Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад цӕуыл дзурӕг у
Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад цӕуыл дзурӕг у
ДАВИД бирӕ маст бахордта ӕмӕ бирӕ зынтӕ федта. Йӕ каис, паддзах Саул, ын фырхӕлӕгӕй хъыцъы дӕттӕ фӕдардта: ӕртӕ хатты йӕ хъавыд арцӕй амарынмӕ; йӕ фӕдыл цуанонау бафтыд, ӕмӕ цалдӕр азмӕ йӕ хӕдзарӕй хауӕггаг фӕци (1 Паддзахӕдты 18:11; 19:10; 26:20). Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ нӕ ныууагъта — фервӕзын ӕй кодта Саулӕй дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ знӕгтӕй дӕр. Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, Давиды зӕрдӕйы мӕнӕ ацы ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн райгуырдысты: «Иегъовӕ у мӕ хох, мӕ фидар ӕмӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг. [...] Ды мын [Иегъовӕ] ратдзынӕ дӕ ирвӕзындзинады уарт, ӕмӕ мӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад кӕны стыр» (2 Паддзахӕдты 22:2, 36). Давид тынг кадджын уыд Израилы. Фӕлӕ Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад уымӕ цы бар дардта?
Библи Иегъовӕйы сӕрныллӕг Хуыцау кӕй хоны, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ бон алцы нӕу кӕнӕ кӕйдӕр дӕлбар ис. Ацы рӕсугъд миниуӕг ӕвдисы, адӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарыныл йӕ уд чи хъары, уыдоны рыст кӕй ӕмбары ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у. Псаломы 112:6, 7 кӕсӕм: «[Иегъовӕ] ӕркъул кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ; сыджытӕй сисы мӕгуыры». О, Иегъовӕ «ӕркъул кӕны», «ӕргуыбыр кӕны» (МГТ), ома йӕхи ӕрныллӕг кӕны, цӕмӕй фена. Иегъовӕ-иу уӕлӕрвтӕй Давидмӕ «ӕргуыбыр кодта», йӕхи-иу ӕрныллӕг кодта, цӕмӕй-иу ӕм байхъуыстаид, уымӕн ӕмӕ, ӕнӕххӕст уӕвгӕйӕ, Давид уыд сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ йӕ фӕндыд Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Уымӕн загъта, зӕгъгӕ, «бӕрзонд у Хицау ӕмӕ сабыры [сӕрныллӕг адӕймаджы] уыны» (Псалом 137:6). Иегъовӕ Давидӕн кӕй хатыр кодта, кӕй йын быхста ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рис кӕй ӕмбӕрста, уый стыр ныфс уадзы, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Иегъовӕ кӕд Дунедарӕг Стыр Хуыцау у ӕмӕ Дун-дунейы уымӕй бӕрзонддӕр ничи ис, уӕддӕр ӕй фӕнды, ӕмӕ махӕй алкӕмӕдӕр ӕввахс уа. Иугӕр афтӕ у, уӕд дзы цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр нӕ бон у ӕххуыс курын. Кӕй нӕ фехъусдзӕн, кӕй нӕ нӕ ферох кӕндзӕн, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм. Иегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмыл, израилӕгтыл, кӕй аудыдта, уымӕ гӕсгӕ дзы дзырдтой: «Ӕрымысыд мах нӕ ныллӕгдзинады, уымӕн ӕмӕ ӕнусмӕ Йӕ хорзӕх» (Псалом 135:23).
Абон мах дӕр, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, Давидау алыхуызон зын уавӕрты бахауӕм. Зӕгъӕм, ӕнӕхуыцау адӕм ныл худынц, низимӕ тох кӕнӕм, йе та нӕ хиуӕттӕй чидӕр фӕхъуыд. Цыфӕнды уӕззау уавӕры ма бахауӕм — Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй нӕм ӕркӕса ӕмӕ нын баххуыс кӕна. Уый нӕм «ӕргуыбыр кӕндзӕн», ӕркӕсдзӕн нӕм ӕмӕ нын нӕ куывд фехъусдзӕн. «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ Йӕ хъустӕ — сӕ дзыназынмӕ»,— ныффыста Хуыцауы фӕндӕй псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 33:16). Иегъовӕ цӕй диссаджы сӕрныллӕг Хуыцау у, ууыл куы ахъуыды кӕныс, уӕд дӕ зӕрдӕ цинӕй нӕ байдзаг вӕййы?