Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас
Йесо Навины чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
НӔ ЭРӔЙЫ агъоммӕ 1473 азы израилӕгтӕ Моавы быдырты куы ӕрӕнцадысты, уӕд, хӕрзаг, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ сӕ зӕрдӕты гуыпп-гуыпп ссыд: «Фӕндагмӕ уӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кӕнут — ӕртӕ боны фӕстӕ хиздзыстут Иорданыл, цӕмӕй бацахсат, уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы зӕхх дӕтты, уый» (Йесо Навин 1:11). О, тагъд фӕуыдзысты 40 азы, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырты нал рахау-бахау кӕндзысты.
Иу-ссӕдз азы фӕстӕ сӕ раздзог Йесо Навин Ханааны хӕдастӕу ӕрлӕудзӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн фехъусын кӕндзӕн: «Уӕ мыггӕгтыл уын ӕз, йӕ хал кӕмӕн куыд схаудта, уымӕ гӕсгӕ байуӕрстон, мӕнӕ ацы адӕмыхӕттытӕй ма чи баззадис, уыдоны, ӕмӕ Иорданӕй Стыр денджызы хурныгуылӕнырдӕм цы адӕмы фӕцагътон, уыдоны дӕр. Уӕ Хуыцау Иегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг сыстын кодта ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй фӕтардта, ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Иегъовӕ ныфс куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ сын сӕ зӕхх бацахстат» (Йесо Навин 23:4, 5).
Ацы чиныг Йесо Навин ныффыста н. э. агъоммӕ 1450 азы, ӕмӕ йӕм бахаста, израилӕгтыл 22 азы дӕргъы цы ’рцыд, уыцы зондагайӕг хабӕрттӕ. Зӕрдӕвӕрд ног дунейы къӕсӕрыл лӕугӕйӕ, мах дӕр стӕм, Израилы фырттӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы ӕрлӕууыдысты, раст ахӕм уавӕры. Цӕй уӕдӕ Йесо Навины чиныгмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм (Дзуттытӕм 4:12).
«ИЕРИХОНЫ БЫДЫРТӔМ»
Иегъовӕ Йесо Навинӕн куы загъта, «мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей амард. Ӕмӕ ныр сыст, ӕппӕт ацы адӕмимӕ Иорданыл бахиз, ӕз уыдонӕн, Израилы фырттӕн, кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ», зӕгъгӕ, уӕд уый гыццыл хъуыддаг кӕм уыд! (Йесо Навин 1:2). Хъуамӕ цалдӕр милуан адӕймаджы бакодтаид Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Фӕлӕ уый размӕ Йесо Навин арвыста дыууӕ сгарӕджы Иерихонмӕ,— фыццаг уал хъуамӕ уыцы сахар бацахстаиккой. Уым цард хъахбай сылгоймаг Раав. Бирӕ фехъуыста, Иегъовӕ йӕ адӕмы сӕраппонд цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ фӕкодта, уый тыххӕй. Раав дыууӕ сгарӕджы йӕхимӕ бамбӕхста, стӕй сын баххуыс кодта сахарӕй алидзынмӕ. Ӕмӕ йын сгарджытӕ фидарӕй ныфс бавӕрдтой, сӕрӕгасӕй йӕ кӕй ныууадздзысты.
Сгарджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕдмӕ Йесо Навин ӕмӕ адӕм иууылдӕр цӕттӕ уыдысты Иорданы цӕугӕдоныл ахизынмӕ. Ӕмӕ кӕд дон тынг раивылд, уӕддӕр сӕ нӕ бакъуылымпы кодта — Иегъовӕ йын йӕ дӕттӕ чысыл уӕлдӕр къулау алӕууын кодта, дӕлейӕ дзы цы дон уыдис, уый та Мард денджызмӕ ацыд. Иорданыл куы бахызтысты, уӕд ӕрӕнцадысты Иерихонмӕ хӕстӕг — Галгалы. Цыппар боны фӕстӕ, авивы мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм боны, изӕрӕй, израилӕгтӕ Иерихоны быдырты Куадзӕн скодтой (Йесо Навин 5:10). Дыккаг бон фыццаг хатт фӕхъӕстӕ сты уыцы зӕххы бӕркӕдтӕй. Уыйадыл зӕхмӕ маннӕ нал згъӕлд. Уыцы рӕстӕг Йесо Навин, ӕдзӕрӕг быдыры нӕлыстӕг мыггагӕй чи райгуырд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сунӕт скодта.
Фарстытӕн дзуапп:
2:4, 5. Паддзахы фӕсдзӕуинтӕ Раавмӕ сгарджыты агурӕг куы бацыдысты, уӕд сыл сайдӕй цӕмӕн рацыд? Раав Иегъовӕйыл кӕй баууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ разы уыд сгарджыты сӕрвӕлтау йӕхи мӕлӕты дзыхмӕ дӕр баппарын. Стӕй, Хуыцауы адӕмӕн фыдбылыз ракӕнынмӕ чи хъавыд, уыдонӕн сгарджыты схъӕр кӕнын хӕсджын нӕ уыд (Матфейы 7:6; 21:23—27; Иоанны 7:3—10). Раав йӕ «хъуыддӕгтӕй... сраст», ома хуынд ӕрцыд рӕстгӕнӕг,— ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм хаудта, паддзахы фӕсдзӕуинтӕн мӕнг кӕй загъта, уый дӕр (Иаковы 2:24—26).
5:14, 15. Чи у «Иегъовӕйы ӕфсады фӕтӕг»? Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсынӕввонг куы уыдысты, уӕд Йесо Навины фӕфидар кӕнынмӕ цы фӕтӕг ӕрцыд, уый, куыд зыны, афтӕмӕй уыди «Дзырд» — Йесо Чырысти зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ (Иоанны 1:1; Данелы 10:13). Цӕй ӕхсызгон у, ӕвӕдза, абон махӕн дӕр, Хуыцауы адӕмӕн, Йесо Чырысти — бӕрзонд бынаты ӕвӕрд чи ’рцыд, уый нын кӕй ахъаз кӕны уырнындзинады сӕраппонд тохы!
Зондзонӕн махӕн:
1:7—9. Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ нын Хуыцауы фӕндагыл бирӕ ӕнтыса, уӕд хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ цы базонӕм, уый аразгӕ дӕр кӕнӕм.
1:11. Йесо Навин адӕмӕн загъта, цӕмӕй фӕндагмӕ сӕхи срӕвдз кодтаиккой ӕмӕ сын Хуыцау алцыдӕр цӕттӕйӕ ратдзӕн, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кастаиккой. Уӕдӕ Йесо Чырыстийы фӕдзӕхст: царды уӕ ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, ууыл мауал мӕт кӕнут ӕмӕ «уыл уыдон ӕппӕт бафтдзысты» — афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нын алцыдӕр ӕнӕфыдӕбонӕй уыдзӕн (Матфейы 6:25, 33).
2:4—13. Раав Иегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй куы фехъуыста ӕмӕ, йӕ сахарыл цы сау бон акӕндзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд сфӕнд кодта Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы фарс ӕрлӕууын. Кӕд Библи цасдӕр рӕстӕг ахуыр кӕныс ӕмӕ, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый ӕмбарыс, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕ хъуамӕ афтӕ ма дзура, мӕ цард Хуыцауӕн нывонд кӕнын — фӕстиат кӕнӕн нал ис, зӕгъгӕ? (2 Тимофеймӕ 3:1).
3:15. Сгарджытӕ Иерихонӕй хорз хабӕрттӕ кӕй ӕрбахастой, уымӕ гӕсгӕ Йесо Навин фӕстӕ нал фӕкодта — Иордан ивылд кӕй уыд, уый дӕр ӕй нӕ баурӕдта. Хуыцауы хъуыддаджы мах дӕр хъуамӕ абон-райсом ма кӕнӕм, ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм «хуыздӕр» бонмӕ, фӕлӕ уайтӕккӕ дӕр ныфсджынӕй архайын байдайӕм.
4:4—8, 20—24. Израилӕгтӕ Иорданӕй цы 12 дуры рахастой, уыдон сын уыдысты уыцы диссаг хабар зӕрдыл дарынӕн. Абон Иегъовӕ йӕ адӕмы йе знӕгты къухтӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы хъуыддаг махӕн дӕр у, Иегъовӕ немӕ кӕй ис, уый зӕрдыл дарынӕн.
ИСЫНЦ ИУ САХАР ИННӔЙЫ ФӔДЫЛ
Иерихоны цӕрджытӕ сахары дуар «ӕмырӕхгӕд скодтой... ӕмӕ дзы ӕддӕмӕ дӕр ничи цыд ӕмӕ мидӕмӕ дӕр» (Йесо Навин 6:1). Ӕмӕ йӕ уӕд израилӕгтӕ куыд байсдзысты? Уыцы хабӕрттӕ Иегъовӕ Йесо Навинӕн биноныг бамбарын кодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сахары систӕ ӕркалдысты ӕмӕ израилӕгтӕ сахар зӕххӕмвӕз скодтой. Сӕрӕгасӕй ма дзы баззадысты Раав ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ.
Уый фӕстӕ израилӕгтӕ хъуамӕ бацахстаиккой паддзахы сахар Гай. Уырдыгӕй цы сгарджытӕ ӕрбаздӕхтысты, уыдон загътой, зӕгъгӕ дзы цӕрджытӕ чысыл ис, ӕмӕ йӕ байсынӕн бирӕ адӕм нӕ бахъӕудзӕн. Ӕмӕ Гай бацахсынмӕ арвыстӕуыди иу-3 000 ӕфсӕддоны. Фӕлӕ лидзынмӕ фесты сахары цӕрджытӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ семӕ нӕ уыд. Израилӕгтӕ Иерихон куы байстой, уӕд Иудӕйы мыггагӕй иу лӕг, Ахан, зӕгъгӕ, Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодта. Йесо Навин уыцы хъуыддаг куы равзӕрста, уӕд та ногӕй Гаймӕ йӕ ных сарӕзта. Гайы паддзах уый хӕдразмӕ израилӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз, уымӕ гӕсгӕ ныр йӕ былыцъӕрттӕ хордта семӕ схӕцыныл. Гайы хӕстонты сӕ ныфс фӕсайдта — Навины фырт сыл сайдӕй рацыд ӕмӕ сын сӕ сахар йӕхи бакодта.
Гаваон уыд стыр сахар — Гайӕ егъаудӕр. Цы нӕлгоймӕгтӕ дзы цард, уыдон та уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ (Йесо Навин 10:2). Фӕлӕ гаваойнӕгтӕ куы фехъуыстой, израилӕгтӕ Иерихон ӕмӕ Гай зӕххӕмвӕз скодтой, уӕд Йесо Навинимӕ хинӕй фидыды бадзырд сарӕзтой. Гаваойнӕгтӕ израилӕгты фарс кӕй ӕрлӕууыдысты, уый сӕ алфамбылай цӕрӕг адӕмтӕ куы фехъуыстой, уӕд старстысты. Ӕмӕ уӕд сӕ паддзӕхтӕ фондзӕй цӕдисы бацыдысты, ӕмӕ сӕхи сахарыл ныццавтой. Фӕлӕ израилӕгтӕ гаваойнӕгты сӕрыл стох кодтой, ӕмӕ тыхгӕнджыты ныддӕрӕн кодтой. Израилӕгтӕ ма уый фӕстӕ Йесо Навинимӕ байстой бирӕ сахартӕ хуссар ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй. Цӕгатварс цы паддзӕхтӕ баиу сты сӕ ныхмӕ, уыдоны дӕр ныддӕрӕн кодта. Иорданы ныгуылӕнварс израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты ӕдӕппӕтӕй 31 паддзахыл.
Фарстытӕн дзуапп:
10:13. Уымӕн уӕвӕн куыд уыд? Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн зынӕй исты ис? (Уӕвынад 18:14). Куы хъӕуа, уӕд Иегъовӕйӕн йӕ бон у Зӕххы зылд афтӕ фӕивын, ӕмӕ адӕймагмӕ фӕкӕсдзӕн, цыма Хур ӕмӕ Мӕй сӕ мидбынаты бандзыг сты, нал змӕлынц. Зын ын нӕу, Зӕхх ӕмӕ Мӕйы змӕлд ӕнӕбакъуылымпыгӕнгӕйӕ, Хур ӕмӕ Мӕйы тынтӕ афтӕ фӕсӕттын дӕр, сӕ дыууӕйӕ дӕр Зӕхмӕ рухс куыд кӕла. Куыдфӕнды ма уыдаид — адӕм зӕххыл кӕдӕй сты, уӕдӕй ардӕм «ахӕм бон» никуы ма уыд (Йесо Навин 10:14).
10:13. Йасары (Рӕстгӕнӕджы) чиныг цы уыд? Ацы чиныджы кой ма ис 2 Паддзахӕдты 1:18, уым фыст ис «Ӕрдын»-ы кадӕг — хъарӕг Израилы паддзах Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионафаныл. Йасары чиныг, ӕвӕццӕгӕн, уыд зарджытӕ ӕмӕ кадджыты ӕмбырдгонд, ӕмӕ сӕ дзуттӕгтӕ, куыд зыны, афтӕмӕй хорз зыдтой.
Зондзонӕн махӕн:
6:26; 9:22, 23. Израилӕгтӕ Иерихон куы ныппырх кодтой, уӕд ӕй Йесо Навин ралгъыста, ӕмӕ йӕ уыцы ӕлгъыст баййӕфта 500 азы фӕстӕ (3 Паддзахӕдты 16:34). Ханааныл йе стыр фыд Нойы ӕлгъыст ӕрцыд, гаваойнӕгтӕ ӕххуырстытӕ куы систы, уӕд (Уӕвынад 9:25, 26). Иегъовӕ цы фӕзӕгъы, уый кӕддӕриддӕр сӕххӕст вӕййы.
7:20—25. Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Ахан ӕвзӕрӕй никӕмӕн ницы ракодта: дӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр цыдӕртӕ радавта. Ӕмӕ адӕймаг гыццыл цыдӕр куы радава, йе та Библийы закъӕттӕй гыццыл исты куы фехала, уӕд уымӕй дӕр афтӕ зӕгъдзӕн. Уӕдӕ нӕ исчи исты ӕвзӕр кӕнӕ ӕнӕуаг митӕм куы амидин кӕна, уӕд хъуамӕ Йесо Навины бафӕзмӕм ӕмӕ уӕм фидар.
9:15, 26, 27. Искӕимӕ бадзырд куы скӕнӕм, уӕд ӕм хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм, стӕй нӕ ныхасӕн хицау уӕм.
ЙЕСО НАВИН БАВНӔЛДТА ФӔСТАГ СТЫР ХЪУЫДДАГМӔ
Йесо Навиныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой — сӕххӕст ыл 89 азы. Ӕмӕ бавнӕлдта Израилы мыггӕгтыл зӕххытӕ уарынмӕ. Уӕвгӕ, ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Уӕдмӕ Рувимы ӕмӕ Гады мыггаг, стӕй Манассийы мыггаджы ӕмбис райстой сӕ зӕххытӕ Иорданы скӕсӕнварс. Ныр та зӕхх уӕрст цӕуы иннӕ мыггӕгтыл ныгуылӕнварс, ӕмӕ уый тыххӕй хӕлттӕ ӕппарынц.
Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр лӕууы Силомы, Ефремы зӕххыл. Халев райста Хеврон. Йесо Навинмӕ та ӕрхаудта Фамнаф-Сарай. Левиттӕн радтой 48 сахары, уыдонӕй 6 уыдысты ӕмбӕхсӕн сахартӕ. Рувимы ӕмӕ Гады мыггагӕй, стӕй Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй хӕстон лӕгтӕ Иорданы скӕсӕнварсмӕ сӕ зӕххытӕм цӕугӕйӕ, Иорданмӕ хӕстӕг ран «сарӕзтой стыр нывондхӕссӕн» (Йесо Навин 22:10). Уыцы хабар Иорданы ныгуылӕнварс цӕрӕг мыггӕгтӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, загътой: раст дин ныууагътой. Мыггӕгтӕ сты схӕцынӕввонг, фӕлӕ кӕрӕдзимӕ кӕй байхъуыстой, ӕмӕ хъуыддаг кӕй бамбӕрстой, уый фӕрцы туг нӕ ныккалд.
Йесо Навин 24:14, 15, 24). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ 110-аздзыдӕй Йесо Навин йӕ цардӕй ахицӕн.
Йесо Навин Фамнаф-Сарайы цасдӕр куы ацард, уӕд Израилы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, сӕргълӕуджытӕм, тӕрхоны лӕгтӕм ӕмӕ хицӕуттӕм фӕсидт ӕмӕ сын загъта, тӕрсгӕ мацӕмӕй кӕнут ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион ут, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр Навины фырт Израилы ӕппӕт мыггӕгты сӕмбырд кодта Сихемы. Семӕ ныхасгӕнгӕйӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ Авраамы заманӕй фӕстӕмӕ цытӕ сарӕзта, уыдӕттӕ. Ӕмӕ та сын ногӕй бафӕдзӕхста: «Тӕрсут Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын ӕнувыдӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут». Ӕмӕ адӕм загътой: «Нӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕсмӕ хъусдзыстӕм!» (Фарстытӕн дзуапп:
13:1. Ацы стих ӕмӕ Йесо Навин 11:23 кӕрӕдзи ныхмӕ не сты? Нӕ, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд истой, уый адих кӕнӕн ис дыууӕ хайыл. Фыццаг уал Израилы адӕм хӕцыдысты иууыл иумӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз сты 31 ханаайнаг паддзахыл, ӕмӕ афтӕмӕй ханаайнӕгты хъару басастой. Уый фӕстӕ та зӕхх иууылдӕр бацахсынӕн хӕцыдысты хицӕн мыггӕгтӕ ӕмӕ хицӕн адӕймӕгтӕ (Йесо Навин 17:14—18; 18:3). Израилӕгтӕ кӕд ханаайнӕгты се ’ппӕты нӕ сыстын кодтой, уӕддӕр дзы цӕргӕйӕ чи баззад, уыдонӕй сын тӕссаг ницӕмӕйуал уыд (Йесо Навин 16:10; 17:12). Йесо Навины 21:44 кӕсӕм: «Иегъовӕ сын алырдыгӕй радта сабыр цард».
24:2. Авраамы фыд Фаррӕ гуымирытӕн куывта? Фаррӕ фыццӕгты Иегъовӕ Хуыцауӕн кувӕг нӕ уыд. Уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, куывта, Уры тынг кадджын чи уыд, уыцы мӕйы бардуаг Синӕн. Дзуттаг таурӕгътӕм гӕсгӕ Фаррӕ гуымирытӕ арӕзта йӕхӕдӕг дӕр. Фӕлӕ Хуыцау Авраамӕн куы загъта, Урӕй сыст ӕмӕ ацу, зӕгъгӕ, уӕд Фаррӕ дӕр йӕ фыртимӕ Харранмӕ араст (Уӕвынад 11:31).
Зондзонӕн махӕн:
14:10—13. Халевыл кӕд 85 азы цыд, уӕддӕр йӕхимӕ райста зын хӕс — Хевроны адӕмы фӕтӕрын. Уыцы ран цардысты енакӕгтӕ — ӕнахуыр бӕрзонд, бӕзӕрхыг адӕм. Иегъовӕ ацы хӕстӕхсыст лӕгӕн баххуыс кодта Хеврон бацахсын. Фӕстӕдӕр сси ӕмбӕхсӕн сахар (Йесо Навин 15:13—19; 21:11—13). Халевы царды хабӕрттӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нын цыфӕнды зын хъуыддаг ма бахӕс кӕной — хъуамӕ йӕ бакӕнӕм.
22:9—12, 21—33. Хъуыддаг бӕлвырдӕй куы нӕ зонӕм, уӕд дзурын дӕр ницы хъӕуы.
«Иу ныхас дӕр дзы нӕ фӕмӕнг»
Йӕ бирӕ азты бӕрзӕндӕй Йесо Навин Израилы бӕрнон лӕгтӕн загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр уыл ӕрцыдысты» (Йесо Навин 23:14). Уымӕн ӕвдисӕн — Йесо Навины чиныджы фыст хабӕрттӕ.
«Ӕппӕт, фыст цы цыд раздӕр, махӕн зонд амонынӕн фыст сты,— ныффыста апостол Павел,— цӕмӕй фӕразондзинадӕй ӕмӕ Фыстытӕй рӕвдыдӕй, ныфсджын уӕм» (Ромӕгтӕм 15:4). Фидарӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл не ’ууӕнк дзӕгъӕлы нӕу. Йӕ ныхӕстӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг уыдзӕн — иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты.
[Картӕ 7 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Израилӕгтӕ, сӕ сӕргъы Йесо Навин, афтӕмӕй, бацахстой ацы зӕхх.
ВАСАН
ГАЛААД
АРАВӔ
НЕГЕВ
Иорданы цӕугӕдон
Цӕхджын денджыз
Иавокы тӕрф
Арноны тӕрф
Асор
Мадон
Сарон
Шимрон
Иокнеам
Дор
Мегиддо
Кедес
Фаанах
Хефер
Фирцӕ
Афек
Таппуах
Вефиль
Гай
Галгал
Иерихон
Газер
Иерусалим
Макед
Иармуф
Одоллам
Ливнӕ
Лахис
Еглон
Хеврон
Давир
Арад
[Ныв 5 фарсыл]
Хъахбай сылгоймаг Раав рӕстгӕнӕг хуынд цӕмӕн ӕрцыд, уый зоныс?
[Ныв 6 фарсыл]
Аханы ми гыццыл хъуыддаг нӕ уыд — стыр бӕллӕхтӕ расайдта.
[Ныв 6 фарсыл]
«Уырнындзинадӕй... ӕркалдысты Иерихоны къултӕ» (Дзуттытӕм 11:30).
[Ныв 7 фарсыл]
Йесо Навин израилӕгтӕн загъта: «Тӕрсут Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын... лӕггад кӕнут».