Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цас фылдӕр — уыйас хуыздӕр

Цас фылдӕр — уыйас хуыздӕр

Цас фылдӕр — уыйас хуыздӕр

«Нӕ цӕст ӕнӕфсис куы уа, уӕд „фаг у“ никуы зӕгъдзыстӕм» (Институт Уорлдуотч).

«ЦЫ НӔ хъӕуы? — Алцыдӕр. Кӕд нӕ хъӕуы? — Гъеныртӕккӕ». Ахӕм ныхӕстӕ арӕх фехъусӕн уыди 1960-ӕм азты студенттӕй. Абон, чи зоны, афтӕ ничиуал дзуры, фӕлӕ уӕддӕр адӕмӕн сӕ цӕстӕнгас нӕ аивта. Ныртӕккӕ у «цас фылдӕр — уыйас хуыздӕры» дуг.

Бирӕтӕн царды мулк ӕмӕ фӕллӕйттӕ скӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Америчы президенттӕй сӕ иу, Джимми Картер, афтӕ загъта: «Адӕймаджы хорз миниуджытӕ цӕсты нал ахадынц — кадджын у йӕ хъӕздыгдзинад». Фӕлӕ цымӕ царды мулкӕй зынаргъдӕр ницы ис? Кӕд ис, уӕд цы у ӕмӕ йӕ хорздзинад цӕй мидӕг ис?