, фыццаг адӕймӕгтӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разындысты, уый Хуыцауы бахъыгдардта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын?

Хуыцау нӕ ивы

Пехуымпар Малахийы уылты Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, Ӕз нӕ ивын» (Малахи 3:6). Францаг библииртасӕг Л. Фийон загъта, зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстимӕ ӕнгом баст сты. «Иегъовӕйӕн йӕ бон уыд ӕгоммӕгӕс адӕмы фесафын,— фыссы Фийон,— фӕлӕ йӕ дзырд нӕ ивы. Цыфӕнды ма уа,— кӕддӕр зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ фӕсайдзӕн». Хуыцауы зӕрдӕвӕрд кӕмӕфӕнды ма хауа — иу адӕймагмӕ, иу адӕмыхатмӕ, ӕви ӕппӕт адӕммӕ — уӕддӕр ӕй нӕ рох кӕны, йӕ рӕстӕгыл ӕй сӕххӕст кӕны. «Ӕнусмӕ хъуыды кӕны Йӕ фӕдзӕхст, дзырд, кӕцыйы бафӕдзӕхста мингай фӕлтӕртӕн» (Псалом 104:8).

Фӕлӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Иегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый кӕй нӕ аивта? Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстады, Библийы, кӕрӕй-кӕронмӕ дзырдӕуы уый тыххӕй — Хуыцау зӕхх коммӕгӕс адӕмӕн ратдзӕн (Псалом 24:13; 36:9, 22, 29, 34). Иегъовӕйы арфӕгонд адӕм уыдзысты ӕдас, «алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4; Иезекил 34:28). Йе ’взӕрст адӕм «араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты». Уыдон хъӕддаг сырдтимӕ дӕр лымӕнӕй цӕрдзысты (Исай 11:6—9; 65:21, 25).

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый Библийы ӕвдыст ӕрцыд ӕндӕр хуызы дӕр. Израилы паддзах Соломон куы уыд, уӕд адӕм цардысты фӕрнӕй ӕмӕ хъӕздыг. «Соломоны цӕргӕбонты Иудӕ ӕмӕ Израил, Данӕй суанг Вирсавимӕ, цардысты ӕдасӕй, алчидӕр йӕхи сӕнӕфсиры талайы бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын» (3 Паддзахӕдты 4:25). Библи Йесойы хоны «Соломонӕй стылдӕр» ӕмӕ йӕ паддзахиуӕгады рӕстӕджы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йӕ бонты сӕрттивдзӕн рӕстгӕнӕг, ӕмӕ арӕхӕй уыдзӕн фидыддзинад, цалынмӕ нӕ банцайа мӕй». Уӕд «уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр» (Лукайы 11:31; Псалом 71:7, 16).

Иегъовӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн ӕмӕ зӕрдӕ цы бынӕй бавӕрдта, уый ӕрмӕст дӕтгӕ нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ ма йын раздӕрау йӕ хуыз дӕр скалын кӕндзӕн. Библийы, Раргомады 21:4 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы «ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг [адӕмы] цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн». Уый ӕцӕгӕйдӕр уыдзӕн Дзӕнӕт (Лукайы 23:43).

Цы хъӕуы зӕрдӕвӕрд бын райсынӕн

Зӕхх та дзӕнӕт суыдзӕн, уӕлӕрвтӕй разамынд чи дӕтты ӕмӕ йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн лӕууы, уыцы Паддзахады, кӕнӕ хицауады, руаджы (Матфейы 6:9, 10). Фыццаг уал уыцы Паддзахад «фесафдзӕн зӕхх сафджыты» (Раргомад 11:18; Данелы 2:44). Уый фӕстӕ «Фарны Кънйаз», Йесо Чырысти, сӕххӕст кӕндзӕн мӕнӕ ацы пехуымпарад: «Йӕ хицауиуӕгад ӕмӕ йӕ сабырдзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн» (Исай 9:6, 7). Уыцы Паддзахады рӕстӕджы милуантӕн, уыимӕ ма, чи райгас уа, уыдонӕн дӕр, фадат уыдзӕн зӕхх бынӕн райсынӕн (Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 24:15).

Чи райсдзӕн уыцы диссаджы бын? Ӕркӕсӕм Йесойы ныхӕстӕм: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5). Чи сты «сабыртӕ»? Дзырд «сабыр» дзырдуӕттӕ ӕмбарын кӕнынц — фӕлмӕн, фӕлмас, хиуылхӕст, коммӕгӕс, ӕнӕмаст ӕмӕ ма ӕфсӕрмыгӕнаг дӕр. Фӕлӕ грекъаг ӕвзаджы ацы дзырдӕн йӕ мидис ноджы арфдӕр у. Библииртасӕг Уильям Баркли зӕгъы, зӕгъгӕ, «уыцы дзырды ӕвӕрд ис фӕлмасдзинад, фӕлӕ фӕлмас удыхъӕды хицауӕн йӕ тых ӕндон у» («New Testament Wordbook»). Ацы дзырд ӕвдисы адӕймагӕн йӕ зондахаст: цыфӕнды ӕфхӕрд ӕмӕ мастӕн чи фӕразы, йӕ зӕрдӕйы фыдӕх чи нӕ хӕссы. Ахӕм диссаджы миниуӕг та разыны, Хуыцауимӕ ӕнгом чи вӕййы, уыдонмӕ, ӕмӕ сын Хуыцау свӕййы сӕ фидар мӕсыг (Исай 12:2; Филиппӕгтӕм 4:13).

Сабыр адӕймаг сӕрныллӕгӕй йӕ цард аразы Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ; нӕ ныццӕхгӕр вӕййы йӕхи кӕнӕ иннӕты хъуыдыйыл. Ахӕм адӕймаг у ӕмбаргӕ, фӕнды йӕ, Иегъовӕ йӕ куыд ахуыр кӕна. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «[Иегъовӕ] аразы фӕлмасты рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ахуыр кӕны фӕлмасты Йӕ фӕндӕгтыл» (Псалом 24:9; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Ды дӕр «сабыртимӕ», зӕхх бынӕн чи райсдзӕн, уыдонимӕ уыдзынӕ? Кӕд Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндон базоныныл архайыс ӕмӕ зӕрдиагӕй йӕ Ныхас ахуыр кӕныс, стӕй уымӕ гӕсгӕ цӕрыс, уӕд ды дӕр зӕххон дзӕнӕт бынӕн райсдзынӕ ӕмӕ йыл ӕнустӕм цӕрдзынӕ (Иоанны 17:3).

[Ныв 5 фарсыл]

Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста, уый бӕрӕг у, Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы куыст бахӕс кодта, уымӕй.

[Ныв 6, 7 фарсыл]

Соломоны паддзахиуӕгады рӕстӕджы цард уыд фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕдас — афтӕ уыдзӕн, бынӕн цы зӕхх райсдзыстӕм, ууыл дӕр.

[Барлӕвӕрдӕй]

Sheep and background hill: Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.; Arabian oryx: Hai-Bar, Yotvata, Israel; farmer plowing: Garo Nalbandian

[Ныв 7 фарсыл]

Рӕстаг ног дуне къӕсӕрыл — ды дзы уыдзынӕ?