«Ут ӕфсымӕруарзӕг кӕрӕдзимӕ, рӕвдаугӕйӕ»
«Ут ӕфсымӕруарзӕг кӕрӕдзимӕ, рӕвдаугӕйӕ»
«Ут ӕфсымӕруарзӕг кӕрӕдзимӕ, рӕвдаугӕйӕ» (РОМӔГТӔМ 12:10).
1, 2. Иу миссионер ӕмӕ апостол Павел се ’фсымӕртимӕ куыд уыдысты?
ИУ ӔФСЫМӔР, Дон, зӕгъгӕ, Дард Скӕсӕны миссионерӕй фӕлӕггад кодта цыппор ӕртӕ азы. Уый уыд тынг фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг ӕмӕ йӕ бынӕттон цӕрджытӕ уайтагъд бауарзтой. Йӕ низ куы стыхджын, уӕд ӕм, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй чидӕртӕ дард ранӕй рынчынфӕрсӕг ӕрцыдысты ӕмӕ йын зӕрдиагӕй фӕарфӕтӕ кодтой: «Камсахамнида, камсахамнида!», корейагау — «бузныг дын, стыр бузныг!». Дон се ’ппӕтмӕ дӕр хионы цӕстӕй кӕй каст, фӕлмӕн уарзтӕй сӕ кӕй уарзта, уый тыххӕй сын уӕлдай адджын сси.
2 Доны хуызӕн адӕймӕгтӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты. Фыццаг ӕнусы апостол Павел дӕр, кӕмӕн лӕггад кодта, уыдоны йӕ зӕрдӕйы хъармӕй рӕвдыдта. Йӕ уд дӕр сын нӕ хӕлӕг кодта. Ӕмӕ кӕд фӕндфидар адӕймаг уыди, уӕддӕр уыд фӕлмӕн зӕрдӕйы хицау ӕмӕ иннӕты рӕвдыдта, «сывӕллонгӕс [дзидзидарӕг] йӕ сывӕллӕтты фӕлмасӕй куыд рӕвдауы», афтӕ. Йӕ фыстӕджы Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ фыста: «Мах ӕнувыдӕй бафӕндыд раттын сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы хорз уацхъуыд нӕ, фӕлӕ нӕ удтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сымах систут махӕн уарзон» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8). Ефесаг ӕфсымӕртӕн та куы загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕд «иууылдӕр тынг скуыдтой, Павелыл ныттыхстысты ӕмӕ йын пъатӕ кодтой» (Куыстытӕ 20:25, 37). Павел йе ’фсымӕртимӕ афтӕ лымӕн ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыди, ӕмӕ иу диныл хӕст уыдысты — кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй уарзтой.
Рӕвдауын ӕмӕ уарзын
3. Дзырдтӕ «рӕвдауын» ӕмӕ «уарзондзинад» Библи кӕрӕдзиуыл куыд бӕтты?
3 Иннӕты рӕвдауын, тӕригъӕд сын кӕнын ӕмӕ сын сӕ рис ӕмбарын Фыстад ӕнгом бӕтты тӕккӕ рӕсугъддӕр чырыстон миниуӕгимӕ — уарзондзинадимӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 2:8; 2 Петры 1:7). Бриллианты тигътӕ рухсмӕ цӕхӕр куыд фӕкалынц, афтӕ ацы арфӕйаг миниуджытӕ дӕр, куы баиу вӕййынц, уӕд сӕ адӕймаджы удыхъӕд цӕхӕр скалы. Уыцы миниуджытӕ чырыстӕтты канд кӕрӕдзимӕ не ’лвасынц, фӕлӕ ма сӕ сӕ уӕларвон Фыдмӕ дӕр ӕввахс кӕнынц. Апостол Павел йӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн уымӕн дзырдта: «Ӕфсоны уарзондзинад уӕм ма уӕд... ут ӕфсымӕруарзӕг кӕрӕдзимӕ, рӕвдаугӕйӕ» (Ромӕгтӕм 12:9, 10).
4. Цы нысан кӕны дзырд «рӕвдауын»?
4 Ацы ран Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта — «рӕвдауын», уый арӕзт у дыууӕ хайӕ: «хӕлардзинад» ӕмӕ «хиуонау уарзын». Иу библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ чырыстӕттӕ «хъуамӕ уой иу бинонтау ӕмуд, уарзаг, кӕрӕдзийыл ӕнувыд, кӕрӕдзийӕн ныфсӕнцой». Дӕуӕн дӕр дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ адджын сты? Ӕмбырды иууылдӕр хъуамӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг-хионы цӕстӕй кӕсой, кӕрӕдзи зӕрдӕйы хъармӕй тавой (Галатӕгтӕм 6:10). «Ног Фӕдзӕхсты», Байаты Гаппойы тӕлмацы, Ромӕгтӕм 12:10-ӕм стих афтӕ уымӕн у: «Уарзут уӕ кӕрӕдзи фӕлмасӕй ӕфсымӕртау». Уӕдӕ, чырыстӕттӕн сӕ кӕрӕдзи уарзын канд сӕ хӕс кӕнӕ сӕ дины фыст ӕгъдау нӕу. Хъуамӕ нӕм «ӕнӕцӕстмӕ ӕфсымӕруарзондзинад» уа — кӕрӕдзийы хъуамӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ уарзӕм (1 Петры 1:22).
«Ахуыргонд стӕм Хуыцауӕй кӕрӕдзийы уарзын»
5, 6. а) Ӕхсӕнадӕмон конгрессты Иегъовӕ йӕ адӕмы чырыстон уарзондзинадыл куыд ахуыр кӕны? ӕ) Не ’хсӕн хӕлардзинады тӕгтӕ куыд фидар кӕнынц?
5 Кӕд абоны дунейы «бирӕтӕн ӕруазал... сӕ уарзондзинад», уӕд Иегъовӕ та йӕ адӕмы ахуыр кӕны «кӕрӕдзийы уарзын» (Матфейы 24:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9). Уымӕн хорз фадӕттӕ фӕзыны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнадӕмон конгрессты. Уырдӕм дард бӕстӕтӕй цы уазджытӕ ӕрцӕуы, уыдоныл бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕхсызгонӕй сӕмбӕлынц, суазӕг сӕ кӕнынц. Ӕрӕджы иу конгрессмӕ ӕрцыд уазджытӕ ахӕм бӕстӕтӕй, се ’нкъарӕнтӕ ӕргом ӕвдисын ахуыр кӕм не сты. «Куы ’рцыдысты, уӕд тынг ӕфсӕрмы кодтой ӕмӕ тыхстысты,— зӕгъы, конгрессдзауты сӕ цӕрӕнбынӕттӕм чи хизын кодта, уыцы ӕфсымӕр.— Фӕлӕ ӕхсӕз боны фӕстӕ куы здӕхтысты, уӕд ма сӕ чи урӕдта: уазджытӕ ӕмӕ фысымтӕ кӕрӕдзиуыл ныттыхстысты, сӕ цины цӕссыгтӕ згъӕлдысты. Кӕрӕдзи цы чырыстон уарзтӕй батавтой, уый сӕ иуы дӕр никуы ферох уыдзӕн». Не ’фсымӕрты куы суазӕг кӕнӕм, чифӕнды ӕмӕ кӕцӕйфӕнды ма уой, уӕд нӕхи ӕмӕ уыдоны хорз миниуджытӕ дӕр цӕхӕр скалынц (Ромӕгтӕм 12:13).
6 Конгресстӕй ахӕм хабӕрттӕ фехъусын тынг ӕхсызгон вӕййы, фӕлӕ чырыстӕттӕ Иегъовӕйӕн бирӕ рӕстӕг ӕмуӕхскӕй лӕггадгӕнгӕйӕ куыд бангом вӕййынц, афтӕ ницӕмӕй. Нӕ хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕрты хорз куы базонӕм, уӕд сӕ сӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй ноджы фылдӕр бауарзӕм — ӕнӕсайд, ӕууӕнкджын, иузӕрдион, зӕрдӕхӕлар, рӕдау, аудаг, рисӕмбараг ӕмӕ удуӕлдай кӕй сты, уый тыххӕй (Псалом 14:3—5; Ӕмбисӕндтӕ 19:22). Марк (Скӕсӕн Африкӕйы лӕггад кодта миссионерӕй) афтӕ зӕгъы: «Не ’фсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ уый кӕрӕдзиуыл сбӕтты фидар тӕгтӕй».
7. Цӕмӕй ӕмбырд ӕнгом уа, уымӕн цы хъӕуы?
7 Цӕмӕй ӕмбырд ахӕм фидар тӕгтӕй баст уа, уымӕн ис иу хос: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ бонӕй-бонмӕ ӕнгомдӕр кӕной. Фембӕлдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд кӕрӕдзиуыл ӕнувыддӕр уыдзыстӕм. Стӕй дзы куы архайӕм, сӕ размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ не ’муырнджытимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаудзыстӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕндзыстӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25). Иугонд Штатты цӕрӕг хистӕр нӕлгоймаг зӕгъы: «Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд-иу нӕ бинонтӕ Паддзахады залӕй ацыдысты фӕстагмӕ,— бирӕ уарзтам нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ зӕрдӕбын ныхас кӕнын. Уый куы ӕрымысын, уӕд мын ӕхсызгон вӕййы».
Дӕ зӕрдӕ дӕ «ауӕрӕх» кӕнын нӕ хъӕуы?
8. а) Павел коринфӕгтӕн, «ауӕрӕх» кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Цӕмӕй ӕмбырды уарзт тыхджындӕр уа, уый тыххӕй нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон цы у саразын?
8 Цӕмӕй уыцы уарзтӕй ӕмбырды алчидӕр рӕвдыд уа, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, хъӕуы нӕ зӕрдӕтӕ «ауӕрӕх» кӕнын. Апостол Павел Коринфы ӕмбырдмӕ фыста: «Дӕрдтыл ауӕрӕх нӕ зӕрдӕ! Уынгӕг уын нӕ уыдзӕн нӕ мидзӕрдӕйы». Ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй уыдон дӕр сӕ зӕрдӕтӕ «ауӕрӕх» кодтаиккой (2 Коринфӕгтӕм 6:11—13, НФ). Дӕу дӕр нӕ фӕнды афтӕ бакӕнын? Уӕд ӕнхъӕлмӕ ма кӕс — дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у. Павел зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ уарзты тыххӕй ромӕгтӕм фыста: «Кӕрӕдзийӕн хорз ӕгъдау раттыны уӕ иу иннӕмӕй фӕраздӕр кӕнӕд йӕхи» (Ромӕгтӕм 12:10, НФ). Иннӕтӕн ӕгъдау дӕтдзынӕ, фембӕлдты-иу сӕм куы бацӕуай ӕмӕ-иу сын, «ӕгас цу», зӕгъгӕ, куы зӕгъай. Дӕ бон ма у де ’муырнджыты уацамындмӕ кӕнӕ фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынмӕ дӕр хонын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ кӕрӕдзи ноджы фылдӕр уарздзыстӕм.
9. Иуӕй-иутӕ сӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куыд бахӕлар вӕййынц? (Радзур, дӕхӕдӕг кӕй зоныс, ахӕм цӕвиттон дӕр.)
9 Чырыстон бинонтӕ, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алкӕй бон дӕр у сӕ уарзондзинад «уӕрӕх» кӕнын. Куыд? Иумӕ рӕстӕг ӕрвитгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ уазӕгуаты цӕугӕйӕ: уӕвгӕ, искӕй фӕхонынӕн дуне диссӕгтӕ цӕттӕ кӕнын нӕ фӕхъӕуы (Лукайы 10:42; 14:12—14). Иу ӕфсымӕр, Акоп, зӕгъгӕ, уарзы йе ’муырнджыты амбырд кӕнын ӕмӕ сӕ искуыдӕм акӕнын. «Вӕййы дзы сабитӕ, стыртӕ, ацӕргӕтӕ ӕмӕ, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджытӕ,— зӕгъы Акоп.— Кӕрӕдзимӕ тынг бангом вӕййынц, фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ фырцинӕй зӕххыл дӕр нал фӕхӕцынц». Мах хъуамӕ канд ӕмуырнджытӕ ма уӕм, фӕлӕ ма хорз хӕлӕрттӕ дӕр (3 Иоанны 14).
10. Нӕ хотӕ ӕмӕ нын не ’фсымӕртӕй искӕимӕ зын куы уа, уӕд цы ис бакӕнӕн?
10 Фӕлӕ нын не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй хатт зын вӕййы иннӕты нӕ уарзтӕй тавын ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй рӕвдауын. Цы бачындӕуа уӕд? Фыццаджыдӕр, Хуыцаумӕ кувӕм — нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрынӕн нын куыд ахъаз кӕна. Уӕвгӕ, не ’мчырыстӕттимӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрӕм,— уый у Хуыцауы фӕнд, ӕмӕ йӕм нӕ зӕрдиаг куывдтытӕ ӕнӕмӕнг хӕццӕ кӕндзысты (1 Иоанны 4:20, 21; 5:14, 15). Стӕй Хуыцауӕй цы курӕм, ууыл хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр кусӕм. Скӕсӕн Африкӕйы цӕуӕг цӕстдарӕг, Рик, зӕгъгӕ, зыдта иу зындзард ӕфсымӕры. «Загътон: мӕхи дзы нӕ хиздзынӕн, хъуамӕ йемӕ хуыздӕр базонгӕ уон,— зӕгъы Рик.— Куыд базыдтон, афтӕмӕй уыцы ӕфсымӕрӕн йӕ фыд уыд тынг карз ӕмӕ домаг лӕг. Куы йыл ахъуыды кодтон, йӕ удыхъӕд аивыныл куыд удуӕлдайӕ архайы ӕмӕ йын куыд бирӕ бантыст, уӕд мӕ цӕсты тынг скадджын ис. Мах систӕм хорз хӕлӕрттӕ» (1 Петры 4:8).
Уӕ зӕрдӕты дуӕрттӕ бакӕнут!
11. а) Цӕмӕй ӕмбырды уарзондзинад тыхджындӕр кӕна, уымӕн цы хъӕуы? ӕ) Мадзура адӕймагӕн тӕссаг цӕмӕй у?
11 Бирӕтӕ цард фӕцӕрынц, фӕлӕ хорз, ӕнувыд хӕлӕрттӕ не скӕнынц. Цы уа уымӕй бӕллӕхдӕр! Фӕлӕ чырыстӕтты ’хсӕн афтӕ хъуамӕ ма уа. Ӕцӕг чырыстон уарзт уый нӕу, ӕмӕ искӕимӕ уӕздан ныхас кӕнай, науӕд ӕй хъӕбыстӕ ӕмӕ пъаты бын фӕкӕнай. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы дуар бакӕнӕм, Павел ӕй коринфӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ. Стӕй нын уӕлдайаг кӕй не сты, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Ӕмбисӕндтӕ 18:1).
Алчи дзураг нӕу, фӕлӕ бынтон мадзура дӕр хорз нӕу. «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый сфыдзонд уыдзӕн,— ӕргомӕй дзуры Библи.— Цӕудзӕн, царды чи ахады, ӕппӕт уыцы зонды ныхмӕ» (12. Ӕнӕ ӕргом ныхасӕй ӕмбырд ӕнгом цӕуылнӕ уыдзӕн?
12 Фидар, ӕцӕг хӕлардзинад лӕууы зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхасыл (Иоанны 15:15). Алкӕйдӕр нӕ хъӕуы, нӕ зӕрдӕйы рӕбинаг, сусӕг хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕмӕн радзурӕм, ахӕм хӕлӕрттӕ. Кӕрӕдзи та цас хуыздӕр зонӕм, уыйас тынгдӕр уыдзӕн нӕ бон кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын. Иннӕтыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд ӕмбырд уыдзӕн ӕнгомдӕр ӕмӕ Йесойы ныхӕсты ад базондзыстӕм: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35; Филиппӕгтӕм 2:1—4).
13. Нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый куыд ис ӕвдисӕн?
13 Цӕмӕй нӕ уарзтӕй иннӕтӕ рӕвдыд уой, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хъуыддагӕй ӕвдисын (Ӕмбисӕндтӕ 27:5). Не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ зына нӕ цӕстӕнгасыл дӕр, ӕмӕ уӕд уыдоны дӕр фӕнддзӕн сӕ зӕрдӕйы хъармӕй иннӕты тавын. «Рухс цӕстӕнгас зӕрдӕйӕн цин хӕссы»,— загъта иу зондджын лӕг (Ӕмбисӕндтӕ 15:30, «Мах дуг» № 12, 1999). Ӕрхъуыдыдзинад дӕр ӕфсымӕрты ’хсӕн фӕлмӕн уарзт тыхджындӕр кӕны. Ӕцӕг уарзтӕн балхӕнӕн нӕй, фӕлӕ нын уӕддӕр куыд ӕхсызгон вӕййы, исчи нын исты куы балӕвар кӕны. Открыткӕ, фыстӕг кӕнӕ «йӕ афоныл загъд ныхас» — адон иууылдӕр дзурӕг сты фӕлмӕн уарзтыл (Ӕмбисӕндтӕ 25:11; 27:9). Иугӕр нӕхицӕн хӕлӕрттӕ скодтам, уӕд сӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм ӕмӕ сын нӕ зӕрдӕйы хъарм ма ӕвгъау кӕнӕм. Уӕлдайдӕр — бахъуаджы сахат. «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы, ӕмӕ у, зын сахат цӕмӕй адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр»,— дзуры Библи (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
14. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ныл чидӕр зӕрдӕйӕ нӕу, уӕд цы бакӕнын хъӕуы?
14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды алкӕимӕдӕр иухуызон ӕввахс нӕ уыдзыстӕм. Нӕ удӕн дзы чидӕртӕ уыдзысты адджындӕр. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дыл чидӕр зӕрдӕйӕ нӕу, уӕд-иу афтӕ ма ахъуыды кӕн, ӕмӕ цыдӕр раст нӕ аразыс кӕнӕ уый цыдӕр ӕнахуыр у. Стӕй йын дӕхи тыхӕй ма хъар, бахӕлӕрттӕ уӕм, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг демӕ цас ӕргом у, уыйас ӕм хӕларзӕрдӕ дар, ӕмӕ чи зоны, искуы ӕввахс хӕлӕрттӕ дӕр суат.
«Дӕумӕ... ис мӕ хорз фӕндон»
15. Адӕймагыл куыд фӕзыны хорз ныхас, ӕфхӕрӕн ныхас та?
15 Донаргъуыды фӕстӕ Йесо уӕларвӕй ахӕм ныхӕстӕ куы фехъуыста, «Дӕумӕ... ис мӕ хорз фӕндон», зӕгъгӕ, уӕд йӕ цӕсгом фырцинӕй куыннӕ ныррухс уыдаид! (Маркы 1:11). Куыннӕ йӕм сдзырдтаид йӕ зӕрдӕ: мӕ Фыд мӕ бирӕ уарзы! (Иоанны 5:20). Хъыгагӕн, бирӕтӕ сӕ цӕрӕнбонты сӕ хиуӕттӕй хъарм, хорз ныхас никуы фехъусынц. «Бирӕ ӕрыгӕттау мӕнӕн дӕр мӕ бинонтӕ чырыстон фӕндагыл лӕуд не сты, — зӕгъы Энн.— Хӕдзары ӕфхӕрӕн ныхас йеддӕмӕ ницы хъусӕм, ӕмӕ уый ӕхсызгон кӕмӕн у?». Ахӕм кӕстӕртӕ фембӕлдтӕм цӕуын куы байдайынц, уӕд ӕмбырды базонынц фыды ӕмӕ мады рӕвдыд, ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты фӕлмӕн уарзты ад (Маркы 10:29, 30; Галатӕгтӕм 6:10).
16. Фаутӕ хӕссын хорз цӕуылнӕ у?
16 Иуӕй-иу адӕмтӕм ныййарджытӕ, хистӕртӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ сывӕллӕттӕй стӕм хатт раппӕлынц — науӕд, дам, буц, ӕвзӕр ахуыр кӕнынц. Гӕнӕн ис, чырыстон ныййарджытӕ, стӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕной. Хӕслӕвӕрд кӕнӕ ӕндӕр исты хъуыддаджы тыххӕй чи зоны хистӕр кӕстӕрӕн зӕгъа: «Хорз уыд, фӕлӕ дӕ бон фылдӕр у». Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ зӕгъгӕ цыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, комкоммӕ дӕр сын ӕй фӕзӕгъынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уӕд кӕстӕртӕ тагъддӕр сахуыр уыдзысты. Фӕлӕ сын уымӕй сӕ ныфс цы асӕттынц, ӕндӕр ницы.
17. Иннӕтӕй раппӕлын цӕмӕн фӕхъӕуы?
17 О, фӕлӕ адӕймагӕй раппӕлын канд уынаффӕ раттыны размӕ нӕ фӕхъӕуы. Хӕдзары ӕмӕ ӕмбырды хистӕртӕ кӕстӕртӕй зӕрдиагӕй куы ӕппӕлой, уӕд бинонтӕ дӕр Ефесӕгтӕм 4:24).
ӕмӕ ӕмбырд дӕр уыдзысты ӕнгом. Уӕд кӕстӕртӕ нӕ тӕрсдзысты фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты истӕмӕй бафӕрсын. Уӕдӕ, афтӕ дзурыны бӕсты, махмӕ кӕнӕ нӕ бӕстӕйы афтӕ нӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, «сфӕлындӕм ног адӕймаджы, Хуыцаумӕ гӕсгӕ сконды, рӕстдзинады ӕмӕ ӕцӕг сыгъдӕгдзинады». Иегъовӕ адӕмӕй куыд ӕппӕлы, мах дӕр сӕ афтӕ ӕппӕлӕм (18. а) Кӕстӕртӕ, хистӕртӕй уын исчи зонд куы амона, уӕд ӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсат? ӕ) Хистӕртӕ уынаффӕтӕ раттыны размӕ, бирӕ цӕмӕн фӕхъуыды кӕнынц?
18 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕртӕй уын исчи уӕ ных куы бакъуыра кӕнӕ уын зонд куы амона, уӕд-иу уӕм афтӕ ма фӕкӕсӕд, ӕмӕ уӕ нӕ уарзынц (Екклесиаст 7:9). Уӕдӕмӕ афтӕ уымӕн кӕнынц, ӕмӕ уӕ бирӕ уарзынц — уӕ хорз сӕ фӕнды! Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ сын ӕнцон вӕййы уынаффӕтӕ дӕттын? Хистӕртӕ зонынц, фӕлмас ныхас зӕрдӕйӕн сой у, дӕрзӕг ныхас та — сындз. Уӕдӕ уынаффӕ раттыны размӕ, уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, бирӕ фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ фӕкувынц (1 Петры 5:5).
Иегъовӕ у тынг хӕларзӕрдӕ
19. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕн скъахтой, уый хъуамӕ ӕххуыс Иегъовӕйӕ цӕмӕн кура?
19 Йӕ зӕрдӕ цы адӕймагӕн скъахынц, уый дыккаг хатт нал фӕуӕнды йӕ уарзондзинад ӕргом ӕвдисын. Цӕмӕй та ногӕй йӕ зӕрдӕйы дуар иннӕтӕн байгом кӕна, уымӕн стыр хъарутӕ ӕмӕ фидар уырнындзинад хъӕуы. Фӕлӕ йӕ хъуамӕ рох ма уа — Иегъовӕ «дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр». Йӕхӕдӕг нын дзуры, ӕрбаввахс мӕм ут, зӕгъгӕ (Куыстытӕ 17:27; Иаковы 4:8). Иегъовӕ ӕмбары, нӕ зӕрдӕ та нын куы скъахой, уымӕй кӕй тӕрсӕм, ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры, нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзӕн ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр нын зӕгъы: «Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕндзӕн» (Псалом 33:19).
20, 21. а) Иегъовӕмӕ баввахс уӕм, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм? ӕ) Цӕмӕй Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
20 Ды ӕмӕ Иегъовӕ хӕлӕрттӕ — царды уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Фӕлӕ уый гӕнӕн ис? Бӕгуыдӕр. Библи кӕны, нӕ уӕларвон Фыдимӕ ӕнгом чи уыд, ахӕм рӕстуд нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой. Сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ фыст ӕрцыдысты, ӕмӕ сӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕм фӕзыны ныфс, Иегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ суӕм, уый мах бон дӕр кӕй у (Псалом 22, 33, 138; Иоанны 16:27; Ромӕгтӕм 15:4).
21 Иегъовӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдон алкӕй бон дӕр у ӕххӕст кӕнын. «Хицау! чи фӕразы уӕвын Дӕ цӕрӕнбынаты?— бафарста Давид.— Уый, кӕцы цӕуы ӕнаиппӕй, ӕмӕ кӕны рӕстдзинад, ӕмӕ дзуры ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы» (Псалом 14:1, 2). Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын, стӕй нын зонд кӕй амоны, кӕй нӕ хъахъхъӕны, уый руаджы ӕмбарӕм, Иегъовӕ кӕй у «тынг хӕларзӕрдӕ» Хуыцау, йӕ адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы (Иаковы 5:11).
22. Иегъовӕйы йӕ адӕмӕн цы фӕнды?
22 Иегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ хӕлар уа — цы ма уа уымӕй стырдӕр хорзӕх! Уӕдӕ мах дӕр кӕрӕдзимӕ хионы цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм, хъуамӕ кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй ма уарзӕм? Иегъовӕйы фӕрцы нӕ алкӕй бон дӕр у ӕмбырды уыцы уарзты зынг цырен кӕнын ӕмӕ йӕм хи тавын — уымӕй хицӕн кӕнынц чырыстӕттӕ иннӕтӕй. Хуыцауы Паддзахад зӕххыл куы ӕрфидар уа, уӕд ахӕм уарзтӕй алчидӕр ӕнустӕм уыдзӕн рӕвдыд.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Ӕмбырды кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
• Цӕмӕй ӕмбырд ӕнгомдӕр уа, уый тыххӕй нӕ алкӕй бон дӕр цы у аразын?
• Хорз ныхас чырыстӕтты кӕрӕдзиимӕ куыд ӕввахс кӕны?
• Иегъовӕ нӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы, уый нын ныфсы хос куыд у?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 25 фарсыл]
Чырыстӕтты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый канд хӕс нӕу.