Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн фыдгӕнджыты

Иегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн фыдгӕнджыты

Иегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн фыдгӕнджыты

«Цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ» (АМОС 4:12).

1, 2. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн?

ИЕГЪОВӔ искуы а зӕххыл маст ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн? Ацы фарст адӕмы абон, XXI ӕнусы райдианы, куыд тыхсын кӕны, афтӕ никуы. Кӕдӕмфӕнды ма акӕсӕм,— адӕм кӕрӕдзимӕ адӕймаджы цӕстӕй нал кӕсынц, кӕрӕдзиуыл нӕ ауӕрдынц. Куыд тынг бӕллӕм, иу иннӕмӕн тых кӕм нӕ кӕндзӕн, террористтӕ ӕмӕ гӕртамхортӕ кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм дунемӕ!

2 Фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕмӕ рухс уадзы уый, ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Хуыцау цавӕр миниуджыты хицау у, уый зонгӕйӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, фыдадӕммӕ ӕнустӕм кӕй нӕ кӕсдзӕн. Иегъовӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам Хуыцау у. Йӕ Ныхасы, Псаломы 32:5, ис афтӕ фыст: «Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ тӕрхон». Ӕндӕр псалом та дзуры: «Ӕнӕраст ӕмӕ тыхдзинад уарзӕг... ӕнӕуынон у [Иегъовӕйы] удӕн» (Псалом 10:5). Ӕппӕтхъомысджын, рӕстуарзӕг Хуыцау, ӕнӕуынон ын цы у, уый ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн!

3. Амосы пехуымпарадӕй ма ноджыдӕр цы базондзыстӕм?

3 Иегъовӕ фыддзинад кӕй фесафдзӕн, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн дӕр: ивгъуыд заманты-иу цы сарӕзта, уый. Иегъовӕ фыдгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый ирдӕй ӕвдыст цӕуы Библийы, Амосы чиныджы. Амосы пехуымпарадӕй мах ноджыдӕр базондзыстӕм, Хуыцау куыд тӕрхон кӕны, уый тыххӕй ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ Хуыцау алкӕддӕр раст тӕрхон кӕны, ӕнӕхъуаджы никӕй бафхӕры. Дыккаг уый, ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕй. Ӕртыккаг та — Хуыцау расты зылынимӕ нӕ сафы: фыдгӕнджытыл йӕ фыдӕх ныккалы, йӕ митыл фӕсмон чи кӕны ӕмӕ рӕстзӕрдӕ чи у, уыдонӕн та ныххатыр кӕны (Ромӕгтӕм 9:17—26).

Хуыцау ӕнӕхъуаджы никӕй бафхӕры

4. Кӕдӕм арвыста Иегъовӕ Амосы ӕмӕ цӕмӕн?

4 Амосы рӕстӕджы Израилы адӕм уыдысты дыууӕ дихы — дыууӕмыггаг хуссар паддзахад Иудӕ ӕмӕ дӕсмыггаг цӕгат паддзахад Израил. Иегъовӕ Амосы йӕ райгуырӕн бӕстӕ Иудӕйӕ арвыста Израилмӕ пехуымпарӕй, цӕмӕй уым Хуыцауы тӕрхон фехъусын кодтаид.

5. Пехуымпар Амосы фыццаг ныхӕстӕ кӕцы адӕмты ныхмӕ уыдысты ӕмӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх цӕмӕн хъуамӕ баййӕфтаид?

5 Амос Хуыцауы фыдтӕрхоны ныхас цӕгат паддзахад Израилы хивӕнд адӕмӕй нӕ райдыдта. Иууыл райдианы Амос ӕрдзырдта, Хуыцау йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн Израилы алыварс цӕрӕг ӕхсӕз адӕмыхаттыл: Сири, Филисти, Тир, Едом, Аммон ӕмӕ Моавыл. Фӕлӕ цымӕ уыцы адӕмтӕ ӕцӕгдӕр ахӕм исты ракодтой, ӕмӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййӕфтаид? Ӕгӕр дӕр ма ракодтой! Уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты Иеговӕйы адӕмы цыфыддӕр знӕгтӕ.

6. Сири, Филисти ӕмӕ Тиры Хуыцауы фыдӕх цӕмӕн хъуамӕ баййӕфтаид?

6 Зӕгъӕм, Иегъовӕйы фыдӕх сирийӕгты уымӕн хъуамӕ баййӕфтаид, ӕмӕ «Галаад сӕ къӕхты бын най кодтой» (Амос 1:3). Сирийӕгтӕ байстой Галаады зӕххытӕ — Галаад та уыд Израилы иу хай Иорданы донӕй хурыскӕсӕнырдӕм — ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй уым чи цард, уыдоны тынг ӕфхӕрдтой ӕмӕ ссӕстой. Цы ракодтой Филисти ӕмӕ Тир та? Филистимӕгтӕ израилӕгты уацары кодтой ӕмӕ сӕ едомӕгтӕн уӕй кодтой, суанг ма-иу дзы чидӕртӕ тираг цагъаруӕйгӕнджыты амӕттаг дӕр баисты (Амос 1:6, 9). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн — Хуыцауы лӕггадгӕнджыты-иу ауӕй кодтой, цагъайрӕгтӕ-иу сӕ скодтой! Уӕдӕ Иегъовӕ Сири, Филисти ӕмӕ Тирыл йӕ фыдӕх куыннӕ хъуамӕ ныккалдтаид?

7. Едом, Аммон ӕмӕ Моавӕн израилӕгтимӕ цы уыд иумӕйагӕй, фӕлӕ сӕм цы зӕрдӕ дардтой?

7 Едом, Аммон ӕмӕ Моавы адӕмты израилӕгтимӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ цыдӕр иу кодта: ӕртӕ адӕмы дӕр израилӕгтимӕ ӕййӕфтой тугхӕстӕг. Едомӕгтӕ уыдысты Авраамы байзӕддаг — Иаковы фаззон ӕфсымӕр Исавы цот. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ израилӕгтӕн уыдысты се ’фсымӕртӕ. Аммонитӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ та уыдысты Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лоты байзӕддӕгтӕ. Фӕлӕ цымӕ Едом, Аммон ӕмӕ Моав израилӕгтӕм, сӕ туг, се стӕгмӕ, ӕфсымӕры зӕрдӕ дардтой? Кӕцӕй! Едом йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ кардӕлвӕстӕй зылд «йе ’фсымӕры» фӕдыл. Аммонитӕгтӕм та-иу израилӕгтӕй уацары чи бахауд, уыдоныл сырдтӕй хъауджыдӕр фыдмитӕй нӕ ауӕрстой (Амос 1:11, 13). Ӕмӕ кӕд Амос Моавы тыххӕй бӕлвырдӕй ницы дзуры, Хуыцауы адӕмӕн ӕвзӕрӕй уый ӕмӕ уый ракодта, зӕгъгӕ, уӕддӕр моавӕгтӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр израилӕгтӕм знаджы цӕстӕй кастысты. Уӕдӕ уыцы ӕртӕ ӕрвад адӕмы бӕгуыдӕр уыдысты карзӕй бафхӕринаг. Иегъовӕ загъта, зынгӕй сӕ кӕй фесафдзӕн.

Иугӕр Хуыцау стӕрхон кодта — аирвӕзӕн дзы нӕй

8. Хуыцау Израилы ӕхсӕз сыхаг адӕмӕн цы тӕрхон скодта, уымӕй сын аирвӕзӕн цӕуылнӕ уыд?

8 Дзырд дӕр ыл нӕй: Амос фыццаг цы ӕхсӕз адӕмыхаттыл ӕрдзырдта, уыдон хъуыд карзӕй бафхӕрын. Стӕй сын Хуыцауы тӕрхонӕй аирвӕзынӕн ницы амал уыди. Фыццаг сӕры 3-аг стихӕй 2-аг сӕры 1-аг стихмӕ, Иегъовӕ ӕхсӕз хатты зӕгъы: «Нӕ йӕ аивдзынӕн». Ӕцӕгдӕр, сӕ ныхмӕ цы загъта, уый нӕ аивта. Куыд зонӕм, афтӕмӕй фӕстӕдӕр уыцы адӕмтӕй алкӕцыдӕр йӕхиуыл бавзӕрста Хуыцауы фыдӕх. Ӕппынкъаддӕр дзы цыппар адӕмыхатты — Филисти, Моав, Аммон ӕмӕ Едом — бынтондӕр фесӕфтысты, абон зӕххыл ахӕм адӕмтӕ нӕй!

9. Цы хъуамӕ баййӕфтаид Иудӕйы цӕрджыты ӕмӕ цӕмӕн?

9 Уый фӕстӕ Амос йе ’ргом аздӕхта ӕвдӕм паддзахадмӕ — йӕ райгуырӕн бӕстӕ Иудӕмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, цӕгат паддзахад Израилы цӕрджытӕ тынг дис кодтой, Амос сын паддзахад Иудӕйӕ афтӕ кӕй дзырдта, Хуыцау ыл йӕ фыдӕх ныккалдзӕн, зӕгъгӕ. Цӕмӕн хъуамӕ баййӕфтаид Иудӕйы цӕрджыты Хуыцауы фыдӕх? «Иегъовӕйы закъон кӕй нӕ нымайынц, уый тыххӕй»,— дзуры Амос 2:4. Йӕ Закъон ын зонгӕ-зонын кӕй ницӕмӕ дардтой, уымӕ Иегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Амосы 2:5 гӕсгӕ сын Иегъовӕ загъта: «Иудӕйыл зынг ныккалдзынӕн ӕмӕ арты хай бауыдзысты Иерусалимы цӕрӕн мӕсгуытӕ».

10. Иудӕйӕн бӕллӕхӕй аирвӕзӕн цӕуылнӕ уыд?

10 Мӕнгард Иудӕйӕн уыцы бӕллӕхӕй аирвӕзӕн нӕ уыд. Иегъовӕ ӕвдӕм хатт загъта: «Нӕ йӕ аивдзынӕн» (Амос 2:4). Иудӕйы уыцы ӕфхӕрд баййӕфта, вавилойнӕгтӕ йӕ н. э. агъоммӕ 607 азы гӕныстон куы фӕкодтой, уӕд. Уӕдӕ та ногӕй уынӕм: фыдадӕмӕн Хуыцауы фыдӕхӕй аирвӕзӕн нӕй.

11—13. Амосӕн йӕ ныхас сӕйраджыдӕр кӕй ныхмӕ уыд ӕмӕ иннӕты куыд ӕфхӕрдтой?

11 Пехуымпар Амос фехъусын кодта, Иегъовӕ йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн авд адӕмыл. Чи зоны искӕмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ Амосӕн йӕ дзуринӕгтӕ фесты. Фӕлӕ куыд тынг фӕрӕдыдысты — цас зӕгъинӕгтӕ уыд нырма Амосмӕ! Амосӕн йӕ хӕс сӕйраджыдӕр уыди, цӕгат паддзахад Израилӕн цы карз тӕрхон хаст ӕрцыд, уый фехъусын кӕнын. Израил Хуыцауы йӕхимӕ цӕмӕй фӕфыдӕх кодта? Адӕм ӕгъдаухӕлд фесты, стӕй уӕд дины хъуыддаджы дӕр уыдысты кӕуинаг уавӕры.

12 Амосы пехуымпарад хурмӕ хаста, Израилы паддзахады иутӕ иннӕты кӕй ӕфхӕрдтой. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Амосы 2:6, 7 стихты: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ: „Нӕ йӕ аивдзынӕн, Израилы ӕртӕ фыдракӕнды тыххӕй, ӕмӕ цыппары тыххӕй, рӕстгӕнӕджы ӕвзистыл ӕмӕ мӕгуыры дыууӕ дзабыры аргъыл кӕй уӕй кӕнынц, уый тыххӕй. Хуымӕтӕг адӕмы сӕрыл зӕххы рыг цы феной, ӕндӕр сӕ ницы хъӕуы; фӕлмас адӕмы хъуыддаг здахынц фӕстӕмӕ“».

13 Рӕстгӕнджыты уӕй кодтой «ӕвзистыл» — ӕвӕццӕгӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ гӕртам ӕвзистӕй истой, ӕмӕ-иу ӕнаххос адӕймаджы зылынджыныл банымадтой. Ӕфстаудӕтджытӕ та мӕгуырты цагъайрӕгтӕй уӕй кодтой «дыууӕ дзабыры» аргъыл, ӕвӕццӕгӕн, гыццыл хӕсы тыххӕй дӕр. Дурзӕрдӕ адӕмы «ӕндӕр ницы хъуыди», сӕ уд хъардтой, «хуымӕтӕг адӕмы» зӕххы ӕмвӕз куыд скодтаиккой, ӕмӕ уыцы ӕгады уавӕры фырмӕт ӕмӕ фыртыхстӕй зӕххы рыг сӕ сӕртыл куыд зӕрстаиккой. Хицӕуттӕ ӕппынӕдзух къухмӕ кӕй кастысты, уый тыххӕй «фӕлмас адӕмы», рӕсттӕрхон ссарой, уый ныфс ӕппындӕр нӕ уыди.

14. Дӕсмыггаг паддзахад Израилы ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст чи уыди?

14 Ӕркӕс ма, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст чи уыди: рӕстгӕнӕг, мӕгуыр, хуымӕтӕг ӕмӕ фӕлмас адӕм. Израилӕгтӕн Закъон ратгӕйӕ Иегъовӕ семӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ уыдон хӕсджын уыдысты ӕвӕгӕсӕг ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймӕгты рис сӕ зӕрдӕмӕ исын, тӕригъӕд сын кӕнын. Дӕсмыггаг паддзахад Израилы та уыцы адӕм ахӕм уавӕры уыдысты, ӕмӕ фыддӕр скӕнӕн нӕ уыд.

«Цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ»

15, 16. а) Цӕмӕн фӕдзӕхста Амос Израилы, «цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ», зӕгъгӕ? ӕ) Фыдгӕнджытӕн Иегъовӕйы фыдӕхӕй аирвӕзӕн кӕй нӕ уыд, уый Амосы 9:1, 2 куыд бӕрӕг у? б) Н. э. агъоммӕ 740 азы дӕсмыггаг паддзахад Израилыл цы ӕрцыд?

15 Израил байдзаг ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ ӕндӕр тӕригъӕдтӕй, ӕмӕ пехуымпар Амос дӕр куыннӕ хъуамӕ фӕдзӕхстаид уыцы хивӕнд адӕмы: «Цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ» (Амос 4:12). Мӕнгард Израилӕн Хуыцауы фыдӕхӕй аирвӕзӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ ӕстӕм хатт загъта: «Нӕ йӕ аивдзынӕн» (Амос 2:6). Хуыцауӕй бамбӕхсынмӕ чи хъавыд, уыцы фыдгӕнджытӕй та загъта: «Алидзынмӕ сӕ чи хъава — иу дӕр сӕ нӕ алидздзӕн, ӕмӕ дзы йӕ сӕр бафснайыныл чи архайа — иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн. Шеолмӕ ныххизой — уырдыгӕй дӕр сӕ сласдзӕн мӕ къух; уӕлӕрвтӕм фӕцӕуой — уырдыгӕй дӕр сӕ ӕрисдзынӕн» (Амос 9:1, 2).

16 Фыдгӕнджытӕ «Шеолмӕ куы ныххызтаиккой» — зӕххы бын куы бамбӕхстаиккой, уӕддӕр нӕ аирвӕзтаиккой Иегъовӕйӕ. «Уӕлӕрвтӕм куы фӕцыдаиккой» — бӕрзонд хӕхты куы бамбӕхстаиккой, уӕддӕр нӕ аирвӕзтаиккой Хуыцауы фыдӕхӕй. Иегъовӕйы ныхас бӕлвырд уыд: нӕй ахӕм бынат, уый сӕ кӕм не ссардзӕн. Израилы паддзахад хъуамӕ дзуапп раттаид йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй — афтӕ домдта Хуыцауы рӕстдзинад. Ӕмӕ тӕрхоны сахат дӕр ӕрцыд. Н. э. агъоммӕ 740 азы, Амос йӕ пехуымпарад куы ныффыста, уымӕй 60 азы фӕстӕ, цӕгат паддзахад Израил бахауд ассирийӕгты къухмӕ.

Хуыцау расты зылынимӕ нӕ сафы

17, 18. Иегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый тыххӕй Амосы 9 сӕрӕй цы ис базонӕн?

17 Амосы пехуымпарады цӕмӕ ӕркастыстӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы тӕрхон алкӕддӕр кӕй вӕййы раст — ӕнӕхъуаджы никӕй бафхӕры, стӕй уыцы тӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕй. Фӕлӕ ма нын Амосы чиныг уый дӕр дзуры, Хуыцау расты зылынимӕ кӕй нӕ сафы. Кӕд Иегъовӕ фыдгӕнджыты кӕмфӕнды дӕр ссардзӕн ӕмӕ сыл йӕ фыдӕх ныккалдзӕн, уӕд, йӕ митыл чи ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ рӕстзӕрдӕ чи уа, уыдоны дӕр куыннӕ ссардзӕн, куыннӕ сын ныххатыр кӕндзӕн. Ацы хъуыды ирдӕй зыны Амосы чиныджы фӕстаг сӕры.

18 Амосы 9:8 кӕсӕм Иегъовӕйы ныхӕстӕ: «Иаковы хӕдзар бындзагъд нӕ фӕкӕндзынӕн». 13—15-ӕм стихты Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, мӕ адӕмӕй «уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн». Ахӕм адӕймӕгтӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, фарн ӕмӕ амондӕй ӕфсӕст уыдзысты. «Хуымгӕнӕг ӕрӕййафдзӕн хуымгӕрдӕджы»,— загъта Иегъовӕ. Ахъуыды ма кӕн — тыллӕг афтӕ хъӕздыг, афтӕ бирӕ уыдзӕн, ӕмӕ ногӕй хуым кӕнын ӕмӕ тауыны рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕдмӕ дӕр ма-иу ӕфснайдзысты!

19. Иудӕ ӕмӕ Израилы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдон цы баисты?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Иегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Израилы цӕрӕг фыдадӕмыл йӕ фыдӕх куы ныккалдта, уӕд расты зылынимӕ нӕ фесӕфта. Чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ рӕстзӕрдӕ чи уыд, уыдонӕн ныххатыр кодта. Амосы 9-ӕм сӕры пехуымпарад ӕцӕгдӕр сӕххӕст — Израил ӕмӕ Иудӕйы цӕрджытӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон н. э. агъоммӕ 537 азы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ уарзон фыдыбӕстӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг дин йӕ къахыл слӕууын кодтой. Ӕдас-ӕнӕмӕт уыдысты, ӕмӕ сарӕзтой сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ, скодтой сӕндӕттӕ ӕмӕ цӕхӕрадӕттӕ.

Иегъовӕ тагъд йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн!

20. Амос цы тӕрхӕттӕ фехъусын кодта, уыдонмӕ кӕй ӕркастыстӕм, уый фӕрцы нӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр цы уырна?

20 Мах ӕркастыстӕм, Амос цы тӕрхӕттӕ фехъусын кодта, уыдонмӕ, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы хъуамӕ ноджы тынгдӕр уырна, Иегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый. Цӕмӕн ис ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн? Дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Хуыцау фыдгӕнджытӕн ивгъуыд заманты куыд бакодта, афтӕ бакӕндзӕн абон дӕр. Дыккаг та: Хуыцау Израилы мӕнгард паддзахадыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныр кӕй скуынӕг кӕндзӕн чырыстон дуне — мӕнг дины дунеон империйӕн, Стыр Вавилонӕн, йӕ цъаммардӕр хай (Раргомад 18:2).

21. Чырыстон дуне Хуыцауы фыдӕхы аккаг цӕмӕн у?

21 Чырыстон дуне Хуыцауы фыдӕхы аккаг кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Акӕс ма йын йӕ дины чъизи, цъаммар ӕгъдӕуттӕм, стӕй йӕ адӕм хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕй не ’взарынц, уымӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, чырыстон дуне — ӕмӕ Сайтаны дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр — Иегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн! Уыцы тӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕй. Иегъовӕ сыл йӕ фыдӕх куы ныккала, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн Амосы чиныджы 9-ӕм сӕры 1-аг стихы ныхӕстӕ: «Алидзынмӕ сӕ чи хъава — иу дӕр сӕ нӕ алидздзӕн, ӕмӕ сӕ йӕ сӕр бафснайыныл чи архайа — иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн». О, ахӕм бынат нӕй, Иегъовӕ фыдгӕнджыты кӕм не ссара.

22. Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй нын 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—8 бӕлвырдӕй цы зӕгъы?

22 Хуыцауы тӕрхон алкӕддӕр у раст — ӕнӕхъуаджы никӕй бафхӕры; нӕй дзы аирвӕзӕн, стӕй расты зылынимӕ нӕ сафы. Уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй дӕр: «Раст у Хуыцауы раз — сымах бафхӕрджытӕн бафидын зындзинадӕй, сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, циндзинадӕй махимӕ иумӕ, Хицау Йесойы фӕзынды арвӕй, Йӕ хъаруйы Зӕдтимӕ, пиллонгӕнӕг арты маст райсыны ӕххӕстгӕнӕг, Хуыцауы нӕ базонджытӕн ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсджытӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорз уацхъуыдӕн» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—8). «Раст у Хуыцауы раз», йӕ сӕрстытӕн фыдӕбӕттӕ чи бавзарын кӕнын кодта, уыдон йӕ фыдӕхы азарӕй басудзын. Хуыцауы тӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ «Хицау Йесо [куы] фӕзына арвӕй, Йӕ хъаруйы Зӕдтимӕ, пиллонгӕнӕг артимӕ», уӕд фыдгӕнджытӕй иу дӕр удӕгас нӕ баззайдзӕн. Ныр дӕр та Хуыцау расты зылынимӕ нӕ фесафдзӕн — Йесо маст исдзӕн «Хуыцауы нӕ базонджытӕй ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсджытӕй... хорз уацхъуыдӕн». Ӕмӕ Хуыцау йӕ тӕрхон куы сӕххӕст кӕна, уӕд Хуыцауы ӕфсарм цы адӕммӕ ис, уыдон сӕ дудгӕбӕттӕй сулӕфдзысты.

Ныфс рӕстзӕрдӕтӕн

23. Амосы чиныг нӕ цавӕр ныфс уадзы?

23 Амосы пехуымпарад стыр ныфс уадзы рӕстзӕрдӕ адӕмы. Амосы чиныджы загъд куыд уыд, афтӕ Иегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмы бындзагъд нӕ фӕкодта. Израил ӕмӕ Иудӕйы цӕрджытӕй уацары чи уыди, уыдоны ӕппынфӕстаг ӕрӕмбырд кодта, фӕстӕмӕ сӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕркодта ӕмӕ сӕ кӕлгӕуӕлдайӕ схайджын кодта йӕ хорздзинӕдтӕй: фарн ӕмӕ ӕдасдзинадӕй. Уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Мах фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ ацы дунейыл йӕ фыдӕх куы ныккала, уӕд фыдгӕнджыты кӕмфӕнды дӕр ссардзӕн. Стӕй йын, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн уа, уыдон дӕр зын ссарӕн нӕ уыдзысты,— а зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрӕнт.

24. Цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ?

24 Фӕлӕ цалынмӕ Иегъовӕ фыдгӕнджытыл йӕ фыдӕх нӕ ныккалдта, уӕдмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕй сты хайджын? Иегъовӕ нӕ кӕлгӕуӕлдайӕ хайджын кӕны монон хӕрзтӕй. Мах Хуыцауӕн кувӕм ӕцӕгады: чырыстон дунейы мӕнг ахуырӕдтӕй цы сайд ӕмӕ цы зыгъуыммӕ хъуыдытӕ цӕуы, уыдонимӕ нӕ динӕн иумӕйагӕй ницы ис. Афтӕ ма нын Иегъовӕ парахатӕй дӕтты монон хӕринаг. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы иу хъуыддаг: цас фылдӕр хорздзинӕдтӕй нӕ хайджын кӕны Иегъовӕ, уыйас ныл стырдӕр бӕрндзинад ис. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, ацы дунемӕ тагъд цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй хъуамӕ агурӕм, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис», уыдоны (Куыстытӕ 13:48, НД). О, мах фӕнды, нӕ бон цас у, уыйбӕрц адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр, мах цы монон хӕрзтӕй хайджын стӕм, уыдонӕй хайджын уой. Стӕй нӕ фӕнды, тагъд Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд удӕгасӕй баззайой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдӕ хъуамӕ уа сыгъдӕг. Иннӕ статьяйы куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Амосы пехуымпарады бӕлвырд-бӕрӕгӕй дзырд цӕуы уый тыххӕй дӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцау ӕнӕхъуаджы кӕй никӕй бафхӕры, уый Амосы пехуымпарадӕй куыд зыны?

• Хуыцауы тӕрхонӕй аирвӕзӕн кӕй нӕй, уый Амос куыд равдыста?

• Хуыцау расты зылынимӕ кӕй нӕ фесафы, уый Амосы чиныгӕй куыд зыны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]