Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дзӕнӕт — ды дзы уыдзынӕ?

Дзӕнӕт — ды дзы уыдзынӕ?

Дзӕнӕт — ды дзы уыдзынӕ?

«Зонын адӕймаджы Чырыстийы мидӕг, кӕцы... ист уыд ӕртыккаг арвы онг» (2 КОРИНФӔГТӔМ 12:2—4).

1. Бирӕты зӕрдӕтӕ Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ батавынц?

ХУЫЦАУ Зӕххыл скӕндзӕн дзӕнӕт. Ацы ныхӕстӕ фыццаг хатт куы фехъуыстай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕ цы сдзырдта? Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты, къуырматӕ хъусдзысты, ӕдзӕрӕг быдыр йӕ хуыз скалдзӕн, бирӕгъ уӕрыккӕн, фыранк та сӕныккӕн знаг нал уыдзӕн — адӕттӕ базонгӕйӕ цы ахъуыды кодтай? Адджын дын чи уыд, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уый бакӕсгӕйӕ дӕ зӕрдӕ фырцинӕй не скафыд? (Исай 11:6; 35:5, 6; Иоанны 5:28, 29).

2, 3. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ дӕ ныфсытӕ митын мӕсгуытӕ не сты? ӕ) Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уымӕн ма цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

2 Дӕ ныфсытӕ митын мӕсгуытӕ не сты. Библи Дзӕнӕты тыххӕй цы дзуры, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Куыннӕ зондзынӕ, Йесо йӕ фарсмӕ цӕджындзыл ауыгъд фыдгӕнӕгӕн цы загъта, уый: «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг хатт нӕ хъусыс ацы ныхӕстӕ дӕр: «Мах, Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ, кӕцытыл цӕры рӕстдзинад». Уӕдӕ цал ӕмӕ цал хатты бакастаис, Хуыцау нын нӕ цӕстысыг кӕй ныссӕрфдзӕн, стӕй мӕлӕт, маст, дзыназын ӕмӕ низ дӕр кӕй нал уыдзӕн. Цӕуыл дзурынц адӕттӕ? Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт! (2 Петры 3:13; Раргомад 21:4).

3 Зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уымӕн ма ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн дӕр ис — ныртӕккӕ дӕр чырыстӕттӕн ӕгас зӕххыл хай цӕмӕй ис, уый. Цы у? Монон дзӕнӕт,— скодта йӕ Хуыцау ӕмӕ дзы «ӕрцӕрын кодта» йӕ адӕмы. «Монон дзӕнӕты» кой фехъусгӕйӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, науӕд та цы у, уый ма ’мбара. Фӕлӕ Библи уый кой рагӕй кодта, ӕмӕ ныртӕккӕ уыцы дзӕнӕт ӕгас дунейыл дӕр йӕ къабӕзтӕ аивӕзта.

Дзӕнӕт цӕстылуайӕны

4. 2 Коринфӕгтӕм 12:2—4 стихты цавӕр цӕстылуайӕны кой цӕуы ӕмӕ йӕ чи федта?

4 Ӕркӕсӕм ма, апостол Павел уыцы дзӕнӕты тыххӕй цы ныффыста, уымӕ: «Зонын адӕймаджы Чырыстийы мидӕг, кӕцы... ист уыд ӕртыккаг арвы онг. Ӕмӕ зонын ахӕм адӕймаджы тыххӕй,— ӕрмӕст нӕ зонын — буары ӕви ӕнӕ буарӕй: Хуыцау зоны,— уый кӕй уыд ист дзӕнӕтмӕ ӕмӕ фехъуыста зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ныхӕстӕ, кӕцыты адӕймагӕн нӕй радзурӕн» (2 Коринфӕгтӕм 12:2—4). Ацы скъуыддзаджы хӕдразмӕ Павел кодта, апостол кӕй у, уый кой. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ ма Павелӕй дарддӕр ахӕм цӕстылуайӕн исчи федта, уый тыххӕй Библи ницы дзуры. Стӕй цӕстылуайӕны кой кӕны ӕрмӕстдӕр Павел. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, уыцы диссаджы цӕстылуайӕн Павел кӕй федта. Уӕдӕ уӕд цавӕр «дзӕнӕты» уыд? (2 Коринфӕгтӕм 11:5, 23—31).

5. Павел цӕстылуайӕны цы «дзӕнӕт» федта, уый цы нӕу ӕмӕ йӕ куыд ӕмбарын хъӕуы?

5 Ацы стихтӕн сӕ размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ цы стихтӕ ис, уыдон ӕвдисынц, — «ӕртыккаг арв» нӕу Зӕххы атмосферӕ, нӕу уый космос кӕнӕ астрофизиктӕ кӕй кой кӕнынц, уыцы ӕндӕр дун-дунетӕ дӕр. Библи исты куы фертывӕр кӕны, уӕд дзы уымӕй бауадзы тых, уӕз (Екклесиаст 4:12; Исай 6:3; Матфейы 26:34, 75; Раргомад 4:8). Уӕдӕ, Павел цӕстылуайӕны цы федта, уый ӕнӕуи зӕххон цыдӕр нӕ уыд. Уый уыд монон дзӕнӕт.

6. Павелы цӕстылуайӕны мидис цавӕр хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнынц?

6 Ацы цӕстылуайӕны мидис нын ӕмбарын кӕнынц пехуымпарӕдтӕ Дзуттаг Фыстытӕй. Хуыцау, йӕ адӕм ыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы вавилойнӕгты къухтӕм радта. Ӕмӕ сӕ н. э. агъоммӕ 607 азы, Библийы азнымадмӕ гӕсгӕ, зӕххӕмвӕз скодтой. Пехуымпарад дзырдта, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх 70 азы дзӕгъӕлӕй, ӕдзӕллагӕй лӕудзӕн; уый фӕстӕ Хуыцау, дзуттӕгтӕй чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдоны фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕркӕндзӕн ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Уыцы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой н. э. агъоммӕ 537 азы (Дыккаг закъон 28:15, 62—68; 4 Паддзахӕдты 21:10—15; 24:12—16; 25:1—4; Иереми 29:10—14). Зӕхх та цы бацис? 70 азмӕ схӕмпӕл, ныззаууат, ранӕй-рӕтты хурӕй басыгъд, хъӕддаг куыйтӕ дзы сбирӕ сты (Иереми 4:26; 10:22). Фӕлӕ ма ацы зӕххыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид ӕндӕр пехуымпарад дӕр: «Иегъовӕ Сионы ӕрсабыр кӕндзӕн. Ӕрсабыр ын кӕндзӕн йӕ гӕныстон бынӕттӕ дӕр, ӕмӕ йын йе ’дзӕрӕг быдыр скӕндзӕн Едемы хуызӕн, кӕм ницы зади, уыцы фӕзбыдыр та Иегъовӕйы цӕхӕрадоны [кӕнӕ Дзӕнӕты, «Септуагинтӕ»] хуызӕн» (Исай 51:3).

7. Ӕдзӕрӕг, дзӕгъӕл зӕххыл 70 азы фӕстӕ хъуамӕ цы ’рцыдаид?

7 Уыцы хабар ӕрцыд 70 азы фӕстӕ — Хуыцауы фарнӕй зӕхх йӕ хуыз скалдта. Мӕнӕ ма ацы нывтӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус бӕстӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы фӕзбыдыр райдзӕн ӕмӕ сафранау дидин калдзӕн. О, дидин калдзӕн, ӕмӕ уыдзӕн тынг хъӕлдзӕг, ӕмӕ дзы цины хъӕлӕба хъуысдзӕн. [...] Уӕд къуылых гӕппытӕ кӕндзӕн сагау ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй зардзӕн. Ӕдзӕрӕг быдыры стондзысты суадӕттӕ, кӕм ницы зайы, уыцы фӕзбыдыры агуылф кӕндзысты дӕттӕ. Хурсыгъд зӕхх хъӕзджын цад фестдзӕн, донцух зӕхх та — доны гуырӕн. Хъӕддаг куыйты хатӕн, асадӕн бынӕтты зайдзӕн цъӕх-цъӕхид кӕрдӕг, хъӕз ӕмӕ папирус» (Исай 35:1—7).

Адӕм ӕрыздӕхтысты ӕмӕ фӕивтой

8. Исайы 35 сӕры адӕмы кой кӕй цӕуы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

8 Диссагӕй цы кӕныс! Ӕдзӕрӕг, дзӕгъӕл зӕхх дзӕнӕт фестад. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн — ацы ӕмӕ иннӕ пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ, уыцы зӕххау хъуамӕ фендӕрхуызон уыдаиккой адӕм дӕр. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Исай дзырдта, зӕгъгӕ, «Иегъовӕ кӕй балхӕдта, уыдон» сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ здӕхдзысты хъазгӕ-худгӕйӕ, цингӕнгӕйӕ (Исай 35:10). Куыд уынӕм, афтӕмӕй ацы стих кӕны зӕххы нӕ, фӕлӕ адӕмы кой. Исай ма, Сионмӕ чи ӕрыздӕхдзӕн, уыдоны тыххӕй афтӕ дӕр дзуры: «Схондзысты сӕ Иегъовӕйы сагъд, рӕстады стыр бӕлӕстӕ... Зӕхх ӕвзар куыд суадзы... афтӕ Иегъовӕ ӕппӕт адӕмты раз дӕр рӕстад ӕмӕ кады ӕвзартӕ суадзын кӕндзӕн». Исай ма Хуыцауы адӕмы тыххӕй фыста: «Иегъовӕ дӕ алкӕддӕр кӕндзӕн... ӕмӕ дын де стджытӕ сфидар кӕндзӕн. Ӕмӕ суыдзынӕ донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн» (Исай 58:11; 61:3, 11; Иереми 31:10—12). Уӕдӕ зӕхх йӕхӕдӕг куыд фӕивта, афтӕ хъуамӕ фӕивтаиккой сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕрыздӕхӕг дзуттӕгтӕ дӕр.

9. Павел цӕстылуайӕны цавӕр «дзӕнӕт» федта ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн кӕд сӕххӕст?

9 Ацы рагон хабӕртты руаджы базонӕн ис, Павел цӕстылуайӕны цы федта, уымӕн йӕ нысаниуӕг. Уыцы цӕстылуайӕн хаудта, Павел «Хуыцауы хуым» кӕй рахуыдта ӕмӕ йӕ «мӕр» хъӕздыг кӕмӕн хъуамӕ уыдаид, уыцы чырыстӕтты ӕмбырдмӕ (1 Коринфӕгтӕм 3:9). Цымӕ цӕстылуайӕн кӕд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид? Павел цы федта, уый схуыдта «раргомдзинад», ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид фидӕны. Зыдта, йӕ мӕлӕты фӕстӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ диныл кӕй бавдисӕн кӕндзысты ӕмӕ раст фӕндагӕй кӕй аздӕхдзысты (2 Коринфӕгтӕм 12:1; Куыстытӕ 20:29, 30; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3, 7). Уыцы рӕстӕг ӕцӕг чырыстӕттӕ динафӕливджыты «хӕмпӕлтӕй» кӕй нал зындысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ зынтӕй уыд схонӕн донӕфсӕст, дидинвӕлыст цӕхӕрадон. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид — раст динӕн ӕнӕ сӕндидзгӕ нӕ уыд. Хуыцауы адӕм та хъуамӕ сӕ къахыл слӕууыдаиккой, ӕмӕ «рӕстгӕнджытӕ сӕрттывтаиккой хурау, сӕ Фыды Паддзахады» (Матфейы 13:24—30, 36—43). Ацы хабар ӕрцыд, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ. Азтӕ аивгъуыдтой, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр бӕрӕг кӕны, Павел цы монон дзӕнӕт федта, Хуыцауы адӕм ӕцӕгдӕр уым кӕй цӕрынц.

10, 11. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ мах цӕрӕм монон дзӕнӕты?

10 Иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, Павелы дуджы чырыстӕтты ’хсӕн куыд уыд быцӕутӕ, афтӕ уыдзӕн мах ӕхсӕн дӕр (1 Коринфӕгтӕм 1:10—13; Филиппӕгтӕм 4:2, 3; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:6—14). Фӕлӕ уӕддӕр цӕй диссаджы монон дзӕнӕты цӕрӕм! Ахъуыды ма кӕнӕм нӕ ивгъуыд ӕмӕ ныртӕккӕйы цардыл. Кӕддӕр уыдыстӕм мӕгуырау уавӕры, фӕлӕ нӕ Хуыцау йӕ фӕлмӕн хъӕбысы ӕрбакодта. Раздӕр монон хӕринаг цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтам, ныр та — цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Хуыцауы адӕмӕй иу дӕр ацы «хурсыгъд» дунейы тухӕнӕй нал мӕлы — Хуыцау сӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта ӕмӕ сыл къӕртайӕ калӕгау калы йӕ хорздзинӕдтӕ (Исай 35:1, 7). Иннӕ адӕмау мах саудалынджы нӕ цӕуӕм — иууылдӕр уынӕм сӕрибардзинады ӕмӕ Хуыцауы арфӕйы рухс. Бирӕтӕ — пехуымпарӕдтӕ хъусгӕйӕ къуырмайӕ хъауджыдӕр чи нӕ уыд, уыдон — ныр хъусынц ӕмӕ ӕмбарынц, Фыстад цы дзуры, уый (Исай 35:5). Цӕвиттон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — милуантӕ — ӕгас дунейы дӕр ахуыр кодтой Данелы пехуымпарады чиныг стих стихы фӕдыл. Уый фӕстӕ та сӕргай лӕмбынӕг равзӕрстой пехуымпар Исайы чиныг. Уӕдӕ уыцы хӕрзад монон хӕринаг, монон дзӕнӕт кӕй ис, ууыл дзурӕг нӕу?!

11 Ноджыдӕр ма ахъуыды кӕн иу ахӕм хъуыддагыл: Хуыцауы Ныхас бамбаргӕйӕ ӕмӕ дзы царды пайда кӕнгӕйӕ бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ — алыхуызон адӕймӕгтӕ — тынг аивтой. Кӕддӕр дзы чидӕртӕ уыдысты хъӕддаг сырдты хуызӕн, фӕлӕ хъазуатонӕй фӕтох кодтой, ӕмӕ сӕ удыхъӕд аивтой. Ды дӕр, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы конд афтӕ фӕивтай. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр (Колоссӕгтӕм 3:8—14). Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды ды дӕ сабыр ӕмӕ фӕрнӕйдзаг адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ кӕд нырма алцӕмӕй ӕххӕст не сты, уӕддӕр дзы иуы дӕр знӕт домбай кӕнӕ хъӕддаг сырд нӕ рахондзынӕ (Исай 35:9). Уӕдӕ ахӕм диссаджы сабыр, фӕрныг адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм, уый цӕуыл дзурӕг у? Ууыл, ӕмӕ мах цӕрӕм дзӕнӕты — монон дзӕнӕты. Уый ӕвдисы, фидӕны дзӕнӕт ӕгас зӕххыл йӕ къабӕзтӕ кӕй аиваздзӕн, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд дзы махӕн дӕр хай уыдзӕн.

12, 13. Цӕмӕй нӕ монон дзӕнӕтӕй ма фӕхауӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

12 Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг уӕддӕр рох кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Абон уын цы фӕдзӕхстытӕ дӕттын, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ уыцы зӕхмӕ бацӕуат ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнат» (Дыккаг закъон 11:8). Левиты 20:22, 24 та уыцы зӕххы тыххӕй кӕсӕм: «Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ма рох кӕнут, иууылдӕр сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй, цы зӕхмӕ уӕ кӕнын, уый уӕ йӕ хъӕлӕсӕй ма скала. Зӕгъгӕ дӕр уын уымӕн кодтон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут, ӕз уын ӕй ратдзынӕн,— ратдзынӕн уын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх“». Цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхх израилӕгты бауыдаид ӕмӕ йыл фӕрнӕй цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕ Хуыцауыл ӕнувыд уыдаиккой. Фӕлӕ йӕм хъусӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Иегъовӕ вавилойнӕгты къухтӕм радта ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕ фӕхауӕггаг сты.

13 Нӕ монон дзӕнӕты нӕ зӕрдӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ цӕуы. Алцыдӕр дзы цӕст рӕвдауы, зӕрдӕйыл удӕнцой ӕфтауы. Чырыстӕттӕй раздӕр хъӕддаг сырды хуызӕн чи уыд, уыдон сӕ удыхъӕд аивыныл тох кӕнынц, цӕмӕй уой фӕлмӕн, ӕрхъуыдыджын. Ӕмӕ ныр семӕ хӕларӕй цӕрӕм. Фӕлӕ, цӕмӕй нӕ монон дзӕнӕтӕй ма фӕхауӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр хъӕуы нӕхи Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Михей 6:8). Уыцы монон дзӕнӕтмӕ нӕхӕдӕг ӕрбацыдыстӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ куы нӕ фидар кӕнӕм, уӕд алӕмӕты дзӕнӕтӕй адзӕгъӕл уыдзыстӕм кӕнӕ дзы нӕхи хауӕггаг фӕкӕндзыстӕм.

14. Монон дзӕнӕты баззайынӕн ма нын ӕххуыс цы фӕуыдзӕн?

14 Стыр ӕххуыс ма нын фӕуыдзӕн, Хуыцауы Ныхас дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хъарутыл куы ӕфтауӕм, уый дӕр. Мӕнӕ цы фыст ис Псаломы 1:1—3 стихты: «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ... фӕлӕ Хицауы закъоны йӕ фӕндон, ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны уый ӕхсӕвӕй-бонӕй. Ӕмӕ уыдзӕн уый куыд бӕлас, цӕугӕдоны цур сагъд, кӕцы ӕрхӕссы йӕ дыргъ йӕхи афон, ӕмӕ кӕцыйы сыф не руайы; ӕмӕ йын ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн». Уымӕй уӕлдай ма, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар монон дзӕнӕты цӕрӕг адӕмы цух нӕ уадзы монон хӕринагӕй — Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйӕ (Матфейы 24:45—47).

Дзӕнӕт дӕ цӕстыты раз лӕууӕд

15. Цӕуылнӕ бауагъта Хуыцау Моисейы израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕнын, фӕлӕ уӕддӕр цы федта?

15 Фидӕны Дзӕнӕтыл ма дзуры ноджыдӕр иу хабар. Израилӕгтӕ 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры дыууӕрдӕм куы фӕкодтой, уӕд сӕ Моисей бакодта Моавы быдыртӕм (Иорданы скӕсӕн фарс). Фӕлӕ йӕ йе ’нӕрхъуыды мийы тыххӕй Иегъовӕ нӕ бауагъта израилӕгты Иорданыл ахизын кӕнын (Нымӕцтӕ 20:7—12; 27:12, 13). Моисей Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Курӕг дӕ дӕн, мӕн дӕр доныл ахизын бауадз ӕмӕ ӕз дӕр Иорданы фале уыцы арфӕгонд зӕхх фенон». Бахизын ӕй нӕ бауагъта, фӕлӕ Фасгийы хохӕй уыцы зӕххыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, йӕ размӕ кӕй уыд «арфӕгонд зӕхх». Цымӕ цыхуызӕн уыд уыцы зӕхх? (Дыккаг закъон 3:25—27).

16, 17. а) Кӕддӕры Зӕрдӕвӕрд зӕхх ныронӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? ӕ) Зӕрдӕвӕрд зӕхх кӕддӕр дзӕнӕты бӕстӕ кӕй уыд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

16 Уыцы ран ныртӕккӕ куы фестис, уӕд дзы змис ӕмӕ дурджын ӕдзӕрӕг быдыртӕ йеддӕмӕ ницы фенис, стӕй йын йӕ судзгӕ хурмӕ фӕразгӕ дӕр нӕ бакӕнис. Фӕлӕ ацы бӕстӕ кӕддӕр ахӕм нӕ уыди, ӕмӕ уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Агроном Уолтер Лаудермилк журнал «Сайентифик америкэн»-ы фыссы, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх «иу мин азмӕ смӕгуыр ӕмӕ баихсыд». Загъта ма: «Кӕддӕры алӕмӕты бӕстӕ „ӕдзӕрӕг быдыр“ ӕрдз нӕ, фӕлӕ адӕймаг фестын кодта». Йӕ иртасӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй «ацы зӕхх кӕддӕр уыд дзӕнӕты къуым, фарны бӕстӕ». Кӕддӕры «дзӕнӕты къуым» йӕ ныры уавӕрмӕ ӕртардтой адӕм *.

17 Библийы цы кӕсыс, ууыл арф ахъуыдыгӕнгӕйӕ, бамбардзынӕ, кӕддӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхх ӕцӕгдӕр ахӕм кӕй уыд. Асагъӕс ма кӕн, Иегъовӕ Моисейы дзыхӕй йӕ адӕмӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстыл: «Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уым ис хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ. Уӕларвӕй къӕвдайы донӕй ӕфсады йӕхи ӕмӕ йӕм дӕ Хуыцау Иегъовӕ зилы» (Дыккаг закъон 11:8—12).

18. Уацары уӕвӕг израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх цыхуызӕн уыддзӕн, уый Исайы 35:2 стихӕй куыд зыдтой?

18 Зӕрдӕвӕрд зӕхх ахӕм рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг бӕстӕ уыд, ӕмӕ-иу йӕ кӕцыдӕр бынӕтты коймӕ дӕр адӕймаджы цӕстытыл ауад дзӕнӕт. Уый хорз ӕвдисы Исайы чиныджы 35 сӕр. Уыцы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст, израилӕгтӕ Вавилонӕй куы раздӕхтысты, уӕд. Исай дзырдта: «О, дидин калдзӕн, ӕмӕ уыдзӕн тынг хъӕлдзӕг, ӕмӕ дзы цины хъӕлӕба хъуысдзӕн. Фӕхайджын уыдзӕн Ливаны кадӕй, Кармил ӕмӕ Сароны фидыцӕй. Уыдон фендзысты Иегъовӕйы кад, нӕ Хуыцауы фидыц» (Исай 35:2). Израилӕгты хъустыл-иу Ливан, Кармил ӕмӕ Сароны кой куы ’рцыд, уӕд-иу, хӕрзаг, сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг сты.

19, 20. а) Радзур, цавӕр бӕстӕ уыд Сарон. ӕ) Зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ууыл нӕ ныфс фидар кӕнӕн куыд ис?

19 Сароны фӕз цыхуызӕн уыд, уымӕ ӕркӕсӕм. Ацы фӕз уыди денджызгӕрон, Самарийы хӕхтӕ ӕмӕ Стыр (Зӕххастӕу) денджызы ’хсӕн. (Кӕс нывмӕ 10 фарсыл.) Зыдтой йӕ рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг бӕстӕйӕ. Донӕфсӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фосхизӕнтӕ уыдысты сойджын, кӕрдӕгджын. Йӕ цӕгат фарс та йын ӕмбӕрзтой тулдзджын хъӕдтӕ (1 Паралипоменон 27:29; Соломоны зарӕг 2:1; Исай 65:10). Исайы 35:2 дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх та йӕ хуыз скалдзӕн, дзӕнӕтбӕстӕ фестдзӕн. Ацы пехуымпарад ма амыдта, Павел цӕстылуайӕны цы ӕвӕджиауы монон дзӕнӕт федта, уымӕ дӕр. Уӕдӕ ацы ӕмӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт.

20 Алкӕй бон дӕр нӕ у нӕ монон дзӕнӕтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын ӕмӕ зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уыцы ныфсы цӕхӕр цырен кӕнын. Куыд? Библийы цы кӕсӕм, уый ноджы хуыздӕр бамбарыныл куы архайӕм. Библи арӕх кӕны алыхуызон бынӕттӕ ӕмӕ бӕстӕты кой. Уыцы бынӕттӕ ӕмӕ бӕстӕтӕ кӕм уыдысты, стӕй кӕрӕдзимӕ дард ӕви хӕстӕг уыдысты, уый базонын дӕ нӕ фӕнды? Иннӕ статьяйы сӕм ӕркӕсӕм, ӕмӕ сӕ зонын хорз цӕмӕн у, уый сбӕрӕг кӕнӕм.

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Дэнис Бейли зӕгъы: «Куыд зыны, афтӕмӕй ам незаманты цы зайӕгойты хуызтӕ зад, абон дзы уӕдонӕй бирӕ цыдӕртӕ нал зайы». Цӕмӕн? «Адӕмы арт кӕнынӕн хъуыд суг, хӕдзӕрттӕ аразынӕн — хъӕдӕрмӕг, ӕмӕ... бӕлӕстыл нӕ ауӕрстой. Зӕхх сгӕмӕх ис, ӕмӕ йӕ ӕрдзы тыхтӕ сӕ быны скодтой. Адӕймаг ӕрдзмӕ йӕ къух кӕй фӕкодта, уый фыдӕй ӕрдзыхъӕд фӕивта... ӕмӕ уыцы зӕхх сабыргай заууатмӕ ӕрцыд» («The Geography of the Bible»).

Бахъуыды кодтай?

• Апостол Павел цӕстылуайӕны цавӕр «дзӕнӕт» федта?

Исайы 35 сӕры цы пехуымпарад ис, уый фыццаг хатт кӕд сӕххӕст ӕмӕ йӕ Павелы цӕстылуайӕнимӕ цы иу кӕны?

• Цӕмӕй нӕ монон дзӕнӕтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ фидӕны дзӕнӕты ныфсы цӕхӕр нӕ зӕрдӕты цыренӕй судза, уымӕн цы хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 10 фарсыл]

Зӕрдӕвӕрд зӕххы Сароны фӕз уыд тынг хъӕздыг бӕстӕ.

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

[Ныв 12 фарсыл]

Моисей бамбӕрста, йӕ размӕ «арфӕгонд зӕхх» кӕй уыд.