Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Монон хӕзнатӕ агур, ӕмӕ амондджын у

Монон хӕзнатӕ агур, ӕмӕ амондджын у

Монон хӕзнатӕ агур, ӕмӕ амондджын у

«Ӕвзист чи уарзы, уый нӕ бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ мулк чи уарзы, уый — йӕ ӕфтиагӕй» (Екклесиаст 5:10).

АДӔЙМАГ куыстӕй йӕхицӕн улӕфт куы нӕ фӕдӕтты, уӕд бафӕлмӕцы, куыст ӕй бадомы. Ӕмӕ уымӕй та фӕцуды йе ’нӕниздзинад, хатт ӕй мӕлӕтмӕ дӕр ӕркӕны. Бирӕ бӕстӕты иу ӕмӕ дыууӕ бинонты цард нӕ фехӕлы. Ӕмӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхтӕ цӕуынц, адӕм мулкыл кӕй бафтынц, уымӕй. Адӕймагыл ацы низ куы бахӕцы, уӕд ӕм цы ис, уый йын фаг нал фӕкӕны — фылдӕр ӕй фӕхъӕуы, йӕ удӕй цас хауы, ууыл та хъуыды дӕр нӕ фӕкӕны. «Ӕз мӕ сыхагӕй цӕмӕй ӕвзӕрдӕр дӕн, зӕгъгӕ, ацы хъуыды бӕстӕйыл апырх. Фӕлӕ уыцы сыхаг фыргуыстӕй йӕ уд кӕй скъуыны, ӕмӕ йын 43-аздзыдӕй инфаркт райсынӕй тӕссаг кӕй у, уымӕ ничи кӕсы»,— дзырдӕуы, цардӕн уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ кӕм ис, иу ахӕм чиныджы.

Лӕджы фылдӕрӕй фылдӕр куы хъӕуа, уӕд зыд кӕны ӕмӕ цин кӕнын дӕр нал фӕзоны. Адӕймаджы цӕст ӕнӕуи дӕр цыбӕлгӕнаг у, ӕмӕ ма нӕ рекламӕ дӕр ӕнцад нӕ уадзы. Рекламӕйӕн та стыр тых и! Телевизоры адӕймаг цынӕ рекламӕ уыны, мӕнӕ уый дӕр балхӕн, ӕнӕ амӕй цӕрӕн нӕй, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй йӕ уыцы дзауматӕ, чи зоны, хъӕугӕ дӕр нӕ кӕнынц, стӕй йӕм сӕ балхӕнынӕн ӕхца дӕр нӕй. Ӕмӕ уый стыр зиан куыннӕ хӕссы адӕмӕн.

Адӕймаг йӕ зӕрдӕйы бӕллицты фӕдыл куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд ӕй хатгӕ дӕр нӕ ракӕны, уый йын йе ’нӕниздзинадыл, стӕй йе ’гъдау, йе ’фсармыл куыд фӕзыны. Цӕвиттон, зондджын паддзах Соломон загъта: «Фӕлмӕн [«сабыр», НД] зӕрдӕ — буарӕн цардыхос» (Ӕмбисӕндтӕ 14:30, «Мах дуг» №12, 1999). Фыргуыстӕй, царды сагъӕстӕй ӕмӕ фӕллой ӕмбырд кӕныны мӕтӕй та фӕцуды ӕнӕниздзинад ӕмӕ зӕрдӕмӕ рухс нал фӕкӕлы. Адӕймагӕн ӕхца ӕмӕ мулк царды сӕйрагдӕр куы свӕййынц, уӕд дзы, йӕ алыварс чи ис, уыдон дӕр ферох вӕййынц, ничиуал ӕй фӕхъӕуы. Ӕмӕ йӕ бинонтӕй, йӕ хӕлӕрттӕй куы адард вӕййы, уӕд уый та фӕзыны йӕ цардыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр.

Монон хӕзнатӕ сты хуыздӕр

«Ма ут ацы дуджы хуызӕн»,— фӕдзӕхста апостол Павел дыууӕ мин азы размӕ (Ромӕгтӕм 12:2). Ацы дуне ахӕм у, ӕмӕ кӕд йӕхи хуызӕн уай, уӕд дӕ уарздзӕн (Иоанны 15:19). Кӕдӕмфӕнды ма фӕзилай, ӕппӕтдӕр дын дзуры, ӕвдисы, мондаг дӕ кӕны, цӕмӕй цардмӕ мулчы цӕстӕй акӕсай. Сӕйраджы та нӕ цыбӕл кӕны нӕ «цӕстыты фӕндонӕй» (1 Иоанны 2:15—17).

Фӕлӕ ис ӕндӕр хӕзнатӕ, ӕмӕ ӕхца, кад ӕмӕ мулк сӕ цуры ницы сты. Кӕддӕр паддзах Соломон уыйбӕрц мулк скодта, ӕмӕ зӕххыл хорздзинадӕй цыдӕриддӕр уыд,— йӕхи дзы цух ницӕмӕй ныууагъта: арӕзта хӕдзӕрттӕ, ныккалдта дыргъдӕттӕ, скодта бирӕ фос, уыди йын фӕсдзӕуинтӕ, зарӕггӕнджытӕ — нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ йӕм ӕвзистӕй цы уыди, ууыл та дзургӕ дӕр нал кӕнӕм. Йӕ размӕйы паддзӕхтӕй иу дӕр нӕ уыд уый хуызӕн хъӕздыг — уый уыд ӕмбисонды хъӕздыг. Цы йӕ бахъуыдаид ӕмӕ йын цынӕ уыдаид! Фӕлӕ йӕ къухы цы бафтыд, уымӕ куы акаст, уӕд загъта: «Ӕппӕтдӕр — дзӕгъӕлы, дымгӕ сурынау» (Екклесиаст 2:1—11).

Соломон хайджын уыд стыр зондӕй ӕмӕ зыдта, адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕрмӕст уӕд вӕййы, монон хӕзнатӕ куы фӕагуры. Уый фыста: «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:13).

Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй зынаргъдӕр хӕзнатӕ сты Хуыцауы Ныхас Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 16:16). Уым ссарӕн ис, зӕххы ӕрфытӕй кӕй скъахынц, уыцы хӕзнаты хуызӕн арф хъуыдытӕ. Ды дӕр сӕ агурдзынӕ, «къахдзынӕ» сӕ? (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—6). Не Сфӕлдисӕг, ӕцӕг хӕзнатӕ Дӕттӕг дӕ хоны уымӕ, ӕмӕ дын ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн. Куыд?

Налхъуыт-налмасау зынаргъ ӕцӕгад нын Иегъовӕ ӕргом кӕны йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ организацийы уылты (Псалом 1:1—3; Исай 48:17, 18; Матфейы 24:45—47; 1 Коринфӕгтӕм 2:10). Уыцы ӕцӕгад куы иртасай, уӕд дӕхицӕн дӕ бон уыдзӕн царды иууыл хуыздӕр ӕмӕ арфӕйагдӕр фӕндаг равзарын. Уый та дын зын нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ не Сфӕлдисӕг, Иегъовӕ, зоны, цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕгӕй амондджын уӕм.

Библи амоны хуыздӕр хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнын

Библийы уынаффӕтӕ афтӕ ахадгӕ сты, ӕмӕ сын абарӕн ницӕимӕ ис. Цы ӕгъдау, цы ӕфсармыл ахуыр кӕны, уымӕн ӕмбал нӕй. Йӕ уынаффӕтӕ кӕддӕриддӕр сты пайда — уымӕн рӕстӕг ӕвдисӕн. Дзырдӕн, Библи амоны: зӕрдӕбынӕй кус, магуса ма у, сайгӕ ма кӕн, ӕхцатӕ ӕнӕхъуаджы ма кал (Ӕмбисӕндтӕ 6:6—8; 20:23; 31:16).

Чырысти дӕр уымӕн загъта: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, кӕм рӕмпӕг ӕмӕ згӕ уыдоны сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ бакъахынц ӕмӕ давынц; фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ арвыл, кӕм нӕдӕр рӕмпӕг, нӕдӕр згӕ нӕ сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ нӕ бакъахынц ӕмӕ нӕ давынц» (Матфейы 6:19, 20).

Ацы ныхӕстӕ 2 000 азы размӕ куыд ахадгӕ уыдысты, афтӕ уӕзгӕ сты абон дӕр. Мах амондджын уыдзыстӕм мулк ӕмбырд кӕнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ царды хуыздӕр фӕндагыл цӕугӕйӕ — монон хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнгӕйӕ. Адӕймаг уӕд уыдзӕн райгонд йӕ цардӕй. Куыд сӕ ис ӕмбырд кӕнӕн? Уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ нын куыд амоны, царды афтӕ кӕнын.

Монон хӕзнатӕ хӕссынц стыр хорзӕхтӕ

Библи нын куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый ахъаз уыдзӕн не ’нӕниздзинадӕн дӕр, зӕрдӕрухс дӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр, Хуыцаумӕ уыдзыстӕм ӕввахсдӕр. Зӕххӕн йӕ алыварс цы озоны цъар ис, уый йӕ хуры зианхӕссӕг тынтӕй куыд хъахъхъӕны, афтӕ Библийы зондджын уагӕвӕрдтӕ та мах хъахъхъӕнынц, мулчы фӕдыл ацӕугӕйӕ, адӕм сӕхи цы фыдбылызты баппарынц, уыдонӕй. Апостол Павел фыста: «Схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, [уыдон] бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыддзинӕдты уидаг у ӕвзист уарзын, кӕцымӕ сӕхи ратгӕйӕ, иуӕй-иутӕ аздӕхтысты уырнындзинадӕй ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи баппӕрстой бирӕ уынгӕгдзинӕдты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10).

Мулкуарзаг адӕм мулкӕй ӕфсис нӕ зонынц, фӕбӕллынц бӕрзонд бынӕттӕм ӕмӕ стыр бартӕм. Уыдӕттӕ та сӕ къухы сӕхи уды фӕллойӕ ӕмӕ ӕнӕ хин митӕй стӕм хатт бафтынц. Мулчы мӕт адӕймагӕн хӕры йӕ хъарутӕ, йӕ рӕстӕг, ӕмӕ цы зоны, цӕмӕ арӕхсы, уый уымӕн снывонд кӕны. Бирӕ хатт ӕгъуыссӕг дӕр фӕвӕййы (Екклесиаст 5:11). Фылдӕрмӕ бӕлгӕйӕ дзы Хуыцау дӕр ферох вӕййы. Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг, Йесо Чырысти, бӕлвырд-бӕрӕгӕй бацамыдта хуыздӕр фӕндаг: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3НД). Уый зыдта, монон хӕзнатӕ, кӕй хӕссынц ӕнусон хорзӕхтӕ ӕмӕ бирӕ ахсджиагдӕр сты рӕстӕгмӕйы мулчы ӕфтиӕгтӕй (Лукайы 12:13—31).

Цард цы ’вдисы?

«Мӕ ныййарджытӕ мын ӕдзух уый дзырдтой, зӕгъгӕ, абон Библимӕ гӕсгӕ цӕрӕн нӕй,— зӕгъы Грег.— Фӕлӕ мӕ царды сӕрӕй Хуыцауы хъуыддаг кӕй ӕвӕрын, уый мын дӕтты диссаджы удӕнцой, уымӕн ӕмӕ мӕ мулчы мӕт нӕ хӕры».

Монон хӕзнатӕ куы агурӕм, уӕд ма ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм, нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонимӕ. Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ дӕ, цы дӕм ис, уый тыххӕй нӕ уарзынц — дӕхицӕн дын аргъ кӕнынц. Библи дӕр амоны: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Стӕй бинонтӕ дӕр, цы сӕм ис, амондджын уымӕй нӕ вӕййынц — цард аразӕг зонд ӕмӕ уарзт сты (Ефесӕгтӕм 5:22—6:4).

Царды ӕцӕг аргъ цӕмӕн ис, уый зонын адӕймаг гуырцӕй нӕ рахӕссы. Кӕнӕ йыл нӕ алыварс адӕмӕй хъуамӕ сахуыр уӕм, кӕнӕ та йӕ Хуыцауы Ныхасӕй базонӕм. Библи ахуыргӕнгӕйӕ мулкмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй дӕр уымӕн акӕсӕм. «Уый мын баххуыс кодта, царды мын сӕйраг цы уыд, уымӕ ногӕй ӕркӕсын, ӕмӕ сахуыр дӕн, ӕнӕмӕнг цы нӕ хъӕуы, ӕнӕ уыдӕттӕй райгондӕй цӕрын»,— зӕгъы Дон, раздӕр уыд банчы хицау.

Агур монон — ӕнусон — хӕзнатӕ

Монон хӕзнатӕ хӕссынц дыууӕ боны ӕхцондзинад нӕ, фӕлӕ ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ. Павел фыста: «Цӕстуынгӕ [ома, мулк, дзаума] у рӕстӕгмӕ, ӕнӕуынгӕ [ома, монон хӕзнатӕ] та мыггагмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:18). Раст у, адӕймаг ӕхца бирӕ куы куса, уӕд ӕй абон цы бахъӕуа, уый йын уыдзӕн, фӕлӕ йын зыд ӕмӕ кӕрӕфдзинад цард нӕ ратдзысты. Монон хӕзнатӕн та сӕ пайда у ӕнустӕм (Ӕмбисӕндтӕ 11:4; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

Библи хорзыл нӕ нымайы, абон адӕм цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Уый нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕ цӕст хуымӕтӕг уа ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хиуарзондзинады рохтыл хӕцӕм. Не ’ргом нын здахы, ахсджиагдӕр цы у, уымӕ — монон хӕзнатӕм (Филиппӕгтӕм 1:10НД). Комкоммӕ зӕгъы, кӕрӕф адӕймаг чи у, уый — йӕхӕдӕг йӕхицӕн хуыцау. Хуыцауы Ныхас нын куыд амоны, афтӕ цӕргӕйӕ ссарӕм стырдӕр амонд. Кӕцӕй цы ратона кӕнӕм, ууыл нал вӕййӕм — нӕхӕдӕг цы раттӕм, цы балӕггад кӕнӕм, уый свӕййы нӕ цин. Уый зонгӕйӕ, ӕрмӕст нӕхи уды мӕт куыннӕ хъуамӕ ныууадзӕм ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ агурӕм монон хӕзнатӕ!

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагмӕ ӕхца кӕй ис, уый йӕ кӕмдӕрты хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕны (Екклесиаст 7:12). Фӕлӕ Библи комкоммӕ дзуры: «Ӕхцатӕ уайтагъд атӕхынц, раст сыл цыма базыртӕ базайы ӕмӕ мӕргътӕ фестынц» (Ӕмбисӕндтӕ 23:5, «Нырыккон тӕлмац», уыр.). Мулчы тыххӕй адӕм бирӕ цыдӕртӕ ӕрхӕссынц нывондӕн — се ’нӕниздзинад, сӕ бинонты, суанг сӕ сыгъдӕг цӕсгом дӕр. Монон хӕзнатӕ куы агурӕм, уӕд та цух нӕ уыдзыстӕм, нӕ удӕн ахсджиагдӕр цы у, уыдӕттӕй: ӕфсӕст уыдзыстӕм уарзтӕй, цӕмӕн цӕрӕм, уый зондзыстӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм — адӕймаджы та, уӕвгӕ, ӕндӕр ницы хъӕуы. Стӕй нӕ уый кӕны ӕнусон, ӕххӕст цардмӕ дзӕнӕты зӕххыл — раст ахӕм фидӕнӕй нын зӕрдӕ ӕвӕры Хуыцау.

Тагъд сӕххӕст уыдзӕн, адӕм рагӕй фӕстӕмӕ цӕмӕ бӕллынц, уый — Хуыцауы ног дунейы алчидӕр уыдзӕн цардӕй ӕфсӕст (Псалом 144:16). Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕхх дӕр «байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй» (Исай 11:9). Царды фидыц уыдзысты монон хӕзнатӕ. Мулчы низ ӕмӕ йӕ ностӕн та сӕ фӕд дӕр нал баззайдзӕн (2 Петры 3:13). Цард царды ад цӕмӕй кӕны, уыдӕттӕ — ӕнӕниздзинад, удӕнцой куыст ӕмӕ улӕфт, бинонты ’хсӕн фӕлмӕн уарзт ӕмӕ ӕгӕрон хӕлардзинад Хуыцауимӕ — адӕмӕн ӕнустӕм хӕсдзысты ӕцӕг амонд.

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Де ’хца ӕнӕхъуаджы ма кал!

Ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый зон. Йесо Чырысти амыдта кувын: «Нӕ ахсджиаг дзул нын дӕтт алыбонӕн дӕр» (Лукайы 11:3). Цы ӕлхӕныс, ууыл хъуыды кӕн: адӕймаг афтӕ цӕмӕй фӕзӕгъы, уый мӕ куы уаид, зӕгъгӕ, уый йӕ алыхатт хъӕугӕ нӕ фӕкӕны. Ма рох кӕн, дӕ цард, цы дӕм ис, уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу (Лукайы 12:16—21).

Де ’хца, дӕ хӕрдзтӕ рагацау банымай. Ӕлхӕнын дӕ цы хъӕуы, ууыл-иу рагацау ахъуыды кӕн. «Бӕстонгӕнӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц, йӕ хъуыддӕгтӕ уӕлӕнгӕйтты чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг мӕгуырмӕ ӕрцӕуы»,— дзуры Библи (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Чырысти, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн амыдта, зӕгъгӕ, цыфӕнды аразинаг ма уай, раздӕр уал банымай, цас дын слӕудзӕн (Лукайы 14:28—30).

Ӕнӕхъуаджы хӕстӕ ма кӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ хӕсӕй дуканийы мацы ис. Исты дӕ куы хъӕуа, уӕд уал уый фаг ӕхца ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ йӕ уӕд балхӕн. Иу ӕмбисонд зӕгъы: «Ӕфстауисӕг у ӕфстаудӕттӕгӕн цагъар» (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Дӕ рохтыл хӕцын зон, дӕ уат куыд у, дӕ къӕхтӕ афтӕ адаргъ кӕн, ӕмӕ дӕм уӕд дӕ рӕбыны, ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый фаг ӕхца уыдзӕн.

Фӕстауӕрц кӕнын зон. Цы дӕм ис, уымӕ дзӕбӕх зил, цӕмӕй дын фылдӕр фӕлӕууа, ӕмӕ дӕ уӕд ӕнӕхъуаджы хӕрдзтӕ кӕнын нӕ хъӕудзӕн. Уый хорз равдыста Йесо: бирӕ адӕмы куы бафсӕста, уӕд ма хӕринагӕй цы баззад, уый ӕрӕмбырд кӕнын кодта (Иоанны 6:10—13).

Ахсджиагдӕр цы у, уый ма рох кӕн. Ӕмбаргӕ адӕймаг «аргъ кӕны рӕстӕгӕн» — ахсджиаг цы нӕу, уыдӕтты хардзӕй йӕ «ӕлхӕны» сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕн (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).

[Рамкӕ/Ныв 7 фарсыл]

Цард... Ис уымӕй хуыздӕр ахуыргӕнӕг

Нӕ царды цы бавзарӕм — хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр — уый нын зондзонӕн фӕвӕййы, бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййӕм. Фӕлӕ цымӕ, адӕм куыд фӕзӕгъынц, ӕцӕгдӕр афтӕ у — цардӕн йӕхицӕй хуыздӕр скъола нӕй? Нӕ, ис уымӕй хуыздӕр ахуыргӕнӕг. Уый кой кодта псаломзарӕггӕнӕг йӕ куывды: «Дӕ дзырд — мӕ къахӕн рухсгӕнӕн ӕмӕ рухс мӕ къахвӕдӕн» (Псалом 118:105).

Цард нӕ йӕхӕдӕг цӕуыл сахуыр кӕна, уымӕй Хуыцауы зондмӕ хъусын хуыздӕр цӕмӕн у? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ хи рӕдыдтытыл ахуыр кӕнын адӕймаджы удӕн зынаргъ слӕууы, гыццыл рыст дзы нӕ бавзары. Иннӕмӕй та хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. «Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис!— загъта Хуыцау рагон Израилӕн.— Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау, дӕ рӕстад та — денджызы уылӕнтау» (Исай 48:18).

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ахуыргӕнӕг уымӕн у, ӕмӕ дзы ис фыст, адӕм куы фӕзындысты уӕдӕй фӕстӕмӕ цы федтой, цы бавзӕрстой, уыдӕттӕ иууылдӕр. Стӕй дзы уыцы хабӕрттӕ фыст сты, куыддӕриддӕр уыдысты, раст афтӕ. Чи нӕ сразы уыдзӕн, иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ фӕлхат кӕнынӕй хуыздӕр у сӕ ӕнтыстытӕ кӕнӕ сӕ къуыхцытыл ахуыр кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕхъуаджы мастӕй хи бахизын (1 Коринфӕгтӕм 10:6—11). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Библийы Хуыцау дӕтты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм раст закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. «Хицауы закъон ӕххӕст у... Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты [«ӕвӕлтӕрды», НД]» (Псалом 18:8). Дзырд дӕр ыл нӕй — ницы ис нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы зондмӕ хъусынӕй хуыздӕр!

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Ацы дунейы уый фӕнды, цӕмӕй ды дӕр цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕсай.

[Ныв 5 фарсыл]

Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй зынаргъдӕр хӕзнатӕ сты Библийы.