Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхи хиз, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕй

Дӕхи хиз, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕй

Дӕхи хиз, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕй

АФРИКӔ. Иу гыццыл кӕрты судзгӕ хуры бын лӕууы гом чырын. Мӕрддзыгой адӕм йӕ рӕзты цӕуынц. Иу зӕронд лӕг чырыны раз ӕрлӕууыд. Йӕ цӕстыты ӕнӕкӕрон сагъӕс ныббадт. Лӕг марды цӕсгоммӕ ныггуыбыр кодта ӕмӕ йӕ хъарӕг райхъуыст: «Цӕуылнӕ мын ӕй схъӕр кодтай, цӕугӕ кӕй кӕныс? Афтӕмӕй мӕ куыд ныууагътай? Ныр фӕстӕмӕ куы здӕхыс, уӕд ма мын куыд ӕххуыс кӕндзынӕ?».

Африкӕйы ӕндӕр ран та райгуырд сывӕллон. Никӕмӕн ӕй ӕвдисынц. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд ын скодтой номӕвӕрӕн ӕмӕ йӕ фыццаг хатт адӕм ӕрмӕст уӕд федтой.

Иуӕй-иу адӕмтӕм мардимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ ноггуырды ӕддагӕтты цӕстӕй ӕмбӕхсын, чи зоны, тынг ӕнахуыр фӕкӕса. Фӕлӕ бирӕты уырны, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр кӕмдӕр кӕй фӕцӕры. Ӕмӕ сӕм ахӕм ӕгъдӕуттӕ дӕр уый тыххӕй ис.

Ууыл афтӕ тынг ӕууӕндынц, ӕмӕ сын ӕнӕ уыцы ӕнӕкӕрон бирӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ кӕнонтӕй царды иу къахдзӕф акӕнӕн дӕр нӕй. Зӕгъӕм, милуанты уырны, зӕгъгӕ, адӕймагӕн йӕ царды сӕйрагдӕр къӕпхӕнтӕ чи сты: йӕ райгуырд, йӕ усгуры (йӕ чындздзон) кары бацыд, бинонтӕ скӕнын, цот рауадзын ӕмӕ йӕ мӕлӕт – уыдоныл у йӕ фӕндаг, фыдӕлтӕ цы дунейы сты, уырдӕм. Уырны сӕ, амӕлӕг, зӕххыл ын чи баззад, уыдоныл кӕй ауды. Йӕ царды цалх дарддӕр йӕ зылд кӕй кӕны – ногӕй ӕмӕ та ногӕй ӕндӕр хуызы райгуыры.

Цӕмӕй йын йӕ иу райгуырдӕй иннӕмӕ ӕнцон хизӕн уа, уый тыххӕй кӕнынц дуне ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ кӕнонтӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕн сӕ ратӕдзӕн уырдыгӕй у, ӕмӕ адӕмы уырны, мӕлгӕ ӕрмӕстдӕр буар кӕй кӕны. Ӕппӕт ахӕм ӕгъдӕуттӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ иу дӕр нӕ кӕнынц. Цӕуылнӕ?

Мард ма исты фембары?

Мард ма исты фембары ӕви нӕ, уый бӕлвырд-бӕрӕг ӕмбарын кӕны Библи. Тынг хуымӕтӕгӕй дзы ис фыст: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц... Сӕ уарзт дӕр, сӕ фыдӕх дӕр ӕмӕ сӕ хӕлӕг дӕр фесӕфтысты... Шеолы [адӕмы иумӕйаг ингӕн], ды кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы ӕмбарынад ис, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 6, 10). Уый у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу ӕмӕ йыл Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ рагӕй хӕцынц. Уыдон бамбӕрстой: адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы кӕй ницыуал баззайы, йӕ хъуыдытӕ дӕр иууылдӕр фесӕфынц (Псалом 145:4). Рагзаманты Иегъовӕ йӕ адӕмы карзӕй ныффӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хизой, мӕрдтӕ ма кӕмдӕр цӕрынц ӕмӕ удӕгӕстӕм бар дарынц, зӕгъгӕ, ахӕм уырнындзинӕдтыл чи ӕнцайы, уыцы ӕгъдӕуттӕй (Дыккаг закъон 14:1; 18:9–13; Исай 8:19, 20).

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр нӕ кодтой, мӕнг дины ахуырӕдтӕй цы ӕгъдӕуттӕ кӕнӕ кӕнонтӕ цыдысты, уыдон (2 Коринфӕгтӕм 6:15–17). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, буары хуызӕй цавӕрфӕнды ма уой, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, кӕмфӕнды ма схъомыл уой – мӕлӕты фӕстӕ адӕймагӕн йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы, зӕгъгӕ чи дзуры, ахӕм мӕнг ахуырӕдтимӕ баст ӕгъдӕуттӕ нӕ кӕнынц.

Уӕдӕ нын цавӕрдӕр бӕрӕгбӕттӕ кӕнӕ кӕндтытӕ аразын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый цӕмӕй базонӕм? Хъӕуы нӕ бӕстон ӕркӕсын, мӕнг ахуырӕдтимӕ йын иумӕйагӕй исты ис, зӕгъӕм, мӕрдтӕ удӕгӕстыл хӕрзаудӕн кӕнӕ фыдаудӕн кӕй кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цы дзурынц, уыимӕ зонгӕ чи у, уыдон нӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнгӕ куы феной, уӕд сын къуылымпыйы хос нӕ уыдзыстӕм? Уыдӕттӕ нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ – адӕймагӕн йӕ райгуырд ӕмӕ йӕ мӕлӕтмӕ.

Сывӕллоны райгуырд ӕмӕ ном ӕвӕрынимӕ баст ӕгъдӕуттӕ

Сывӕллоны райгуырдимӕ цы ӕгъдӕуттӕ ис баст, уыдон иууыл ӕвзӕр не сты. Фӕлӕ адӕм афтӕ кӕм хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ноггуырд, нӕ мард фыдӕлтӕ кӕм цӕрынц, уырдыгӕй ӕрцӕуы, уым Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъуамӕ уой лӕмбынӕг. Зӕгъӕм, Африкӕйы иуӕй-иу рӕтты ноггуырды цасдӕр рӕстӕг хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ рахӕссынц ӕмӕ йыл ном нӕ сӕвӕрынц. Уыцы рӕстӕг кӕм фылдӕр ахӕссы, кӕм къаддӕр, фӕлӕ уый фӕстӕ алы ран дӕр скӕнынц бӕрӕгбон – номӕвӕрӕн. Уӕд сывӕллоны фыццаг хатт ӕддӕмӕ рахӕссынц, хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн равдисынц ӕмӕ йыл цы ном сӕвӕрдтой, уый фӕзӕгъынц.

Уыцы ӕгъдау цы нысан кӕны, уый тыххӕй чиныг «Ганӕ: йӕ адӕм ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ» фыссы: «Сывӕллон йӕ царды фыццаг къуырийы дӕргъы нымад вӕййы, сӕ мард фыдӕлты удтӕ кӕм цӕрынц, уырдыгӕй чи нӕма ӕрхӕццӕ, ахӕм „уазӕгыл“. [...] Ноггуырды фӕдарынц мидӕгӕй – бинонтӕй дарддӕр ӕй уынын никӕмӕн ӕмбӕлы» («Ghana​–Understanding the People and Their Culture»).

Сывӕллоныл ном сӕвӕрынмӕ та цасдӕр рӕстӕг цӕмӕн фенхъӕлмӕ кӕсынц? Чиныг «Ганӕ – ивгъуыдмӕ акӕсгӕйӕ» ӕмбарын кӕны: «Цалынмӕ авд боны рацӕуы, уӕдмӕ сывӕллон адӕймагыл нымад нӕ вӕййы. Уӕдмӕ, цы дунейӕ рацыд, уымӕй ӕххӕст нӕ ахицӕн вӕййы». Дарддӕр уыцы чиныджы фыст ис: «Уыдоны уырны, сывӕллон йӕ номӕй кӕй свӕййы адӕймаг, ӕмӕ йӕм цалынмӕ ныййарджыты зӕрдӕ амӕлынӕй фехсайы, уӕдмӕ йын номӕвӕрӕн не скӕнынц. Уӕдӕ, куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй уыцы ӕгъдау, ома иу дунейӕ иннӕмӕ рацӕуын (хатт ӕй фӕхонынц сывӕллоны ӕддӕмӕ хӕссӕн бон), тынг ахады куыд ноггуырды цардыл, афтӕ йӕ ныййарджытыл дӕр. Уый у ахӕм бӕрӕгбон, сывӕллон удӕгӕсты дунемӕ куы бахизы» («Ghana in Retrospect»).

Номӕвӕрӕны кувӕг арӕхдӕр вӕййы мыггаджы хистӕр. Ацы бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕ алы ран иухуызон не сты, фӕлӕ дзы арӕх фӕнуазынц карз нозт, фӕкувынц сӕ мӕрдтӕм – сӕ ноггуырд сыл дзӕбӕхӕй кӕй сӕмбӕлд, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ.

Бӕрӕгбон йӕ тӕмӕны бацӕуы, сывӕллонӕн йӕ ном куы фӕзӕгъынц, уӕд. Ӕмӕ кӕд сывӕллоныл ном хъуамӕ йӕ ныййарджытӕ ӕвӕрой, уӕддӕр хӕстӕджытӕ арӕх сӕхи ныхас фӕкӕнынц, цӕмӕй уыдоны куыд фӕнды, афтӕ йӕ схоной. Иуӕй-иу нӕмттӕ се ’взагыл цыдӕр фӕамонынц, зӕгъӕм, «ацыд ӕмӕ ӕрыздӕхт», «мад дыккагӕй ӕрцыд» кӕнӕ «фыд ногӕй ӕрцыд». Кӕцыдӕр нӕмттӕн та сӕ хъуыды ӕндӕр вӕййы ӕмӕ сӕ сӕвӕрынц, цӕмӕй мӕрдтӕ ноггуырды фӕстӕмӕ сӕхимӕ ма акӕной, уый тасӕй.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллоны райгуырд цины хабар у. Стӕй, чидӕр йӕ сывӕллоны искӕй номӕй схондзӕн кӕнӕ, кӕд ӕмӕ цы уавӕрты райгуырд, уымӕ гӕсгӕ сӕвӕрдзӕн ном, уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ йын ном кӕд ратдзӕн, уый дӕр алкӕмӕн йӕхи бар у. Фӕлӕ ис ахӕм ӕгъдӕуттӕ, ӕмӕ бӕрӕг у, ахӕм хъуыдыйыл кӕй ӕнцайынц, зӕгъгӕ, ноггуырд сывӕллон «уазӕг» у ӕмӕ мӕрдтӕ кӕм цӕрынц, уыцы дунейӕ ӕрцыд удӕгас адӕмы ’хсӕнмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕхъыг кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уыцы чырыстӕттӕ сӕ сӕхи хизынц.

Уымӕй уӕлдай чырыстӕттӕ, кӕд сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ номӕвӕрӕн ӕцӕгдӕр ахӕм бӕрӕгбоныл нымайынц, уӕд хъуамӕ уыдоныл дӕр хъуыды кӕной, цы зӕгъдзысты, зӕгъгӕ. Цӕвиттон, куыд сӕм фӕкӕсдзӕн, чырыстӕттӕ сӕ ноггуырдӕн цалынмӕ номӕвӕрӕн не скӕной, уӕдмӕ йӕ адӕмы цӕстӕй куы ӕмбӕхсой? Кӕд сӕхи Хуыцауы Ныхасы ахуыргӕнджытӕ хонынц, уӕд сӕ цы ахъуыды кӕндзысты, сывӕллоныл, мӕнг динӕй чи цӕуы, исты ахӕм ном куы сӕвӕрой?

Уӕдӕ, сӕ сывӕллоныл цавӕр ном сӕвӕрой ӕмӕ кӕд, уый скъуыддзаггӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ архайынц «алцыдӕр кӕнын Хуыцауы кадӕн», цӕмӕй искӕмӕн рӕдыды хос ма уой (1 Коринфӕгтӕм 10:31–33). Марды кадджынгӕнӕг ӕгъдӕутты сӕраппонд Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты нӕ хизынц: уыцы ӕгъдӕуттӕ нӕдӕр кӕнгӕ кӕнынц, нӕдӕр сӕм цӕугӕ кӕнынц. Уыдон кадджын кӕнынц ӕрмӕстдӕр удӕгас Хуыцауы, Иегъовӕйы (Маркы 7:9, 13).

Мӕлӕтӕй цардмӕ

Адӕймаджы мӕлӕт дӕр, сывӕллоны райгуырдау, бирӕтӕ нымайынц иу дунейӕ иннӕ дунемӕ ацыдыл: чи амӕлы, уый удӕгӕсты дунейӕ ацӕуы мӕрдты дунемӕ. Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, мӕрдтӕн удӕгӕстыл сӕ бон фыдаудӕн кӕнын дӕр у ӕмӕ хӕрзаудӕн кӕнын дӕр. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, мардӕн цы кӕндтӕ ӕмбӕлы, уыдон не скодтай, уӕд дӕм фӕфыдӕх уыдзӕн. Адӕм уыдӕттыл кӕй ӕууӕндынц, мард ӕфснайынимӕ цы хабӕрттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ баст и, уыдон дӕр уымӕн фӕзындысты.

Зианы рӕстӕг, цӕмӕй марды уд ӕрынцайа, уый тыххӕй цы нӕ фӕкӕнынц: цалынмӕ йӕ нӕ бавӕрынц, уӕдмӕ – зӕрдӕхалӕн хъарӕг ӕмӕ цъӕхахст, йӕ бавӕрды фӕстӕ та – бӕрӕгбоны цины хъӕлӕба. Ахӕм рӕтты арӕх вӕййы ӕнӕхъуаджы бирӕ хӕрд ӕмӕ нозт, хъӕрӕй цагъд ӕмӕ кӕфтытӕ. Уыцы ӕгъдаумӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц, ӕмӕ ӕппӕты мӕгуырдӕр бинонтӕ дӕр сӕ зиан «куыд ӕмбӕлы, афтӕ бавӕрынӕн» дуне хӕрдзтӕ скӕнынц, кӕд уый фӕстӕ хъуаг ӕййафдзысты ӕмӕ хӕсты бын фӕуыдзысты, уӕддӕр.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рагӕй дзурынц, мард ныгӕныны ӕгъдӕуттӕн Библийы ахуырӕдтимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис *. Марды уӕлхъус ӕхсӕвбадӕнтӕ, нозтӕй рухс кӕнын, мардимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ йын цыдӕртӕ фӕдзӕхсын, афӕдзы бон кӕнын – ацы ӕмӕ ма ноджы ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ лӕууынц иу уырнынадыл: адӕймаг мӕлӕты фӕстӕ дӕр цӕры. Ахӕм ӕгъдӕуттӕ «сыгъдӕг» не сты, Хуыцауы ӕгад кӕнынц. Уыдон сты «афтид сайд» ӕмӕ цӕуынц Хуыцауы Ныхасӕй нӕ, фӕлӕ «адӕймаджы... таурӕгътӕй» (Исай 52:11; Колоссӕгтӕм 2:8).

Адӕмы ныхмӕ цӕуын ӕнцон нӕу

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕн фыдӕлты ӕгъдӕуттыл къух сисын тынг зын вӕййы, уӕлдайдӕр, мӕрдтӕн кад кӕнын стыр хъуыддагыл кӕм нымайынц, ахӕм рӕтты. Уымӕн ӕмӕ сӕм уӕд зулцӕстӕй фӕкӕсынц, фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, нӕдӕр удӕгӕсты ницӕмӕ дарынц, нӕдӕр мӕрдты. Адӕмы азымӕй тӕрсгӕйӕ кӕмӕндӕрты зын вӕййы уыцы фӕтк фехалын, кӕд Библи цы дзуры, уый тынг хорз фӕзонынц, уӕддӕр (1 Петры 3:14). Иннӕтӕ уыцы ӕгъдӕуттӕ нымайынц сӕ адӕмы фарныл ӕмӕ сыл бынтондӕр сӕ къух сисой, уый сӕм раст нӕ кӕсы. Чидӕртӕ та хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ куы нӕ кӕной, уӕд адӕм иууылдӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ суыдзысты.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах искӕй фӕхъыг кӕнын нӕ фӕнды. Фӕлӕ Библи ӕргом зӕгъы: ӕцӕгады фарс фидарӕй куы ӕрлӕууӕм, уӕд ацы ӕнӕхуыцау дунейӕн ӕнӕуынон фестдзыстӕм (Иоанны 15:18, 19; 2 Тимофеймӕ 3:12; 1 Иоанны 5:19). Ацы фӕндаг барвӕндӕй равзӕрстам. Зыдтам, Хуыцауы рухсӕй иппӕрд чи у, уыдонӕй кӕй хъуамӕ хицӕн кӕнӕм (Малахи 3:18; Галатӕгтӕм 6:12). Хӕйрӕг Чырыстийы ардыдта, Хуыцауы зӕрдӕйы хъыджы цӕмӕй бацыдаид, ахӕм хъуыддаг бакӕныныл. Фӕлӕ Чырысти цӕхгӕр «нӕ» загъта. Раст афтӕ мах дӕр, Хуыцауы зӕрдӕйы хъыджы цӕмӕй бацӕудзыстӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнӕм (Матфейы 4:3–7). Ӕцӕг чырыстӕттӕ адӕмӕй нӕ тӕрсынц, уыдонӕн сӕйрагдӕр у Иегъовӕйы зӕрдӕ арын ӕмӕ иунӕг уый – ӕцӕг Хуыцауы – кадджын кӕнын. Ӕмӕ сын иннӕтӕ цыфӕнды ма кӕной – Библийы раст уагӕвӕрдтӕ нӕ халынц (Ӕмбисӕндтӕ 29:25; Куыстытӕ 5:29).

Амӕлӕгӕн аргъ кӕнын – Иегъовӕйы кадджын кӕнын

Йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕймаджы мӕлӕтыл чи нӕ фӕхъыг кӕны ӕмӕ чи нӕ фӕмаст кӕны? (Иоанны 11:33, 35). Зынаргъ нын чи уыд, уый номӕн аргъ кӕнын ӕмӕ йын йӕ зиан кадыл бавӕрын – уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Уымӕй равдисдзыстӕм нӕ уарзондзинад. Фӕлӕ нын искӕй мӕлӕт нӕ зӕрдӕ цыфӕнды ма асӕтта, уӕддӕр мах, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл нӕ разы кӕнӕм. Уый ӕнцон нӕу, мӕрдтӕн сӕ койӕ дӕр чи тӕрсы, ахӕм адӕмы ’хсӕн чи схъомыл, уыдонӕн. Зӕрдӕйӕн адджын адӕймаджы мӕлӕтӕй лӕгӕн йӕ хъару асӕтты, ӕмӕ ахӕм рӕстӕг зын вӕййы уӕззау зондӕй архайын. Фӕлӕ Иегъовӕ, «рӕвдауындзинады Хуыцау», йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕтты тых. Уымӕй уӕлдай ма ахӕм сахат сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц се ’муырнджытӕ дӕр (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Ӕцӕг чырыстӕтты фидарӕй уырны: Хуыцауы хъуыдыйы чи ис, уыдон ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, райгасдзинады ныхмӕ цыдӕриддӕр ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон нӕ кӕнынц.

Куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, Иегъовӕ нӕ «талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ» кӕй ракодта! (1 Петры 2:9). Хъӕбулы цин бавзарӕм ӕви нын искӕй мӕлӕт нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕна – нӕ Хуыцау Иегъовӕйыл ӕнувыд кӕй стӕм ӕмӕ раст цы у, уый аразын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ, цӕй ӕмӕ алцыдӕр «кӕнӕм, куыд рухсы цӕуӕт»! Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕй нӕхи макуы фӕчъизи кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:8).

[Фиппаинаг]

^ 23 абз. Кӕс брошюрӕтӕ «Мӕрдты удтӕ – хӕрзаудӕн кӕнӕ ныл фыдаудӕн кӕнынц? Ӕцӕгдӕр сты?» (уыр.) ӕмӕ «Ӕнусон цардмӕ фӕндаг – ссардтай йӕ?» (англ.). Рауагътой сӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.