Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ искуы ӕдас-ӕнӕмӕтӕй цӕрдзыстӕм?

Цымӕ искуы ӕдас-ӕнӕмӕтӕй цӕрдзыстӕм?

Цымӕ искуы ӕдас-ӕнӕмӕтӕй цӕрдзыстӕм?

СЫВӔЛЛӔТТӔ хъазынц сӕ уарзӕгой ныййарджытимӕ, фырцинӕй цы акӕной, уый нал зонынц. Кӕй зӕрдӕ нӕ барухс уыдзӕн ахӕм ныв фенгӕйӕ? Сывӕллӕттӕ се ’нувыд ныййарджыты цур вӕййынц ӕдас-ӕнӕмӕт, ницӕмӕй фӕтӕрсынц. Фӕлӕ бирӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕхай сты ахӕм цинӕй. Ис ахӕм сывӕллӕттӕ, ӕмӕ ӕрвылбон сӕ сагъӕс у, се ’хсӕв кӕм арвитдзысты, уый. Цымӕ уыцы ӕнӕхӕдзар, мӕгуыр сывӕллӕттӕн ӕмӕ ма ахӕм уавӕры ноджыдӕр чи ис, уыдонӕн исты ныфс ис?

Чи зоны, мах афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ фидӕны хорзӕй ницӕмӕ ис ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн, фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас дӕтты ныфс. Пехуымпар Исай бирӕ раздӕр загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ алчидӕр ӕдас-ӕнӕмӕтӕй цӕрдзӕн. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра» (Исай 65:21, 22).

Ныфсы ныхӕстӕ бӕргӕ сты, фӕлӕ сыл ӕууӕндӕн ис? Зӕгъын хъӕуы, дзырд «ныфс» алыхатт уый кӕй нӕ фӕамоны, ӕмӕ адӕймаджы ныфс цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Цӕвиттон, бирӕ бӕстӕты адӕм арӕх фӕзӕгъынц: «Адӕймаджы мидӕг ӕппӕты фӕстаг ныфс амӕлы». Ома, адӕм царды цыдӕр хорзмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, кӕд сӕ ныфс бӕлвырдӕй никӕмӕй ис, уӕддӕр. Фӕлӕ нын удӕгас Хуыцау цы ныфс дӕтты, уый ахӕм нӕу. Апостол Павел фыста: «Алкӕцы Ууыл [Хуыцауыл] ӕууӕндӕг нӕ фефсӕрмы уыдзӕн», ома фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн (Ромӕгтӕм 10:11). Библийы пехуымпарӕдтӕй абоны онг цы сӕххӕст, уыдон нӕ ныфс уадзынц, Иегъовӕ Хуыцау фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд иу сывӕллон дӕр нал уыдзӕн ӕнӕхӕдзар, иу сывӕллон дӕр йӕ сабибонтӕ ӕнӕмӕнузӕгъӕгӕй уынджы къӕйыл нал ӕрвитдзӕн.

Йӕ зӕрдӕ чи ницӕуыл дары, уыдонӕн Библийы ахадгӕ уынаффӕты фӕрцы ныридӕгӕн дӕр сӕ бон у сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ ӕцӕг ӕдасӕй, ӕнӕсагъӕстӕй цӕрын цы у, уый банкъарын. Куыд ис уымӕн гӕнӕн? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдон дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты ацы фарстӕн дзуапп ссарынӕн.