Нозтӕй бӕрц зон
Нозтӕй бӕрц зон
«Сӕн хынджылӕггаг кӕны, карз нозт у змӕнтаг, ӕмӕ сӕ фӕдыл чи ацӕуы, уый зондджын нӕу» (ӔМБИСӔНДТӔ 20:1).
1. Псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕйы диссаджы лӕвӕртты тыххӕй цы загъта?
«АЛКӔЦЫ хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар ӕрцӕуы уӕлейӕ, рухсыты Фыдӕй»,— ныффыста ахуыргӕнинаг Иаков (Иаковы 1:17). Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауӕй йӕ диссаджы лӕвӕрттӕй афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы райгуырд ахӕм зарӕг: «Ды рӕзын кӕныс кӕрдӕг фосӕн, ӕмӕ халсар адӕймаджы пайдайӕн, цӕмӕй равзӕрын кӕной зӕххӕй хӕринаг. Ӕмӕ сӕн, кӕцы хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ, ӕмӕ зети, кӕцыйӕ ӕрттивы йӕ цӕсгом, ӕмӕ дзул, кӕцы фидар кӕны адӕймаджы зӕрдӕ» (Псалом 103:14, 15). Сӕн ӕмӕ ӕндӕр карз нозтытӕ дӕр, халсар, дзул ӕмӕ зетийау, Хуыцауӕй ратгӕ сты. Фӕлӕ дзы цас ис нуазӕн?
2. Нозты фӕдыл цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
2 Адӕймагӕн лӕварӕй йӕ зӕрдӕ уӕд барухс вӕййы, ӕмӕ дзы куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы фӕпайда кӕны, куы фӕархайы. Дзырдӕн, мыд «хорз у», фӕлӕ дзы «бирӕ хӕрӕн... нӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 24:13; 25:27, «Мах дуг» №12, 1999). Афтӕ у сӕн ӕмӕ ӕндӕр нозты хабар дӕр: йӕ чысыл тайы, фӕлӕ дзы бӕрц куы нӕ зонай, уӕд фыдбылыз у (1 Тимофеймӕ 5:23). «Сӕн хынджылӕггаг кӕны,— фӕдзӕхсы Библи,— карз нозт у змӕнтаг, ӕмӕ сӕ фӕдыл чи ацӕуы, уый зондджын нӕу» (Ӕмбисӕндтӕ 20:1). Фӕлӕ адӕймаг нозты фӕдыл куыд ацӕуы? * Ӕгӕр дзы цас у? Куыд ӕмбаргӕ у, нозтӕй бӕрц зонын?
Адӕймаг нозты фӕдыл куыд ацӕуы?
3, 4. а) Библимӕ гӕсгӕ фыднозт кӕнын ӕвзӕрдзинад кӕй у, уый цы ’вдисы? ӕ) Нозтӕн йӕ бирӕ адӕймагыл куыд фӕзыны?
3 Рагзаманты-иу Израилы фыднозт ӕмӕ фырхӕрд цы лӕппу кодта ӕмӕ йӕ кӕнон чи нӕ уагъта, уый-иу дуртӕй амардтой (Дыккаг закъон 21:18—21). Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Баст ма ут уыимӕ, кӕцы хуыйны ӕфсымӕр, афтӕмӕй хӕты, кӕнӕ гӕртӕмттӕ исы, кӕнӕ гуымирытӕн кусы, кӕнӕ ӕвзӕр дзуры, кӕнӕ расыг кӕны, кӕнӕ у тугдзых; ахӕмтимӕ хӕргӕ дӕр ма кӕнут иумӕ». Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Библимӕ гӕсгӕ фыднозт кӕнын у ӕвзӕрдзинад (1 Коринфӕгтӕм 5:11; 6:9, 10).
4 Нозтӕн йӕ бирӕ адӕймагыл куыд фӕзыны, уый тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Сӕн куыд сырх у, тӕмӕнтӕ куыд калы, тыбар-тыбур куыд кӕны, ууыл ма дис кӕ; фӕстӕдӕр дыл калмау фӕхӕцдзӕни, йӕ марг дӕ бауадздзӕни, дӕ цӕстытӕ искӕй устытӕм кӕсын райдайдзысты [«дӕ цӕстытыл ӕнахуыр нывтӕ уайдзӕн», НД], дӕ зӕрдӕ ӕнӕуаг митӕ ӕрдомдзӕни» (Ӕмбисӕндтӕ 23:31—33, «Мах дуг» №12, 1999). Нозтӕн йӕ бирӕ у растдӕр маргджын калмы хӕстау: зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы, сӕр разилы ӕмӕ адӕймаг фӕсур вӕййы. Расыггӕнӕджы цӕстытыл фӕуайы алыхуызон «ӕнахуыр нывтӕ», йӕ хъуыдытӕ фӕтӕхынц кӕмдӕр. Фӕдзуры ӕнӕфсарм дзыхӕй ӕмӕ йӕ зонд йӕ коммӕ нал фӕкӕсы.
5. Нозтӕн йӕ бирӕ ӕвзӕр цӕмӕн у?
5 Зӕгъӕм, исчи нуазы, фӕлӕ йӕ бон у йӕхи афтӕ дарын, ӕмӕ нозтджын кӕй у, уый зонгӕ дӕр мачи бакӕна, уӕд та? Ахӕмтӕ ис, ӕмӕ дзӕвгар куы бануазынц, уӕддӕр сыл нӕ фӕзыны. Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ мыл иугӕр нӕ зыны, уӕд мӕ бон нуазын у цасфӕнды дӕр,— уый йӕхи сайы (Иереми 17:9). Адӕймаг расыггӕнаг ӕмӕ нозты цагъар ӕвиппайды не свӕййы (Титмӕ 2:3). Уый тыххӕй публицист Каролинӕ Напп фыссы: «Адӕймаг расыггӕнаг цадӕггай, сабыргай свӕййы, йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбары». О, нозтӕн йӕ бирӕ къӕппӕг у!
6. Фыднозт ӕмӕ фырхӕрд кӕнын хорз цӕуылнӕ у?
6 Ӕркӕсӕм ма Йесойы фӕдзӕхстмӕ дӕр: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма Лукайы 21:34, 35). Адӕймаг гӕнӕн ис, ӕмӕ уыйбӕрц ма нуаза, цӕмӕй-иу срасыг уа, фӕлӕ нозт нозт у — йӕ кӕнон кӕны: уӕнгтӕ дзы ныммӕлынц, зивӕг бахӕцы — ӕнӕуи дӕр ӕмӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕныныл куы дзурӕм, уӕд дӕр. Иегъовӕйы бон ӕй афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уӕд йӕ хабар куыд уыдзӕн?
ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды: уымӕн ӕмӕ уый, куыд хыз, ӕрцӕудзӕн зӕххы цӕсгомыл ӕппӕт цӕрджытыл» (Нозт цавӕр фыдбылызтӕм ӕркӕны
7. 2 Коринфӕгтӕм 7:1 цы амынд ис, уый ӕгӕр бирӕ нуазыны ныхмӕ цӕмӕн у?
7 Карз нозты фыдбылызтӕй иу уый у, ӕмӕ йӕ бирӕ — сӕфты хос: сахъат дзы кӕны буар ӕмӕ уырнындзинад. Расайы алыхуызон низтӕ, дзырдӕн, игӕрниз ӕмӕ геппатит. Тынг фӕзыны нервытыл дӕр, ӕмӕ уый фыдӕй иуӕй-иутӕ дзӕгъӕлтӕ дзурын дӕр райдайынц. Рагӕй йӕм ӕмхиц чи у, уыдонмӕ та фӕзыны рак, сӕкӕрниз, стыхджын сыл вӕййынц зӕрдӕйы ӕмӕ ахсӕны низтӕ. Ӕгӕр бирӕ чи нуазы, уый Библийы фӕдзӕхсты сӕрты хизы: «Нӕхи ныссыгъдӕг кӕнӕм буары ӕмӕ уды алы ӕвзӕрдзинӕдтӕй, ӕххӕст кӕнгӕйӕ сыгъдӕгдзинад Хуыцауы тасы» (2 Коринфӕгтӕм 7:1).
8. Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21 гӕсгӕ, нозтыл чи бафты, ууыл цы ’рцӕуы?
8 Нозтыл чи бафты, уый йе ’хцатӕ бануазы, йӕ куыстӕй йӕ ратӕрынц. Рагон Израилы паддзах Соломон фӕдзӕхста: «Сӕнӕй ӕфсис чи нӕ зоны, уыдоны ’хсӕн ма у, стӕй дзидза фырхӕрд чи кӕны, уыдоны ’хсӕн дӕр». Афтӕ цӕмӕн дзырдта? Уымӕн ӕмӕ «расыггӕнагмӕ дӕр ӕмӕ фыдгуыбынмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕгуырдзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21).
9. Машинӕ чи скъӕра, уымӕн нуазӕн цӕуылнӕ ис?
9 Нозты ӕндӕр фыдбылызы тыххӕй иу энциклопедийы кӕсӕм: «Иртасӕнтӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй, чи бануазы, уыцы шофыртӕн сӕ бон нал вӕййы машинӕ рӕстмӕ скъӕрын, фӕндагыл цӕугӕйӕ афтӕ къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст нал вӕййынц, сӕ зонд фӕкъуымых вӕййы» («The Encyclopedia of Alcoholism»). Уӕдӕ нозтджынӕй машинӕйы чи сбады, уый йӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр ӕппары фыдбылызы. Уый фыдӕй ӕрмӕст Иугонд Штатты ӕрвылаз дӕр авариты дӕсгай минтӕ ссарынц сӕ адзал, сӕдӕгай минтӕ та фӕцӕфтӕ вӕййынц кӕнӕ сахъатӕй баззайынц. Ахӕм ӕнамонд хабӕрттӕ арӕхдӕр ӕрцӕуы фӕсивӕдыл, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕма фӕзонынц нӕдӕр рӕстмӕ скъӕрын, нӕдӕр нозтӕй бӕрц. Уӕвгӕ, цалдӕр агуывзӕйы фӕстӕ ма машинӕйы чи сбады, уымӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цард Иегъовӕ Хуыцауы лӕварыл нымайы, аргъ ын кӕны? (Псалом 35:10). Уӕдӕ цард табуйаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хуыздӕр у, ӕмӕ машинӕ чи скъӕра, уый-иу нозт йӕ дзыхмӕ хӕсгӕ дӕр куы не скӕнид *.
10. Нозт магъзыл куыд фӕзыны ӕмӕ уый тӕссаг цӕмӕй у?
10 Нозт цудын кӕны уырнындзинад дӕр. «Зӕронд сӕн ӕмӕ ног сӕн хорз зонд сафынц» (Оси 4:11). Куыд зонӕм, афтӕмӕй карз нозт сӕры магъзы куыстыл фӕзыны. Иу чиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «адӕймаг нозты хъӕстӕ куы фӕвӕййы, уӕд нозт хӕринагтайӕн системӕйӕ тугмӕ ахъары, ӕмӕ сӕрмӕ ныццӕвы. Хъуыды кӕныныл ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл дзуапдӕттӕг магъзы хӕйттӕн сӕ куыст фӕсындӕгдӕр вӕййы. Йӕ бӕттӕнтӕ феуӕгъд вӕййынц, базыртӕ йыл базайы» (АИШ-ы паддзахадон наркологон институт). Афтӕмӕй адӕймагӕн, раст фӕндагӕй адзӕгъӕл уа, уый зын нӕ вӕййы. Йӕхиуыл, йӕ рохтыл хӕцын дӕр нал фӕзоны, стӕй йӕм йӕ уд буары мондӕгтыл ӕрбауӕй кӕнын ницыуал фӕкӕсы (Ӕмбисӕндтӕ 20:1).
11, 12. Нозтӕн йӕ бирӕ уырнындзинадӕн зиан куыд хӕссы?
11 Уымӕй уӕлдай нын Библи амоны: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви (ӕндӕр) исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Уӕдӕ ӕгӕр бирӕ чи нуазы, уымӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ алцыдӕр Хуыцауы кадӕн кӕны? Чырыстӕттӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йыл расыггӕнаджы гакк сбада. Уымӕй Иегъовӕйы рухс ном худинаг кӕны, кадджын нӕ, фӕлӕ.
12 Чырыстон ӕгӕр куы нуаза, ӕмӕ уымӕй йе ’муырнӕджы, дзырдӕн, аргъуыд ӕрӕджы чи райста, уый куы рӕдийын кӕна, уӕд та? (Ромӕгтӕм 14:21). «Чи фӕрӕдийын кӕна ацы гыццылтӕй, Мӕныл ӕууӕндджытӕй иуы,— карзӕй загъта Йесо,— уымӕн хуыздӕр уыдаид йӕ хъуырыл ын куыройы фыд куы ӕрцауыгътаиккой ӕмӕ йӕ куы ныппӕрстаиккой денджызы арфы» (Матфейы 18:6). Нозтӕмхиц адӕймаджы ма ӕмбырды йӕ хӕстӕй дӕр ссӕрибар кӕнынц, ӕнӕхай сӕ фӕвӕййы (1 Тимофеймӕ 3:1—3, 8). Уӕдӕ нозт бинонты сабыр цард халӕг кӕй у, уый дӕр куыннӕ зонӕм.
Йӕ фыдбылызтӕй хи хизын. Куыд?
13. Цӕмӕй нозты къӕппӕджы ма бахауӕм, уымӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?
13 Цӕмӕй нозты фыдбылызты хай ма бауӕм, уый тыххӕй нӕхи ӕрмӕст расыг кӕнынӕй хъуамӕ ма хизӕм, фӕлӕ, бӕрцӕй фылдӕр нуазынӕй дӕр. Уӕвгӕ, дӕ бӕрц цас у ӕмӕ дын ӕгӕр бирӕ та цас у, уый чи сбӕрӕг кӕндзӕн? Уымӕ бирӕ цыдӕртӕ хауы, ӕмӕ ӕгӕр бирӕ цал агуывзӕ сты, уый бӕлвырд зӕгъӕн нӕй. Нозтӕй йӕ бӕрц алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг зона, ӕмӕ уымӕй фылдӕр ма нуаза. Фӕлӕ куыд базонӕн ис, ӕгӕр бирӕ дын цас у, уый? Уымӕн исты уагӕвӕрд ис?
14. Нозтӕй дын бӕрц ӕмӕ ӕгӕр бирӕ цас у, уый сбӕрӕг кӕнынӕн цавӕр уагӕвӕрд у ӕххуыс?
14 Библи зӕгъы: «Зондӕргъӕвд ӕмӕ ӕрхъуыдыйӕ ифтонг у,— ӕмӕ уыдон дӕ удӕн цард фестдзысты, дӕ хъуырӕн — фидауц» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21, 22, «Мах дуг» №12, 1999). Уӕдӕ сӕрысӕйраджыдӕр цы уагӕвӕрдыл хъуамӕ цӕуӕм, уый у ахӕм: дӕ зонд иу гыццыл дӕр кӕмӕй фӕкъуымых вӕййы, уый дын у бирӕ. Фӕлӕ, дӕ бӕрц цас у, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕхи ма сай!
15. Иу агуывзӕ дӕр ӕгӕр бирӕ кӕд вӕййы?
15 Хатт иу нуазӕн дӕр ӕгӕр бирӕ вӕййы. Карз нозт сывӕллоныл ӕвзӕрырдӕм кӕй зыны, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу сывӕрджын устытӕ нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуынц. Стӕй уый ӕрхъуыдыдзинад нӕ уаид, ӕмӕ раздӕр нозтмӕ ӕмхиц чи уыд кӕнӕ нозтӕн йӕ кой дӕр хъыг кӕмӕн у, ахӕмты раз куы нӕ нуазиккам? Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры цы сауджынтӕ куыстой, уыдонӕн Иегъовӕ бафӕдзӕхста: «Ӕмбырды цатырмӕ цӕугӕйӕ уӕ дзыхмӕ... мадӕр сӕн схӕссут, мадӕр карз нозт, цӕмӕй ма амӕлат» (Левит 10:8, 9). Уымӕ гӕсгӕ, фембӕлдмӕ цӕуай, уацамынды, йе ’мбырдӕн исты хъуыддаг аразай — карз нозтӕй хуыпп дӕр ма кӕн. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ закъон нуазын цы бӕстӕты нӕ уадзы,— кӕнӕ кӕд уадзы, уӕд ӕрмӕстдӕр бӕлвырд кары,— уым чырыстӕттӕн уыцы закъон у ӕххӕстгӕнинаг.
16. Нозт дын дӕ разы куы ӕвӕрой, уӕд куыд хъуамӕ кӕнай?
16 Нозтӕй дӕм куы фӕхатынц кӕнӕ дӕ разы куы уа, уӕд-иу фыццаджыдӕр ахъуыды кӕн: ӕнӕбануазгӕ дзы нӕй? Кӕд нуазай, уӕд-иу дӕ ма ферох уӕд дӕ бӕрц — уымӕй фылдӕр-иу ма бануаз. Фысым дӕм куы хата, уӕддӕр-иу ма сразы у. Стӕй фынгыл бадгӕйӕ, дзырдӕн, чындзӕхсӕвы фынгыл, къӕрцхъус у — нозт дзы бирӕ вӕййы. Иуӕй-иу бӕстӕты закъон сывӕллӕттӕн нуазыны бар дӕтты. Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ дзурой, нозт цы фыдбылызтӕм ӕркӕны, уый тыххӕй, стӕй цы нуазынц ӕмӕ цас нуазынц, уымӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой (Ӕмбисӕндтӕ 22:6).
Дӕ бон у йӕ ныууадзын
17. Нозтмӕ ӕмхиц дӕ ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн?
17 Мыййаг, нозтмӕ ӕмхиц дӕ? Кӕд дыл нозт тых кӕнын райдыдта — абон уа, райсом уа, уӕддӕр йӕ къӕппӕджы хаудзынӕ. Фӕлӕ дыл цӕмӕй ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй дӕ зӕрдӕмӕ лӕмбынӕг ныккӕс. Хорз ахъуыды кӕн ахӕм фарстытыл: арӕхдӕр нуазын нӕ райдыдтон? Ноджы карздӕр нозтытӕм нӕ рахызтӕн? Мӕ нервытӕ ӕрсабыр кӕнынӕн, йе та мӕ мӕстытӕ ферох кӕнынӕн нуазын? Мӕ бинонтӕй кӕнӕ мӕм мӕ зонгӕтӕй уый тыххӕй ныхас ӕрхауы? Мӕ нозтӕй мӕ бинонты сабыр цард нӕ хӕлы? Ӕнӕ нозтӕй мӕ бон у къуыри, иу мӕй кӕнӕ цалдӕр мӕйы, ӕви нӕ? Цас бануазын, уый иннӕтӕй сусӕг кӕнын? Ацы фарстытӕй искӕцытӕн кӕд «о» зӕгъыс, уӕд дын куыд кӕнгӕ у? Ма у, Библи цы адӕймаджы кой кӕны, ахӕм — «йӕ ӕрдзон цӕсгоммӕ кӕсӕнмӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: уый бакаст йӕхимӕ, иуварс ацыд — ӕмӕ уыцы сахат ферох кодта, цы хуызӕн у, уый» (Иаковы 1:22—24). Дӕхимӕ ӕркӕс. Куыд?
18, 19. Цы дӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ мауал нуазай?
18 Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Фыднызт ма кӕнут сӕн, кӕцыйӕ вӕййы ӕнӕгъдаудзинӕдтӕ; фӕлӕ Удӕй ӕххӕст кӕнут» (Ефесӕгтӕм 5:18). Сбӕрӕг кӕн, ӕгӕр бирӕ дын цас у, ӕмӕ дӕ бӕрцӕй фылдӕр ма нуаз. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ: мӕ бӕрц цас у, уымӕй фылдӕр нӕ нуаздзынӕн. Дӕхиуыл хӕцын зон (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Мыййаг арӕх ӕрбадыс, тыхӕй дарын чи уарзы, ахӕм адӕймӕгтимӕ? Къӕрцхъус у! «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын,— зӕгъы Библи,— ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).
19 Кӕд дӕ мӕстытӕ ферох кӕныны тыххӕй нуазыс, уӕд афтӕ мауал кӕн — зындзинӕдты хъӕддых лӕууын хъӕуы. Ахӕм уавӕры ӕххуыс агурын хъӕуы Хуыцауы Ныхасы (Псалом 118:105). Дӕ удмӕ хӕстӕгдӕр чи у, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс курын ма ’фсӕрмы кӕн. Иегъовӕ дын цы дӕтты, уымӕй дӕхи цух ма уадз — дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕн. Ӕдзух ӕм кув — уӕлдайдӕр дӕ нозт ныууадзыны тыххӕй. Лӕгъстӕ йын кӕн, цӕмӕй дын дӕ «уыргтӕ» ӕмӕ дӕ «зӕрдӕ» ссыгъдӕг кӕна (Псалом 25:2, МГТ). Ацы статьяйы размӕ куыд дзырдтам, афтӕмӕй дӕ тыхтӕ сараз ӕнаипдзинады фӕндагыл цӕуынмӕ.
20. Нозт ныууадзыны тыххӕй ма хатт цы бахъӕуы саразын?
Маркы 9:43). Ома? Нозт дӕ дзыхмӕ макуыуал схӕсс. Афтӕ бакодта иу сылгоймаг, схондзыстӕм ӕй Ирен. «Дыууӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц ӕз нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр не ’рцыдтӕн,— зӕгъы Ирен.— Иу афон дын мӕ сӕры куы фӕмидӕг уаид, ама, иу ануазон, зӕгъгӕ, кӕддӕра мын исты уаид? Иу агуывзӕ мын цы кӕндзӕн? Фӕлӕ мӕм куыддӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, афтӕ Иегъовӕмӕ скуывтон. Ӕмӕ мӕхицӕн фидарӕй загътон: цалынмӕ ног дуне ӕрцӕуа, уӕдмӕ — ӕниу, чи зоны ног дунейы дӕр, мӕ дзыхмӕ нозт не схӕсдзынӕн». Хуыцауы рӕстаг ног дунейы цӕрын уый аргъ куыннӕ у, ӕмӕ нозтыл дӕ къух сисай! (2 Петры 3:13).
20 Фӕлӕ дын уӕддӕр дӕ нозт ныууадзын куы нӕ уайа, уӕд та? Байхъус Йесомӕ. Уый загъта: «Кӕд [дӕ] рӕдийын кӕны дӕ къух, алыг ӕй кӕн: хуыздӕр у дӕуӕн цӕнкуылӕй цардмӕ бацӕуын, дыууӕ къухимӕ зындонмӕ бацӕуыны бӕсты» (Афтӕ згъорут, цӕмӕй райсат
21, 22. Нӕ дугъы фӕндагыл лидзынӕн нын къуылымпыйы хос цы у, ӕмӕ йӕм ӕнӕкъуылымпыйӕ куыд бахӕццӕ уыдзыстӕм?
21 Апостол Павел йӕ фыстӕджы чырыстон адӕймаджы цард абарста дугъы фӕзуаты згъорынимӕ: «Нӕ зонут ӕви, дугъы фӕзуаты, дугъонтӕ иууылдӕр кӕй згъорынц, фӕлӕ лӕвар райсы иу? Уӕдӕ згъорут, цӕмӕй райсат [«афтӕ згъорут, цӕмӕй сымах дӕр райсат», НФ]. Дугъӕттӕ иууылдӕр алцӕмӕй дӕр сӕхиуыл хӕцынц: уыдон ӕмбийгӕ кады худ райсыны тыххӕй, мах та — ӕнӕмбийгӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕз згъорын афтӕ нӕ, куыд ӕнӕрастмӕ, тухи кӕнын афтӕ нӕ, цӕмӕй ӕрмӕст уӕлдӕф нӕмон; фӕлӕ сабыр кӕнын ӕмӕ цагъар кӕнын мӕ буары, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кӕнгӕйӕ, мӕхӕдӕг ма баззайон ӕнӕаккагӕй» (1 Коринфӕгтӕм 9:24—27).
22 Царды лӕвар, дугъы кӕронмӕ чи бахӕццӕ уа, ӕрмӕстдӕр уыдон райсдзысты. Фӕлӕ карз нозтимӕ лымӕн куы уӕм, уӕд кӕронмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы хиуыл хӕцын. Цӕмӕй уыцы фӕндагыл ӕнӕкъуылымпыйӕ лидзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нозтӕй бӕрц зонӕм (1 Петры 4:3). Мах хъуамӕ нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм алкӕддӕр. Уӕдӕ «аиуварс кӕнӕм ӕнӕрӕстдзинад ӕмӕ дунейаг фӕндӕттӕ, ӕдӕгъдауӕй, раст ӕмӕ хорз намысы» цӕрӕм (Титмӕ 2:12).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 2 абз. Ацы статьяйы «нозт» амоны бӕгӕны, сӕн, стӕй спъирт кӕмӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм нозтытӕм.
^ 9 абз. Закъонмӕ гӕсгӕ бар кӕм нӕй нозтджынӕй машинӕ скъӕрын, уыцы бӕстӕты чырыстӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, закъонмӕ хъусдзысты.
Хъуыды ма кӕныс?
• Цы у нозтӕй бӕрц нӕ зонын?
• Нозт цавӕр фыдбылызтӕм ӕркӕны?
• Цӕмӕй нозты къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
• Нозт ныууадзӕн куыд ис?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 28 фарсыл]
Сӕн «хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ».
[Ныв 29 фарсыл]
Хъуамӕ нозтӕй нӕ бӕрц зонӕм ӕмӕ уымӕй фылдӕр ма нуазӕм.
[Ныв 30 фарсыл]
Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ: уымӕй фылдӕр нӕ нуаздзынӕн.
[Ныв 31 фарсыл]
Иегъовӕмӕ дӕ нозт ныууадзыны тыххӕй кув.
[Ныв 32 фарсыл]
Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн дзурой, нозт цы фыдбылызтӕм ӕркӕны, уый тыххӕй.