Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ стӕм бӕстон хъусын кӕнынмӕ

Цӕттӕ стӕм бӕстон хъусын кӕнынмӕ

Цӕттӕ стӕм бӕстон хъусын кӕнынмӕ

«Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (КУЫСТЫТӔ 1:8).

1, 2. Петрӕн цы бахӕс чындӕуыд ӕмӕ йын уыцы хӕс чи радта?

«ЙЕСО... бафӕдзӕхста махӕн хъусын кӕнын ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын адӕмӕн, Уый кӕй у Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг ӕгастӕн ӕмӕ мӕрдтӕн» (Куыстытӕ 10:38, 42). Ацы ныхӕстӕй апостол Петр Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн бамбарын кодта, хорз хабар хъусын кӕнын ын кӕй бахӕс чындӕуыд.

2 Кӕд радта Йесо ацы фӕдзӕхст? Куыд зыны, афтӕмӕй Петр, Йесо йӕ райгасы фӕстӕ уӕлӕрвтӕм здӕхгӕйӕ йе ’нувыд апостолтӕн цы бафӕдзӕхста, уый кой кодта: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Фӕлӕ Петр уый размӕ дӕр зыдта, Йесойы ахуыргӕнинӕгты кӕй хъӕудзӕн адӕмӕн Йесойы тыххӕй дзурын.

Цӕттӕ сӕ кодта ӕртӕ азы

3. Йесо цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ, Петр ӕмӕ Андрейы йемӕ куы рахуыдта, уӕд сын цы загъта?

3 Н. э. 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ хъусын кодта Галилейы денджызы был, Петр йе ’фсымӕр Андрейимӕ кӕсаг кӕм ахста, уыцы ран. Уым дыууӕ ӕфсымӕры ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ахстой кӕсаг ӕмӕ сӕ къухы ницы бафтыд. Фӕлӕ Йесо Петрӕн загъта: «Аленк кӕн арфмӕ, ӕмӕ баппарут уӕ хызтӕ кӕсаг ахсынмӕ». Уыдон, Йесо сын куыд загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ «ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз дӕр скъуыдис». Уыцы диссаг фенгӕйӕ Петр фӕтарст, фӕлӕ йӕм Йесо рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй сдзырдта: «Ма тӕрс; амӕйфӕстӕмӕ ахсдзынӕ адӕймӕгты» (Лукайы 5:4–10).

4. а) Йесо йӕ апостолты хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куыд бацӕттӕ кодта? ӕ) Йесо куыд хъусын кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъусын кӕнынц, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

4 Петр ӕмӕ Андрей, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты Иоанн ӕмӕ Иаков фӕстӕ нал фӕкодтой: сӕ бӕлӕгътӕ ныууагътой ӕмӕ Йесойы фӕстӕ ацыдысты. Ӕртӕ азы бӕрц Йесоимӕ адӕмыл зылдысты, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй уый хорз хабар хъусын кӕнын ахуыр кодта (Матфейы 10:7; Маркы 1:16, 18, 20, 38; Лукайы 4:43; 10:9). Фӕстагмӕ сын, н. э. 14 нисаны, загъта: «Мӕныл ӕууӕндӕг, Ӕз цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон уый дӕр кӕндзӕн, ӕмӕ уыдонӕй фылдӕр скӕндзӕн» (Иоанны 14:12). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хъуамӕ уыйау «ӕвдисӕн лӕууыдаиккой адӕмӕн», кӕнӕ хорз хабар бӕстон ӕмбарын кодтаиккой,– ӕрмӕст ноджы фылдӕр адӕмӕн. Фӕстӕдӕр куыд базыдтой, афтӕмӕй сӕхи дӕр ӕмӕ фидӕны ахуыргӕнинӕгты дӕр хъӕудзӕн хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн» хъусын кӕнын суанг ацы дунейы кӕронмӕ (Матфейы 28:19, 20).

5. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй куыд ис зонд райсӕн?

5 Мах цӕрӕм ацы дунейы кӕроны (Матфейы 24:3). Абон Йесо нӕ цуры нӕй ӕмӕ, йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтау, мах йемӕ уацамынды нӕ цӕуӕм ӕмӕ адӕмимӕ куыд ныхас кӕны, уый нӕ уынӕм. Фӕлӕ уӕддӕр ис, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй зонд райсӕн. Уымӕн та хъӕуы, куыд хъусын кодта ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы амындтӕ лӕвӕрдта, уыдӕттӕ Библийы кӕсын (Лукайы 10:1–11). Ацы статьяйӕ та ма базондзыстӕм ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕй у – хъусын кӕнынмӕ раст цӕстӕй кӕсын.

Адӕмыл мӕт

6, 7. Йесо уацамынды ӕнтыстджын цӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ махӕн фӕзмӕн куыд ис?

6 Йесо уацамынды афтӕ ӕнтыстджын цӕмӕн уыд? Уымӕн, ӕмӕ мӕт кодта адӕмыл. Псаломзарӕггӕнӕг Йесойы тыххӕй фыста, зӕгъгӕ, «уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг мӕгуыргурӕн ӕмӕ ӕдзухъомӕн» (Псалом 71:13). Ӕмӕ Йесо ӕцӕгдӕр ахӕм адӕймаг уыд. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй иу заман, «уынгӕйӕ адӕмы къордтӕ, Уый фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн, кӕй уыдысты уыдон тыхсаст ӕмӕ хӕлиу, куыд ӕнӕ фыййау фыстӕ» (Матфейы 9:36). Йӕ тӕригъӕдтӕ йӕ сӕрӕй уӕлдӕр кӕмӕн уыдысты, суанг ын уыдон дӕр уыдтой йӕ хӕлар зӕрдӕ ӕмӕ йӕм сӕхи ӕппӕрстой (Матфейы 9:9–13; Лукайы 7:36–38; 19:1–10).

7 Мах дӕр адӕмыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд уацамынды уыдзыстӕм ӕнтыстджын. Хъусын кӕнынмӕ цӕуыны размӕ-иу асагъӕс кӕн: цы хабар хӕссӕм, уый адӕмы куыд ахсджиагӕн хъӕуы? Ахъуыды ма-иу кӕн, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕмӕн скӕндзӕн, сӕ уыцы зындзинӕдтыл. Уацамынды алкӕмӕдӕр хӕлар цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ нӕ зоныс, дӕ ныхӕстӕм дын ӕхсызгонӕй чи байхъусдзӕн. Чи зоны, ахӕм адӕймагыл фембӕлай, ӕмӕ куывта Хуыцаумӕ, цӕмӕй йӕм исчи ӕрбацӕуа ӕмӕ йын баххуыс кӕна.

Уарзӕм ӕмӕ хъусын кӕнӕм

8. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, сӕ Ахуыргӕнӕгау, хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнынц?

8 Йесо адӕмӕн хъусын кодта хорз хабар: Иегъовӕйы фӕндон сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ лыггонд ӕрцӕудзысты, алкӕмӕдӕр чи хауы, уыцы дзырддаг фарстатӕ – Иегъовӕйы ном срухс уыдзӕн ӕмӕ Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн (Матфейы 6:9, 10). Йесо йӕ Фыды бирӕ уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ уыцы дзырддаг фарстатӕ чи аскъуыддзаг кӕндзӕн, уыцы Паддзахады тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон ӕмбарын кӕнын (Иоанны 14:31). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр уарзынц Хуыцауы, ӕмӕ уыдон дӕр хорз хабар ӕнувыдӕй хъусын кӕнынц. Апостол Иоанн фыста: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ»; уыдонмӕ хауы адӕммӕ хорз хабар хӕссыны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст дӕр (1 Иоанны 5:3; Матфейы 28:19, 20).

9, 10. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ цӕмӕн фӕнды адӕмӕн хорз хабар бӕстон ӕмбарын кӕнын?

9 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта: «Кӕд Мӕн уарзут, уӕд ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ. Кӕмӕ сты Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый уарзы Мӕн» (Иоанны 14:15, 21). Уӕдӕ кӕд Йесойы уарзӕм, уӕд адӕмӕн ӕцӕгады тыххӕй дзурдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ иннӕ фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм. Йӕ райгасы фӕстӕ Йесо Петрӕн бафӕдзӕхста: «Хиз Мӕ уӕрыччыты. [...] Хиз Мӕ фысты». Уыцы куыст цы зӕрдӕйӕ хъуамӕ кодтаид? Уый базонӕн ис, Йесо Петры цалдӕр хатты цы бафарста, уымӕй: «Ды Мӕн уарзыс? [...] Уарзыс ды Мӕн? [...] Уарзыс ды Мӕн?». Петр Йесойы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд адӕмӕн хорз хабар бӕстон ӕмбарын кӕнын, Йесойы «уӕрыччыты» агурын ӕмӕ сыл аудын (Иоанны 21:15–17).

10 Йесо Петры фарсмӕ куыд уыд, афтӕ абон нӕ фарсмӕ нӕй. Фӕлӕ нын цы хӕрзты бацыд, уый уӕддӕр ӕмбарӕм. Адӕмы стыр уарзтӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй «мӕлӕт ӕппӕты тыххӕй» бавзӕрста, ӕмӕ уымӕн стыр аргъ кӕнӕм (Дзуттытӕм 2:9; Иоанны 15:13). Махмӕ дӕр нӕ зӕрдӕ дзуры Павелау: «Чырыстийы уарзондзинады мидӕг уыдзыстӕм мах... Чырысти та ӕппӕты тыххӕй амард, цӕмӕй цӕрджытӕ сӕхи тыххӕй мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй амӕлӕг ӕмӕ райгасуӕвӕгӕн» (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15). Йесойы уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, стӕй йӕ нӕхӕдӕг дӕр бирӕ кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм хъуыддагӕй – йӕ фӕдзӕхст ын зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм: адӕмӕн бӕстон ӕмбарын кӕнӕм хорз хабар (1 Иоанны 2:3–5). Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ мах уӕлӕнгай цӕстӕй никуы ракӕсдзыстӕм,– цыма Йесойы нывонд ницы уадиссаг у (Дзуттытӕм 10:29).

Сӕйраг цы у?

11, 12. Йесо дунемӕ цӕй тыххӕй ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, йе стырдӕр мӕт уый кӕй уыд?

11 Йесо Понти Пилаты раз куы лӕууыд, уӕд ын загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37). Йесойы «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын» никуы ницы бахъыгдардта, ӕдзух дӕр ацы куыст кодта. Зыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ уый тыххӕй рарвыста.

12 Уӕдӕ Сайтан Йесойы ӕнцад кӕм уагътаид. Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕм Сайтан бауырдыг, зӕгъгӕ дын ратдзынӕн «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» ӕмӕ дӕ ном дӕрдтыл ахъӕр уыдзӕн (Матфейы 4:8, 9). Фӕстӕдӕр та йӕ дзуттӕгтӕ хъавыдысты паддзахӕй сӕвӕрынмӕ (Иоанны 6:15). Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йесо куы бакуымдтаид ӕмӕ зӕххон паддзах куы суыдаид, уӕд адӕмӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ скодтаид. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уымӕн йе стырдӕр мӕт уыдис «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын».

13, 14. а) Йесойы йӕ сӕйраг куыстӕй цы нӕ бакъуылымпы кодта? ӕ) Кӕд Йесомӕ ницы уыд, уӕддӕр йӕ фӕрцы адӕмӕн цавӕр фадат фӕзынд?

13 Йесо мулчы фӕдыл дӕр нӕ цыд, ӕмӕ йӕ йӕ сӕйраг куыст кӕнын уый дӕр нӕ хъыгдардта. Ницы йӕм уыд. Суанг ын хӕдзар дӕр нӕ уыдис. Иу хатт йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Рувӕстӕн ис хуынчъытӕ, ӕмӕ ӕрвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ; фӕлӕ Адӕймаджы Фыртӕн нӕй сӕр ӕркъулгӕнӕн бынат» (Матфейы 8:20). Библимӕ гӕсгӕ йын йӕ мӕлӕты фӕстӕ баззад ӕрмӕст, ромаг ӕфсӕддонтӕ хӕлттӕ кӕуыл сӕппӕрстой, уыцы уӕлӕдарӕс (Иоанны 19:23, 24). Уӕдӕ уӕд йӕ цард дзӕгъӕлы уыд? Нӕ!

14 Ӕппӕты хъӕздыгдӕр хӕрзгӕнӕг цы сарӕзтаид ӕххуысхъуаг адӕмӕн, Йесо уымӕй фылдӕр сарӕзта. Павел фыста: «Сымах зонут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорз лӕвар, Уый хъӕздыг уӕвгӕйӕ, кӕй смӕгуыр сымах тыххӕй, цӕмӕй Уый мӕгуырдзинадӕй сымах схъӕздыг уат» (2 Коринфӕгтӕм 8:9; Филиппӕгтӕм 2:5–8). Йесомӕ никуы ницы уыд, фӕлӕ йӕ фӕрцы сӕрныллӕг адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй суой алцӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ мыггагмӕ цӕрой. Цӕй бузныг дзы стӕм, цӕй! Ӕмӕ куыд тынг цин кӕнӕм, Йесойӕн алкӕддӕр йӕ сӕйраг мӕт Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыд, уый тыххӕй хорзӕхджын кӕй ӕрцыди! (Псалом 39:9; Куыстытӕ 2:32, 33, 36).

15. Мулкӕй зынаргъдӕр цы у?

15 Абон Йесойы ӕппӕт хъарутӕй чи фӕзмы, уыцы чырыстӕттӕ дӕр мулкы фӕдыл нӕ цӕуынц (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Хъӕздыгдзинад царды фадӕттӕ кӕй хуыздӕр кӕны, уый тыххӕй ницы зӕгъынц, фӕлӕ иу хъуыддаг зонынц бӕлвырд – мулк ӕмӕ сын фӕллой ӕнусон цард нӕ ратдзысты. Чырыстон йӕ фӕстӕ цы фӕллӕйттӕ ныууадзы, уыдон ын, Йесойӕн йӕ мӕлӕты бон йӕ уӕлӕдарӕс цы ахъаз уыд, уымӕй фылдӕр ахъаз нал вӕййынц (Екклесиаст 2:10, 11, 17–19; 7:12). Ӕцӕг ахъаз ын вӕййы ӕрмӕстдӕр иу хӕзна – Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ хӕлардзинад (Матфейы 6:19–21; Лукайы 16:9).

Ныхмӕдзӕуджытӕ дын къуылымпыйы хос ма уӕнт

16. Йесойӕн йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕ куыд каст?

16 Йесойӕн йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый йӕ нӕ бакъуылымпы кодта «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын». Фӕстагмӕ йӕ кӕй амардзысты, уый зонгӕйӕ дӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Павел дзы афтӕ загъта: «Цы циндзинад Ӕм хаудта, уый... [сӕраппонд] бавзӕрста дзуар, ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ ӕгаддзинад, ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы бадӕны рахизварс» (Дзуттытӕм 12:2). Бафиппайдтай, Йесо «ницӕмӕ ӕрдардта ӕгаддзинад». Йе знӕгтӕ дзы цы ахъуыды кодтаиккой, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыд. Уымӕн йе стырдӕр мӕт уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын.

17. Йесойы фӕразондзинадӕй зондӕн райсӕн цы ис?

17 Йесойы фӕразондзинадӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый тыххӕй Павел чырыстӕттӕм фыста: «Ахъуыды кӕнут Йӕхиуыл ахӕм ӕфхӕрд тӕригъӕдджынтӕй Бавзарӕгыл, цӕмӕй сымах ма бафӕллайат ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат уӕ удтӕй» (Дзуттытӕм 12:3). Ӕдзух дӕ ныхмӕ цӕуой ӕмӕ дыл худой – уый ӕхсызгон никӕмӕн у. Уӕдӕ ацы дунейы цыбӕлтимӕ тох кӕнынӕй дӕр адӕймаг бафӕллайы, уӕлдайдӕр дын дӕ хӕстӕджытӕ куы дзурой, иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр цӕмӕн хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мах дӕр Йесойау Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм ӕмӕ фыццаджыдӕр Паддзахады хъуыддаг агурӕм (Матфейы 6:33; Ромӕгтӕм 15:13; 1 Коринфӕгтӕм 2:4).

18. Йесо Петрӕн цы загъта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

18 Йесо йӕ куыст кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый тынгдӕр рабӕрӕг, йӕ мӕлӕты бон кӕй ӕрӕввахс, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхсын куы райдыдта, уӕд. Петр ын дзырдта: «Фӕтӕригъӕд кӕн Дӕхицӕн, Хицау! ма уӕд уый Дӕуимӕ!». Фӕлӕ йӕм Йесо нӕ байхъуыста – нӕ йӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй исты бахъыгдардтаид. Йесо Петрмӕ разылд ӕмӕ йын загъта: «Ацу Мӕнӕй, хӕйрӕг! ды дӕ Мӕнӕн рӕдийынгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕныс уый тыххӕй нӕ, Хуыцауы цы у, фӕлӕ адӕймаджы цы у» (Матфейы 16:21–23). Цӕй уӕдӕ мах дӕр адӕмы зондыл макуы цӕуӕм, фӕлӕ хъусӕм Хуыцауы зондмӕ.

Ӕцӕг хорздзинӕдтӕ

19. Йесо кӕд бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр зӕхмӕ йе ’рцыды сӕр цы уыд?

19 Йесо, Мессиа кӕй уыд, уый равдисыны охыл бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Уыдӕттӕ, бӕгуыдӕр, цыдысты адӕмы зӕрдӕмӕ, фӕлӕ Йесо зӕхмӕ канд хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ не ’рцыд. Йесо ӕрцыд «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынмӕ». Уый зыдта, адӕмӕн цы хӕрзтӕ арӕзта, уыдон иууылдӕр рӕстӕгмӕ кӕй уыдысты. Ӕгас кӕй ракодта, уыдон дӕр фӕстӕдӕр иннӕ адӕмау амардысты. Ӕцӕгады тыххӕй кӕй хъусын кодта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы уыд йӕ бон адӕмӕн мыггагмӕйы цард ссарынӕн баххуыс кӕнын (Лукайы 18:28–30).

20, 21. Хорз хъуыддӕгтӕ кӕныны тыххӕй ӕцӕг чырыстӕттӕй цы зӕгъӕн ис?

20 Абон дӕр чидӕртӕ архайынц Йесойы фӕзмыныл ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынц: аразынц рынчындӕттӕ ӕмӕ мӕгуыр, ӕвадат адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц. Хатт уый сӕраппонд сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты дӕр фӕцух кӕнынц. Ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй раппӕлинаг дӕр сты. Фӕлӕ, куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр цы хорздзинад аразынц, уый у рӕстӕгмӕ. Адӕмы сӕ фыдӕбойнаг цардӕй ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад фервӕзын кӕндзӕн. Уӕдӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, Йесойау, уымӕн радтой сӕ хъарутӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ.

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг чырыстӕттӕ бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ аразынц. Павел фыста: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:10). Зын рӕстӕг кӕнӕ бахъуаджы бон мах хорздзинад ракӕнын фӕстӕ никуы фӕкӕнӕм – нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕтты фарсмӕ ӕрбалӕууӕм. Фӕлӕ уӕддӕр махӕн сӕйрагдӕр у «ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын».

Йесойы фӕзмӕм

22. Чырыстӕттӕ адӕмӕн хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнынц?

22 Павел фыста: «Мӕгуыр мӕ бон куы нӕ хъусын кӕнон хорз уацхъуыд!» (1 Коринфӕгтӕм 9:16). Ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ каст – зыдта йӕ, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон дӕр райсдзысты цард (1 Тимофеймӕ 4:16). Мах дӕр нӕ уацамындмӕ кӕсӕм Павелы цӕстӕй – фӕнды нӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Фӕнды ма нӕ бӕлвырд кӕнын, Йесойы кӕй уарзӕм, ӕмӕ нӕ уый дӕр стыр уарзтӕй кӕй бауарзта, уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм. Гъе уымӕн хъусын кӕнӕм хорз хабар, ӕмӕ «адӕймаджы фӕндӕттӕм гӕсгӕ [нӕ цӕрӕм], фӕлӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (1 Петры 4:1, 2).

23, 24. а) Йесо Петры йемӕ куы хуыдта, уӕд цы диссаг сарӕзта, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? ӕ) Абон адӕмӕн хорз хабар бӕстон чи ӕмбарын кӕны?

23 Адӕм ныл кӕд худынц ӕмӕ нӕм ӕртхъирӕн кӕнынц, уӕд дӕр, Йесойау, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ма ныууадзӕм. Йесо Петр ӕмӕ Андрейы йемӕ куы хуыдта, уӕд цы диссаг сарӕзта, уый нӕ зӕрдыл дарӕм: Йесомӕ куы хъусӕм, ӕмӕ нӕ «хызтӕ», «кӕсаг» бирӕ кӕм нӕй, уырдӕм дӕр куы ӕппарӕм, уӕд «кӕсаг» ӕнӕрцахсгӕ нӕ фӕуыдзыстӕм. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ, «кӕсаг» арӕх кӕм нӕ уыд, уым цалдӕр азты фӕстӕ дзӕвгар «кӕсаг» ӕрцахстой. Иннӕтӕ та ацыдысты, «кӕсаг» фылдӕр кӕм ис, уырдӕм, ӕмӕ уым бирӕ «кӕсаг» ӕрцахстой. Уӕдӕ цыфӕндыйӕ дӕр нӕ кӕсаг ахсыны куыст ма ныууадзӕм. Йесо нӕма загъта, ӕгъгъӕд у, уыцы бӕстӕйы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд, зӕгъгӕ (Матфейы 24:14).

24 Ныртӕккӕ иу ӕхсӕз милуан Ӕвдисӕны хорз хабар хъусын кӕнынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. 2004 лӕггады азӕн сӕ уацамынды хыгъд уыдзӕн 2005 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы. Уымӕй базондзыстӕм, Иегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд тынг ахъаз кӕны, уый. Цалынмӕ ацы дуне ис, уӕдмӕ Павелы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайӕм – хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уый аразӕм ӕвӕстиатӕй (2 Тимофеймӕ 4:2). Цӕй уӕдӕ адӕмӕн хорз хабар бӕстон ӕмбарын кӕнӕм, цалынмӕ нын Иегъовӕ нӕ зӕгъа, ӕгъгъӕд у, зӕгъгӕ.

Ацы азӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уацамынды ӕрвылазон хыгъд мыхуыр цӕудзӕн 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы нӕ, фӕлӕ 1 февралы номыры.

Дӕ бон у дзуапп раттын?

• Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

• Йесо, кӕмӕн хъусын кодта, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дардта?

• Цӕмӕн нӕ фӕнды адӕмӕн хорз хабар бӕстон ӕмбарын кӕнын?

• Йесойау нӕ бон куыд у нӕ хъарутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ раттын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24, 25 фарсыл]

Йесойау адӕмыл нӕ зӕрдӕ куы рисса, уӕд уацамынды уыдзыстӕм ӕнтыстджын.

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъарутӕ радтой адӕмӕн хорз хабар бӕстон ӕмбарын кӕнынмӕ.

[Ныв 26 фарсыл]

Йесо зӕхмӕ сӕйраджыдӕр ӕрцыд ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынмӕ.