Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты»

«Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты»

«Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты»

«Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты, цӕмӕй уӕ бон уа слӕууын хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» (ЕФЕСӔГТӔМ 6:11).

1, 2. Чырыстӕттӕ сӕхи цы монон хӕцӕнгӕрзты хъуамӕ сфӕлындой, уый дӕхи ныхӕстӕй радзур.

НӔ ЭРӔЙЫ I ӕнусы Ромы импери уыди йӕ тыхы. Йе ’фсад афтӕ хъомысджын уыд, ӕмӕ йӕ дзӕмбыты бын дардта рагон дунейы фылдӕр хай. Иу историкы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыцы ӕфсадӕн «историйы ӕмбал нӕй». Уый уыд фӕлтӕрд, карз хӕстон фӕткыл хӕст ӕфсад, йе ’фсӕддонтӕ — хорз цӕттӕ ӕмӕ ахуыр. Уӕвгӕ, канд уымӕй нӕ тых кодтой знагыл, фӕлӕ хӕцӕнгӕрзтӕй хорз ифтонг кӕй уыдысты, уый тыххӕй дӕр. Апостол Павел ромаг ӕфсӕддоны хотыхтӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста, Хӕйрӕгимӕ хъазуатонӕй тох кӕнынӕн чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр монон хӕцӕнгӕрзты хъуамӕ сфӕлындой, уый бамбарын кӕнынӕн.

2 Ацы монон хӕцӕнгӕрзты тыххӕй кӕсӕм Ефесӕгтӕм 6:14—17. Уым Павел фыссы: «Слӕуут, уӕ астӕутӕ ӕцӕгадӕй ӕрбабӕтгӕйӕ, ӕмӕ сфӕлындгӕйӕ рӕстдзинады згъӕры, ӕмӕ къахы дарӕс скӕнгӕйӕ, фарн хъусын кӕныны цӕттӕдзинадмӕ; ӕппӕтӕй хуыздӕр та райсут уырнындзинады уарт, кӕцыйӕ уӕ бон бауыдзӕн хинӕйдзаджы зынггонд фаттӕ бамынӕг кӕнын; ӕмӕ айсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд, ӕмӕ удон кард, кӕцы у Хуыцауы дзырд». Павел цы хӕцӕнгӕрзтӕ ранымадта, уыдонӕй ромаг ӕфсӕддон йӕхи хъахъхъӕдта тохы. Лӕгӕй-лӕгмӕ тохы йӕ сӕйраг хотых та уыд кард, ӕмӕ дзы хорз куыннӕ арӕхстаид.

3. Йесо Чырыстимӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм?

3 Ромаг ӕфсӕддонтӕ, хорз ахуыр ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй ифтонг кӕй уыдысты, канд уый тыххӕй нӕ уӕлахиз кодтой — сӕ хӕстон разамонӕгмӕ кӕй хъуыстой, уымӕй дӕр бирӕ аразгӕ уыд. Афтӕ чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ хъусой, Библи адӕмты «разамонӕг ӕмӕ хицау» кӕй хоны, уымӕ — Йесо Чырыстимӕ (Исай 55:4). Йесо ма у ӕмбырды «сӕр» дӕр (Ефесӕгтӕм 5:23). Ӕмӕ нӕ уырнындзинады сӕраппонд куыд тох кӕнӕм, уый нын амоны. Йӕ цардӕй нын равдыста, куыд дарын хъӕуы монон хӕцӕнгӕрзтӕ (1 Петры 2:21). Чырыстийы арфӕйаг миниуджытӕ ӕмӕ нӕ монон хӕцӕнгӕрзтӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕмхуызон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ нын Фыстад фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уӕхи «сифтонг кӕнут» Чырыстийы зондахастӕй (1 Петры 4:1). Йесойы цардӕй базондзыстӕм, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕ нӕ цӕмӕн хъӕуынц ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕнынц.

Хъахъхъӕнӕм нӕ астӕу, нӕ риу ӕмӕ нӕ къӕхтӕ

4. Незаманты ӕфсӕддоны рон цӕмӕн хъуыди ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг у?

4 Уӕ астӕутӕ ӕцӕгадӕй ӕрбабӕттут. Незаманты ӕфсӕддонтӕ дардтой, сӕ фӕтӕн 5—15 сантиметры кӕмӕн уыд, ахӕм гӕрзрӕттӕ. Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ацы стих тӕлмац кӕнын хъӕуы афтӕ: «Ронау ӕцӕгадӕй уӕ гуыртӕ ӕрбалвасут». Уыцы фӕтӕн рон хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ астӕу ӕмӕ йӕ синтӕ, стӕй-иу ыл ӕрцауыгъта йӕ цирхъ дӕр. Ӕфсӕддон-иу йӕ астӕуыл рон куы ӕрбабаста, уӕд-иу уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ у. Павел рон цӕвиттонӕн ӕрхаста, цӕмӕй бамбарын кодтаид, ӕцӕгад нӕ царды куыд тынг хъуамӕ ахада, уый. Нӕ «астӕутыл» ӕй афтӕ фидар хъуамӕ ӕрбалвасӕм, уымӕ гӕсгӕ куыд цӕрӕм ӕмӕ алкӕддӕр уый сӕраппонд куыд тох кӕнӕм (Псалом 42:3; 1 Петры 3:15). Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы Библи лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын. Йесойӕ куы зӕгъӕм, уӕд уымӕн Хуыцауы закъон уыд йӕ «зӕрдӕйы» (Псалом 39:9). Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ йӕ цӕмӕйфӕнды ма бафарстаиккой,— дзуапп сын-иу ӕнӕкӕсгӕйӕ Фыстытӕй радта (Матфейы 19:3—6; 22:23—32).

5. Библийы уынаффӕтӕ фӕлварӕнты ӕмӕ фыдӕвзарӕны рӕстӕг куыд баххуыс кӕнынц, уый радзур.

5 Ӕцӕгад нын цырагъдар куы свӕййы, уӕд нӕ ӕнӕзонд хъуыдытӕй фӕхъахъхъӕны ӕмӕ нӕ зонды фӕндагыл фӕаразы. Уый фӕрцы фӕлварӕнты ӕмӕ фыдӕвзарӕны рӕстӕг дӕр нӕ бон вӕййы, раст куыд у, афтӕ бакӕнын, мӕнӕ цыма не Стыр Зондамонӕг Иегъовӕйы нӕхи цӕстӕй фӕуынӕм, йе та нӕм цыма фӕстейӕ фӕдзуры: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл» (Исай 30:20, 21).

6. Нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнинаг цӕмӕн у ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнынӕн рӕстдзинад цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

6 Рӕстдзинады згъӕр. Згъӕр, кӕнӕ згъӕрхӕдон, хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ буары сӕйраг хӕйттӕй иу — зӕрдӕ. Мах дӕр хъӕуы, ахӕсгӕ хуызы цы зӕрдӕйы кой фӕкӕнӕм, ома нӕ мидадӕймаг, уый уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ фыддзинадмӕ здӕхт у (Уӕвынад 8:21). Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Иегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ базонын ӕмӕ сӕ бауарзын (Псалом 118:97, 105). Рӕстдзинад куы уарзӕм, уӕд, Иегъовӕйы амындтӕ чи ницӕмӕ дары ӕмӕ сӕ чи зыгъуыммӕ кӕны, уыцы ӕнӕхуыцау адӕмы зондыл никуы ацӕудзыстӕм. Хорздзинад куы уарзӕм, ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт куы уынӕм, уӕд сӕфты фӕндагыл нӕ бафтдзыстӕм (Псалом 118:99—101; Амос 5:15). Бафӕзмын нӕ хъӕуы Йесойы. Уымӕй Библи зӕгъы: «Ды бауарзтай рӕстдзинад ӕмӕ Дын ӕнӕуынон у ӕнӕзакъондзинад» (Дзуттытӕм 1:9) *.

7. Ромаг ӕфсӕддонты фидархуыд дзабыртӕ цӕмӕн хъуыд ӕмӕ уый цы ’вдисы?

7 Къахы дарӕс — фарн хъусын кӕнын. Ромаг ӕфсӕддонтӕ-иу стӕры цӕугӕйӕ, бирӕ хатт, алы бон дӕр ӕртын километры цыдысты фистӕгӕй, сӕ уӕлӕ 30 килӕйы бӕрц хотыхтӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъуыд фидархуыд дзабыртӕ. Павел къахыдарӕс цӕвиттонӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй дзӕбӕх равдыста, Паддзахады хабар хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм. Уыцы хъуыддаг тынг ахсджиаг у. Хъусын кӕнын нӕ куы нӕ фӕнда, рӕвдз куы нӕ уӕм, уӕд адӕм Иегъовӕйы куыд базондзысты?! (Ромӕгтӕм 10:13—15).

8. Йесойау нӕ бон куыд у хорз хабар хъусын кӕнын?

8 Йесойӕн царды сӕйрагдӕр цы уыд? Уый бамбарын кодта, ромаг хицау Понти Пилатӕн цы загъта, уымӕй: «Ӕз... уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон». Йесомӕ байхъусын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ-иу ныхас кодта. Уыцы хъуыддаг афтӕ бирӕ уарзта, ӕмӕ-иу йӕхи уды мӕт дӕр нал кодта (Иоанны 4:5—34; 18:37). Мах дӕр, Йесойау, хорз хабар хъусын кӕнын зӕрдиагӕй куы фӕнда, уӕд ӕй алы рӕттӕм адӕммӕ хӕсдзыстӕм. Стӕй, нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр лӕггадӕн куы раттӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (Куыстытӕ 18:5).

Уарт, згъӕрхуд ӕмӕ кард

9. Ромаг ӕфсӕддонты се стыр уартытӕ куыд хъахъхъӕдтой?

9 Уырнындзинады уарт. «Уарт»-ӕй цы грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый амоны, ӕфсӕддоны-иу чи бааууон кодта, ахӕм стыр уарт. Уыцы уарт ӕфсӕддоны хъахъхъӕдта, Ефесӕгтӕм 6:16 кӕй кой ис, ахӕм зынггонд кӕнӕ судзгӕ фаттӕй. Фаттӕ уӕды заманты арӕзтой хъӕзы тутт зӕнгӕй. Сӕ бырынчъытыл та-иу сын бафидар кодтой чысыл ӕфсӕн къоппытӕ, ӕнцонтӕй чи ссудзы, ахӕм донгъӕдимӕ. Иу ахуыргонд фыссы, зӕгъгӕ, ахӕм фатӕй «ӕвирхъаудӕр хотых нӕ уыд рагзаманты». Ӕфсӕддон йӕхи стыр уартӕй куы нӕ хъахъхъӕдтаид, уӕд дзы фат ныссагъдаид, ӕмӕ уӕззау цӕф фӕуыдаид кӕнӕ та йӕ маргӕ дӕр акодтаид.

10, 11. а) Сайтан нын нӕ уырнындзинадмӕ цы «зынггонд фаттӕй» хъавы, уыдон цы сты? ӕ) Фӕлварӕнты рӕстӕг фидар уырнындзинад кӕй хъӕуы, уый Йесойы цард куыд ӕвдисы?

10 Нӕ уырнындзинад амарынӕн ныл Сайтан цавӕр «зынггонд фаттӕ» уадзы? Зӕгъӕм, йӕ бон у хӕдзары, куысты, йе та скъолайы нӕ ныхмӕ искӕй скӕнын. Кӕйдӕр та йе ’нӕфсис цӕст ӕмӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сцыбӕл кӕнынц. Ахӕм «зынггонд фаттӕй» хи бахъахъхъӕнынӕн «ӕппӕтӕй хуыздӕр... [у] райсын уырнындзинады уарт». Уырнындзинад та адӕймагмӕ фӕзыны, Иегъовӕимӕ куы базонгӕ вӕййы, алы бон дӕр ӕм куы фӕкувы, йемӕ куы фӕныхас кӕны, стӕй нӕ куыд хъахъхъӕны ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уыдӕттӕ куы бамбары (Йесо Навин 23:14; Лукайы 17:5; Ромӕгтӕм 10:17).

11 Йесо йӕ цардӕй ӕвдыста, уӕззау уавӕрты адӕймагмӕ фидар уырнындзинад кӕй хъуамӕ уа. Уый йӕ Фыды ныхасыл дыууӕ никуы загъта; йӕ фӕндон ын ӕхсызгонӕй ӕххӕст кодта (Матфейы 26:42, 53, 54; Иоанны 6:38). Суанг Гефсиманы дыргъдоны йӕ цӕссыг калгӕйӕ йӕ Фыдмӕ куывта: «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды» (Матфейы 26:39). Йесойы хъуыдытӕ алкӕддӕр уыдысты, йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй куыд баззайа ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куыд рухс кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Мах дӕр, Йесойау, Иегъовӕйӕ ныфсджын куы уӕм, уӕд адӕм фӕнды нӕ ныхмӕ дзурӕнт, фӕнды нӕ ныхмӕ цӕуӕнт — нӕ фӕцуддзыстӕм. Иегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, куы йӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (Псалом 18:8—12; 1 Иоанны 5:3). Иегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыцы адӕмӕн цы диссӕгтӕ цӕттӕ кӕны, уыдонимӕ абаргӕйӕ исфӕллой, ивгъуыйгӕ адджын цард ӕмӕ удирхӕфсӕнтӕ ницы сты (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

12. Ирвӕзындзинады згъӕрхуд цы хъахъхъӕны ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕ сӕрыл цӕмӕн хъуамӕ уа?

12 Ирвӕзындзинады згъӕрхуд. Згъӕрхуд хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ магъз — зонды ӕвӕрӕн. Нӕ ныфс махӕн дӕр згъӕрхудау у — хъахъхъӕны нын нӕ зонд (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Ӕмӕ кӕд нӕ «зонд сног» кодтам, Хуыцауы Ныхас бӕлвырд базонгӕйӕ, уӕддӕр нырма стӕм ӕнӕбон, ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ, ӕмӕ нӕ зонд фӕхъӕстӕ уа, уымӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Ацы дунейы бӕллицтӕ адӕймаджы зонд фӕкъуырма кӕнынц ӕмӕ нын Хуыцау ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр дзы айрох вӕййы (Ромӕгтӕм 7:18; 12:2). Хӕйрӕг йӕ удӕй арт цагъта Йесойы фӕкъуылымпы кӕныныл, ӕмӕ йын уый тыххӕй «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» хъардта, фӕлӕ йын ницы рауад (Матфейы 4:8). Йесо фидарӕй загъта, нӕ, зӕгъгӕ. Павел уый тыххӕй фӕстӕдӕр фыста: «Цы циндзинад Ӕм хаудта, уый [сӕраппонд]... бавзӕрста дзуар, ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ ӕгаддзинад, ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы бадӕны рахизварс» (Дзуттытӕм 12:2).

13. Разӕй нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ цӕмӕй фидарӕй уырна, уымӕн цы хъӕуы?

13 Йесомӕ цы фидар ныфс уыд, ахӕм ныфс йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны. Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕмы бӕллицтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл раздӕрау нал ӕууӕнддзыстӕм. Куыдфӕстагмӕ нӕ, гӕнӕн ис, уырнгӕ дӕр мауал кӕна, кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый. Фӕлӕ сыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл цин кӕндзыстӕм (Ромӕгтӕм 12:12).

14, 15. а) Нӕ монон кард цы у ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Монон кард цыбӕлты ныхмӕ лӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Удон кард. Библи, Хуыцауы Ныхас, растдӕр у дыууӕкомон цыргъ кардау — ӕрриуыгъы дины мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ рӕстуд адӕмы ссӕрибар кӕны (Иоанны 8:32; Дзуттытӕм 4:12). Ацы монон кард ма нын нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны фӕлварӕнты рӕстӕг, стӕй динафӕливджыты гӕдыныхӕстӕй дӕр (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5). «Ӕппӕт Фыст... Хуыцауы Удӕй» кӕй у ӕмӕ нӕ «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр [кӕй] цӕттӕ» кӕны, ууыл цин нӕ кӕнӕм?! (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

15 Сайтан ӕдзӕрӕг быдыры Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо монон кардӕй йӕ зыгъуыммӕ ныхӕстӕ ӕмӕ цыбӕлтӕ дӕсны ӕфсӕддонау риуыгъта. Йӕ алы ныхасӕн дӕр ын лӕвӕрдта ахӕм дзуапп: «Фыст у» (Матфейы 4:1—11). Фыстад афтӕ баххуыс кодта Испанийы иу Ӕвдисӕнӕн, Давид, зӕгъгӕ. 19 азы йыл куы цыд, уӕд куыста иу ран ӕфснайӕгӕй. Иуафон ӕм йе ’мкусӕг — ӕрыгон рӕсугъд сылгоймаг — бацыд, ӕмӕ йӕм бахатыд: «Нӕ рӕстӕг иумӕ куы арвитиккам, уӕд куыд уаид?». Давид ын комкоммӕ загъта: нӕ. Уый фӕстӕ йӕ хицаумӕ бацыд ӕмӕ дзы ракуырдта, цӕмӕй йӕ ӕндӕр ранмӕ аивтаид,— дыккаг хатт ыл ахӕм ми куыд нал ӕрцыдаид. «Уыцы тӕккӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Иосиф,— загъта Давид.— Уый йе ’фсарм нӕ фесӕфта. Уайтӕккӕ йӕхи айста. Ӕз дӕр раст афтӕ бакодтон» (Уӕвынад 39:10—12).

16. Ӕцӕгады дзырд раст амоныныл ахуыр цӕмӕн хъӕуы, уый бамбарын кӕн.

16 Йесо ма монон кардӕй хӕцыд адӕмы Сайтаны ахӕстӕй ссӕрибар кӕнынӕн дӕр. «Мӕ ахуырад — Мӕн нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы»,— загъта Йесо (Иоанны 7:16). Цӕмӕй мах дӕр Йесойау хорз ахуыргӕнджытӕ суӕм, уый тыххӕй хъӕуы нӕхиуыл кусын. Ромаг ӕфсӕддонты тыххӕй Иосиф Флавий фыста: «Алы ӕфсӕддон дӕр ӕрвылбон дӕр кӕны фӕлтӕрӕнтӕ, раст цыма тохы быдыры ис, уыйау йӕхиуыл нӕ ауӕрды. Ӕмӕ хӕсты дӕр ӕнцонтӕй гъе уымӕн фӕуӕлахиз вӕййынц». Нӕ уырнындзинады сӕраппонд тох кӕнгӕйӕ иудадзыгдӕр нӕ къухы хъуамӕ уа Библи. Хъӕуы ма «архайын нӕхи равдисыныл Хуыцауӕн аккагӕй, ӕнӕуайдзӕф кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырд раст ахуыргӕнӕгӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15). Нӕ зӕрдӕ куыд барухс вӕййы, адӕймаджы исты базонын куы фӕфӕнды, ӕмӕ йын йӕ фарстӕн дзуапп Фыстадӕй куы раттӕм!

Алкӕддӕр кувӕм

17, 18. а) Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууынӕн нын кувын куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Куывдӕн стыр тых кӕй ис, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

17 Павел монон хӕцӕнгӕрзтӕ иууылдӕр куы ранымадта, уӕд йе ’ргом аздӕхта иу ахсджиаг хъуыддагмӕ. Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууынӕн чырыстӕттӕ хъуамӕ «алы куывдӕй ӕмӕ курындзинадӕй кувой». Ӕмӕ цас арӕх ӕмбӕлы кувын? «Кувут алы афон удӕй»,— фыста Павел (Ефесӕгтӕм 6:18). Фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, исты нӕ куы цыбӕл кӕна кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕ, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ баххуыс кӕндзысты (Матфейы 26:41). Йесо «тыхджын дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕстысыг калгӕйӕ, куывта-иу ӕмӕ лӕгъстӕ кодта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзынхъом чи уыди, Уымӕн, ӕмӕ Йӕ фехъусынчындӕуыд йӕ хуыцауы ӕфсармы руаджы» (Дзуттытӕм 5:7, НФ).

18 Нӕ хо Милагрос ныр 15 азӕй фылдӕр кӕсы йӕ рынчын лӕгмӕ ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Куы стыхсын, уӕд Иегъовӕмӕ скувын. Уый мын куыд баххуыс кӕны, афтӕ ничи. Хатт мӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ нал бафӕраздзынӕн. Фӕлӕ та Иегъовӕмӕ скувын, ӕмӕ мын фенцондӕр вӕййы, мӕ хъарутыл та хъару бафты».

19, 20. Цӕмӕй Сайтаныл уӕлахиз кӕнӕм, уымӕн цы хъӕуы?

19 Хӕйрӕг зоны — бирӕ рӕстӕг ын нал баззад, ӕмӕ ноджы знӕтдӕрӕй архайы нӕ уырнындзинад басӕттыныл (Раргомад 12:12, 17). Мах хъуамӕ йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинады сӕраппонд хъӕбатырӕй тох кӕнӕм (1 Тимофеймӕ 6:12). Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы, нӕхимӕ цы ис, уымӕй фылдӕр хъару (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Стӕй ма нӕ хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс дӕр, ӕмӕ йӕ хъуамӕ курӕм. Йесо афтӕ загъта: «Сымах кӕд фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13).

20 Уӕдӕ нӕ алкӕйдӕр йӕхи сфӕлындын хъӕуы Иегъовӕйы «ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты». Хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл хъӕддыхӕй хӕцӕм. Хъуамӕ ӕцӕгад уарзӕм — нӕ астӕу дзы ӕрбабӕттӕм, ӕдзух цӕттӕ уӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ нын цы ныфс ис, уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Стӕй ма хорз арӕхсӕм монон кардӕй дӕсны хӕцын дӕр. Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ ныл куы уой, уӕд «фыддзинады удтыл» уӕлахиз кӕндзыстӕм, ӕмӕ уымӕй рухс кӕндзӕн Иегъовӕйы сыгъдӕг ном (Ромӕгтӕм 8:37—39).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Пехуымпар Исайы чиныджы Иегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстдзинад йӕ уӕлӕ згъӕрхӕдонау скодта». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ ӕмбырды цӕстдарджытӕй домы, цӕмӕй рӕстӕй архайой (Исай 59:14, 15, 17).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Монон хӕцӕнгӕрзтӕ куыд дарын хъӕуы, уымӕй фӕзминаг чи у ӕмӕ нӕ йӕ цардмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?

• Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ куыд хъахъхъӕнгӕ сты?

• Монон кардӕй хорз хӕцын куыд сахуыр уыдзыстӕм?

• Алкӕддӕр кувын цӕмӕн хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн хорз хабар хъусын кӕнын.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Фидар ныфс — фӕлварӕнты тыхдӕттӕг.

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Уацамынды монон кардӕй хӕцыс?