Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр стӕм амондджын

Кӕд нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр стӕм амондджын

Кӕд нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр стӕм амондджын

«Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй» (МАТФЕЙЫ 5:11).

1. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амонд ӕмӕ ӕфхӕрды тыххӕй цы загъта?

ЙЕСО йӕ апостолты фыццаг хатт Паддзахады хабар хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд сӕ бафӕдзӕхста: «Уыдзыстут ӕнӕуынон ӕппӕтӕн Мӕ номы тыххӕй» (Матфейы 10:5—18, 22). Фӕлӕ уымӕй размӕ йӕ Уӕлхох уацамынды йӕ апостолтӕн ӕмӕ йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, адӕм кӕд уӕ ныхмӕ цӕудзысты, уӕддӕр уӕ амонд нӕ фӕкъахыр уыдзӕн. Уӕдӕ, чырыстӕтты сӕ дины тыххӕй куы сурой, куы ӕфхӕрой, уӕд уыдзысты амондджын! Фӕлӕ сӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уымӕй амондджын куыд хъуамӕ уыдаиккой?

Рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ ӕвзарын

2. Йесо ӕмӕ апостол Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, чырыстоны амондджын цавӕр тухӕнтӕ кӕнынц?

2 Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаджы амондджынгӕнӕг хъуыддӕгтӕй ӕстӕм у ахӕм: «Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй сырд чи у, уымӕн ӕмӕ уыдоны у Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 5:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг тухӕнтӕ ӕвзара, уым хорзӕй ницы ис. Апостол Петр афтӕ фыста: «Цы ӕппӕлддзинад у, кӕд сымах фӕразут, куы уӕ нӕмынц уӕ аххосы тыххӕй? Фӕлӕ кӕд, хорз кӕнгӕйӕ ӕмӕ тухӕн кӕнгӕйӕ, фӕразут, уый фӕндон у Хуыцауӕн». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрмӕстдӕр ма фӕтухӕн кӕнӕд сымахӕй исчи куыд лӕгмар, кӕнӕ давӕг, кӕнӕ фыдгӕнӕг, кӕнӕ куыд хъавӕг искӕйыонмӕ; фӕлӕ кӕд, куыд Чырыстон, уӕд ма ӕфсӕрмы кӕн, фӕлӕ Хуыцауы кадджын кӕн ахӕм хъысмӕты тыххӕй» (1 Петры 2:20; 4:15, 16). Уӕдӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ чи ӕвзара, уый рахонӕн ис амондджын адӕймаг.

3. а) Рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ ӕвзарын цы нысан кӕны? ӕ) Рагон чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдтой, уый сыл куыд зынд?

3 Ӕцӕг рӕстдзинад у — Хуыцауы фӕндоныл цӕуын ӕмӕ йын йӕ амындтӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ уӕд рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ ӕвзарын та нысан кӕны, чидӕр дын Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ тыхӕй куы халын кӕна, уӕд фидар куы лӕууай. Иудейты хистӕртӕ апостолты карзӕй ӕфхӕрдтой, кӕй сӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ адӕмӕн Йесойы кой кӕй кодтой, уый тыххӕй (Куыстытӕ 4:18—20; 5:27—29, 40). Цымӕ уымӕй сӕ ныфс асаст? Йесойы тыххӕй адӕмӕн нал дзырдтой? Нӕ! «Уыдон та ацыдысты синедрионӕй, цингӕнгӕ Хицау Йесойы номы тыххӕй ӕгаддзинад кӕй райстой, уый тыххӕй; ӕмӕ алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:41, 42). Карзӕй сӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уымӕй сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ хъусын кӕныны зынг сӕ зӕрдӕты ноджы тынгдӕр сыгъд. Фӕстӕдӕр та чырыстӕтты ӕфхӕрдтой ромӕгтӕ, императорӕн кӕй нӕ табу кодтой, уый тыххӕй.

4. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц?

4 Абон та Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты «сурынц», ӕфхӕрынц, цыфӕндыйӕ дӕр «Паддзахады Евангели» кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй (Матфейы 24:14). Хицауад сӕ куы сӕхгӕны, уӕддӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Библийы фӕдзӕхст нӕ халдзыстӕм — «нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм», фӕлтау маст, тухӕнтӕ дӕр ӕвзардзыстӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25). Карз ӕфхӕрд ма ӕййӕфтой ӕмӕ ӕййафынц, дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц ӕмӕ туг табуйагыл кӕй нымайынц, уый тыххӕй дӕр (Иоанны 17:14; Куыстытӕ 15:28, 29). Фӕлӕ Хуыцауы адӕм рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сын сӕ зӕрдӕты бацӕрын кӕны фарн ӕмӕ амонд (1 Петры 3:14).

Чырыстийы тыххӕй сын фидис кӕнынц

5. Иегъовӕйы адӕмы тынгдӕр цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц?

5 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды цы фӕрныг хъуыддӕгты кой кодта, уыдонӕй фарӕстӕм дӕр баст у ӕфхӕрдимӕ. Йесо загъта: «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой [кӕнӕ, фидис уын куы кӕной] ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй» (Матфейы 5:11). Иегъовӕйы адӕмы «сургӕ», ӕфхӕргӕ тынгдӕр уымӕн кӕнынц, ӕмӕ ацы фыддунейӕ не сты. Йесо йӕ апостолтӕн дзырдта: «Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд дуне уарзид йӕхионты; сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз кӕй равзӕрстон дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуынон стут дунейӕн» (Иоанны 15:19). Ахӕм ныхӕстӕ загъта апостол Петр дӕр: «Уый тыххӕй уыдон дис кӕнынц, сымах уыдонимӕ хайджын кӕй нал стут уыцы ӕнӕуагдзинӕдты, ӕмӕ уӕ фыдгой кӕнынц» (1 Петры 4:4).

6. а) Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн фидистӕ цӕмӕн кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕмӕн «сурынц»? ӕ) Сӕ фидистӕ нын нӕ амонд къахыр кӕнынц?

6 Куыд базыдтам, афтӕмӕй рагон чырыстӕттӕ ӕфхӕрд уымӕн ӕййӕфтой, ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр Йесойы тыххӕй дзырдтой. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’нувыд ӕмбӕлттӕ — «тынг бирӕ адӕм» — зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнынц ацы фӕдзӕхст (Раргомад 7:9). Уымӕн тох кӕны Сайтан «иннӕтимӕ йӕ мыггагӕй [«усы», ома Хуыцауы организацийӕ уӕлӕрвты цы ис, уый мыггагӕй], Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ хъахъхъӕнджытимӕ, ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнад кӕмӕ ис, уыдонимӕ» (Раргомад 12:9, 17). Мах, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕвдисӕн лӕууӕм Йесойӕн, ныр уӕларвон хицауады Паддзах чи у, уымӕн. Уыцы хицауад ныппырх кӕндзӕн, Хуыцауы рӕстаг ног дунейы фӕндагыл цӕлхдурау чи лӕууы, уыцы зӕххон хицауӕдтӕ (Данелы 2:44; 2 Петры 3:13). Гъе уый тыххӕй нын нӕ ныхмӕлӕуджытӕ кӕнынц фидистӕ ӕмӕ нӕ «сурынц», фӕлӕ мах нӕхи уӕддӕр нымайӕм амондджын адӕмыл, уымӕн ӕмӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм Чырыстийы номы тыххӕй (1 Петры 4:14).

7, 8. Рагон чырыстӕттыл сӕ ныхмӕлӕуджытӕ цытӕ мысыдысты?

7 Йесо ма дзырдта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, зӕгъгӕ, «ӕнаххосӕй уӕ фыдгой куы кӕной Мӕн тыххӕй», уӕд дӕр уӕхи амондджын хонут (Матфейы 5:11). Ӕмӕ фыццаг чырыстӕттыл ӕцӕгдӕр ӕрцыдысты йӕ ныхӕстӕ. Н. э. 59—61 азты апостол Павел Ромы ахӕстоны куы бадт, уӕд ын дзуттӕгты разамонджытӕ чырыстӕтты тыххӕй загътой: «Махӕн зындгонд у, ацы ахуырады тыххӕй алыран быцӕу кӕй кӕнынц [ныхмӕ кӕй дзурынц]» (Куыстытӕ 28:22). Павел ӕмӕ Силӕйы та сӕ ныхмӕлӕуджытӕ хуыдтой «ӕппӕт дунейы змӕнтджытӕ», дзырдтой сӕ, «алцыдӕр кӕнынц кесӕры бардзырдты ныхмӕ», зӕгъгӕ (Куыстытӕ 17:6, 7).

8 Ромы империйы цы чырыстӕттӕ цард, уыдоны тыххӕй историк К. С. Латурет фыссы: «Чырыстӕттӕй цы нӕ дзырдтой, ахӕмӕй ницыуал баззад. Муртакк дины ӕгъдӕуттӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй сӕ хуыдтой ӕнӕдин адӕм. Ӕхсӕнадон цардӕй дард кӕй лӕууыдысты — муртакк бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ арӕзтой, сӕ рӕстӕг иннӕ адӕмау кӕй не ’рвыстой... уый тыххӕй сын фидис кодтой, адӕм уын уӕнгӕлы ад кӕнынц, зӕгъгӕ. [...] Дзырдтой-иу: ӕхсӕвыгӕтты, дам-иу, лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ сӕмбырд сты, ӕмӕ-иу... чи кӕй ӕрцахста, уыимӕ схуыссыд. [...] [Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр-иу] ӕрмӕстдӕр уырнджытӕ сӕхӕдӕг кӕй бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй сыл тауыс ауагътой, ноггуырд сывӕллӕтты, дам, нывондӕн ӕрхӕссынц, стӕй, дам сӕ бахӕрынц, сӕ туг та сын нуазгӕ бакӕнынц». Рагон чырыстӕттӕ императорӕн кӕй нӕ табу кодтой, уый тыххӕй та сӕ хуыдтой паддзахады знӕгтӕ.

9. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттыл кӕд алы тугтӕ мысыдысты, уӕддӕр цы арӕзтой, ӕмӕ абон та хабар куыд у?

9 Фӕлӕ чырыстӕтты уӕддӕр уыцы фидистӕ нӕ бакъуылымпы кодтой, дарддӕр дӕр ӕххӕст кодтой Йесойы фӕдзӕхст — адӕммӕ хастой Паддзахады хорз хабар. Н. э. 60—61 азы Павелӕн йӕ бон уыд зӕгъын: «хорз уацхъуыд... хӕссы дыргъ ӕмӕ рӕзы» ӕгас дунейы дӕр ӕмӕ «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:5, 6, 23). Абон дӕр уавӕр хуыздӕр нӕу: фыццаг чырыстӕттыл алы тугтӕ куыд мысыдысты, афтӕ дзурынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр. Фӕлӕ Паддзахады хабар уӕддӕр дунейыл анхъӕвзта ӕмӕ йӕ чи хъусын кӕны, уыдон сты амондджын.

Амондджын сты, пехуымпартау сӕ кӕй сурынц, уымӕй

10, 11. а) Йесо фараст фӕрныг хъуыддаджы кой куы фӕци, уӕд йӕ ныхас куыд балхынцъ кодта? ӕ) Пехуымпарты цӕмӕн ӕфхӕрдтой? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

10 Йесо фарӕстӕм фӕрныг хъуыддаджы кой куы ракодта, уӕд йӕ ныхас балхынцъ кодта: «Цин кӕнут... афтӕ сырдтой пехуымпарты дӕр сымах разӕй» (Матфейы 5:12). Иегъовӕ мӕнгард израилӕгтӕм цы пехуымпарты ӕрвыста, уыдонӕн сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, бирӕтӕ-иу дзы карз ӕфхӕрд дӕр баййӕфтой (Иереми 7:25, 26). Хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыд, уый зыны апостол Павелы ныхӕстӕй: «Ӕмӕ ма ноджы цы зӕгъон? Рӕстӕг мын фаг нӕ уыдзӕн, цӕмӕй уын радзурон... иннӕ пехуымпарты тыххӕй, кӕцытӕ уырнындзинадӕй... бавзӕрстой ӕфхӕрд ӕмӕ цӕфтӕ ӕмӕ ноджыдӕр хъадамантӕ ӕмӕ ахӕстон» (Дзуттытӕм 11:32—38).

11 Саузӕрдӕ паддзах Ахав ӕмӕ йӕ ус Иезавелы рӕстӕг Иегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардтой цирхъӕй (3 Паддзахӕдты 18:4, 13; 19:10). Пехуымпар Иеремийы бакодтой хъадаманты, уый фӕстӕ та йӕ цъыфдзаст уӕрмы ныппӕрстой (Иереми 20:1, 2; 38:6). Пехуымпар Данелы та хъоргъмӕ домбӕйттӕм ныппӕрстой (Данелы 6:16, 17). Ацы рагон пехуымпартӕ уаз Хуыцау Иегъовӕйы дины сӕраппонд кӕй тох кодтой, ӕфхӕргӕ дӕр сӕ уымӕн кодтой. Бирӕ пехуымпартӕн та хъыцъыдӕттӕ фӕдардтой иудейты дины разамонджытӕ. Гъе уымӕн дзырдта Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕй, зӕгъгӕ, «сымах... стут уыдоны фырттӕ, кӕцытӕ фӕцагътой пехуымпарты» (Матфейы 23:31).

12. Мах дӕр рагон пехуымпартау кӕй ӕфхӕрынц, уый нӕхицӕн стыр кадыл цӕмӕн нымайӕм?

12 Абон мах дӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Паддзахады хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй арӕх ӕфхӕрд баййафӕм. Не знӕгтӕ ныл мысынц, зӕгъгӕ, адӕмӕн тыхӕй сӕ дин исын кӕнынц. Фӕлӕ нӕ размӕ Иегъовӕйӕн цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонӕй дӕр афтӕ дзырдтой (Иереми 11:21; 20:8, 11). Мах дӕр рагон пехуымпартау тухӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Фыдхъизӕмары ӕмӕ бирӕфӕразондзинады дӕнцӕгӕн райсут, ме ’фсымӕртӕ, пехуымпарты, кӕцытӕ дзырдтой Хицауы номӕй. Мӕнӕ, мах тӕхудиаг хонӕм, фӕразондзинад чи ӕвдыста, уыдоны» (Иаковы 5:10, 11).

Мах ӕцӕгдӕр стӕм амондджын

13. а) Кӕд нӕ ӕнцад нӕ уадзынц, уӕддӕр маст цӕуылнӕ кӕнӕм? ӕ) Цӕй руаджы у нӕ бон фидар фӕлӕууын ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

13 Кӕд нӕ нӕ ныхмӕлӕуджытӕ ӕнцад нӕ уадзынц, уӕддӕр маст нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ мах цӕуӕм рагон пехуымпартӕ, фыццаг чырыстӕттӕ ӕмӕ, сӕйраджыдӕр та, Йесо Чырыстийы къахвӕдтыл (1 Петры 2:21). Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауы Библи, дзырдӕн, апостол Петры ныхӕстӕ: «Уарзонтӕ! артын фӕлварӕнӕй, сымах фӕлварынӕн ӕрвыст цы у, уымӕй ма здӕхут, куыд ӕнахуыр цау сымахӕн, кӕд уӕ Чырыстийы номы тыххӕй фауынц, уӕд сымах стут тӕхудиаг, уымӕн ӕмӕ кады Уд, Хуыцауы Уд ис сымахыл» (1 Петры 4:12, 14). Алчидӕр ӕй йӕхицӕй зоны, фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын нӕ бон ӕрмӕстдӕр уӕд у, кӕд ӕмӕ нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна ӕмӕ нын не уӕнгты хъарутӕ уадза. Сыгъдӕг уд нын кӕй ахъаз кӕны, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хайджын стӕм Иегъовӕйы фарнӕй, йӕ хорзӕхӕй. Ӕмӕ уӕд нӕхи амондджын куыннӕ хъуамӕ хонӕм? (Псалом 5:13; Филиппӕгтӕм 1:27—29).

14. Кӕд нӕ рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрынц, уӕддӕр амондджын цӕмӕн стӕм?

14 Рӕстдзинады тыххӕй нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ нӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый ӕвдисы, ӕмӕ нӕм ис Хуыцауы ӕфсарм. Ӕмӕ уымӕй дӕр стӕм амондджын. Апостол Павел фыста: «Иууылдӕр, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын [ома, Хуыцауы ӕфсарм кӕй ис] Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Уӕлдай амондджын та нӕхи уымӕн хонӕм, ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты рӕстӕг нӕ фидардзинадӕй дзуапп дӕттӕм Сайтаны мӕнг ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн иууылдӕр цӕйдӕр ӕнхъӕлӕй лӕггад кӕнынц (Иов 1:9—11; 2:3, 4). Стӕй ма тынг цин кӕнӕм, Иегъовӕ Дун-дунейы рӕстаг Хицау кӕй у, уый мах дӕр кӕй бӕлвырд кӕнӕм — кӕд нӕ бон афтӕ бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Уӕ лӕварыл цин кӕнут

15, 16. а) Цӕмӕн загъта Йесо, «цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут», зӕгъгӕ? ӕ) Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цавӕр лӕвар райсынц, се ’мбал «ӕндӕр фыстӕ» та хорзӕхджын куыд ӕрцӕудзысты?

15 Рагон пехуымпартау нын фидистӕ куы кӕной ӕмӕ ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд цин ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм, уый Йесо равдыста, фарӕстӕм фӕрныг хъуыддагыл дзургӕйӕ: «Цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут, уымӕн ӕмӕ стыр у уӕ лӕвар уӕлӕрвты» (Матфейы 5:12). Апостол Павел та фыста: «Тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг» (Ромӕгтӕм 6:23). О, цард «стыр... лӕвар» у, ӕмӕ йӕ нӕ бон нӕу нӕхи уды фыдӕбонӕй райсын. Уый у цӕстуарзон лӕвар. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй лӕвар ис «уӕлӕрвты», уымӕн ӕмӕ йӕ дӕтты Иегъовӕ.

16 Сӕрст чырыстӕттӕ райсынц «царды кады худ» — ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты Чырыстиимӕ (Иаковы 1:12, 17). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдон, ома «ӕндӕр фыстӕ» та ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнусон цардмӕ дзӕнӕты зӕххыл (Иоанны 10:16; Раргомад 21:3—5). Фӕлӕ дыууӕ къордӕй дӕр уыцы «лӕвар» райсыны аккаг ничи у,— се ’ппӕтӕн дӕр ӕй Иегъовӕ дӕтты йе стыр «хорзӕхӕй» (НФ). Уымӕн загъта апостол Павел: «Бузныг Хуыцауӕй, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, Йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!» (2 Коринфӕгтӕм 9:14, 15).

17. Кӕд ӕфхӕрд ӕййафӕм, уӕддӕр нӕхи амондджын цӕмӕн хонӕм ӕмӕ зӕрдӕхъӕлдзӕг цӕмӕн стӕм?

17 Император Нероны азар тагъд кӕй хъуамӕ баййӕфтаид, уыцы чырыстӕттӕм апостол Павел фыста: «Ӕппӕлӕм [цин кӕнӕм] хъыгдзинӕдтӕй дӕр, зонгӕйӕ хъыгдзинӕдтӕй кӕй цӕуы фӕразондзинад, фӕразондзинадӕй фӕлтӕрддзинад, фӕлтӕрддзинадӕй ныфс, ныфс та къӕмдзӕстыг нӕ кӕны». Стӕй ма загъта: «Ныфсӕй уӕхи рӕвдаут; хъыгдзинады [фыдӕвзарӕнты] ут фӕразон» (Ромӕгтӕм 5:3—5; 12:12). Уӕдӕ нӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл,— фӕлварӕнты кӕй нӕ фӕцудӕм, уый тыххӕй нӕм цы лӕвар ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕн ницӕимӕ ис абарӕн. Не ’ппӕт дӕр тынг цин кӕнӕм, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы разамындӕй ӕнусты нӕ уарзӕгой Фыд Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын кад кӕй хӕсдзыстӕм, ууыл. О, зӕрдӕхъӕлдзӕг дӕр уымӕн стӕм.

18. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куыд кӕна, афтӕ нӕм адӕмтӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты, фӕлӕ Иегъовӕ цы бакӕндзӕн?

18 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныр дӕр кӕцыдӕр бӕстӕты ӕййафынц карз ӕфхӕрд. Йесо, ацы цардӕвӕрды кӕроныл дзургӕйӕ, ӕцӕг чырыстӕтты бафӕдзӕхста: «Сымах ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕт адӕмӕн Мӕ номы тыххӕй» (Матфейы 24:9). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куыд кӕна, афтӕ Сайтан Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты адӕмтӕн сӕнӕуынон кӕндзӕн (Иезекил 38:10—12, 14—16). Уӕд Иегъовӕ архайын райдайдзӕн. «Ӕз мӕхи сбӕрзонд кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ ном срухс кӕндзынӕн, бирӕ адӕмтӕн мӕхи раргом кӕндзынӕн; ӕмӕ базондзысты, ӕз Иегъовӕ кӕй дӕн» (Иезекил 38:23). Иегъовӕ йе стыр ном срухс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ адӕмы фыдӕвзарӕнтӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уӕдӕ «тӕхудиаг [куыннӕ] у адӕймаг, кӕцы фӕлварӕнтӕ хӕссы фӕразонӕй»! (Иаковы 1:12).

19. Иегъовӕйы стыр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм?

19 Иегъовӕйы стыр бон тынг кӕй ӕрӕввахс, уымӕ гӕсгӕ, «Йесойы номы тыххӕй ӕгаддзинад кӕй исӕм», ууыл цин кӕнӕм (2 Петры 3:10—13; Куыстытӕ 5:41). Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕйы рӕстаг ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, фыццаг чырыстӕттау мах дӕр адӕмы «ӕнӕнцойӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ [сын] хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм Йесо Чырыстийы тыххӕй» ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй (Куыстытӕ 5:42; Иаковы 5:11).

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Рӕстдзинады тыххӕй тухӕнтӕ ӕвзарын цы нысан кӕны?

• Фыццаг чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдтой, уый сыл куыд зынд?

• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр рагон пехуымпартау ӕфхӕрынц?

• Кӕд нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр цин цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28, 29 фарсыл]

«Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой».

[Барлӕвӕрдӕй]

Group in prison: Chicago Herald-American