Бирӕты цӕуылнӕ уырны, дин ӕппӕт адӕмы кӕй баиу кӕндзӕн
Бирӕты цӕуылнӕ уырны, дин ӕппӕт адӕмы кӕй баиу кӕндзӕн
«БАУАРЗ дӕ хӕстӕджы» (Матфейы 22:39). Бирӕ динтӕй ис фехъусӕн, уый кӕй у сӕ царды сӕйраг уагӕвӕрд. Кӕд уыцы динтӕн ӕцӕгдӕр бантыст, чи сӕм цӕуы, уыдоны адӕмы уарзын сахуыр кӕнын, уӕд ӕппӕт аргъуанмӕ цӕуджытӕ дӕр хъуамӕ уой ӕмуд. Фӕлӕ ахӕмӕй исты уынӕм? Динтӕ адӕмы иу кӕнынц? Ӕрӕджы Германы цӕрджыты ’хсӕн скодтой ӕрфарст: «Динтӕ адӕмы иу кӕнынц ӕви дих?». Уыдонӕн сӕ 22 проценты загътой – иу кӕнынц, зӕгъгӕ, сӕ 52 проценты дзуапп та уыд – дих кӕнынц. Ды кӕм цӕрыс, уым дӕр адӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕнынц.
Динӕн йӕ бон ӕппӕт адӕмы баиу кӕнын кӕй у, уый адӕмӕн сӕ фылдӕры цӕуылнӕ уырны? Ӕвӕццӕгӕн, ивгъуыд хабӕрттӕй цы зонынц, уымӕ гӕсгӕ. Дин адӕмы хъуамӕ иу кӕнид, уый та сӕ арӕх дихтӕ ныккӕны. Хатт дины номӕй арӕзт ӕрцӕуы, ӕвирхъаудӕр скӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕркӕсӕм, ӕрмӕст дзы фӕстаг 100 азы чи ӕрцыд, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
Дины номӕй
Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы, Балканы ӕрдӕгсакъадахыл, католик хорваттӕ ӕмӕ православон сербтӕ сӕ кӕрӕдзи марыныл нӕ ауӕрстой. Ацы дыууӕ адӕмыхатты сӕхи хуыдтой Чырыстийы – уарзын чи ахуыр кодта, уый – фӕдылдзӕуджытӕ. Фӕлӕ иу иртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дыууӕ адӕмы ’хсӕн цы хӕст ссыгъд, уым, «хӕцгӕ чи нӕ кодта, уыдонӕй уыйас фӕцагъд, ӕмӕ афтӕ зӕххыл никуы ма уыд». Дуне ныррызт, 500 000 адӕймаджы – нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ дзы сывӕллӕттӕ кӕй фӕмард, уый куы базыдтой, уӕд.
1947 азы Индийы ӕрдӕгсакъадахыл цард 400 милуан адӕймаджы – ӕгас дунейы адӕмӕн сӕ фӕндзӕм хайы бӕрц – сӕ фылдӕр уыдысты индустӕ, пысылмӕттӕ ӕмӕ сикхтӕ. Инди куы адих, уӕд фӕзынд ног пысылмон бӕстӕ Пакистан. Уыцы хъуыддаг дыууӕ дины минӕвӕртты кӕрӕдзийы ныхмӕ фӕкодта ӕмӕ карз тох расайдта. Дыууӕрдыгӕй дӕр сӕдӕгай мин адӕм фыдмиты амӕттаг фесты: кӕй дзы судзгӕ бакодтой, кӕй нӕмгӕ, кӕй та фыдмард акодтой.
Цыма, уӕлдӕр цытӕ ранымадтам, уыдон фаг нӕ уыдысты, уыйау ныр та, XXI ӕнусы райдианы, адӕмы тас бауагъта терроризм. Ӕппӕт дуне дӕр йӕ къахыл слӕууын кодта. Ӕмӕ та террористтӕн дӕр сӕ фылдӕр сӕхи
кӕцыдӕр динӕй рахонынц. Дин иугӕнӕг схонӕн нӕй. Уый нӕ, фӕлӕ ма арӕхдӕр тыхми ӕмӕ, адӕм кӕй ныддихтӕ вӕййынц, уый бӕттынц динимӕ. Диссаг нӕу, немыцаг журнал «ФОКУС» дунейы сӕйраг динтӕй – буддизм, даосизм, индуизм, иудаизм, Конфуцийы ахуырад, пысылмон дин ӕмӕ чырыстон динӕй кӕй загъта, зӕгъгӕ, топпы хосӕй уӕлдай не сты.Динтӕ сӕхи мидӕг нӕ фидауынц
Иуӕй-иу динтӕ сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фӕвӕййынц, иннӕтӕ та сӕхи мидӕг нӕ фидауынц. Дзырдӕн, фӕстаг азты чырыстон аргъуанты сарӕх сты быцӕутӕ сӕ сӕйраг ахуырӕдты тыххӕй. Сауджынты дӕр ӕмӕ ӕнӕуи адӕмы дӕр фӕнды зонын: бинонты цал сывӕллоны хъӕуы, уымӕй фылдӕр сын цӕмӕй ма рацӕуа, уый тыххӕй сын исты мадзӕлттӕй пайда кӕнӕн ис ӕви нӕ? Аборт кӕнӕн ис ӕви нӕ? Ис гӕнӕн, ӕмӕ сылгоймаг сауджын уа ӕви нӕ? Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса аргъуан гомосексуализммӕ? Дин хӕстытыл хъуамӕ йӕ арм дара? Сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сагъӕсты бахауынц: «Куыд баиу кӕндзӕн дин ӕппӕт адӕмы, кӕд ӕмӕ йӕхи адӕмы баиу кӕнын йӕ бон нӕу?».
Куыд зыны, афтӕмӕй динтӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, сӕхи ӕппӕт адӕмы иугӕнӕгӕй нӕ равдыстой. Фӕлӕ цымӕ алы дин дӕр у йӕхимидӕг афтӕ дихтӕ? Иннӕты хуызӕн чи нӕу, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты баиу кӕнын йӕ бон кӕмӕн у, ахӕм дин ис?
[Ныв 3 фарсыл]
Инди, 1947 аз. Дыууӕ динон къорды иргъӕвгӕйӕ чи фӕцӕф, уыцы пъӕлицӕйӕгтӕ.
[Барлӕвӕрдӕй]
Photo by Keystone/Getty Images