Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕмӕнг ӕй райсдзынӕ бынӕн

Ӕнӕмӕнг ӕй райсдзынӕ бынӕн

Ӕнӕмӕнг ӕй райсдзынӕ бынӕн

«АХӔМ фыстӕг куы райсай, зӕгъгӕ дын чидӕр бынтӕ ныууагъта, уӕд къӕрцхъус у — цӕстфӕлдахджыты къӕппӕджы ма бахау».

Ацы ныхӕстӕй фӕдзӕхста Иугонд Штатты посты инспекци йӕ Веб-сайтыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мингай адӕм райстой ахӕм фыстӕджытӕ, зӕгъгӕ, «дӕ хӕстӕг фӕзиан ӕмӕ дын йӕ бынтӕ ныууагъта». Ӕмӕ бирӕтӕ арвыстой 30 доллӕры, чи та фылдӕр, цӕмӕй, уыцы бынтӕ кӕм ӕмӕ куыд райсӕн ис, уый тыххӕй сын «гӕххӕтт» ӕрӕрвитой. Фӕлӕ уыцы адӕм фыдӕнхъӕл фесты — иууылдӕр райстой ӕмхуызон фыстӕджытӕ ӕмӕ дзы иумӕ дӕр ницы ӕрхауд.

Ахӕм къӕппӕджытӕ уымӕн ӕрхъуыды кӕнынц, ӕмӕ зонынц, алкӕйдӕр кӕй фӕнды, исчи йын йӕ бынтӕ куы ныууадзид. Библи дӕр ӕппӕлы, йӕ цотӕн бынтӕ чи скӕны, уыдонӕй: «Хорз лӕг йӕ цотыцотӕн дӕр бын ныууадзы» (Ӕмбисӕндтӕ 13:22, «Мах дуг» №12, 1999). Уый тыххӕй ма дзырдта Йесо Чырысти дӕр. Йӕ Уӕлхох уацамынды загъта мӕнӕ ацы зындгонд ӕмӕ стыр ныфсы ныхӕстӕ: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5).

Йесойы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, ӕнустӕ раздӕр рагон Израилы паддзах Давид Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ: «Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11).

«Зӕхх дӕхи бакӕнын», бынӕн ӕй райсын — цы ма уа уымӕй хуыздӕр! Фӕлӕ ацы ныхӕстыл ӕууӕндӕн ис? Мыййаг сӕ адӕмӕй исты расайынӕн не ’рхъуыды кодтой? Бӕгуыдӕр сыл ис ӕууӕндӕн. Зӕхх у Иегъовӕйы диссаджы сконд, ӕмӕ йе Сфӕлдисӕг, йӕ Хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йыл йӕ бар цӕуы, ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн ӕй бынӕн дӕтты. Паддзах Давиды дзыхӕй Иегъовӕ йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстийӕн ратта зӕрдӕвӕрд-пехуымпарад: «Кур Мӕнӕй, ӕмӕ ратдзынӕн адӕмты Дӕуӕн бынӕн ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕ Дӕуӕн бардарынӕн» (Псалом 2:8). Апостол Павел дӕр уымӕн зӕгъы Йесойӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау иунӕг уый «скодта ӕппӕтӕн бындар» (Дзуттытӕм 1:2). Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис ӕууӕндӕн Йесойы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, сабыр адӕмы «уыдзӕн зӕхх». Стӕй йӕм йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн бартӕ дӕр ис (Матфейы 28:18).

Ӕмӕ уый хорз, фӕлӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн ацы зӕрдӕвӕрд? Абон алы ран дӕр царды дзӕбӕхӕй цӕрынц къӕйных, хъал адӕм ӕмӕ алцыдӕр уыдонмӕ ӕрхауы. Ӕмӕ ма уӕд сабыр адӕм цы райсдзысты? Уымӕй уӕлдай зӕхх афтӕ счъизи, ӕмӕ ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыди, ӕмӕ цардмӕ иу боны цӕстӕй чи кӕсы, уыцы зыд, ӕнӕфсис адӕм ын йӕ хъӕздыгдзинӕдтыл нӕ ауӕрдынц. Уӕвгӕ ма зӕхх бынӕн райсынӕн бӕздзӕн? Дӕ хорзӕхӕй, иннӕ статья бакӕс, цӕмӕй ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕн дӕр дзуапп базонай.

[Ныв 3 фарсыл]

Ӕцӕгӕйдӕр райсдзынӕ бын?