Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ныхас уӕндонӕй дзур

Хуыцауы ныхас уӕндонӕй дзур

Хуыцауы ныхас уӕндонӕй дзур

«Ацу, ӕмӕ мӕ адӕмӕн... афтӕ зӕгъ» (АМОС 7:15).

1, 2. Чи уыд Амос ӕмӕ Библи уый тыххӕй цы зӕгъы?

ИУХАТТ, Хуыцауы ныхас хъусынгӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг хӕрхӕмбӕлд фӕци сауджыныл. Сауджын хъӕр кӕнын райдыдта: «Куыннӕуал дӕ фенон хъусынгӕнгӕ! Фесӕф ардыгӕй!» Цы бакодта Хуыцауы лӕггадгӕнӕг? Сауджынмӕ байхъуыста ӕви дарддӕр уӕндонӕй хъусын кодта Хуыцауы Ныхас? Дӕ бон уый базонын у, уымӕн ӕмӕ уыцы лӕггадгӕнӕгыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ныффыста, Библийы йӕхи номӕй чи хуыйны, уыцы чиныджы — Амосы чиныджы. Амос ӕмӕ сауджыны фембӕлдыл бӕстон фӕстӕдӕр аныхас кӕндзыстӕм, фӕлӕ уал уӕдмӕ дыууӕ ныхасы зӕгъын хъӕуы Амосӕн йӕхи тыххӕй.

2 Чи уыд Амос? Кӕм царди? Кӕд царди? Ацы фарстытӕн нын дзуапп дӕтты Амос 1:1: «Фекойаг фысгӕстӕй иуы, Амосы, ныхӕстӕ... Иудӕйы паддзах Ози куы уыди, Израилы паддзах та Иоасы фырт Иеровоам куы уыди, уӕд». Амос царди Иудӕйы паддзахады, Фекойы сахары, Иерусалимӕй йӕм хуссарырдӕм цӕуын хъуыд 16 километры. Царди н. э. агъоммӕ IX ӕнусы кӕрон, Иудӕйы Ози куы уыди паддзах, дӕсмыггаг Израилы та — Иеровоам II. Амос дардта фыстӕ. Ӕцӕг, Амосы 7:14 куыд фыст у, афтӕмӕй уый канд «фосдарӕг» нӕ уыди, фӕлӕ ма «сикаморӕтӕ [легъуитӕ] дӕр хуынчъытӕ кодта». Ацы куыст кодта тыллӕг ӕфснайыны афон. Легъуитӕ-иу уымӕн хуынкъ кодтой, цӕмӕй-иу тагъддӕр срӕгъӕд уыдаиккой. Уыцы куыстӕй тынг фӕлмӕцыд адӕймаг.

«Ацу, ӕмӕ... афтӕ зӕгъ»

3. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцауы дзырд хъусын кӕнынӕн нӕ бӕззӕм, уӕд нын Амосы хабар ныфсы хос куыд уыдзӕн?

3 Амос йӕхӕдӕг ӕргом загъта: «Ӕз нӕдӕр мӕхӕдӕг уыдтӕн пехуымпар, нӕдӕр мӕ фыд уыди пехуымпар» (Амос 7:14). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Амос пехуымпары фырт нӕ уыди, ӕмӕ йӕ пехуымпары куыстмӕ дӕр ничи цӕттӕ кодта. Фӕлӕ Иегъовӕ Иудӕйы адӕмы ’хсӕнӕй йӕ хъуыддагӕн нӕдӕр хъомысджын паддзахы равзӕрста, нӕдӕр ахуыргонд сауджыны, нӕдӕр хъӕздыг мыггаджы хистӕры; уый равзӕрста Амосы. Ӕмӕ уый ныфсы хос у махӕн. Мах дӕр, чи зоны, ӕхсӕнады стыр бынат нӕ ахсӕм кӕнӕ ахуыргонд адӕм не стӕм. Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцауы дзырд хъусын кӕнынӕн нӕ бӕззӕм? Нӕ, афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм! Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг у ахъазгӕнӕг, цӕмӕй йӕ ныхас хъусын кӕнын нӕ бон уа алкӕм дӕр — ӕнцон кӕм нӕу, ахӕм рӕтты дӕр. Иегъовӕ ӕххуыс кодта Амосӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы дзырд уӕндонӕй хъусын кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕндӕр стыр ахъаз уыдзӕн, хъӕбатыр пехуымпар Амос куыд лӕггад кодта, уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын.

4. Амосӕн Израилы Хуыцауы дзырд хъусын кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыд?

4 Иегъовӕ Амосӕн бафӕдзӕхста: «Ацу ӕмӕ мӕ адӕмӕн, Израилӕн, афтӕ зӕгъ» (Амос 7:15). Уый ӕнцон хӕслӕвӕрд нӕ уыд. Уыцы заман Израилы дӕсмыггаг паддзахад йӕхицӕн ӕдасӕй ӕмӕ фӕрнӕй цард. Адӕм уыдысты хъӕздыг. Бирӕтӕн «сӕрдыгон хӕдзӕрттӕй» дарддӕр уыди «зымӕгон хӕдзӕрттӕ» дӕр; арӕзт та уыдысты хуымӕтӕг самандурӕй нӕ, фӕлӕ зынаргъ «лӕгъз дурӕй». Уыдис дзы ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕм уыди пылыстӕгӕй конд рӕсугъд, нывӕфтыд хӕдзары дзауматӕ, стӕй нуӕзтой, «ӕмбисонды хорз сӕндӕтты» кӕй кодтой, ахӕм сӕн (Амос 3:15; 5:11). Бирӕты сӕ бухъ цард уымӕ ’ркодта, ӕмӕ сӕнӕмӕт сты. Уӕдӕ, Амос цавӕр адӕмӕн хъусын кодта, абон махӕй дӕр бирӕтӕ ахӕм адӕмӕн хъусын кӕнынц.

5. Цавӕр хӕрам митӕ кодтой израилӕгтӕй бирӕтӕ?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, израилӕгтӕ хъӕздыг кӕй цардысты, уым ӕвзӕрӕй ницы уыди. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ сӕхи тугвӕллойӕ нӕ систы афтӕ хъӕздыг. Хъӕздгуытӕ «сайдтой хуымӕтӕг адӕмы» ӕмӕ «мӕгуырты ссӕстой» (Амос 4:1). Бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыцы базаргӕнджытӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сауджынтӕ мӕгуырты стигъыныл ӕмдзырд бакодтой. Цӕй уӕдӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм уӕды заман ӕмӕ бакӕсӕм, уыцы фыдлӕгтӕ цы митӕ кӕнынц, уымӕ.

Хуыцауы Закъон халынц

6. Израилы базаргӕнджытӕ адӕмы куыд стыгътой?

6 Нырма уал акӕсӕм базармӕ. Уым ӕдзӕсгом базаргӕнджытӕ «ефӕ къаддӕр фӕкӕнынц» ӕмӕ «сикъылыл та уӕлӕмӕ схӕцынц», суанг ма «ӕхсӕдӕнтӕ» дӕр мӕнӕуы ӕфсон уӕй кӕнынц (Амос 8:5, 6). О, уыцы базаргӕнджытӕ ӕлхӕнджыты сайдтой: иуӕй сын, цы ӕмбӕлд, уымӕй къаддӕр барстой, иннӕмӕй та сын ӕй туджы аргъыл уӕй кодтой, ӕмӕ ма сӕ уӕййаг бӕзгӕ дӕр куы кодтаид. Уӕдӕ-иу базаргӕнджытӕ мӕгуыр адӕмы бынтондӕр куы бастыгътой, уӕд-иу уыдонӕн дӕр ӕндӕр фӕрӕз нал уыд, ӕмӕ-иу сӕхи ауӕй кодтой цагъартӕй. Ӕмӕ-иу сӕ уыцы базаргӕнджытӕ сӕхӕдӕг «дыууӕ дзабыры аргъӕй» балхӕдтой (Амос 8:6). Ахъуыды ма кӕн! Ацы кӕрӕф базаргӕнджытӕн се ’мтуг, се ’мдин израилӕгтӕ къахыдарӕсӕй зынаргъдӕр нӕ уыдысты! Уымӕй стырдӕр ӕфхӕрд ма цы хъуамӕ уыдаид мӕгуырӕн, Хуыцауы Закъоны ныхмӕ та — уымӕй ӕвирхъаудӕр фыдракӕнд! Фӕлӕ уыимӕ уыцы базаргӕнджытӕ кодтой «сабаты» ӕгъдӕуттӕ (Амос 8:5). Раст цыма уыдонӕй дингӕнӕгдӕр нӕ уыд, афтӕ дардтой сӕхи цӕстмӕ.

7. Израилы базаргӕнджытӕ-иу Хуыцауы Закъон куы хӕлдтой, уӕд сын иу «ма кӕн» зӕгъӕг цӕуылнӕ уыд?

7 О, фӕлӕ уыцы базаргӕнджытӕн иу «ма кӕн» зӕгъӕг куыд нӕ уыд, кӕд ӕмӕ Хуыцауы Закъон, йӕ фӕдзӕхст, «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр», зӕгъгӕ, бынтондӕр ницӕмӕ дардтой? (Левит 19:18). Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ Закъон адӕмы ’хсӕн фидар кӕнын кӕй хӕс уыд, уыдон — тӕрхоны лӕгтӕ — се ’мдзӕхдон уыдысты. Сахары кулдуӕртты раз, тӕрхоны хъуыддӕгтӕ кӕм ӕвзӕрстой, уым тӕрхонгӕнджытӕ «хъуыддаг ныссабыр кӕныны тыххӕй гӕртӕмттӕ истой ӕмӕ мӕгуыр адӕмы... фӕстӕмӕ здӕхтой». Тӕрхоны лӕгтӕ мӕгуыртӕн сӕ сӕрыл нӕ хӕцыдысты, фӕлӕ сыл гӕртӕмтты охыл сайдӕй цыдысты (Амос 5:10, 12). Куыд уынӕм, афтӕмӕй тӕрхоны лӕгтӕм дӕр Хуыцауы Закъон нымады нӕ уыд.

8. Сӕфт сауджынтӕ цавӕр митӕ кӕнын уагътой?

8 Ӕмӕ уӕд Израилы сауджынтӕй та цы зӕгъӕн ис? Цӕмӕй уый базонӕм, уый тыххӕй акӕсӕм ӕндӕр ранмӕ. Уӕртӕ ма, цавӕр тӕригъӕд хъуыддӕгтӕ уадзынц кӕнын сауджынтӕ «сӕ хуыцӕутты хӕдзары»! «Фырт дӕр ӕмӕ фыд дӕр цӕуынц уыцы иу чызгмӕ, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕной»,— загъта Хуыцау Амосы уылты (Амос 2:7, 8). Ахъуыды ма кӕн! Израилӕгтӕ фыдӕй фыртӕй цыдысты, кувӕндоны цы хъахбай ус уыд, уымӕ. Ӕмӕ сӕ сӕфт сауджынтӕ та сӕхи афтӕ дардтой, цыма уыцы цъаммар, хӕлд митӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕнынц! (Левит 19:29; Дыккаг закъон 5:18; 23:17).

9, 10. Израилӕгтӕ Хуыцауы Закъонӕй цавӕр фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой ӕмӕ абон уыдон хуызӕн чи у?

9 Иегъовӕ ма уыдта ӕндӕр ӕнӕгъдау хъуыддаг дӕр: «Цъынды кӕй райсынц, уыцы уӕлӕдарӕсыл адӕргъ вӕййынц алы нывондхӕссӕны цур, ӕмӕ кӕй фӕивар кӕнынц, уыдоны сӕн нуазынц сӕ хуыцӕутты хӕдзары» (Амос 2:8). Сауджынтӕм дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр нымады нӕ уыд, Рацыды 22:26, 27 цы фӕдзӕхст ис, уый. Уым та фыст ис, зӕгъгӕ, уӕлӕдарӕс цъынды кӕмӕй райсай, уымӕн ӕй, цалынмӕ нӕ баизӕр, уӕдмӕ фӕстӕмӕ ратт. Уый бӕсты-иу ӕй сӕ быны ӕрытыдтой, сӕхи-иу ыл ауагътой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕхицӕн кувӕндоны минас кодтой. Мӕгуыртӕй-иу иварӕн цы истой, уымӕй та-иу сӕн балхӕдтой ӕмӕ-иу ӕй мӕнг хуыцӕутты бӕрӕгбӕтты нуӕзтой. Ӕвӕдза, куыд тынг адзӕгъӕл сты Хуыцауы сыгъдӕг динӕй!

10 Ӕдзӕсгом израилӕгтӕ мисхал дӕр ницӕмӕ дардтой Закъоны дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты: уарз Иегъовӕйы ӕмӕ уарз иннӕты. Ӕмӕ сӕм Иегъовӕ Амосы дӕр уымӕн арвыста, цӕмӕй сын сӕ мӕнгард митӕ хурмӕ рахастаид. Абон адӕмтӕ алы бӕстӕты, уыимӕ чырыстон диныл хӕст чи у, уыцы бӕстӕты дӕр, сты, рагзаманты Израилы адӕм куыд гӕртамхор ӕмӕ хӕлд уыдысты, афтӕ. Чидӕртӕ сӕ цард сӕ къахӕй ассон-ассон кӕнынц, бирӕтӕ та сӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ кӕнынц. Стӕй, дунейы базарады рохтӕ кӕй къухы сты, уыцы ӕууӕнкхор амалгӕнджытӕ, политиктӕ ӕмӕ мӕнг дины раздзӕуджыты хӕлд ӕмӕ цъаммар хъуыддӕгтӕй хуымӕтӕг адӕмӕн сӕ уд сӕ хъуырмӕ сси. Фӕлӕ Иегъовӕйӕ рох не сты, ацы дунейы чи удхар кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи агуры, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн бахӕс кодта, Амос цы куыст кодта, раст ахӕм куыст — Йӕ ныхас ын уӕндонӕй хъусын кӕнын.

11. Амосы дӕнцӕг нын ахъаз цӕмӕй фӕуыдзӕн?

11 Амосы хӕслӕвӕрд ӕмӕ мах цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уыдон афтӕ ӕмхуызон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ нын стыр ахъаз фӕуыдзӕн Амосы дӕнцӕгмӕ ӕркӕсын. Уымӕй мах базондзыстӕм: 1) цавӕр хабар хъуамӕ хӕссӕм адӕммӕ; 2) куыд ӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, ӕмӕ 3) знӕгтӕн нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын сӕ бон цӕуылнӕ суыдзӕн. Цӕй уӕдӕ ацы хъуыдытӕм ӕркӕсӕм.

Амос нын бафӕзминаг цӕмӕй у

12, 13. Иегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ израилӕгтӕй кӕй нӕ ради, уый куыд равдыста, ӕмӕ уыдон, мыййаг, сӕхиуыл ӕрхудтысты?

12 Махӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, нӕ сӕрысӕйраг куыст у Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 28:19, 20; Маркы 13:10). Фӕлӕ Иегъовӕ фыдгӕнджытыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн, Амос уый куыд хъусын кодта, афтӕ мах дӕр нӕ рох кӕнӕм адӕмы фӕдзӕхсын. Дзырдӕн, Амосы 4:6—11 куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕ Израилы адӕмӕн алы ӕгъдауӕй ӕмбарын кодта, сӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ рад. Иегъовӕ сӕ «фӕцух кодта дзулӕй», «нӕ сын лӕвӕрдта къӕвда», стӕй сын уӕд «сӕ хортӕ хурӕй басыгъта ӕмӕ сын сӕ зайӕгхалыл лывз бафтыдта», афтӕ ма сыл «рын» дӕр рауагъта. Цымӕ уыцы бӕллӕхтӕ Израилӕн зондзонӕн фесты, сӕхиуыл ӕрхудтысты? «Нӕ мӕм раздӕхтыстут»,— загъта Иегъовӕ. О, израилӕгтӕ йӕ иу хатт дӕр ӕмӕ иннӕ хатт дӕр ницӕмӕ ӕрдардтой.

13 Уыйадыл хъуыддаг уымӕ ӕрцыд, ӕмӕ, фӕсмон чи нӕ зыдта, уыцы израилӕгтыл Иегъовӕ йӕ фыдӕх ныккалдта. Фӕлӕ уал сӕ раздӕр бафӕдзӕхста: цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый сын загъдӕуыд. Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ пехуымпартӕн, нӕ раргом кӕна, уӕдмӕ» (Амос 3:7). Иегъовӕ Нойӕн Доны хъаймӕты хабар куыд раргом кодта ӕмӕ йын адӕмы бафӕдзӕхсын куыд бахӕс кодта, афтӕ загъта Амосӕн дӕр, фӕстаг хатт ма сӕ бафӕдзӕхс, зӕгъгӕ. Хъыгагӕн, Израилы адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой Хуыцауӕй ӕрвыст ныхас ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой сӕ фыдхъуыддӕгтыл.

14. Нӕ рӕстӕг ӕмӕ Амосы дуг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

14 Куыннӕ сразы уыдзынӕ, уыцы хъуыддаджы дӕр нӕ рӕстӕг Амосы дугӕй кӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. Йесо Чырысти загъта, фӕстаг бонты бирӕ бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн. Загъта ма, хорз хабар ӕгас дунейы кӕй хъусын кӕндзысты, уый дӕр (Матфейы 24:3—14). Фӕлӕ Амосы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр ницӕмӕ дарынц, нӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый дӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар дӕр. Ахӕм адӕмыл акӕндзӕн хивӕнд израилӕгты бон. Иегъовӕ сӕ фӕдзӕхста: «Цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ» (Амос 4:12). Израилӕгтӕ Хуыцауимӕ фембӕлдысты, йӕ фыдӕх сӕ куы баййӕфта,— Ассири сӕ куы ныддӕрӕн кодта,— уӕд. Ацы ӕнӕхуыцау дуне та «Хуыцауимӕ фембӕлдзӕн» Армагеддоны (Раргомад 16:14, 16). Фӕлӕ ма цалынмӕ Иегъовӕ рӕстӕг дӕтты, уӕдмӕ мах хъуамӕ, гӕнӕн цас и, уыйбӕрц адӕмы фӕдзӕхсӕм: «Агурут Иегъовӕйы, ӕмӕ цӕрут» (Амос 5:6).

Махӕн дӕр нӕ ныхмӕ цӕуынц

15—17. а) Чи уыд Амаси ӕмӕ Амос Хуыцауы дзырд куы хъусын кодта, уӕд йӕхи цыхуызӕнӕй равдыста? ӕ) Амаси Амосыл цытӕ ӕрымысыд?

15 Адӕммӕ цавӕр хабар хъуамӕ хӕссӕм, уымӕй дарддӕр ма нын Амос фӕзминаг у, куыд хъусын кодта, уымӕй дӕр. Уый бӕрӕг у 7-ӕм сӕрӕй — ам мах ӕмбӕлӕм, нӕ ныхасы райдианы цы сауджыны кой кодтам, ууыл. Уый уыд «Амаси, Вефилы сауджын» (Амос 7:10). Вефил уыди, израилӕгтӕ мӕнг дин кӕм ӕрфидар кодтой, адӕм родӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы бынат. Уӕдӕ Амаси уыди паддзахадон дины сауджын. Цыхуызӕнӕй равдыста йӕхи, Амос Хуыцауы дзырд уӕндонӕй куы хъусын кодта, уӕд?

16 Амаси Амосӕн загъта: «Уӕртӕ, цӕстылуайӕнтӕуынӕг, цӕугӕ кӕн ардыгӕй, афардӕг у Иудӕйы бӕстӕм, уым хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ уым цасфӕнды дӕр дзур Хуыцауы номӕй. Ам Вефилы та амӕй фӕстӕмӕ куыд ницыуал дзурай, ай у паддзахы рухс кувӕндон ӕмӕ паддзахады хӕдзар» (Амос 7:12, 13). Иудзырдӕй, Амасийы зӕгъын фӕндыд: «Ацу, кӕцӕй ӕрбацыдтӕ, уырдӕм! Махӕн нӕхи дин ис». Амаси ма Амосыл хицауадмӕ дӕр дзырд бахаста, цӕмӕй йӕ хъусын кӕнын мауал уагътаиккой. Амаси паддзах Иеровоам II загъта: «Амос Израилы хӕдзарвӕндаджы адӕмы дӕ ныхмӕ ардауы» (Амос 7:10). Йӕ адӕмы уӕйгӕнӕджы ном ыл сӕвӕрдта! Уый ма паддзахӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Амос, зӕгъгӕ, Иеровоам кардӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн, Израил та йӕ зӕххӕй хаст ӕрцӕудзӕн, акӕндзысты йӕ уацары» (Амос 7:11).

17 Ацы иу хъуыдыйады Амаси сзыгъуыммӕ кодта ӕртӕ хъуыддаджы. Уый загъта: «Афтӕ зӕгъы Амос». Фӕлӕ Амос афтӕ никуы дзырдта, ӕмӕ пехуымпарад йӕхицӕй у. Йӕ ныхас ӕдзухдӕр уый уыди: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ» (Амос 1:3). Амосыл ма ноджыдӕр ӕрдау кодта: «Иеровоам кардӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн». Фӕлӕ Амосы 7:9-ӕм стихӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй Амос дзырдта Хуыцауы номӕй: «Ӕз [Иегъовӕ] сыстдзынӕн Иеровоамы хӕдзарвӕндаджы ныхмӕ ӕд кард». Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, ахӕм фыдбон баййафдзӕн Иеровоамы «хӕдзарвӕндаджы», ома йӕ байзӕддӕгты. Стӕй Амаси Амосы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, уый афтӕ загъта: «Акӕндзысты йӕ [Израилы] уацары». Фӕлӕ ма Амос афтӕ дӕр загъта, израилӕгтӕй Хуыцаумӕ чи раздӕха, уыдон йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзысты. Куыд уынӕм, афтӕмӕй, Амаси кодта гӕдыбыд ныхӕстӕ, цӕмӕй хицӕутты ахӕм зондыл сарӕзтаид, ӕмӕ Амосы хъусын кӕнын мауал уагътаиккой.

18. Цӕмӕй ӕмхуызон сты, Амаси цы «хӕцӕнгӕрзтӕй» архайдта ӕмӕ, Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ дины кусджытӕ абон цы «хӕцӕнгӕрзтӕй» хӕцынц, уыдон?

18 Нӕ бафиппайдтай, Амаси Амосы ныхмӕ цы «хӕцӕнгӕрзтӕй» архайдта, раст ахӕм «хӕцӕнгӕрзтӕй» кӕй хӕцынц Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ абон дӕр? Амаси Амосы банцайын кӕныныл куыд архайдта, афтӕ абон дӕр сауджынтӕй, динты разамонджытӕй ӕмӕ патриархтӕй чидӕртӕ сӕ уд хъарынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрӕхгӕныныл. Амаси Амосы ӕнаххосӕй фӕаххосджын кодта — йӕ адӕмы уӕйгӕнӕг ӕй рахуыдта. Абон дӕр сауджынтӕй иуӕй-иутӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл рӕстӕй дау кӕнынц, паддзахадӕн тынг тӕссаг сты, зӕгъгӕ. Стӕй Амаси Амосы ныхмӕ куы тох кодта, уӕд паддзахы йӕхи ӕвварс фӕкӕнынмӕ куыд хъавыд, афтӕ дины кусджытӕ дӕр бадзырдтӕ кӕнынц хицауады лӕгтимӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕрынӕн сын ахъаз куыд кӕной.

Знӕгтӕн нӕ бантысдзӕн хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын

19, 20. Куыд бакодта Амос, Амаси йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд?

19 Куыд бакодта Амос, Амаси йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд? Фыццаг уал уыцы сауджыны бафарста: «Ды зӕгъыс: „Израилы ныхмӕ ма дзур“?». Уый фӕстӕ Хуыцауы хъӕбатыр пехуымпар фидарӕй загьта, Амасийӕн хъыг чи уыд, уыцы ныхӕстӕ (Амос 7:16, 17). Амос нӕ фӕтарст. Ӕмӕ уымӕй фӕзминаг у махӕн! Дзырд Хуыцауы ныхас хъусын кӕныныл куы цӕуа, уӕд, Хуыцауы цы фӕнды, уый араздзыстӕм,— хъусын кӕндзыстӕм, нырыккон Амаситӕ нӕ фӕдыл кӕм зилынц, сӕ къухӕй карз ӕфхӕрд кӕм ӕййафӕм, суанг уыцы бӕстӕты дӕр. Амосау дарддӕр дӕр хъусын кӕндзыстӕм: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ». Не знӕгтӕн никуы бантысдзӕн нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы «къух» ис немӕ (Куыстытӕ 11:19—21).

20 Уӕвгӕ, Амаси куыннӕ хъуамӕ зыдтаид, йӕ ӕртхъирӕнтӕй кӕй ницы рауайдзӕн. Амос раздӕр бамбарын кодта, зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр цӕуылнӕ уыд йӕ бон афтӕ бакӕнын, ӕмӕ мауал дзырдтаид. Уый та у, ӕрныхас кӕнын нӕ кӕуыл хъӕуы, уыцы хъуыдытӕй ӕртыккаг. Нӕ хъус ӕрдарӕм Амосы 3:3—8. Ам Амос ӕрӕвӕрдта фарстытӕ ӕмӕ ӕрхаста цӕвиттонтӕ, дзӕгъӕлы, ӕнӕ ӕфсонӕй ницы вӕййы, уый равдисынӕн. Ӕмӕ стӕй, цӕмӕн сӕ ’рхаста, уый бамбарын кодта: «Домбай богъ-богъ кӕны! Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта! Чи нӕ дзурдзӕн?». Ӕндӕр ныхасӕй, Амос, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта: «Домбайы богъ-богъмӕ сымах ӕнӕфӕтӕрсгӕ куыд нӕ фӕуыдзыстут, афтӕ мӕнӕн дӕр кӕд Иегъовӕ бахӕс кодта, зӕгъгӕ, ацу, мӕ ныхас мын фехъусын кӕн, уӕд мӕ бон ӕнӕдзургӕ нӕу». Амосмӕ Хуыцауы тас кӕй уыди, аргъуыц дзы кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ уӕндонӕй дзырдта.

21. Куыд ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕс — хъусын кӕныны хъуыддаг?

21 Абон махӕн дӕр Иегъовӕ бахӕс кодта хъусын кӕнын. Ӕмӕ йӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм мах та? Мах дӕр Амосау ӕмӕ Йесойы рагон фӕдылдзӕуджытау Иегъовӕйы ӕххуысӕй адӕмӕн уӕндонӕй дзурӕм Йӕ ныхас (Куыстытӕ 4:23—31). Не знӕгтӕ куыдфӕнды нӕ ныхмӕ ма цӕуой, цы дзурӕм, уымӕ адӕм цыфӕнды уазал цӕстӕй ма кӕсой,— ницы нӕ бауромдзӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххы къорийыл Амосау сӕ удӕй арт цӕгъдынц ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар уӕндонӕй дзурынц. Мах хӕсджын стӕм адӕмы фӕдзӕхсын, Иегъовӕйы тӕрхоны бон ӕрхӕстӕг кӕны, зӕгъгӕ. Кӕмӕн цы ӕрхӕсдзӕн уыцы тӕрхоны бон? Ацы фарстӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цавӕр уавӕрты ӕххӕст кодта Амос Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕс?

• Амосау мах дӕр цы хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

• Куыд хъуамӕ хъусын кӕнӕм хорз хабар?

• Не знӕгтӕн хъусын кӕныны хъуыддаг сӕ бон цӕуылнӕ у бауромын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Хуыцау йӕ куыст бакӕнынӕн равзӕрста Амосы, легъуитӕ хуынчъытӕгӕнӕджы.

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Ды дӕр Амосау уӕндонӕй хъусын кӕныс Иегъовӕйӕ ныхас?