Йесойы фӕзмут
Йесойы фӕзмут
«Ӕз радтон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр» (ИОАННЫ 13:15).
1. Чырыстӕттӕ Йесойы цӕмӕн фӕзмынц?
ТӔРИГЪӔДЫ ӕмгӕрон ӕппындӕр чи никуы ’рцыд, зӕххыл цард ӕрмӕстдӕр иу ахӕм адӕймаг. Уый уыд Йесо Чырысти. Йесойӕ фӕстӕмӕ иунӕг ахӕм адӕймаг дӕр нӕ уыд, тӕригъӕд чи нӕ ракодта (3 Паддзахӕдты 8:46; Ромӕгтӕм 3:23). Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕйраджыдӕр Йесойы уымӕн нымайынц сӕхицӕн фӕзминагыл. Ӕмӕ н. э. 33 азы 14 нисаны, йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йӕ фӕзмой: «Ӕз радтон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр» (Иоанны 13:15). Уыцы фӕстаг ӕхсӕв Йесо бамбарын кодта, чырыстӕттӕн цавӕр хъуыддӕгты у фӕзминаг, уый. Ацы статьяйы дзы равзардзыстӕм цалдӕр.
Сӕрныллӕгдзинад – хъӕугӕ миниуӕг
2, 3. Йесойы сӕрныллӕгдзинады дӕнцӕг диссаг цӕмӕй у?
2 Йесо йӕ апостолты куы разӕнгард кодта йӕ дӕнцӕг ын фӕзмын, уӕд фыццаджыдӕр кодта сӕрныллӕгдзинады кой. Сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой, уый тыххӕй сын дзырдта ӕндӕр хӕттыты дӕр, фӕлӕ сын ацы хатт, 14 нисаны, изӕрӕй, сӕрныллӕгдзинад йӕхӕдӕг хъуыддагӕй равдыста – сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта. Стӕй сын загъта: «Уӕдӕ, кӕд Ӕз, Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ныхсадтон сымах къӕхтӕ, уӕд сымах дӕр кӕрӕдзийы къӕхтӕ хъуамӕ ӕхсат» (Иоанны 13:14). Уый фӕстӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕз куыд бакодтон, сымах дӕр афтӕ кӕнут. Цӕй диссаджы дӕнцӕг нын ныууагъта Йесо йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй!
3 Апостол Павел куыд фыссы, афтӕмӕй Йесойӕн зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ уыд «Хуыцауы хуыз», уыдис уӕларвон удгоймаг. Фӕлӕ йӕ кад, йӕ цыт ныууагъта, ӕмӕ сси хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг. Ӕмӕ канд уый дӕр нӕ – Йесо «ӕрсабыр кодта [«ӕрныллӕг кодта», НФ] Йӕхи, коммӕгӕс уӕвгӕйӕ суанг мӕлӕты онг, ӕмӕ дзуарыл мӕлӕты онг» (Филиппӕгтӕм 2:6–8). Ахъуыды ма кӕн: Дун-дунейы дыккаг бынат чи ахсы, уый сразы ис, цӕмӕй зӕдтӕй дӕр ӕрныллӕгдӕр уыдаид, ӕнӕбон сывӕллонӕй райгуырдаид, ӕнӕххӕст ныййарджыты ӕвджид уыдаид ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, фыдгӕнӕджы мардӕй амардаид (Колоссӕгтӕм 1:15, 16; Дзуттытӕм 2:6, 7). Уымӕн сӕрныллӕгдзинад куыннӕ хъуыди?! Цымӕ махӕн нӕй йӕ «зӕрдӕйы уаг» (НФ) райсӕн ӕмӕ йӕ «сабыр зондыл» цӕуӕн? (Филиппӕгтӕм 2:3–5). Ис, ӕцӕг уый къухы ӕнцонтӕй не ’фты.
4. Адӕм сӕрыстыр цӕмӕй вӕййынц, фӕлӕ уыцы миниуӕг зиан цӕмӕн хӕссы?
4 Сӕрныллӕгдзинады ныхмӕвӕрд миниуӕг у сӕрбӕрзонддзинад (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19). Уый фесӕфта Сайтаны (1 Тимофеймӕ 3:6). Сӕрбӕрзонддзинад адӕймаджы зӕрдӕйы уидӕгтӕ ӕнцонтӕй ауадзы, се стонын та вӕййы зын. Адӕм сӕрыстыр вӕййынц сӕ бӕстӕйӕ, сӕ адӕмыхатт, сӕ исбон, сӕ ахуыр, сӕ уынд, сӕ тых, се ’нтыстдзинӕдтӕй, цы куыстгӕнӕг сты, уымӕй ӕмӕ ноджы бирӕ цӕмӕйдӕрты. Фӕлӕ адонӕй иу дӕр Иегъовӕйы цӕсты нӕ ахады (1 Коринфӕгтӕм 4:7). Ӕмӕ истӕмӕй нӕхиуыл куы фервӕссӕм, уӕд Хуыцауы нӕхимӕ фӕтигъ кӕндзыстӕм. «Бӕрзонд у Хицау ӕмӕ сабыры уыны, ӕмӕ хъалы базоны дардӕй [«йе сӕфт уыны», НД]» (Псалом 137:6; Ӕмбисӕндтӕ 8:13).
Сӕрныллӕг – не ’фсымӕртимӕ
5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?
5 Иегъовӕйы хъуыддагӕн кӕй ахъаз кӕнӕм, бирӕ нын кӕй ӕнтысы ӕмӕ ныл ӕмбырды хӕстӕ кӕй ис, уый дӕр нын нӕ дӕтты бар, ӕмӕ нӕхицӕй ныббуц уӕм (1 Паралипоменон 29:14; 1 Тимофеймӕ 6:17, 18). Уый нӕ, фӕлӕ ныл цас фылдӕр бӕрн уа, уыйас сӕрныллӕгдӕр хъуамӕ уӕм. Апостол Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзырдта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы бынтыл ӕлдариуӕг» ма кӕнут, «фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Петры 5:3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды ӕвӕрд уымӕн не ’рцӕуынц, ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕлдариуӕг, хицауиуӕг кӕной, фӕлӕ сын цӕмӕй лӕггад кӕной, стӕй сын фӕзминаг уой (Лукайы 22:24–26; 2 Коринфӕгтӕм 1:24).
6. Чырыстӕтты сӕрныллӕгдзинад цавӕр хъуыддӕгты хъӕуы?
6 Сӕрныллӕг канд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ма уой. Дзырдӕн, ӕрыгӕттӕ зӕрӕдтӕй сӕрӕндӕр ӕмӕ цӕрдӕгдӕр кӕй сты, ӕмӕ уымӕй бирӕ хатт сӕхиуыл кӕй фервӕссынц, уымӕ гӕсгӕ Петр кӕстӕртӕн амыдта: «Уеппӕт та кӕрӕдзийӕн коммӕгӕсгӕйӕ, сабыр зонды сфӕлындут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау хъалты ныхмӕ у, сабыртӕн [сӕрныллӕгтӕн] та хорз лӕвар дӕтты» (1 Петры 5:5). О, Чырыстийау сӕрныллӕг хъуамӕ уӕм иууылдӕр. Сӕрныллӕгдзинад хъӕуы хорз хабар хъусын кӕнынӕн, уӕлдайдӕр нӕм адӕм уазалзӕрдӕ куы дарой кӕнӕ нӕм знаджы цӕстӕй куы кӕсой, уӕд. Сӕрныллӕгдзинад ма хъӕуы уынаффӕмӕ байхъусынӕн дӕр кӕнӕ нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынӕн, уацамынды нын фылдӕр куыд ӕнтыса. Фидис нын куы кӕной, тӕрхондонмӕ ныл куы хъаст кӕной, йе та нӕ карзӕй куы ’фхӕрой, уӕд дӕр ма нӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар уырнындзинадӕй дарддӕр хъӕуы сӕрныллӕгдзинад (1 Петры 5:6).
7, 8. Куыд у нӕ бон нӕ удыхъӕды сӕрныллӕгдзинад фидар кӕнын?
7 Цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма уӕм ӕмӕ «сабыр зондӕй... иннӕйы нӕхицӕй бӕрзонддӕр» нымайӕм, уымӕн цы хъӕуы? (Филиппӕгтӕм 2:3). Нӕхимӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Уый фӕдыл Йесо загъта: «Афтӕ сымах дӕр, куы сӕххӕст кӕнат цы уын баргонд у уый, дзурут: „мах ницӕйаг цагъартӕ; уымӕн ӕмӕ махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам“» (Лукайы 17:10). Рох нӕ макуы уӕд – Йесо цы сарӕзта, уый раз мах ӕнтыстытӕ зынгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Фӕлӕ Йесо йӕхиуыл никуы фервӕссыд.
8 Уымӕй дарддӕр, Иегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нӕ сахуыр кӕна, цы стӕм, уый уынын. Фӕзмӕм, афтӕ чи куывта, «хорз ӕмбарындзинад ӕмӕ кӕнынадыл сахуыр кӕн мӕн; уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстыл ӕз ӕууӕндын», зӕгъгӕ, уыцы псаломзарӕггӕнӕджы (Псалом 118:66). Ӕмӕ нӕ уӕд Иегъовӕ ӕмбарындзинадӕй фӕхайджын кӕндзӕн; баххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй, цы стӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕхицӕй ма уӕм, ӕмӕ нӕ уӕд нӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:12). Йесо загъта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ныллӕггонд уыдзӕн; Йӕхи та ныллӕг чи кӕны, уый сбӕрзонд уыдзӕн» (Матфейы 23:12).
Хорз ӕмӕ ӕвзӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын
9. Йесо хорз ӕмӕ ӕвзӕрмӕ цы цӕстӕй каст?
9 Йесо Чырысти ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн Дзуттытӕм 4:15). Мессиайы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Ды бауарзтай рӕстдзинад ӕмӕ ӕнӕзакъондзинад нӕ бауарзтай» (Псалом 44:8; Дзуттытӕм 1:9). Ацы хъуыддаджы дӕр чырыстӕттӕ фӕзмынц Йесойы. Ома, канд хорз ӕвзӕрӕй нӕ иртасынц, фӕлӕ ма ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт уынынц, хорздзинад та уарзынц (Амос 5:15). Уый фӕрцы сӕ бон у сӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын (Уӕвынад 8:21; Ромӕгтӕм 7:21–25).
фӕцард 33 азы, фӕлӕ тӕригъӕды ӕмгӕрон никуы ’рцыд (10. Зонгӕ-зонын «ӕвзӕргӕнӕджы» зондыл куы цӕуӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?
10 Иухатт Йесо фарисей Никодимӕн загъта: «Алкӕцы ӕвзӕргӕнӕг нӕ уарзы рухс, ӕмӕ нӕ цӕуы рухсмӕ, цӕмӕй ма раргом уой йӕ хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон сты фыддзинад; фӕлӕ рӕстдзинад чи кӕны, уый цӕуы рухсмӕ, цӕмӕй ӕргом уой йӕ хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы мидӕг конд сты» (Иоанны 3:20, 21). Уымӕй размӕ Иоанн Йесойы схуыдта «ӕцӕг Рухс, Кӕцы рухс кӕны, дунемӕ ӕрцӕуӕг алкӕцы адӕймаджы дӕр» (Иоанны 1:9, 10). Ӕмӕ Йесо та афтӕ загъта, зӕгъгӕ, «ӕвзӕргӕнӕджы» зондыл куы цӕуӕм, ома, Хуыцауы ӕваст митӕ куы кӕнӕм, уӕд нын рухс уыдзӕн ӕнӕуынон. Ахъуыды ма кӕн, Йесо ӕмӕ дын йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕнӕуынон сты! Уӕвгӕ, раст афтӕ у сӕ хабар, йӕ тӕригъӕдджын цард чи нӕ уадзы, уыдонӕн. Чи зоны, сӕхӕдӕг сӕхицӕй уый ма зӕгъой, фӕлӕ сӕ Йесо та раст афтӕ зӕгъы.
Нӕхи ахуыр кӕнӕм хорз ӕмӕ ӕвзӕрмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсын
11. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕрдзинадмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсӕм, уӕд нӕ цы аразын хъӕуы?
11 Иегъовӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый хъуамӕ не ’ппӕт дӕр хорз зонӕм ӕмӕ ӕмбарӕм. Базонӕн та йӕ ис ӕрмӕстдӕр йӕ Ныхасӕй, Библийӕ, ӕмӕ йӕ хъуамӕ ахуыр кӕнӕм. Библи ахуыргӕнгӕйӕ мах хъӕуы псаломзарӕггӕнӕгау кувын: «Бацамон мын, Хицау, Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сахуыр кӕн мӕн Дӕ цӕуӕнтыл» (Псалом 24:4). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, фӕлитой Сайтан дӕр иу ран нӕ бады (2 Коринфӕгтӕм 11:14). Уый ӕвзӕрдзинад афтӕ срӕсугъд, саив кӕны, ӕмӕ чырыстонмӕ йе ’нӕхинӕй хорз фӕкӕсы. Уымӕ гӕсгӕ, цы базонӕм, ууыл хъӕуы арф хъуыды кӕнын ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» алцӕмӕйдӕр хъусын (Матфейы 24:45–47). Библи куы ахуыр кӕнӕм, куы кувӕм ӕмӕ цы базонӕм, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм, «сӕ ӕнкъарӕнтӕ фӕлтӕрдӕй ахуыр [кӕмӕн] сты хорз ӕмӕ фыддзинад ӕвзарынмӕ», уыдонӕй (Дзуттытӕм 5:14). Афтӕмӕй сахуыр уыдзыстӕм хорздзинад уарзын, ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт уынын.
12. Цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй дард лӕууӕм, уый тыххӕй нын Библийӕ цавӕр уынаффӕ уыдзӕн ахъаз?
12 Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт куы уынӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ не ’взӕрдзӕн. Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр апостол Иоанн ныффыста: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ» (1 Иоанны 2:15, 16).
13, 14. а) Чырыстон, дунейы цы ис, уый куы уарза, уӕд йӕхи фыдбылызы куыд ӕппары? ӕ) Цӕмӕй дунейы цы ис, уый ма бауарзӕм, уымӕн цы хъӕуы?
1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы дунейы зӕрдӕлхӕнӕнтӕн сӕ фылдӕр сты ӕвзӕр – сафынц адӕмы. Хылтӕ, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ мулкыл хӕлоф цы кинотӕ ӕмӕ телеравдыстыты бӕрзонд кӕнынц, уыдонмӕ куы кӕсӕм, уӕд сыл сахуыр уыдзыстӕм, ӕвзӕр нӕм ӕвзӕр нал кӕсдзӕн, ӕмӕ иуафон махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм бабӕлдзӕн. Нӕхи, йе стырдӕр мӕт йӕ цардуавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕнӕ бирӕ ӕхца бакусын кӕмӕн у, ахӕм адӕмыл куы бӕттӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдӕттыл дзурдзӕн (Матфейы 6:24; 1 Коринфӕгтӕм 15:33).
13 Чи зоны исчи зӕгъы, зӕгъгӕ, ацы дунейы алцы ӕвзӕр нӕу. Афтӕ дӕр фӕуӕд, фӕлӕ ацы дуне ӕмӕ йӕ зӕрдӕлхӕнӕнтӕ адӕймаджы Иегъовӕйы фӕндагӕй ӕнцонтӕй фӕиппӕрд кӕнынц. Стӕй ацы хӕлд дунейы, Хуыцаумӕ цы баввахс кӕна, ахӕмӕй ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ дунейы цы ис, уый куы бауарзӕм, фӕнды, ӕвзӕр схонӕн кӕй нӕй, ахӕм цыдӕртӕ, уӕд нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм (14 Фӕлӕ Иегъовӕйы Ныхас куы уарзӕм, уӕд нӕм «буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад» нымады дӕр нӕ уыдзысты. Стӕй ма, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыцы адӕмимӕ куы иу кӕнӕм, уӕд мах дӕр, уыдон цы уарзынц, уый уарздзыстӕм ӕмӕ сӕхи цӕмӕй хизынц, уымӕй нӕхи хиздзыстӕм (Псалом 14:4; Ӕмбисӕндтӕ 13:20).
15. Йесойау ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт куы уынӕм, рӕстдзинад та куы уарзӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
15 Йесо ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт кӕй уыдта, рӕстдзинад та уарзгӕ кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйӕ нӕ хызт, «цы циндзинад Ӕм хаудта», уый (Дзуттытӕм 12:2). Ӕмӕ уый баххуыс кӕндзӕн махӕн дӕр. Куыд зонӕм, афтӕмӕй ацы «дуне... фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр». Ӕмӕ дзы ӕхцондзинадӕй цы ис, уыдӕттӕ дӕр сты ивгъуыйгӕ. Фӕлӕ «Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17). Йесо сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ адӕмӕн бакодта фӕндаг мыггагмӕйы цардмӕ (1 Иоанны 5:13). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ нӕм йӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы цы хорздзинад кӕсы, уымӕй нӕ хай уӕд!
Ӕфхӕрд куы ӕййафӕм
16. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цӕмӕн фӕдзӕхста кӕрӕдзи уарзын?
16 Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕзминаг уыди ноджы иу хъуыддаджы. Загъта сын: «Уый у Мӕ фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат, Ӕз куыд бауарзтон сымах, афтӕ» (Иоанны 15:12, 13, 17). Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи бирӕ цӕйдӕр тыххӕй уарзынц. Фӕлӕ сын ацы фӕдзӕхст куы радта, уӕд сӕйраджыдӕр дзырдта, дунейӕн ӕнӕуынон кӕй уыдзысты: «Кӕд дунейӕн сымах ӕнӕуынон стут, уӕд зонут, Мӕн сымах разӕй нӕ бауарзта. ...Цагъар йӕ ӕлдарӕй стылдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, сымах дӕр сурдзысты» (Иоанны 15:18, 20). О, Йесойы куыд сырдтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой, афтӕ кӕнынц чырыстӕттӕн дӕр. Ӕмӕ цӕмӕй фидар фӕлӕууой, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна.
17. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты?
17 Фӕлӕ чырыстӕттӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр, Йесойау, «дунейӕ не сты» (Иоанны 17:14, 16). Ӕфсӕддон ӕмӕ политикон хъуыддӕгты нӕ архайынц. Уыдон цӕрынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ – цард табуйагыл нымайынц, сӕ уаг ӕмӕ се ’фсарм бӕрзонд хӕссынц (Куыстытӕ 15:28, 29; 1 Коринфӕгтӕм ). Сӕ царды нысан мулк нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон у. Уыдон дӕр ацы дунейы цӕрынц, фӕлӕ, Павел куыд фыста, афтӕмӕй дзы сты «куыд нӕ пайдагӕнджытау» ( 6:9–111 Коринфӕгтӕм 7:31). Раст у, хатт Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнынц се ’гъдау ӕмӕ се ’фсармы тыххӕй. Фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕ адӕмы зӕрдӕ ссарыны тыххӕй сӕ уагӕвӕрдты сӕрты нӕ хизынц. Уый тыххӕй сӕ ацы дунейы адӕмӕй сӕ фылдӕр ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, бирӕтӕ та сӕ се сӕфт уынынц.
18, 19. Чырыстӕтты ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд Йесойау сӕхи куыд фӕдарынц?
18 Йесойы куы ’рцахстой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд йӕ апостолтӕ федтой, дуне дзы йе сӕфт кӕй уыдта. Федтой ма, Йесо, ӕнӕуынон кӕмӕн уыд, уыдонимӕ йӕхи куыд дардта, уый дӕр. Гефсиманы дыргъдонмӕ йӕм йӕ ныхмӕлӕуджытӕ ахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕм Петр йӕ цирхъ фелвӕста, фӕлӕ йын Йесо загъта: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иууылдӕр кардӕй фесӕфдзысты» (Матфейы 26:52; Лукайы 22:50, 51). Раздӕры дугты-иу израилӕгтӕ се знӕгтимӕ хӕцыдысты цирхъӕй. Ныр та ралӕууыд ӕндӕр дуг: Хуыцауы Паддзахад нӕ уыд «ацы дунейӕ» ӕмӕ йын зӕххыл хъахъхъӕнинаг арӕнтӕ нӕ уыд (Иоанны 18:36). Тагъд Петр хъуамӕ баиу уыдаид сыгъдӕг удӕй райгуыргӕ адӕмимӕ,– уыдонӕн та сӕ «цӕрӕн» ис уӕлӕрвты (Галатӕгтӕм 6:16; Филиппӕгтӕм 3:20, 21). Уымӕ гӕсгӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, се сӕфт сӕ чи уыдта ӕмӕ сӕ чи ӕфхӕрдта, уыдонимӕ сӕхи хъуамӕ дардтаиккой Йесойау – уыдаиккой хъӕбатыр, фӕлӕ сабыр. Хъуамӕ ӕппӕт дӕр кодтаиккой Иегъовӕйы бар ӕмӕ дзы хъарутӕ куырдтаиккой фидар фӕлӕууынӕн (Лукайы 22:42).
19 Цасдӕры фӕстӕ Петр ныффыста: «Чырысти дӕр мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, ныууадзгӕйӕ нын дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл: ...ӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, Уый фӕстӕмӕ никӕйы ӕфхӕрдта; хъизӕмар кӕнгӕйӕ, ӕртхъирӕн нӕ кодта, фӕлӕ лӕвӕрдта уый – Раст Тӕрхонгӕнӕгмӕ» (1 Петры 2:21–23). Йесойы ныхӕстӕ ӕрцыдысты – чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрынц. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр чырыстӕттӕ фӕзмынц Йесойы: хӕцгӕ никӕимӕ кӕнынц, алкӕимӕ дӕр сабырӕй цӕрынц, Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ ивынц – гъе ахӕмӕй сӕ зонынц адӕм (Раргомад 2:9, 10). Цӕй уӕдӕ мах дӕр алкӕддӕр нӕхи афтӕ дарӕм (2 Тимофеймӕ 3:12).
«Сфӕлындут Хицау Йесо Чырыстийы»
20–22. Чырыстӕттӕ сӕхи куыд «сфӕлындынц... Хицау Йесо Чырыстийы»?
20 Павел Ромы ӕмбырдмӕ фыста: «Сфӕлындут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕмӕ уӕ буарыл мӕт ма аздахут буары фӕндӕттӕм» (Ромӕгтӕм 13:14). Чырыстӕттӕ Йесойы сӕхиуыл «сфӕлыстой» дарӕсау: йӕ миниуджытӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ зӕрдӕбынӕй фӕзмынц, ӕмӕ зӕгъӕн ис, йӕ хуыз ын райстой – ӕнӕххӕст адӕймаджы бон цас у, уыйас (1 Фессалоникӕгтӕм 1:6).
21 Кӕд нӕ фӕнды дзӕбӕх «сфӕлындын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы», уӕд нӕ хорз базонын хъӕуы йӕ царды хабӕрттӕ ӕмӕ уыйау цӕрын. Архайӕм, цӕмӕй мах дӕр сӕрныллӕг уӕм, рӕстдзинад уарзӕм, ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, не ’фсымӕрты уарзӕм, ацы дунейӕ ма уӕм ӕмӕ фӕлварӕнтӕн фидар лӕууӕм. Нӕ «буарыл мӕт» не «здахӕм буары фӕндӕттӕм» – нӕ царды нысан не сты уӕлдӕр ахуыр, стыр бынат, стыр ном, стӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл нӕ цӕуӕм. Ӕмӕ нӕм исты фӕнд куы фӕзыны кӕнӕ исты зын хъуыддаг куы фескъуыддзаг кӕнӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм: Йесо та куыд бакодтаид? Цӕмӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
22 Йесойы ма уымӕй дӕр фӕзмӕм, ӕмӕ ӕдзух «хъусын кӕнӕм Паддзахады Евангели» (Матфейы 4:23; 1 Коринфӕгтӕм 15:58). Афтӕмӕй мах архайӕм, Йесо цы дӕнцӕг ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ. Куыд – уый та базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Чырыстӕттӕ сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?
• Хорз ӕмӕ ӕвзӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын куыд ахуыр кӕнӕм?
• Чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд Йесойау сӕхи куыд фӕдарынц?
• Куыд ис нӕхи «сфӕлындӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы»?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 18 фарсыл]
Йесо ныууагъта сӕрныллӕгдзинады диссаджы дӕнцӕг.
[Ныв 20 фарсыл]
Чырыстоны алы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр, хъӕуы сӕрныллӕгдзинад.
[Ныв 21 фарсыл]
Сайтан ӕвзӕрдзинад афтӕ саив кӕны, ӕмӕ чырыстонмӕ дӕр ӕвзӕр нал фӕкӕсы.
[Ныв 22 фарсыл]
Не ’фсымӕрты уарзты фӕрцы нӕ бон у ӕфхӕрдӕн фидар лӕууын.