Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы чи уарзы, уыдон иудзинады сты

Хуыцауы чи уарзы, уыдон иудзинады сты

Хуыцауы чи уарзы, уыдон иудзинады сты

ФЫЦЦАГ ӕнусы чырыстӕтты ӕмбырды адӕм кӕд алыхуызон уыдысты, уӕддӕр се ’хсӕн уыд иудзинад. Уыдон – ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ – уыдысты Азийӕ, Европӕйӕ ӕмӕ Африкӕйӕ. Ӕхсӕнады цы бынат ахстой, уымӕ гӕсгӕ дӕр хицӕн кодтой. Уыдис дзы сауджынтӕ, ӕфсӕддонтӕ, цагъартӕ, лигъдӕттӕ, ӕрмдӕснытӕ, ӕхсӕнадон бынӕтты кусӕг адӕм ӕмӕ ’хцайы куыст чи кодта, ахӕмтӕ. Уыдысты дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй. Бирӕтӕ сӕ кӕддӕр уыдысты хӕтӕгтӕ, гомосексуалисттӕ, расыггӕнджытӕ, давджытӕ, стигъджытӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕ куы систы, уӕд се ’нӕуаг митӕ ныууагътой ӕмӕ баиу сты уырнындзинады.

Фыццаг ӕнусы чырыстон динӕн куыд бантыст ӕппӕт ахӕм алыхуызон адӕмы баиу кӕнын? Цӕй фӕрцы цардысты хӕларӕй кӕрӕдзиимӕ ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ? Цӕуылнӕ архайдтой хӕстыты, йе та змӕстыты? Рагон чырыстон дин абоны сӕйраг динтӕй афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кодта?

Чырыстӕтты цы иу кодта?

Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты сӕйраджыдӕр иу кодта, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый. Уыдон ӕмбӕрстой, сӕйраджыдӕр сӕ кӕй хъӕуы ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы уарзын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй. Цӕвиттон, апостол Петрӕн, дзуттагӕн, Хуыцау бахӕс кодта ӕндӕр адӕмӕй чи уыд, ахӕмы хӕдзармӕ бацӕуын, кӕд ӕмӕ ӕнӕуи Петр уый никуы бакодтаид. Фӕлӕ Иегъовӕйы кӕй уарзта, уый тыххӕй сразы. Петр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн Хуыцау уыд сӕ хӕлар, уымӕн ӕмӕ йын бӕлвырдӕй зыдтой йӕ миниуджытӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ йын ӕнӕуынон цы у. Фӕстӕдӕр иууылдӕр бамбӕрстой, Иегъовӕйы фӕндон кӕй у, цӕмӕй «иугонд [уой] иу уды ӕмӕ иу хъуыдыты мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 1:10; Матфейы 22:37; Куыстытӕ 10:1–35).

Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый дӕр ахъаз уыд сӕ иудзинадӕн. Уыдоны фӕндыд, уый куыд цард, афтӕ цӕрын. Йесо та сын фӕдзӕхста: «Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы; уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:34, 35). Уый сонт ӕнкъарӕныл нӕ дзырдта, фӕлӕ удуӕлдай уарзтыл. Ахӕм уарзондзинад цӕмӕ кодта? Чи йыл баууӕндыд, уыдоны тыххӕй Йесо куывта: «Кувын... цӕмӕй уой иууылдӕр иу; куыд ды, Мӕ Фыд, Мӕн мидӕг ӕмӕ Ӕз Дӕу мидӕг, афтӕ уыдон уӕнт Мах мидӕг иу» (Иоанны 17:20, 21; 1 Петры 2:21).

Иегъовӕ йе ’цӕг лӕггадгӕнджытӕн лӕвӕрдта йӕ сыгъдӕг уд, кӕнӕ йӕ архайгӕ тых. Уыцы сыгъдӕг уд дӕр ахъаз уыди сӕ иудзинадӕн. Уый фӕрцы сын раргом Библийы ӕцӕгад, ӕмӕ йӕ ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр ӕмхуызон бамбӕрстой ӕмӕ йыл сразы сты. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъусын кодтой уыцы иу хабар – Иегъовӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн Мессиайы Паддзахады, кӕнӕ, ӕппӕт адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы уӕларвон хицауады уылты. Рагон чырыстӕттӕ ма ӕмбӕрстой, «ацы дунейӕ» кӕй ма хъуамӕ уой. Уымӕ гӕсгӕ-иу искуы змӕст, йе та хӕст куы уыд, уӕд-иу дзы чырыстӕттӕ никуы архайдтой. Уыдоны фӕндыд алкӕимӕдӕр фӕрнӕй цӕрын (Иоанны 14:26; 18:36; Матфейы 6:9, 10; Куыстытӕ 2:1–4; Ромӕгтӕм 12:17–21).

Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр архайдтой сӕ иудзинад фидар кӕныныл. Куыд? Библи цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ цардысты. Уый тыххӕй сӕм апостол Павел фыста, зӕгъгӕ, «зӕронд адӕймаджы раздӕры царды сурӕт иуварс авӕрут» ӕмӕ «сфӕлындут ног адӕймаджы» (Ефесӕгтӕм 4:22–32).

Сӕ иудзинад нӕ фӕцудыдта

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр уыдысты ӕнӕххӕст адӕм ӕмӕ-иу сӕ иудзинад фӕлвӕрд кӕм цыд, ахӕм уавӕрты дӕр-иу бахаудысты. Цӕвиттон, Куыстыты 6:1–6 дзырд цӕуы, дзуттаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгты ’хсӕн кӕй рауад быцӕу: грекъаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгты иннӕтӕ хъулон кодтой. Апостолтӕ уыцы хабар куы фехъуыстой, уӕд хъуыддаг ӕвӕстиатӕй ӕмӕ рӕстӕй аскъуыддзаг кодтой. Фӕстӕдӕр та фӕзынд фарст, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты тыххӕй. Ацы фарст Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ равзӕрстой, ӕмӕ йыл иууылдӕр сразы сты (Куыстытӕ 15:1–29).

Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у: кӕд чырыстӕттӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй уыдысты ӕмӕ-иу сӕм сӕ ахуырады фӕдыл быцӕутӕ дӕр фӕзынд, уӕддӕр нӕ ныддихтӕ сты. Цӕй фӕрцы сын бантыст се ’мбырды иудзинад ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнын? Уый фӕрцы, ӕмӕ Иегъовӕйы ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи удуӕлдай уарзт кодтой, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыдысты, сыгъдӕг уды разамындмӕ хъуыстой, Библийы ахуырӕдтӕ ӕмхуызон ӕмбӕрстой ӕмӕ цӕттӕ уыдысты сӕ уагахаст ивынмӕ.

Абон дӕр Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты ӕмвӕнд-ӕмзонд

Цымӕ абон уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм иудзинад уа? Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕмвӕнд-ӕмзонд цӕй фӕрцы уыдысты, уыцы хъуыддӕгтӕн абон дӕр сӕ бон у, ӕмӕ зӕххы къорийыл иу диныл хӕст чи у, уыдоны баиу кӕной, цӕмӕй иумӕ фӕрнӕй цӕрой? О! Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 230 бӕрц бӕстӕ, сакъадах ӕмӕ бӕрӕгзӕххыл иугонд сты ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады. Ӕмӕ уыдоны дӕр, рагон чырыстӕтты цы иу кодта, растдӕр уый иу кӕны.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраджыдӕр иу кӕны, сӕ Хуыцау Иегъовӕйыл цыфӕнды уавӕры дӕр ӕнувыд, иузӕрдион кӕй сты. Уыдон ӕууӕндынц Йесо Чырыстийыл ӕмӕ йӕ ахуырӕдтыл, ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдисынц. Ацы чырыстӕттӕ удуӕлдай уарзт кӕнынц се ’мдин адӕмы ӕмӕ кӕмдӕриддӕр сты, уым хъусын кӕнынц хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уыцы хабар дзурынц адӕмӕн алы адӕмыхаттӕй, нӕ кӕсынц нӕдӕр буары хуызмӕ, нӕдӕр динмӕ, нӕдӕр адӕймагӕн йе ’хсӕнадон уавӕрмӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иуварс лӕууынц ацы дунейы хъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ кӕд адӕмы дих кӕны политикӕ, ӕхцайыл кӕй нӕ бафидауынц, уый; кӕд адӕмыхӕттытӕ сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц; хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл дих кӕнынц, уӕд Ӕвдисӕнтӕ та сӕ иудзинады сты ӕнӕфӕцудгӕ. Уыдон иууылдӕр сӕ хӕсыл нымайынц уыцы иудзинадӕн ахъаз кӕнын Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕргӕйӕ.

Иудзинад адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ӕлвасы

Ацы иудзинад арӕх бафиппайынц адӕм. Цӕвиттон, Ильзейӕн *, Германӕй, раздӕр католик-моладзан чи уыд, уымӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй йӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд? Ильзе загъта: «Ӕз уыдонӕй хуыздӕр адӕм никуыма федтон. Хӕстмӕ нӕ цӕуынц, ӕвзӕрӕй никӕмӕн ницы аразынц. Фӕнды сӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады дзӕнӕты зӕххыл амондджынӕй цӕрой».

Иннӕ ахӕм та Гюнтер. Дыккаг дунеон хӕсты уыд Германы ӕфсады ӕмӕ хӕцыд Францы зӕххыл. Иу хатт, кӕм службӕ кодта, уыцы ӕфсӕддон хайы протестантон сауджын аргъаугӕйӕ йӕ куывды Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй сын се ’фсӕдты фыдбылызӕй бахиза ӕмӕ сын уӕлахиз ратта. Гюнтерӕн уыд йӕ хъахъхъӕныны рад ӕмӕ аргъуыды фӕстӕ ацыд йӕ бынатмӕ. Биноклы се знӕгты ’рдӕм куыд каст, афтӕ федта: уыдонӕн дӕр сӕ сауджын лӕууы ӕмӕ аргъауы. «Ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй сын се ’фсӕдты фыдбылызӕй бахиза ӕмӕ сын уӕлахиз ратта. Ӕз дис кодтон, дыууӕ чырыстон аргъуаны кӕрӕдзийы ныхмӕ куыд хъуамӕ хӕцой?!» – дзырдта уый фӕстӕ Гюнтер. Уыцы хабар йӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Фӕстӕдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлд, базыдта, хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ абон уый дӕр ис се ’ппӕтдунеон ӕфсымӕрады.

Ашок ӕмӕ Фимӕ хӕст уыдысты скӕсӕйнаг динтӕй кӕцыдӕрыл. Сӕхи хӕдзары уыд сӕ хуыцауӕн будсудзӕн. Иу ахӕмы сыл хӕдзарыдзагӕй иу низ сыстад, ӕмӕ уый фӕстӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, сӕ дин сын цы ӕххуыс у, ууыл. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, Ашок ӕмӕ Фимӕйыл тынг бандӕвтой Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ сын се ’хсӕн цы уарзт федтой, уый. Ныр сӕхӕдӕг дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар Иегъовӕйы Паддзахады тыххӕй.

Ильзе, Гюнтер, Ашок ӕмӕ Фимӕ ӕрбаиу сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады милуантӕм. Уыдон ӕууӕндынц Библийы зӕрдӕвӕрдыл, зӕгъгӕ, абон Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕй фӕрцы кувынц, уый фӕрцы тагъд баиу уыдзысты ӕппӕт коммӕгӕс адӕм дӕр. Уӕд нал уыдзӕн тыхми, динтӕ адӕмы нал дих кӕндзысты. Ӕппӕт дуне дӕр иумӕ, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕндзӕн ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн (Раргомад 21:4, 5).

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

[Нывтӕ 4, 5 фарсыл]

Рагон чырыстӕттӕ кӕд алыхуызон адӕм уыдысты, уӕддӕр се ’хсӕн уыдис иудзинад.