Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Фидар кӕнут Хицауӕй»

«Фидар кӕнут Хицауӕй»

«Фидар кӕнут Хицауӕй»

«Фидар кӕнут Хицауӕй ӕмӕ Йӕ тыхы хъомысӕй» (ЕФЕСӔГТӔМ 6:10).

1. а) Иу-3 000 азы размӕ цавӕр тох бацайдагъ? ӕ) Цӕмӕн фӕуӕлахиз Давид?

УЫЦЫ хабар ӕрцыд иу-3 000 азы размӕ. Дыууӕ ӕфсады схӕцынӕввонг кӕрӕдзи ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Дыууӕрдыгӕй дӕр рацыд фӕйнӕ лӕджы. Сӕ иу уыд ӕрыгон израилаг фыййау Давид. Иннӕ та — ӕнагъӕддаджы стыр, къӕдзӕхыйас филистимаг хӕстон лӕг Голиаф. Голиафӕн ӕрмӕст йӕ згъӕрхӕдон ласта 57 килӕйы бӕрц. Йӕ арц ӕмӕ йӕ цирхъ дӕр рог нӕ уыдысты. Давидмӕ та дурӕхсӕнӕй дарддӕр ницы уыд. Ӕмӕ йӕ Голиаф йӕ ныхмӕ рацӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм ӕфхӕрдау фӕкаст (1 Паддзахӕдты 17:42—44). Куыд израилӕгтӕ, афтӕ филистимаг хӕстонтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, зӕгъгӕ, лӕппу бабын. Фӕлӕ тохы алкӕд хъӕбатыртӕ нӕ фӕуӕлахиз вӕййынц (Екклесиаст 9:11). Давид Иегъовӕйы ӕххуысӕй уӕйыджы ӕрфӕлдӕхта. «Хӕцгӕ Иегъовӕ кӕндзӕн»,— загъта Давид. Ӕмӕ Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «Давид дурӕхсӕн ӕмӕ дурӕй филистимаг лӕгыл фӕуӕлахиз» (1 Паддзахӕдты 17:47, 50).

2. Чырыстӕттӕн сӕ тох кӕимӕ у?

2 Абон чырыстӕттӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц, адӕмимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алкӕйдӕр йӕ уырнындзинады сӕраппонд ӕнӕрынцойӕ хъӕуы ӕнӕуынгӕ тыхджын знагимӕ тох кӕнын (Ромӕгтӕм 12:18). Уыцы тохы кой кӕны Павел Ефесӕгтӕм фыстӕджы фӕстаг сӕры: «Мах тох буар ӕмӕ туджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ сӕргълӕуджыты ныхмӕ, хицауадты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицауиуӕггӕнджыты ныхмӕ, арвы бын фыддзинады удты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12).

3. Цӕмӕй тохы фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй нӕ, Ефесӕгтӕм 6:10 гӕсгӕ, цы аразын хъӕуы?

3 Уыцы «фыддзинады удтӕ», Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ, алы амалӕй архайынц, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕной. Махӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ, Давидау, хъуамӕ Хуыцауӕй уӕм ныфсджын, науӕд нӕ басӕтдзысты. Павел дӕр нын уымӕн дзуры: «Фидар кӕнут Хицауӕй ӕмӕ Йӕ тыхы хъомысӕй» (Ефесӕгтӕм 6:10). Уый фӕстӕ та ӕмбарын кӕны, Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕттыл уӕлахиз кӕнынӕн нӕ цы монон хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ чырыстон миниуджытӕ хъӕуы, уый дӕр (Ефесӕгтӕм 6:11—17).

4. Ацы статьяйы ныхас цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл цӕудзӕн?

4 Ныр бӕстон ӕрныхас кӕнӕм, не знаджы тых ӕмӕ йӕ хӕстон хиндзинӕдты тыххӕй Библи цы дзуры, ууыл. Уый фӕстӕ ӕркӕсдзыстӕм, нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм, уымӕ. Иегъовӕйы амындтӕм куы хъусӕм, уӕд ныл не знӕгтӕ ницы хуызы фӕтых уыдзысты.

«Тох... фыддзинады удты ныхмӕ»

5. Ефесӕгтӕм 6:12 дзырд «тох» цы амоны, уый нын Сайтаны хиндзинад куыд ӕргом кӕны?

5 Павел куыд фыссы, афтӕмӕй мах тох кӕнӕм «арвы бын фыддзинады удты ныхмӕ». Уыцы «фыддзинады удты» — хӕйрӕджыты — «ӕлдар» у Сайтан (Матфейы 12:24—26). Библи фыццаг цы ӕвзагыл ӕрцыд фыст, уым нӕ тох хуыйны «хъӕбысхӕст» кӕнӕ «лӕгӕй-лӕгмӕ тох». Рагон Гречъы-иу ерысты рӕстӕджы богӕлттӕ хъӕбысхӕсты куы бацыдысты, уӕд-иу иу иннӕйы фӕцудын кӕныныл архайдта — афтӕмӕй-иу ын ӕнцондӕр афӕлдахӕн уыд. Афтӕ Хӕйрӕг дӕр — архайы нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл. Куыд?

6. Хӕйрӕг нын нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕнынӕн цытӕ аразы, уый Библийы равдис.

6 Хӕйрӕг калм ӕмӕ богътӕгӕнаг домбайӕ уӕлдай нӕу, стӕй хатт йӕхи рухсы зӕды хуызӕн дӕр равдисы (2 Коринфӕгтӕм 11:3, 14; 1 Петры 5:8). Йӕ зӕххон хъузӕтты руаджы мах фыдӕвзарӕнты баппары ӕмӕ нын нӕ ныфс асӕтты (Раргомад 2:10). Ацы дуне ӕгасӕй дӕр йӕ къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у, ӕмӕ нӕ алыхуызон цыбӕлтӕй сайа, цӕмӕй йӕ хызы фӕмидӕг уӕм (2 Тимофеймӕ 2:26; 1 Иоанны 2:16; 5:19). Йӕ бон ма нӕ у Евӕйау фӕсайын дӕр: ацы дуне ӕмӕ нӕ ӕцӕгад ныууадзджыты зондыл акӕнын (1 Тимофеймӕ 2:14).

7. Хӕйрӕджыты бон цы нӕу ӕмӕ сӕ ныхмӕ цӕй руаджы фӕлӕудзыстӕм?

7 Кӕд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕн сӕ тых ӕмӕ сӕ хотыхтӕ ӕмбисондӕн дзуринаг сты, уӕддӕр сӕ бон алцы нӕу. Зӕгъӕм, сӕ бон нӕу, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы фыдхъуыддӕгтыл нӕ тыхӕй бафтауын. Хуыцау нӕ ӕмбаргӕдзинадӕй кӕй схайджын кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдыты рохтыл хӕцын фӕразӕм. Уӕдӕ тох дӕр иунӕгӕй нӕ кӕнӕм. Елисейы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ у абон дӕр — «немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй» (4 Паддзахӕдты 6:16). Библи нын дзуры: нӕхи Хуыцауӕн куы басӕттӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ куы слӕууӕм, уӕд махӕй алидздзӕн (Иаковы 4:7).

Сайтаны фыдвӕндтӕ нын ӕнӕзонгӕ не сты

8, 9. Цӕмӕй Сайтан Иовы басастаид, уый тыххӕй йын цытӕ бавзарын кодта, ӕмӕ абон нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цы сты?

8 Мах зонӕм Сайтаны фыдвӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ нын Фыстад ӕргом кӕны йӕ хӕстон хиндзинӕдтӕ (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Цӕвиттон, Хӕйрӕг рӕстаг адӕймаг Иовы йӕ фӕллӕйттӕй ӕнӕхай фӕкодта, йӕ сывӕллӕтты йын ныццагъта, йӕ усы йын йӕ ныхмӕ скодта, фыдниз ыл бафтыдта ӕмӕ йӕ йӕ ныфсӕвӕрӕг-зӕрдӕхалӕг ӕрдхӕрдты дзыхӕй уайдзӕфты бын фӕкодта. Уыцы мӕстытӕй Иовмӕ цӕрын дӕр нал цыд, афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта (Иов 10:1, 2). Сайтан Иовӕн цытӕ бакодта, махӕн кӕд ахӕм митӕ нӕ кӕны, уӕддӕр цы мӕстытӕ ӕвзарӕм, уыдоны руаджы йын зын нӕу йӕ фыдвӕндтӕ сӕххӕст кӕнын.

9 Нӕ уырнындзинад нын цы фӕцудын кӕна, ахӕм цыдӕртӕ ацы фӕстаг бонты бирӕ ис. Ныртӕккӕ адӕм мулкыл, исбоныл фесты, ӕмӕ сӕ Хуыцау нал ӕндавы. Газетты, журналты ӕмӕ киноты иудадзыгдӕр хъарынц ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ буары мондӕгтӕ суадзынӕн, цы не ’мбӕлы, ахӕм митӕ дӕр куы кӕна, уӕддӕр ын уый ӕхсызгондзинад йеддӕмӕ маст нӕ хӕссы. Уыйадыл бирӕтӕ систы «фылдӕр адджын цард уарзджытӕ, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы уарзджытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Цӕмӕй мах дӕр ахӕм зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъазуатонӕй «тох кӕнын... уырниады сӕрыл» (Иудӕйы 3НФ).

10—12. а) Йесо тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы цӕмӕй фӕдзӕхста? ӕ) Адӕймагӕй Хуыцауы хъуыддаг куыд айрох вӕййы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

10 Сайтаны хӕстон хиндзинӕдтӕй иу у адӕймаджы ацы дунейы цыбӕлтӕ ӕмӕ мулкыл скӕнын. Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы нӕ Йесо фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «дунейаг царды мӕт ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ цыбӕлдзинад бамынӕг кӕнынц [Паддзахады] дзырд» (Матфейы 13:18, 22). «Бамынӕг кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый нысан кӕны «ныххурх кӕнын».

11 Хъармбӕстӕты зайы иу фикус — хонынц ӕй хурхгӕнӕг фикус. Ацы фикус рӕзы сындӕг, ӕндӕр бӕласыл стыхсы, афтӕмӕй. Фысымбӕласыл хилгӕйӕ даргъ уидӕгтӕ ауадзы ӕмӕ йӕ алырдыгӕй ӕрбалхъивы. Йӕ пӕлӕхсар уидӕгтӕй йӕ нал фӕуадзы минералон буаргъӕдтӕй рӕстмӕ ӕфсадын. Стӕй йӕ йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ сыфтӕй ӕрӕхгӕны, хур ӕм нал фӕкӕсы, ӕмӕ бахус вӕййы.

12 Афтӕ дунейы мӕт, мулк ӕмбырд кӕнын ӕмӕ ӕнцойдзарды алыхуызон фадӕттӕ аразын дӕр бахӕрынц адӕймаджы хъарутӕ ӕмӕ уд. Уыдӕттӕм не ’ргом куы аздахӕм, уӕд нӕ айрох уыдзӕн Библи ахуыр кӕнын, райдайдзыстӕм фембӕлдтӕ цух кӕнын — нӕхи нал ӕфсаддзыстӕм монон хӕринагӕй. Мулк ӕмбырд кӕнын нын Хуыцауы хъуыддагӕй ахсджиагдӕр суыдзӕн, ӕмӕ Сайтаны амӕттаг бауыдзыстӕм.

Хъуамӕ фидар лӕууӕм

13, 14. Сайтаны ныхмӕ нӕ куыд фӕлӕууын хъӕуы?

13 Павел йе ’муырнджытӕн фӕдзӕхста, «хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» фидар лӕуут, зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 6:11). Махӕй Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты никуы ничи басӕтдзӕн — уыцы хъуыддаг Хуыцау бахӕс кодта Йесо Чырыстийӕн (Раргомад 20:1, 2). Ӕмӕ цалынмӕ Сайтан сӕрибарӕй рацу-бацу кӕны, уӕдмӕ нӕ хъӕуы йӕ ныхмӕ фидар лӕууын, цӕмӕй нын мацы фыдбылыз ракӕна.

14 Сайтаны ныхмӕ фидар лӕууын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй дзырдта апостол Петр дӕр. «Ӕвронг ӕмӕ хъӕлдзӕг ут [«цырд лӕуут», НФ],— фыста Петр,— уымӕн ӕмӕ уе знаг хӕйрӕг цӕуы, куыд абухгӕ домбай, агургӕйӕ, кӕй аныхъуыра; ныхмӕ йӕм лӕуут фидар уырнындзинадӕй, зонгӕйӕ, ахӕм фыдӕбӕттӕ кӕй ӕрцӕуынц уе ’фсымӕртыл дӕр дунейы» (1 Петры 5:8, 9). Хӕйрӕг ныл йӕхи абухгӕ, богътӕгӕнаг домбайау куы ныццӕва, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын.

15, 16. Нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕрцы фидар фӕлӕууӕн куыд ис, уымӕн Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс.

15 Африкӕйы хъӕдбыдырты домбай куы ныббогъ кӕны, уӕд антилопӕтӕ алырдӕмты лидзынмӕ фӕвӕййынц. Пылтӕ та лидзгӕ нӕ акӕнынц, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн феххуыс кӕнынц. Уый тыххӕй иу чиныджы фыстӕуы: «Зӕгъгӕ исты, уӕд пылтӕ зиллакк лӕуд акӕнынц. Сӕ лӕппынтӕ мидӕгӕй ӕдас ран аззайынц, сӕхӕдӕг та — ӕддейӕ — тугдзыхы ныхмӕ ӕрлӕууынц» («Elephants​—Gentle Giants of Africa and Asia»). Домбӕйттӕ сӕ афтӕ лӕугӕ куы фенынц, уӕд сын сӕ лӕппынтӕм дӕр сӕ ныфс нал бахӕссынц.

16 Махӕн дӕр Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ нӕ алыварс куы фӕзилынц, уӕд хъуамӕ кӕрӕдзи фарсмӕ — нӕ фидар ӕфсымӕрты фарсмӕ балӕууӕм. Павел ранымадта, Ромы ахӕстоны бадгӕйӕ йын «зӕрдӕрухсы» хос чи фӕци, уыдоны нӕмттӕ (Колоссӕгтӕм 4:10, 11, НФ). «Зӕрдӕрухс»-ӕй цы грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу ран. Вайны дзырдуатмӕ гӕсгӕ «ацы дзырды мивдисӕджы формӕ амоны рыст ӕнцайынгӕнӕн хос» («Expository Dictionary of New Testament Words»). Хос рыст куыд фенцайын кӕны, афтӕ нын уырнындзинады фидар чырыстӕттӕ дӕр нӕ зӕрдӕты маст ӕмӕ нӕ низӕфхӕрд удты рыст фӕрогдӕр кӕнынц.

17. Цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уымӕн цы хъӕуы?

17 Не ’мчырыстӕттӕ нӕ кӕй ныфсджын кӕнынц, уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр фӕнды Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уӕлдай зӕрдиагӕй та нын ӕххуыс кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Иаковы 5:13—15). Цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы Библи иудадзыг ахуыр кӕнын ӕмӕ фембӕлдтӕ, конгресстӕ ма цух кӕнын. Хуыцауыл нӕ алчидӕр йӕхи куы бӕтта, уӕд ыл нӕ зӕрдӕ никуы сивдзыстӕм. Хӕргӕ кӕнӕм, нуазгӕ кӕнӕм, ӕви ӕндӕр исты кусӕм — алцыдӕр хъуамӕ кӕнӕм Хуыцауы кадӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Цӕмӕй раст фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм, уый тыххӕй Иегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс кӕй хъуамӕ дарӕм, ууыл та дзырд дӕр нӕй (Псалом 36:5).

18. Уӕззау уавӕрты нӕм хъарутӕ куы нал вӕййы, уӕд дӕр нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм?

18 Домбай лӕмӕгъдӕр цӕрӕгойтӕм куыд фӕхъавы, афтӕ Сайтан дӕр махмӕ бахъавы, нӕ уырнындзинад куы ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уӕд. Бинонты маст, цардамӕлттӕ кӕнын кӕнӕ низтӕй хатт афтӕ стыхсӕм, ӕмӕ нӕм хъарутӕ нал вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый кӕнгӕйӕ нӕ къухтӕ дӕлӕмӕ ма ӕруадзӕм, уымӕн ӕмӕ Павел афтӕ зӕгъы: «Ӕз ӕдых куы вӕййын, уӕд тыхджын дӕн» (2 Коринфӕгтӕм 12:10; Галатӕгтӕм 6:9; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:13). Ома? Иегъовӕйӕ хъарутӕ куы курӕм, уӕд, ӕдых уӕвгӕйӕ дӕр, тыхджын уыдзыстӕм. Давид Голиафыл кӕй фӕуӕлахиз, уый ӕвдисы, Хуыцау йӕ адӕмӕн тых ӕмӕ хъарутӕ дӕттынхъом кӕй у. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ зӕгъдзысты, уӕззау уавӕрты-иу сӕ Хуыцау куыд тынг бафидар кодта (Данелы 10:19).

19. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хъарутӕ куыд дӕтты, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

19 Мӕнӕ цы зӕгъынц иу ус ӕмӕ лӕг, Хуыцау сын куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй: «Иегъовӕйӕн иумӕ рагӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ дзы бирӕ хорздзинӕдтӕ зонӕм, стӕй бирӕ хуыцауыуарзон адӕмимӕ базонгӕ стӕм. Зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлдыстӕм, уӕд-иу нӕ Иегъовӕ ахуыр кодта сӕ сӕрты хизын, лӕвӕрдта нын хъарутӕ. Кӕд-иу Иовау мах дӕр алкӕд не ’мбӕрстам, цард-иу ныл хъулон-мулонӕй цӕмӕн ӕрзылд, уӕддӕр ӕй зыдтам, Иегъовӕ нӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны».

20. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уый цавӕр стихтӕ ӕвдисынц?

20 Иегъовӕ у ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ алыхатт дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕндзӕн, дӕтдзӕн сын тых (Исай 59:1). Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Хицау ӕххуыс кӕны хауджытӕн сеппӕтӕн, ӕмӕ слӕууын кӕны дӕлӕмӕ ӕппӕрстыты иууылдӕр» (Псалом 144:14). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ уӕларвон Фыд нын «алы бон дӕр... нӕ уаргъ... хӕссы» ӕмӕ нӕ цух ницӕмӕй уадзы (Псалом 68:19, НД [67:20]).

Нӕхи «сфӕлындӕм Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты»

21. «Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ» нӕ кӕй хъӕуынц, уый Павел куыд бамбарын кодта?

21 Мах ӕркастыстӕм Сайтаны хӕстон хиндзинӕдтӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ базыдтам, йӕ ныхмӕ нӕ фидар лӕууын кӕй хъӕуы. Ныр та базонӕм, нӕ уырнындзинады сӕраппонд ма ноджыдӕр куыд ис хъазуатонӕй тох кӕнӕн. Павел йӕ фыстӕджы Ефесӕгтӕм дыууӕ хатты ской кодта, Сайтаны хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын ӕмӕ «фыддзинады удтимӕ» тох кӕнын ӕнӕ цӕмӕй нӕ бафӕраздзыстӕм, уый тыххӕй. Павел фыста: «Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты, цӕмӕй уӕ бон уа слӕууын хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ... Райсут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ, цӕмӕй фыддзинады бон уӕ бон уа ныхмӕ слӕууын, ӕмӕ ӕппӕтыл фӕуӕлахиз уӕвгӕйӕ ма фӕцудат» (Ефесӕгтӕм 6:11, 13).

22, 23. а) Нӕ монон хӕцӕнгӕрзтӕм цы хауы? ӕ) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

22 О, не ’ппӕты дӕр «сфӕлындын [хъӕуы] Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты». Павел ефесӕгтӕм йӕ фыстӕг фыста ахӕстонӕй. Уым ӕй цы ромаг ӕфсӕддон хъахъхъӕдта, уый-иу, ӕвӕццӕгӕн, хатт йӕхи сифтонг кодта йӕ ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕй дӕр. Фӕлӕ Павел, чырыстӕттӕ монон хӕцӕнгӕрзты сӕхи кӕй хъуамӕ сфӕлындой, уый кой уымӕн ракодта, ӕмӕ йын уыцы хъуыды Хуыцау бавӕрдта йӕ зонды.

23 Ацы хӕцӕнгӕрзтӕм хауынц, чырыстӕттӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон, ӕмӕ ма нын Иегъовӕ цы дӕтты, уыдӕттӕ дӕр. Иннӕ статьяйы лӕмбынӕг аныхас кӕндзыстӕм монон хӕцӕнгӕрзтӕй алкӕцыйыл дӕр. Афтӕмӕй базондзыстӕм, нӕ уырнындзинады сӕраппонд тох кӕнынмӕ цас рӕвдз стӕм ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ нӕ бон куыд бауыдзӕн Сайтан Хӕйрӕгимӕ тох кӕнын.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр кӕимӕ тох кӕнынц?

• Сайтаны хӕстон хиндзинӕдтӕй цалдӕры тыххӕй радзур.

• Нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ нын нӕ хъаруйыл хъару куыд ӕфтауынц?

• Ныфсджын кӕмӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ цӕмӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Чырыстӕттӕ тох кӕнынц «фыддзинады удты ныхмӕ».

[Ныв 10 фарсыл]

Ацы дунейы сагъӕстӕ бамынӕг кӕнынц Паддзахады дзырд.

[Ныв 11 фарсыл]

Не ’мчырыстӕттӕ нын сты зӕрдӕрухсы хос.

[Ныв 12 фарсыл]

Хуыцауӕй хъарутӕ фӕкурыс?