Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Агур Иегъовӕйы — зӕрдӕтӕ чи уыны, уыцы Хуыцауы

Агур Иегъовӕйы — зӕрдӕтӕ чи уыны, уыцы Хуыцауы

Агур Иегъовӕйы — зӕрдӕтӕ чи уыны, уыцы Хуыцауы

«Агурут мӕ, ӕмӕ цӕрут» (АМОС 5:4).

1, 2. Библи афтӕ кӕй зӕгъы, Иегъовӕ «кӕсы зӕрдӕмӕ», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ пехуымпар Самуилӕн загъта: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Иегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Паддзахӕдты 16:7). Куыд ӕмбарын хъӕуы, Иегъовӕ «кӕсы зӕрдӕмӕ», зӕгъгӕ?

2 Сыгъдӕг Фыстады зӕрдӕ арӕх фӕамоны адӕймагӕн йӕ миддуне — йӕ бӕллицтӕ, йӕ хъуыдытӕ, йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ. Уӕдӕ нын Библи афтӕ кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕсы зӕрдӕмӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау адӕймагӕн аргъ кӕны, йӕхи ӕддӕмӕ куыд ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй цыхуызӕн у, уымӕ гӕсгӕ.

Хуыцау ӕркаст Израилмӕ

3, 4. Амосы 6:4—6 гӕсгӕ дӕсмыггаг паддзахад Израилы адӕм куыд цардысты?

3 Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, Уый дӕсмыггаг паддзахад Израилыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд цы федта? Амосы 6:4—6 дзырд цӕуы «йӕхи-иу пылыстӕгӕй конд тъахтинтыл чи ауагъта, сӕ фӕлмӕн хуыссӕнтыл-иу чи афӕлдӕхт», уыцы лӕгтыл. Уыдон «дзугӕй фырыты фыд ӕмӕ нард уӕнгуыты фыд хордтой», «сӕ цагъдмӕ кӕмӕн зарой, ахӕм дзауматӕ-иу ӕрхъуыды кодтой» ӕмӕ «къустӕй сӕн нуӕзтой».

4 Афтӕ ӕнӕуи ахъуыдыгӕнгӕйӕ, уымӕй хуыздӕр цы ис. Адӕм хъӕздыг, сӕ хӕдзӕрттӕ — хӕрзарӕзт, алцӕмӕй ифтонг, сӕ фынгтыл — хӕрд ӕмӕ нуӕзты дзӕбӕх, сӕхи ирхӕфстой иууыл хуыздӕр цӕгъдӕн дзауматы ӕхцон зӕлтӕм. Уыди сын «пылыстӕгӕй конд тъахтинтӕ» дӕр. Самарийы — Израилы сӕйраг сахары — археологтӕ ссардтой пылыстӕгӕй конд бирӕ рӕсугъд фӕлындӕнтӕ (3 Паддзахӕдты 10:22). Куыд зыны, афтӕмӕй уыдонӕй фӕлыстой сӕ хӕдзары дзауматӕ ӕмӕ ма суанг сӕ къултӕ дӕр.

5. Амосы дуджы Израилы адӕм Иегъовӕйӕн цӕмӕй маст кодтой?

5 Исты Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ уый нӕ цыди, ӕмӕ израилӕгтӕ афтӕ дзӕбӕх кӕй цардысты, хӕрзад хӕринӕгтӕ, хорз сӕн сӕм кӕй уыди ӕмӕ рӕсугъд музыкӕмӕ кӕй хъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым ӕвзӕрӕй ницы уыди. Ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтӕ адӕймагӕн йӕ уды дзӕбӕхӕн Хуыцау йӕхӕдӕг куы дӕтты (1 Тимофеймӕ 6:17). Адӕммӕ хорз фӕндтӕ, хорз бӕллицтӕ нӕ уыд, сӕ зӕрдӕ уыд фыддзинадмӕ здӕхт, ӕцӕг Хуыцауы нӕ нымадтой ӕмӕ се ’мтуг израилӕгты нӕ уарзтой — уымӕй маст кодтой Иегъовӕйӕн.

6. Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ Амосы рӕстӕджы Израил цы уавӕры уыд?

6 Фӕлмӕн хуыссӕнтыл чи афӕлдӕхт, фырыты фыд чи хордта, сӕн чи нуӕзта ӕмӕ сӕ цагъдмӕ кӕмӕн зарой, ахӕм дзауматӕ-иу чи ӕрхъуыды кодта, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Уыдоны бафарстӕуыд: «Цӕй бӕллӕх уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый уӕ рох фӕци?» Уыдон хъуамӕ еу-додой кодтаиккой Израилы уавӕрыл, фӕлӕ «нӕ рыстысты Иосифы сӕфтыл» (Амос 6:3—6). Кӕд йӕ адӕм хъӕздыг уыдысты, уӕддӕр Хуыцау уыдта, Иосиф, ома Израил, сӕфты къахыл кӕй лӕууыд. Фӕлӕ адӕмы уыдӕтты мӕт нӕ уыди, сӕхицӕн сӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ кодтой. Бирӕтӕ абон дӕр афтӕ сты. Уӕззау рӕстӕджыты кӕй цӕрӕм, уый, чи зоны, ӕмбаргӕ кӕнынц, фӕлӕ цалынмӕ сӕхиуыл ницы бӕллӕх ӕрцӕуы, уӕдмӕ сӕм иннӕты зын никӕцӕй хъары ӕмӕ Хуыцау цы зӕгъы, уый ницӕмӕ дарынц.

Израил лӕуд у сӕфты къахыл

7. Израилы адӕм Хуыцауы фӕдзӕхсӕн ныхас кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, уый тыххӕй сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст?

7 Амосы чиныг нын цардӕгас ӕвзагӕй радзырдта, адӕм сӕфтмӕ кӕй ӕрцыдысты, кӕд фыццаг бакастӕй афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, уӕддӕр. Хуыцауы фӕдзӕхсӕн ныхас сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айстой ӕмӕ сӕ зонд кӕй нӕ аивтой, уый тыххӕй сӕ Иегъовӕ се знӕгты къухмӕ ратдзӕн. Ассирийӕгтӕ ӕрцӕудзысты, сӕ зынаргъ пылыстӕгӕй конд тъахтинтӕй сӕ раппардзысты ӕмӕ сӕ уацары акӕндзысты. Сӕ бухъ цард фӕуыдзӕн!

8. Израилы адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ куыд ӕрцыдысты?

8 Израилы адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ куыд ӕрцыдысты? Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр райдыдтой н. э. агъоммӕ 997 азы, Соломоны фӕстӕ йӕ фырт Ровоам паддзах куы сси, ӕмӕ Израилы дӕс мыггаджы Иудӕ ӕмӕ Вениамины мыггӕгтӕй куы ахицӕн сты, уӕд. Дӕсмыггаг паддзахады фыццаг паддзах сси Наваты фырт Иеровоам I (3 Паддзахӕдты 11:26). Уый йӕ адӕмы зонды ахӕм хъуыды ныффидар кодта, цыма сын Иегъовӕйӕн кувынмӕ Иерусалиммӕ цӕуын ӕгӕр зын уыд. Фӕлӕ Иеровоам, адӕмӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта. Уый ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт уыди (3 Паддзахӕдты 12:26). Иеровоам уымӕй тарст, ӕмӕ адӕм афӕдз ӕртӕ хатты Иерусалимы кувӕндонмӕ Иегъовӕйы цытӕн бӕрӕгбӕттӕм куы цӕуой, уӕд фӕстӕмӕ Иудӕимӕ баиу уыдзысты. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хабар ма ’рцыдаид, уый тыххӕй йӕ бӕстӕйы сӕвӕрдта дыууӕ сыгъзӕрин роды — иу Даны, иннӕ та Вефилы. Уыйадыл родӕн кувын сси Израилы паддзахадон дин (2 Паралипоменон 11:13—15).

9, 10. а) Цавӕр дины бӕрӕгбӕттӕ сфидар кодта паддзах Иеровоам I? ӕ) Израилы паддзах Иеровоам II бонты цы бӕрӕгбӕттӕ кодтой, уыдонмӕ Хуыцау цы цӕстӕй каст?

9 Иеровоам бацархайдта ног динӕн ӕцӕг дины хуыз раттын. Уый сфидар кодта, Иерусалимы кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбӕттимӕ цӕмӕйдӕрты ӕмхуызон чи уыди, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ. 3 Паддзахӕдты 12:32 дзырдӕуы: «Ӕстӕм мӕй, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон, Иеровоам сфидар кодта, Иудӕйы кӕй бӕрӕг кодтой, ахӕм бӕрӕгбон, цӕмӕй, Вефилы кӕй сӕвӕрдта, уыцы нывондхӕссӕныл хӕсса нывӕндтӕ».

10 Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ никуы цыдысты мӕнг дины бӕрӕгбӕттӕ. Иу ӕнус фӕстӕдӕр, н. э. агъоммӕ 844 азмӕ ’ввахс, дӕсмыггаг паддзахад Израилы Иеровоам II куы уыд паддзах, уӕд сын Хуыцау Амосы уылты уый комкоммӕ загъта (Амос 1:1). Амосы 5:21—24 Хуыцау загъта: «Уӕ бӕрӕгбӕттӕ мын ӕнӕуынон сты, нӕ мӕ хъӕуынц, уе стыр куывдты тӕф мын ӕнад у. Ӕнӕхъӕн нывӕндтӕ дӕр мын куы басудзат артыл, уӕддӕр уӕ кувинӕгтӕ мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон нӕ уыдзысты, ӕмӕ мын уӕ хаст фосӕй ӕмбалады нывӕндтӕ куы ӕрхӕссат — кӕсгӕ дӕр сӕм нӕ бакӕндзынӕн. Айсут мӕ разӕй уӕ зарджыты хъӕлӕба, ӕмӕ уын уӕ хъисфӕндырты зӕлтӕ куыннӕ хъусон. Уадз рӕстдзинад кӕлӕд донау ӕмӕ рӕстад — ӕвидигӕ доны гуылфӕнау».

Цы зӕгъӕн ис абон та?

11, 12. Рагон израилӕгтӕ ӕмӕ абон сӕхи чырыстӕттӕ чи хоны, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ уыдта, Израилы бӕрӕгбӕттӕ чи кодта, уыдоны зӕрдӕтӕ, ӕмӕ йӕхи атигъ кодта сӕ бӕрӕгбӕттыл ӕмӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдоныл. Раст афтӕ нӕ хъӕуынц Хуыцауы, абон чырыстон дуне цы муртакк бӕрӕгбӕттӕ кӕны, уыдон дӕр, зӕгъӕм, Цыппурс ӕмӕ Куадзӕн. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фидарӕй зонынц, рӕстдзинад ӕмӕ фыддзинадӕн иумӕйагӕй ницы ис, уӕдӕ рухс ӕмӕ талынг дӕр кӕрӕдзиуыл ницы бӕтты (2 Коринфӕгтӕм 6:14—16).

12 Сӕхи чырыстӕттӕ чи хоны, уыдон, ӕмӕ кӕддӕр родӕн чи куывта, уыцы израилӕгтӕ ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр сты ӕмхуызон. Иу уый, ӕмӕ кӕд ахӕм чырыстӕттӕй чидӕртӕ Фыстады ӕцӕгад растыл нымайынц, уӕддӕр ӕмткӕй чырыстон дуне Хуыцауы ӕцӕг уарзтӕй нӕ уарзы. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд Иегъовӕйӕн кувиккой «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй», уымӕн ӕмӕ ахӕм лӕггадгӕнджытӕй райы йӕ зӕрдӕ (Иоанны 4:24). Уымӕй дарддӕр, чырыстон дунейы «рӕстдзинад донау [нӕ] кӕлы ӕмӕ рӕстад — ӕвидигӕ доны гуылфӕнау». Уый нӕ, фӕлӕ куыдфӕстӕмӕ къаддӕрӕй-къаддӕр нымайынц Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдау. Хӕтынмӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр стыр тӕригъӕдтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц, цыма афтӕ хъуамӕ уа. Суанг ма дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы иумӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной, уымӕн дӕр арфӕ кӕнынц!

«Хорздзинад... уарзут»

13. Амосы 5:15 гӕсгӕ нӕ архайын цӕмӕн хъӕуы?

13 Иегъовӕ сиды, йӕ лӕггадӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕдӕр: «Уе сӕфт уынут ӕвзӕрдзинадӕй, хорздзинад та уарзут» (Амос 5:15). Уарзын ӕмӕ сӕфт уынын — дыууӕтӕ дӕр сты, адӕймаджы зӕрдӕйӕ чи цӕуы, ахӕм тыхджын ӕнкъарӕнтӕ. Зӕрдӕ мӕнгард у, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Иереми 17:9). Нӕ зӕрдӕйы чъизи монцтӕн бынат скӕнын куы бауадзӕм, уӕд нӕ уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ ӕвзӕрдзинад уарзгӕ кӕндзыстӕм, хорздзинадӕй та не сӕфт уындзыстӕм. Ӕмӕ ма уыцы монцы фӕдыл ноджы дарддӕр куы цӕуӕм ӕмӕ тӕригъӕдтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ удӕй арт цыфӕнды ма цӕгъдӕм, уӕддӕр нын Хуыцауы хорзӕхӕй хай нӕ уыдзӕн. Цӕй уӕдӕ кувӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы курӕм ӕххуыс, цӕмӕй «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, хорздзинад та уарзӕм».

14, 15. а) Израилы хорздзинад чи арӕзта, фӕлӕ сӕм иннӕтӕ цы цӕстӕй кастысты? ӕ) Нӕ бон куыд у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты ныфсыл ныфс ӕфтауын?

14 Иегъовӕйы цӕсты израилӕгтӕ се ’ппӕт нӕ уыдысты ӕвзӕргӕнджытӕ. Дзырдӕн, пехуымпартӕ Оси ӕмӕ Амос «хорздзинад уарзтой» ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Уыдис дзы, Хуыцауы раз дзырд чи радта, назорейтӕ уыдзыстӕм, зӕгъгӕ, ахӕмтӕ дӕр. Цалынмӕ назорейтӕ уыдысты, уӕдмӕ сӕ дзыхмӕ нӕ хастой, сӕнӕфсирӕй цы аразынц, уыдӕттӕ, уӕлдайдӕр та сӕн (Нымӕцтӕ 6:1—4). Уыцы адӕймӕгты удуӕлдай цард ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм иннӕ израилӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты? Амос 2:12 нын ацы фарстӕн дӕтты, зӕрдӕ зӕгъын дӕр кӕй нӕ комы, ахӕм дзуапп, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, адӕм куыд бынысӕфт уыдысты, уый. Уыцы стихы кӕсӕм: «Назорейтӕн тыхӕй дардтат сӕн ӕмӕ пехуымпартӕн бардзырд лӕвӕрдтат: „Хуыцауы номӕй ма дзурут“».

15 Назорейтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд уыдысты, уый уынгӕйӕ уыцы израилӕгтӕн хъуамӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудтаид ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ кӕцӕй — уый бӕсты сӕ саузӕрдӕйӕ архайдтой уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ныфс асӕттыныл, цӕмӕй Хуыцауы мауал кадджын кодтаиккой. Уӕдӕ пионертӕн, миссионертӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ, Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн нӕ дзурдзыстӕм, ныууадзут уӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад ӕмӕ адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрут, зӕгъгӕ. Фӕлтау сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ цы ахсджиаг хъуыддаджы лӕуд сты, уый ма ныууадзой!

16. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ уавӕр Моисейы бонты Амосы дугӕй хуыздӕр уыди?

16 Кӕд Израилы адӕмӕй бирӕтӕ зӕххон хӕрзтӕй цух ницӕмӕй уыдысты, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты нӕ уыдысты хъӕздыг (Лукайы 12:13—21). Уыдонӕй хъауджыдӕр сӕ фыдӕлтӕн дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ йеддӕмӕ ницы уыд. Нӕ минас кодтой хаст галты фыдӕй ӕмӕ-иу сӕхи пылыстӕгӕй конд тъахтинтыл нӕ ауагътой. Фӕлӕ сын Моисей сӕ царды уавӕртӕн раст аргъ скодта. Уый сын загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын уӕ алы хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уыди... Ацы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ Хуыцау Иегъовӕ уыди уемӕ. Сымах ницы цух уыдыстут» (Дыккаг закъон 2:7). О, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры, ӕхсызгонӕй сӕ цы хъуыди, уымӕй цух никуы уыдысты. Иууыл сӕйраг та — Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыди сӕ хъахъхъӕнӕг, сӕ хӕрзгӕнӕг ӕмӕ сӕ тавта йӕ уарзтӕй!

17. Иегъовӕ рагзаманты израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕмӕн бакодта?

17 Иегъовӕ Амосы ӕмдугонтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ фыдӕлты сын Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бакодта ӕмӕ сын се знӕгты ныццӕгъдынӕн кӕй баххуыс кодта (Амос 2:9, 10). Фӕлӕ цӕмӕн ракодта Иегъовӕ израилӕгты Египетӕй ӕмӕ сӕ цӕмӕн бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ? Цӕмӕй магусайӕ бухъ цард кодтаиккой, ӕмӕ се Сфӕлдисӕджы та мацӕмӕ дардтаиккой? Нӕ, уый сӕ уый тыххӕй ракодта, цӕмӕй йын сӕрибарӕй ӕмӕ ӕнӕ мӕнг дины тӕвагӕй лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ дӕсмыггаг паддзахад Израилы адӕм ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт нӕ уыдтой ӕмӕ хорздзинад нӕ уарзтой. Уыдон Иегъовӕ Хуыцауы бӕсты кадджын кодтой къухӕй конд гуымирыты. Цы ма уыдаид уымӕй худинагдӕр?!

Иегъовӕ дзуапп ӕрдомдта

18. Иегъовӕ нӕ мӕнг динӕй цӕй тыххӕй ссӕрибар кодта?

18 Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст израилӕгты ӕнӕфсарм уагмӕ. Уый ӕргом загъта йӕ хъуыды: «Уе ’ппӕт рӕдыдтыты тыххӕй дӕр уӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн» (Амос 3:2). Ацы ныхӕстӕ нӕ хъуамӕ хъуыдытыл бафтауой: мах та цӕмӕн фервӕзын кодта Хуыцау нырыккон Египеты — ацы фыддунейы — ӕфсондзы бынӕй? Иегъовӕ нӕ мӕнг динӕй уый тыххӕй не ссӕрибар кодта, ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн ӕнӕмӕтӕй цӕрӕм. Уый тыххӕй нӕ ссӕрибар кодта, цӕмӕй, сӕрибар адӕм уӕвгӕйӕ, раст диныл хӕцӕм ӕмӕ йын йӕ ном зӕрдиагӕй кадджын кӕнӕм. Нӕ сӕрибардзинадӕй куыд архайӕм, уый тыххӕй нӕ алчидӕр йӕ разы дзуапп ратдзӕн (Ромӕгтӕм 14:12).

19. Амосы 4:4, 5 гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цы бауарзтой?

19 Хъыгагӕн, Амосы тыхджын ныхӕстӕ Израилы адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ нӕ бахъардтой. Амосы 4:4, 5 пехуымпар ӕргом дзуры, сӕ зӕрдӕтӕ куыд хӕлд уыдысты, уый тыххӕй: «Цӕут Вефилмӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕнут. Галгалы та ноджыдӕр бафтаут уӕ фыдракӕндтыл... уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, о Израилы фырттӕ». Израилӕгтӕ, хорз цы у, уымӕ нӕ тырныдтой. Сӕ зӕрдӕтӕ нӕ хъахъхъӕдтой. Уыйадыл сӕ фылдӕр, ӕвзӕр цы у, уый бауарзтой, хорз цы у, уымӕй та се сӕфт уынын райдыдтой. Уыдон сӕ кӕнон дарддӕр кодтой — куывтой родӕн. Иегъовӕ дӕр сӕ ӕрдомдта дзуапп, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты амардысты!

20. Нӕ цард Амосы 5:4 гӕсгӕ куыд ис аразӕн?

20 Ахӕм уавӕры ӕнцон нӕ уыд, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Ӕнцон нӕу доны гуылфӕны хӕрдмӕ цӕуын, ӕмӕ уый хорз ӕмбарынц чырыстӕттӕ абон дӕр — куыд ацӕргӕтӕ, афтӕ ӕрыгӕттӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕй уыди, Хуыцауы чи уарзта, йӕ фӕндоныл цӕуын кӕй фӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст диныл фидар чи хӕцыд, ахӕмтӕ. Амосы 5:4 растдӕр уыдонӕн загъта Иегъовӕ ацы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ: «Агурут мӕ, ӕмӕ цӕрут». Афтӕ абон дӕр, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у, йӕ митыл чи ӕрфӕсмон кӕны, чи йӕ агуры — йӕ Ныхас ын биноныг чи ахуыр кӕны ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ. Ацы фӕндагыл цӕуын ӕнцон нӕу, фӕлӕ нӕ уый кӕны ӕнусон цардмӕ (Иоанны 17:3).

Ӕххормаг дуджы — ӕфсӕст

21. Цӕмӕй ӕххормаг сты, раст диныл чи нӕ хӕцы, уыдон?

21 Цы ’нхъӕлмӕ каст, раст диныл чи нӕ хӕцыд, уыдонмӕ та? Тӕккӕ ӕвирхъаудӕр ӕххормагдзинад — монон хӕринагӕй ӕххормагдзинад! «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,— загъта Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ,— ӕмӕ ӕз зӕхмӕ арвитдзынӕн ӕххормагдзинад, ӕрмӕст дзулӕй ӕххормаг нӕ, ӕмӕ дойны, ӕрмӕст донӕй нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты, уымӕй» (Амос 8:11). Чырыстон дуне абон ӕцӕгдӕр Хуыцауы ныхасӕй ӕххормаг у. Фӕлӕ дзы цы рӕстзӕрдӕ адӕймӕгтӕ ис, уыдон уынынц, Хуыцауы адӕм монон хӕринагӕй куыд ӕфсӕст сты, ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ ивылынц Иегъовӕйы организацимӕ. Чырыстон аргъуантӕй хъауджыдӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уавӕр куыд у, уый тыххӕй нын Иегъовӕ цардӕгас ӕвзагӕй дзуры: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ минас кӕндзысты, сымах та ӕххормагӕй мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ нуаздзысты, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та худинаг уыдзӕн» (Исай 65:13).

22. Цӕуыл у нӕ цин?

22 Хуыцау нӕ йӕ Ныхасӕй ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй афтӕ кӕй ӕфсады, уымӕн нӕ алчидӕр аргъ кӕны? Библи ӕмӕ чырыстон литературӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, не ’мбырды фембӕлдтӕм кӕнӕ конгресстӕм куы ӕрбацӕуӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр афтӕ фӕрайы, ӕмӕ нӕм фырцинӕй зарын фӕцӕуы! Мах цин кӕнӕм, Хуыцауы Ныхас — уыимӕ, Амос Хуыцауы удӕй хайджын уӕвгӕйӕ, кӕй ныффыста, уыцы пехуымпарад дӕр,— афтӕ дзӕбӕх кӕй ӕмбарӕм, ууыл.

23. Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон цӕмӕй сты ӕфсӕст?

23 Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йӕ кадджын кӕна, уый кӕй фӕнды, уыдонӕн Амосы пехуымпарад у ныфсы хос. Нӕ царды уавӕртӕ ныртӕккӕ цыфӕнды уӕззау ма уой, ацы змӕст дунейы нын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма уа, уӕддӕр ӕфсӕст стӕм Хуыцауы хорздзинӕдтӕй ӕмӕ иууыл хуыздӕр монон хӕринагӕй (Ӕмбисӕндтӕ 10:22; Матфейы 24:45—47). Ӕмӕ уый тыххӕй ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлы, алцыдӕр нын нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕлгӕуӕлдайӕ чи дӕтты, уыцы Хуыцаумӕ. Цӕй уӕдӕ ӕнустӕм зӕрдӕбынӕй кадджын кӕнӕм нӕ Хуыцауы. Уыцы стыр амонд та нӕ уыдзӕн, кӕд ӕмӕ абон агурӕм Иегъовӕйы — зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уыцы Хуыцауы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Амосы дуджы Израилы адӕм куыд цардысты?

• Дӕсмыггаг паддзахад Израилы уавӕр ӕмӕ абоны чырыстон дунейы уавӕр ӕмхуызон цӕмӕй сты?

• Амосы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ абон адӕм цӕмӕй сты ӕххормаг, фӕлӕ уыцы ӕххормагдзинадӕй чи у хызт?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 19 фарсыл]

Кӕд Израилы бирӕтӕ бухъ цард кодтой, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты уыдысты мӕгуыр.

[Ныв 21 фарсыл]

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты ныфсыл ныфс ӕфтаут, ӕмӕ уыцы ахсджиаг хъуыддаг ма ныууадзой.