Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты амондджын

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты амондджын

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты амондджын

«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары» (МАТФЕЙЫ 5:3, НД).

1. Ӕцӕг амонд цы у ӕмӕ дзы хайджын чи у?

ИЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕн се стыр хӕзна у амонд. Псаломзарӕггӕнӕг Давид уымӕн зарыд: «Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Иегъовӕ кӕмӕн у!» (Псалом 143:15, МГТ). Амонд у фарн, зӕрдӕйы рухс ӕмӕ царды цин. Стырдӕр амонд та — Иегъовӕйы хорзӕх. Ахӕм амонд ныррухс кӕны зӕрдӕйы рӕбинаг къуымтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 10:22). Уыцы амондӕй хайджын вӕййы, йӕ уӕларвон Фыдимӕ ӕнгом чи у ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ахӕм адӕймаг (Псалом 111:1; 118:1, 2). Йесо ранымадта, адӕймаджы амондджын цы кӕны, ахӕм фараст хъуыддаджы. Се ’ппӕтмӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы, ӕмӕ базондзыстӕм, «амондджын Хуыцау» Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм (1 Тимофеймӕ 1:11).

Мах ӕмбарӕм, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй

2. Йесо амонды тыххӕй кӕм дзырдта ӕмӕ йӕ ныхас цӕмӕй райдыдта?

2 Н. э. 31 азы, Галилейы денджызы сӕрмӕ хохы фахсыл Йесо ракодта, адӕм ныронг дӕр ӕмбисондӕн кӕй хӕссынц, уыцы ныхӕстӕ — Уӕлхох уацамынд. Матфейы Евангелийы кӕсӕм: «[Йесо] фенгӕйӕ адӕмы... ссыди хохмӕ; ӕмӕ куы ӕрбадт, уӕд ӕрбалӕууыдысты Уымӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Ӕмӕ Уый, байгом кӕнгӕйӕ Йӕ дзых, ахуыр кодта уыдоны, дзургӕйӕ: тӕхудиаг сты удӕй мӕгуыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны у Уӕларвон Паддзахад». Ацы ран 3-аг стих у комкоммӕ тӕлмац (Матфейы 5:1—3). «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмацы» та ивд ӕрцыд йӕ мидисмӕ гӕсгӕ: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары».

3. Сӕрныллӕг адӕм амондджын цӕмӕн сты?

3 Йесо загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг «удӕй мӕгуыр» куы уа, ома ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый куы ӕмбара, уӕд уыдзӕн бирӕ амондджындӕр. Сӕрныллӕг чырыстӕттӕ хорз ӕмбарынц, тӕригъӕдджын кӕй сты, ӕмӕ сӕ рӕдыдты тыххӕй Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды номӕй Иегъовӕйӕ хатыр курынц (1 Иоанны 1:9). Афтӕмӕй сӕхи нал фӕхӕрынц ӕмӕ ӕцӕг амонд цы у, уый базонынц. «Тӕхудиаг, кӕмӕн сты хатыр йӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕ ӕмӕ кӕй тӕригъӕдтӕ сты ӕмбӕрзт!» (Псалом 31:1; 118:165).

4. а) Куыд ис хъуыддагӕй равдисӕн, ӕмӕ, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй нӕхи бон дӕр ӕмӕ иннӕты бон дӕр цӕрын кӕй нӕу, уый ӕмбарӕм? ӕ) Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый хорз куы фембарӕм, уӕд цӕмӕн фӕамондджындӕр вӕййӕм?

4 Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый хорз кӕй ӕмбарӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр Библи кӕсӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар... афоныл» цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй нӕхи дзӕбӕх ӕфсадӕм ӕмӕ фембӕлдтӕ нӕ цух кӕнӕм (Матфейы 24:45; Псалом 1:1, 2; 118:111; Дзуттытӕм 10:25). Мах зонӕм, иннӕ адӕм дӕр Хуыцауы разамындцух кӕй сты, ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын Паддзахады хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, амонӕм сын ӕй (Маркы 13:10; Ромӕгтӕм 1:14—16). Уый дӕр нын хӕссы амонд (Куыстытӕ 20:20, 35). Нӕ амонды мӕсыг ноджы бӕрзонддӕр та уӕд фӕвӕййы, Хуыцауы Паддзахадӕй нӕ цы ныфс ис, стӕй цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм. «Гыццыл дзугӕн», сӕрст чырыстӕттӕн, уыцы ныфс у уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цардӕй цӕрын ӕмӕ Чырыстиимӕ хицауиуӕг кӕнын (Лукайы 12:32; 1 Коринфӕгтӕм 15:50, 54). «Ӕндӕр фыстӕн» та — уыцы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм зӕххыл, дзӕнӕты, цӕрын (Иоанны 10:16; Псалом 36:11; Матфейы 25:34, 46).

Амондджын сты, кӕугӕ чи кӕны, уыдон — цӕмӕн?

5. а) Дзырд «кӕуджытӕ» куыд ӕмбаргӕ у? ӕ) Чи кӕуы, уыдонӕй уаргъ куыд ахауы?

5 Амонды тыххӕй Йесо дарддӕр цы загъта, уый, чи зоны, искӕмӕ ӕнахуыр фӕкӕса. Йесо загъта: «Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕвдыд уыдзысты» (Матфейы 5:4). Кӕугӕ, хъынцъым чи кӕны, уыцы адӕймаг амондджын куыд хъуамӕ уа? Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый бамбарынӕн нӕ ӕркӕсын хъӕуы, цавӕр хъынцъымы кой кодта, уымӕ. Ахуыргӕнинаг Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тӕригъӕд не уӕнгты кӕй ахъардта, уый ӕцӕгдӕр у кӕуинаг: «Уӕ къухтӕ ссыгъдӕг кӕнут, тӕригъӕдджынтӕ, сраст кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ; хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут: уӕ худын уадз аздӕхӕд кӕуынмӕ, ӕмӕ цин — хъыгдзинадмӕ; ныссабыр ут Хицауы раз, ӕмӕ уӕ [бӕрзонд] сисдзӕн» (Иаковы 4:8—10). Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, ууыл маст чи кӕны, уымӕй стыр уаргъ ахауы, уымӕн ӕмӕ базоны, Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕнда, йӕ митыл зӕрдӕбынӕй куы фӕсмон кӕна — Иегъовӕйы фӕндоныл куы цӕуа,— уӕд йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕудзысты (Иоанны 3:16; 2 Коринфӕгтӕм 7:9, 10). Афтӕмӕй Иегъовӕйы хӕлар свӕййы ӕмӕ йын фӕзыны ӕнустӕм зӕххыл цӕрын, ӕнустӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын кад хӕссыны ныфс. Уыцы ныфс сын сӕ зӕрдӕйы арф къуымтӕ ныррухс кӕны (Ромӕгтӕм 4:7, 8).

6. Иуӕй-иутӕ цӕуыл хъынцъым кӕнынц ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм рухс цы бауадзы?

6 Йесойы ныхӕстӕ ма хауынц, зӕххыл цы ӕнамонд, ӕбуалгъы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоныл чи хъынцъым кӕны, уыдонмӕ дӕр. Уый загъта, зӕгъгӕ, Исай 61:1, 2 ныхӕстӕ сӕххӕст сты мӕныл. Уым кӕсӕм: «Дунедарӕг Иегъовӕйы уд ис мӕныл, уымӕн ӕмӕ мӕ Иегъовӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй хорз хабар дзурон сӕрныллӕг адӕмӕн. Уый тыххӕй мӕ рарвыста, цӕмӕй саст зӕрдӕтӕ бабӕттон... цӕмӕй, маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон». Ацы фӕдзӕхст хауы, сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ дӕр. Ӕххӕст ӕй кӕнынц се ’мбал «ӕндӕр фыстимӕ». Се ’ппӕт дӕр цӕуынц ӕмӕ «дзы [Иегъовӕйы ферохгӕнӕг Иерусалимы — чырыстон дунейы] цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы, уыцы адӕмы ныхтыл нысан ӕвӕрынц» (Иезекил 9:4). Уыцы адӕмӕн «Паддзахады Евангели» сӕ зӕрдӕтӕм бауадзы рухс (Матфейы 24:14). Куы базонынц, тагъд Сайтаны фыддунейӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ Иегъовӕ зӕххыл рӕстаг ног дуне кӕй скӕндзӕн, уӕд сӕ цин сӕ риуы нал фӕцӕуы.

Амондджын сты сабыртӕ

7. Дзырд «сабыр», кӕнӕ фӕлмас, куыд нӕ хъӕуы ӕмбарын?

7 Йесо Уӕлхох уацамынды дарддӕр загъта: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5). Бирӕтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ сабыр, фӕлмас чи у, уый у лӕмӕгъ адӕймаг. Фӕлӕ рӕдийынц. Дзырд «сабыр»-ы, кӕнӕ фӕлмасы, мидисы тыххӕй иу библииртасӕг фыссы: «[Фӕлмасдзинады] сӕйрагдӕр бӕрӕггӕнӕн у хиуылхӕцын. Фӕлмас уый нӕу, ӕмӕ фӕлмӕнвад, фӕлмӕнтӕ арӕзт ӕмӕ уазалзӕрдӕ уӕздан чи у. Уый у, йӕ рохтыл хӕцын чи зоны, ахӕм фидар адӕймаг». Йесо йӕхи тыххӕй дзырдта: «Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ» (Матфейы 11:29). Фӕлӕ уый Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрвӕлтау хъӕбатырӕй тох кодта (Матфейы 21:12, 13; 23:13—33).

8. Фӕлмасдзинад цавӕр миниуӕгимӕ у ӕнгом баст ӕмӕ иннӕтӕм фӕлмасзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

8 Фӕлмасдзинад ӕнгом баст у хиуылхӕцындзинадимӕ. Ӕмӕ сӕ апостол Павел дӕр, «уды дыргъыл» дзургӕйӕ, кӕрӕдзи фӕдыл уымӕн ранымадта (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Фӕлмасдзинад удыхъӕды бацӕуы ӕмӕ дзы ӕрфидар вӕййы сыгъдӕг уды фӕрцы. Ахӕм миниуӕг цы чырыстонмӕ ис, уый йе ’муырнджытимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр цӕры фӕрнӕй, хӕларӕй. Павел фыста: «Сфӕлындут... фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады, кӕрӕдзийӕн баргӕйӕ ӕмӕ иу иннӕмӕн хатыр кӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 3:12, 13).

9. а) Адӕймаджы фӕлмасдзинад, иннӕтимӕ хӕларӕй кӕй цӕры, канд уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ уа бӕрӕг? ӕ) Зӕхх сабыр, фӕлмас адӕмы куыд бауыдзӕн?

9 Нӕ фӕлмасдзинад, иннӕтимӕ хӕларӕй кӕй цӕрӕм, канд уымӕй хъуамӕ ма зына. Нӕхи Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы дӕлбар кӕй кӕнӕм, уымӕй дӕр хъуамӕ уа бӕрӕг. Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо Чырысти. Уый уыд тынг фӕлмас адӕймаг ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды зондыл цыд (Иоанны 5:19, 30). Зӕххӕй бын фыццаджыдӕр Йесойӕн ис, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау уый къухмӕ радта (Псалом 2:6—8; Данелы 7:13, 14). Уыцы бынӕй ма хай ис йӕ 144 000 «ӕмбындарӕн» — зӕххыл паддзахиуӕг кӕнынӕн «адӕмӕй» ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыдонӕн (Ромӕгтӕм 8:17; Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3, 4; Данелы 7:27). Чырысти ӕмӕ йе ’мпаддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕндзысты, псаломы ныхӕстӕ кӕуыл сӕххӕст уыдзысты, уыцы милуангай, фысау сабыр, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтыл: «Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11; Матфейы 25:33, 34, 46).

Амондджын сты рӕстдзинадӕй ӕххормӕгтӕ

10. «Рӕстдзинадӕй ӕххормӕгтӕ ӕмӕ дойнытӕ» куыд бафсӕдынц?

10 Галилейы къуылдымыл бадгӕйӕ ма Йесо загъта, адӕймаджы ноджы амондджын цы кӕны: «Тӕхудиаг сты рӕстдзинадӕй ӕххормӕгтӕ ӕмӕ дойнытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон бафсӕддзысты» (Матфейы 5:6). Чырыстӕттӕн рӕстдзинады бӕрцбарӕнтӕ Иегъовӕ фидар кӕны. Уымӕ гӕсгӕ, рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны чи у, уыдон агурынц Хуыцауы разамынд. Ахӕм адӕймӕгтӕ ’мбарынц, тӕригъӕдджын, ӕнӕххӕст кӕй сты ӕмӕ сӕ уд хъарынц Иегъовӕйы раз хорз ном скӕныныл. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ уыдон базонынц, сӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды номӕй хатыр куы курой, уӕд сӕ Хуыцау банымайдзӕн рӕстгӕнджытыл. Ӕмӕ уый зонгӕйӕ амондджын куыннӕ хъуамӕ уой! (Куыстытӕ 2:38; 10:43; 13:38, 39; Ромӕгтӕм 5:19).

11, 12. а) Куыд свӕййынц сӕрст чырыстӕттӕ рӕстгӕнджытӕ? ӕ) Сӕрст чырыстӕтты ӕмбӕлттӕ рӕстдзинадӕй сӕ «дойны» абон куыд сӕттынц?

11 Йесо загъта, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймӕгтӕ уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ «бафсӕддзысты», ома сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст уыдзысты. Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты «паддзахиуӕг кӕнынмӕ» хуынд цы сӕрст чырыстӕттӕ ӕрцыдысты, уыдоны тыххӕй загъдӕуыд, зӕгъгӕ, уыдон «сраст сты цардмӕ» (Ромӕгтӕм 5:1, 9, 16—18НФ). Иегъовӕ сси сӕ фыд — йӕхицӕн сӕ фырттӕ загъта. Уыдон систы Чырыстийы ӕмбындартӕ, ӕмӕ уӕларвон Паддзахады уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Иоанны 3:3; 1 Петры 2:9).

12 Сӕрст чырыстӕтты ӕмбӕлттӕй Хуыцау нӕма загъта, зӕгъгӕ, «сраст сты цардмӕ». Фӕлӕ Чырыстийы тугныккалдыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй цыма рӕстгӕнджытӕ сты, афтӕ сӕ нымайы Иегъовӕ (Иаковы 2:22—25; Раргомад 7:9, 10). Рӕстгӕнджытыл нымад та уыцы хуызы сты, ӕмӕ сты Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ сыл «стыр бӕллӕхы» бон ницы ӕрцӕудзӕн (Раргомад 7:14НД). Рӕстдзинадӕй сӕ «дойны» ноджы тынгдӕр басӕтдзысты, «ног арвы» бын — рӕстдзинад кӕм цӕрдзӕн, уыцы зӕххыл куы цӕрой, уӕд (2 Петры 3:13; Псалом 36:29).

Амондджын сты хатыргӕнджытӕ

13, 14. Хатыргӕнаг кӕй стӕм, уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр хорз цӕмӕй у?

13 Хохы фахсыл ма Йесо загъта: «Тӕхудиаг сты хатыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон хатыргонд уыдзысты» (Матфейы 5:7). Барадон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хатыр кӕнын у, фыдгӕнӕгӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы карз тӕрхон ӕмбӕлы, уый ӕндӕрӕй баивын кӕнӕ йын ныббарын. Фӕлӕ Библийы «хатыр кӕнын»-ӕй цы дзырдтӕ раивдӕуыд, уыдонӕн бирӕ рӕтты ис ахӕм нысаниуӕг: мӕгуыр, уынгӕг уавӕрты цӕрӕг адӕймагмӕ хъус ӕрдарын, фӕтӕригъӕд ын кӕнын ӕмӕ йын йе онг фӕрог кӕнын. Уӕдӕ хатыргӕнаг чи у, уый иннӕйы рыст ӕмбары, у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ йӕ хъуыддагӕй ӕвдисы. Йесойы фӕсномыг ныхас фӕлмӕнзӕрдӕ самариаджы тыххӕй хорз ӕвдисы, ӕххуысхъуаг адӕймагӕн фӕтӕригъӕд кӕнын куыд ӕмбӕлы, уый (Лукайы 10:29—37).

14 Цӕмӕй мах дӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм хатыргӕнаг ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн хорздзинад аразӕм (Галатӕгтӕм 6:10). Йесойы зӕрдӕ тынг рыст адӕмыл. Уый «тӕригъӕд кодта уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕ фыййау фыстау; ӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны бирӕ» (Маркы 6:34). Зыдта, адӕмы ӕцӕгадӕй ӕхсызгондӕр кӕй ницы хъуыди. Мах дӕр адӕмӕн тӕригъӕд кӕндзыстӕм, фылдӕр сӕ цы хъӕуы, уый сын куы дӕттӕм — «Паддзахады Евангели» сын хъусын кӕнын (Матфейы 24:14). Нӕ бон ма у нӕ ацӕргӕ ӕмчырыстӕттӕн, идӕдз хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, сидзӕртӕн ӕххуыс кӕнын, стӕй зӕрдӕсаст чи у, уыдоны «ныфсхаст кӕнын» дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14НФ; Ӕмбисӕндтӕ 12:25; Иаковы 1:27). Афтӕмӕй уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нын Иегъовӕ нӕхи рӕдыдтытӕ дӕр хатыр кӕндзӕн, тӕригъӕд нын кӕндзӕн (Куыстытӕ 20:35; Иаковы 2:13).

Амондджын сты сыгъдӕг зӕрдӕтӕ ӕмӕ фидауынгӕнджытӕ

15. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сыгъдӕг уой ӕмӕ фидауынгӕнджытӕ уӕм, уымӕн цы хъӕуы?

15 Ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм хъуыддаджы фӕдыл Йесо загъта: «Тӕхудиаг сты сыгъдӕг зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы фендзысты. Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы фырттӕ хуыйндзысты» (Матфейы 5:8, 9). Сыгъдӕг зӕрдӕ чи у, уый канд хӕрзӕгъдау нӕу, фӕлӕ ма Хуыцауы раз дӕр йӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Уый иузӕрдион у Иегъовӕйыл (1 Паралипоменон 28:9; Псалом 85:11). Фидауынгӕнӕг та йе ’муырнджытимӕ, стӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, йӕ сыхӕгтимӕ дӕр фӕцӕры фидыдӕй (Ромӕгтӕм 12:17—21). Ахӕм адӕймӕгтӕ «агурынц фидыддзинад ӕмӕ йӕм тырнынц» (1 Петры 3:11).

16, 17. а) Сӕрст чырыстӕттӕ «Хуыцауы фырттӕ» цӕмӕн хуыйнынц ӕмӕ Хуыцауы куыд уынынц? ӕ) «Ӕндӕр фыстӕ» та Хуыцауы куыд уынынц? б) «Ӕндӕр фыстӕ» бынтондӕр куыд ӕмӕ кӕд суыдзысты «Хуыцауы фырттӕ»?

16 Сыгъдӕг зӕрдӕ фидауынгӕнджытӕн Библи зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ, «Хуыцауы фырттӕ хуыйндзысты» ӕмӕ «Хуыцауы фендзысты». Сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр сты сыгъдӕг удӕй гуырд ӕмӕ нырма зӕххыл куы вӕййынц, уӕд сӕ фӕзӕгъы Хуыцау йӕхицӕн «фырттӕ» (Ромӕгтӕм 8:14—17). Мӕлӕты фӕстӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд ӕрлӕууынц Чырыстийы фарсмӕ. Уым уыдон лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы раз, ӕмӕ йӕ уынынц (1 Иоанны 3:1, 2; Раргомад 4:9—11).

17 «Ӕндӕр фыстӕ» — фидауынгӕнджытӕ — Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц сӕ Хорз Фыййау ӕмӕ «Ӕнусон Фыд» Йесо Чырыстиимӕ (Иоанны 10:14, 16; Исай 9:6). Чырыстийы Миназон хицаудзинады фӕстӕ фӕстаг фӕлварӕны Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны схондзӕн йӕ зӕххон фырттӕ ӕмӕ райсдзысты «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинад» (Ромӕгтӕм 8:21; Раргомад 20:7, 9). Ӕмӕ кӕд уыцы бон нӕма ’рцыд, уӕддӕр Иегъовӕйы хонынц сӕ Фыд, уымӕн ӕмӕ уый у сӕ Царддӕттӕг ӕмӕ йын снывонд кодтой сӕхи (Исай 64:8). Рагзаманты цӕрӕг Иов ӕмӕ Моисейау уыдон дӕр уырнындзинады цӕстӕй «уынынц» Хуыцауы (Иов 42:5; Дзуттытӕм 11:27). «Сӕ зӕрдӕйы цӕстытӕй», ӕмӕ, йемӕ хорз кӕй базонгӕ сты, уый фӕрцы уынынц Иегъовӕ Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ, ӕмӕ сӕ уд хъарынц Хуыцауы фӕзмыныл ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕныныл (Ефесӕгтӕм 1:18; Ромӕгтӕм 1:19, 20; 3 Иоанны 11).

18. Йесо цы авд хъуыддаджы кой ракодта, уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг амондӕй хайджын чи у?

18 Куыд базыдтам, афтӕмӕй, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ’мбары, кӕугӕ чи кӕны, сабыр, фӕлмас чи у, рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны чи у, тӕригъӕд кӕнын чи зоны, сыгъдӕг зӕрдӕ, фидауынгӕнӕг чи у, уыдон иууылдӕр Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сты амондджын. Фӕлӕ уӕддӕр адӕм сӕ ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц. Цымӕ уымӕй сӕ амонд къахыр кӕны? Дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон цавӕр амондӕй фӕхайджын вӕййынц?

• Кӕугӕ, дзыназгӕ чи кӕны, уыдонӕй уаргъ куыд ахауы?

• Адӕймаг сабыр, фӕлмас кӕй у, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

• Цӕмӕн хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг, сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ фидауынгӕнджытӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары».

[Нывтӕ 23 фарсыл]

«Тӕхудиаг сты рӕстдзинадӕй ӕххормӕгтӕ ӕмӕ дойнытӕ».

[Ныв 23 фарсыл]

Амондджын сты, тӕригъӕдгӕнаг чи сты, уыдон.