Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон дӕр агурынц «зынаргъ налхъуыт»

Абон дӕр агурынц «зынаргъ налхъуыт»

Абон дӕр агурынц «зынаргъ налхъуыт»

«Ӕмӕ хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн» (МАТФЕЙЫ 24:14)

1, 2. а) Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд иудейтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хъуыды кодтой? ӕ) Цы арӕзта Йесо, цӕмӕй адӕм, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый раст бамбарой ӕмӕ йын уымӕй цы бантыст?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд иудейтӕ Хуыцауы Паддзахады йеддӕмӕ ӕндӕр дзырд нӕ кодтой (Матфейы 3:1, 2; 4:23–25; Иоанны 1:49). Фӕлӕ райдианты сӕ фылдӕр кӕронмӕ не ’мбӕрстой, кӕйонг ӕххӕсдзысты йӕ бартӕ ӕмӕ куыд хицауиуӕг кӕндзӕн. Нӕдӕр уый зыдтой, уыцы паддзахад уӕларвон кӕй уыдзӕн (Иоанны 3:1–5). Суанг ма Йесойы фӕдыл чи ацыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ хорз не ’мбӕрстой, цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ сӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы хорзӕх ссарой, ӕмӕ Йесоимӕ хицауиуӕг кӕной (Матфейы 20:20–22; Лукайы 19:11; Куыстытӕ 1:6).

2 Цыдис рӕстӕг, ӕмӕ Йесо фӕразонӕй амыдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, уӕларвон Паддзахад ссарынӕн сӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын кӕй хъӕуы. Уый тыххӕй сын ӕрхаста, айразмӕйы статьяйы кӕй равзӕрстам, уыцы фӕсномыг ныхас дӕр – зынаргъ налхъуыты тыххӕй (Матфейы 6:33; 13:45, 46; Лукайы 13:23, 24). Уыдӕттӕ сын, ай-гъайдӕр, тынг бацагайдтаиккой сӕ зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр ныфсджынӕй ӕмӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ хъусын кодтой Паддзахады хорз хабар, суанг бӕсты кӕрӕттӕм дӕр. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн – Куыстыты чиныджы фыст хабӕрттӕ (Куыстытӕ 1:8; Колоссӕгтӕм 1:23).

3. Нӕ рӕстӕгыл дзургӕйӕ, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы загъта?

3 Цы ис зӕгъӕн абонӕй та? Уӕларвон Паддзахад зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, адӕмы диссаджы хорзӕхтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн, уый чи нӕ фехъуыста, ахӕмтӕ ма стӕмтӕ ис. Ацы цардӕвӕрды кӕроны тыххӕй дзургӕйӕ, Йесо комкоммӕ загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:3, 14; Маркы 13:10). Афтӕ ма бамбарын кодта, уыцы егъау куыст кӕй нӕ ныкъкъуылымпы уыдзӕн, цыфӕнды стыр цӕлхдуртӕ йын ма ӕвӕрдӕуа ӕмӕ йе ’ххӕстгӕнджытӕ цыфӕнды ӕвирхъау фӕлварӕнтӕ, стӕй фӕдылзылд ма ӕвзарой, уӕддӕр. Уыимӕ ма Чырысти ныфс бавӕрдта: «Кӕронмӕ ныффӕразӕг... фервӕздзӕн» (Матфейы 24:9–13). Йесо цӕй тыххӕй дзырдта, уыдӕттӕ ’ххӕст кӕнынӕн адӕймаг хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ ӕмӕ уа ӕнувыд – налхъуыт ссарӕг сӕудӕджерау. Цымӕ абон дӕр ис ахӕм адӕймӕгтӕ, Хуыцауы Паддзахад афтӕ зынгзӕрдӕйӕ чи агуры ӕмӕ йыл фидарӕй чи ӕууӕнды?

Ӕцӕгад ссарыны цин

4. Хуыцауы Паддзахады ӕцӕгад адӕмыл куыд ӕндавы?

4 Йесо цы сӕудӕджеры тыххӕй радзырдта, уый «зынаргъ налхъуыт» ссардта, ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Фырцинӕй алцыдӕр бакодта, цӕмӕй налхъуыт йӕ къухы бафтыдаид (Дзуттытӕм 12:1). Раст афтӕ абон адӕмы зӕрдӕтӕ агайы ӕцӕгад Хуыцау ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Зӕрдыл ӕрлӕууынц ӕфсымӕр А. Х. Макмилланы ныхӕстӕ, Хуыцауы куыд ссардта ӕмӕ йын зӕххы тыххӕй йе стыр фӕнд куыд базыдта, уый фӕдыл фыст чиныгӕй: «Кӕддӕр ӕз цы ссардтон, уый ныр дӕр ӕрвылаз мингӕйттӕ ссарынц. Уыдон дӕр сты мӕн ӕмӕ дӕу хуызӕн адӕм: алы адӕмыхӕттытӕй, алы карӕй, сӕ царды уавӕртӕй дӕр – алыхуызон. Ӕцӕгад хъулон никӕй кӕны. Йӕхимӕ ӕлвасы алы ӕмӕ алыхуызон адӕмы» («Faith on the March»).

5. Цы уыд ӕхсызгонӕй 2004 лӕггады азы?

5 Уыцы ныхӕсты рӕстдзинад бӕлвырд кӕны уымӕй, ӕмӕ азӕй-азмӕ рӕстуд адӕмӕн – иу ӕмӕ дыууӕйӕн нӕ, фӕлӕ сӕдӕгай минтӕн – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар бацагайы сӕ зӕрдӕтӕ. Уыдоны бафӕнды сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Афтӕ уыд 2004 лӕггады азы дӕр, ома 2003 азы сентябрӕй 2004 азы августмӕ. Уыцы дыууадӕс мӕйы дӕргъы 262 416 адӕймаджы сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой – уый уыд 235 бӕстӕйы. Уыцы бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕрвылкъуыри ахуыр кӕнынц 6 085 387 адӕймагимӕ. Афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасы царддӕттӕг ӕцӕгад ссарынӕн ӕххуыс кӕнынц алыхуызон адӕмӕн – алы адӕмыхӕттытӕ, знӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн (Раргомад 7:9).

6. Хуыцауы адӕмы нымӕц азӕй-азмӕ цӕй фӕрцы фылдӕр кӕны?

6 Уыцы хъуыддӕгтӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыдысты? Ӕнӕдызӕрдыгӕй, уый Иегъовӕ кӕны йӕхимӕ уыцы рӕстзӕрдӕ адӕмы (Иоанны 6:65; Куыстытӕ 13:48). Фӕлӕ гыццыл схонӕн нӕй, Паддзахады хъуыддаджы йӕ удӕй арт чи цӕгъды ӕмӕ йӕ хъарутыл чи нӕ ауӕрды, уыдоны куыст дӕр. Ӕфсымӕр Макмилланыл 79 азы куы цыд, уӕд фыста: «Низтӕ ӕмӕ мӕлӕты уацары хъизӕмаргӕнӕг адӕммӕ цы рӕсугъд фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Библийӕ цы базыдтон, ууыл ме ’ууӕнк иу гыццыл дӕр нӕ фӕцудыдта. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ аскъуыддзаг кодтон, Библи цӕуыл ахуыр кӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонын, цӕмӕй ӕххуыс кӕнон мӕн хуызӕн адӕмӕн – Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы хорз фӕндон ис, уый базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн».

7. Библийы ӕцӕгад чи ссары, уыдон куыд фӕцин кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг куыд ссудзы, уый цавӕр цӕвиттонӕй зыны?

7 Уый хуызӕн зынгзӕрдӕ сты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон дӕр. Уымӕн цӕвиттон – Даниелӕ, горӕт Венӕйӕ (Австри). «Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцау уыд мӕ хуыздӕр хӕлар,– дзуры Даниелӕ.– Тынг мӕ фӕндыд йӕ ном базонын, уымӕн ӕмӕ мӕм «Хуыцау» цыдӕр ӕнӕуд дзырд кастис. Фӕлӕ мӕ уымӕ бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ мыл ӕвддӕс азы нӕ сӕххӕст, уӕдмӕ – гъе уӕд мын ӕрбахостой мӕ дуар Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Хуыцауы тыххӕй мӕ цыдӕриддӕр базонын фӕндыд, уый мын бамбарын кодтой. Кӕдӕй-уӕдӕй ӕцӕгад ссардтон! Ӕмӕ куыд диссаг уыд, куы! Афтӕ цин кодтон, ӕмӕ, цы базыдтон, уый тыххӕй алкӕмӕндӕр дзырдтон». Фӕлӕ йын йе ’нувыддзинадыл тагъд йе ’мкъласонтӕ худын райдыдтой. «Ӕз та ӕмбӕрстон, уымӕй Библийы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц,– дзуры дарддӕр Даниелӕ.– Зыдтон ӕй, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕмӕн ӕнӕуынон уыдзыстут ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕфхӕрдзысты. Мӕ цинӕн, мӕ дисӕн зӕгъӕн дӕр нӕ уыд!». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Даниелӕ йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодта, донаргъуыд райста ӕмӕ йӕхицӕн нысан сӕвӕрдта миссионерӕй лӕггад кӕнын. Куы смой кодта, уӕд йе ’мкъай Хельмутимӕ хъусын кӕнын райдыдтой, Венӕйы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи цард, уыдонӕн – африкӕйӕгтӕн, китайӕгтӕн, филиппинӕгтӕн ӕмӕ индийӕгтӕн. Ныр Даниелӕ ӕмӕ Хельмут лӕггад кӕнынц миссионертӕй хуссар-хурныгуылӕн Африкӕйы.

Сӕ уды хъару нӕ сысы

8. Бирӕтӕ, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ йӕ Паддзахадыл ӕнувыд кӕй сты, уый цавӕр арфӕйаг хъуыддагӕй ӕвдисынц?

8 Иегъовӕйы адӕмӕн, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ йӕ Паддзахадыл ӕнувыд кӕй сты, уый равдисынӕн иу хорз мадзал, ай-гъайдӕр, у миссионерӕй лӕггад кӕнын. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уыйау миссионертӕ дӕр Паддзахады номыл ӕнӕзивӕгӕй араст вӕййынц дард бӕстӕтӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы миссионертӕ Паддзахады хорз хабар агурӕг нӕ фӕцӕуынц. Уыдон ӕй сӕхӕдӕг хӕссынц зӕххы алы кӕрӕтты цӕрӕг адӕммӕ, ахуыр сӕ кӕнынц ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суой (Матфейы 28:19, 20). Бирӕ рӕтты ӕмбӕлынц стыр зындзинӕдтыл. Фӕлӕ сын сӕ фӕразондзинадӕн Хуыцау рӕдауӕй арфӕ кӕны.

9, 10. Дард бӕстӕты, зӕгъӕм, Централон-Африкаг Республикӕйы, миссионертыл цавӕр ӕхсызгон хабӕрттӕ ’рцӕуы?

9 Зӕгъӕм, Централон-Африкаг Республикӕ. Уым фарон Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры уыд 16 184 адӕймаджы – хъусынгӕнджыты нымӕцӕй авд хатты фылдӕр. Уыцы бӕстӕйы бирӕ рӕтты электрон рухс нӕй, ӕмӕ адӕм сӕ хӕдзары куыстытӕ фӕкӕнынц ӕддейӕ, бӕлӕсты сатӕджы. Гъемӕ миссионертӕ дӕр сӕ куыст кӕнынц уыцы ӕгъдауыл – адӕмимӕ Библи фӕахуыр кӕнынц дуармӕ, бӕлӕсты аууоны. Уый ӕрмӕст уымӕй нӕу хорз, кӕрты рухс ӕмӕ сатӕг кӕй у. Уыцы бӕстӕйы адӕм Библийӕн тынг аргъ кӕнынц, ӕмӕ иннӕ бӕстӕты спортыл кӕнӕ боныхъӕдыл куыд арӕх фӕныхас кӕнынц, афтӕ ам та – диныл. Арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ, миссионертӕ искӕимӕ кӕрты Библи куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд сӕ сӕ рӕзты цӕуӕг адӕм фенынц ӕмӕ сӕм сӕхӕдӕг бацӕуынц.

10 Афтӕ иу хатт, иу миссионер кӕимӕдӕр Библи кӕрты куы ахуыр кодта, уӕд сӕм, уынджы иннӕ фарс цы лӕппу цард, уый бацыд ӕмӕ миссионерӕн загъта, зӕгъгӕ, мӕнмӕ ничи ма уыд, фӕлӕ мӕн дӕр фӕнды Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ мӕм ӕрбацу. Миссионерӕн уый ӕхсызгон куыннӕ уыди. Йемӕ ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ ныр лӕппуйӕн йӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ рӕзы. Ацы бӕстӕйы пъӕлицӕйӕгтӕ арӕх бауромынц Ӕвдисӕнты. Фӕлӕ уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сӕ бафхӕрой кӕнӕ сын ивар бафидын кӕной – уыдон сӕ ракурынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номыртӕ кӕнӕ сын раарфӕ кӕнынц, сӕ зӕрдӕмӕ цы статьятӕ фӕцыдысты, уыдоны тыххӕй.

11. Миссионертӕй рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдон кӕд зынтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр сӕ куысты тыххӕй цы зӕгъынц?

11 Бирӕтӕ 40 кӕнӕ 50 азы дӕргъы лӕггад кӕнынц миссионертӕй, ӕмӕ абоны онг дӕр иузӕрдион сты уыцы куысты. Сӕ уырнындзинад ӕмӕ фидардзинадӕй не ’ппӕтӕн дӕр фӕзминаг куыннӕ сты! Иу ус ӕмӕ лӕг миссионертӕ сты 42 азӕй фылдӕр. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы лӕггад кодтой ӕртӕ бӕстӕйы. «Зындзинӕдтӕй цух кӕцӕй уыдыстӕм,– зӕгъы ӕфсымӕр.– Ӕрмӕст уый, ӕмӕ 35 азы тӕфсӕг низимӕ кӕй фӕтох кодтам. Фӕлӕ миссионертӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтам». Йӕ ус та ма зӕгъы: «Уӕвгӕ, Хуыцауӕй бузныг цӕмӕй уыдаиккам, уый нын кӕддӕриддӕр уыд. Уацамынд нын тынг стыр цин хӕссы, ӕмӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын дӕр тынг ӕнцон у! Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдон фембӕлдмӕ куы ’рбацӕуынц ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ куы фӕзонгӕ кӕнынц, уӕд адӕймагмӕ алы хатт дӕр афтӕ фӕкӕсы, цыма иу бинонтӕ ӕрбамбырд сты».

Уыдон «ӕппӕтдӕр нымайынц ницӕуыл»

12. Адӕймаг, Паддзахадӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕны, уый куыд равдисы?

12 Сӕудӕджер зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уӕд уайтагъд «ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдон ауӕй кодта, ӕмӕ йӕ балхӕдта» (Матфейы 13:46). Хуыцауы Паддзахадӕн ӕцӕгдӕр чи аргъ кӕны, уыдонмӕ дӕр ис уыцы миниуӕг – дунейы стыр аргъ цӕмӕн кӕнынц, ууыл дӕр цӕттӕ сты сӕ къух сисын. Уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыдонӕй иу уыд апостол Павел, ӕмӕ уый дӕр загъта: «Ӕппӕтдӕр нымайын ницӕуыл, иуыл хорз базоныны тыххӕй мӕ Хицау Йесо Чырыстийы: уый тыххӕй ӕз ӕппӕтдӕр ныууагътон, ӕмӕ ӕппӕтдӕр нымайын быроныл, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Филиппӕгтӕм 3:8).

13. Чехийы Республикӕйӕ иу лӕг Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд цы сарӕзта?

13 Раст афтӕ абон дӕр бирӕтӕ, Паддзахады хорзӕхтӕ ссарыны сӕраппонд, сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивынц. Уымӕн цӕвиттон – Чехийы Республикӕйы иу скъолайы директор, 60-аздзыд нӕлгоймаг. 2003 азы октябры йӕ къухтӕм бахаудта, Библи кӕй ӕххуысӕй ахуыр кӕнынц, уыцы чиныг, «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», зӕгъгӕ. Куыддӕр ӕй бакаст, афтӕ бацагуырдта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ сын загъта, Библи ахуыр кӕнын ӕй кӕй фӕнды. Йӕ уырнындзинад тагъд рӕзыд ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ алы фембӕлмӕ дӕр цӕуын райдыдта. Ӕмӕ, горӕты хицау суа, уый фӕстӕ та сенаторы бынатмӕ ӕвзӕрстыты архайа, уыцы фӕндтӕй та цы баци? Ныр ын уыди ӕндӕр нысан – хъуамӕ суыдаид Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусынгӕнӕг. «Тынг бирӕ литературӕ мын бантыст байуарын мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн»,– загъта уый. Уыцы лӕг йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ 2004 азы июлы конгрессы донаргъуыд райста.

14. а) Паддзахыды хорз хабар милуангай адӕмыл куыд бандавы? ӕ) Алкӕйдӕр нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахуыды кӕнын?

14 Ӕгас дунейы милуангай адӕм раст ахӕм зӕрдӕйӕ айсынц Паддзахады хорз хабар. Ацы фыддунейӕ рацӕуынц, сӕ удыхъӕд аивынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм адӕмимӕ нал фӕлымӕн кӕнынц ӕмӕ сӕ къух сисынц, дуне сӕ кӕмӕ цыбӕл кодта, уыцы фӕндтыл (Иоанны 15:19; Ефесӕгтӕм 4:22–24; Иаковы 4:4; 1 Иоанны 2:15–17). Цӕмӕн бакӕнынц афтӕ? Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цыдӕриддӕр ис, уымӕй уӕлдӕр сӕвӕрынц Хуыцауы Паддзахады хорзӕхтӕ. Ды дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсыс Паддзахады хорз хабармӕ? Дӕ зӕрдӕ дын афтӕ агайы, ӕмӕ дӕ фӕнды дӕ царды, цы хъӕуы, уый аивын, цӕмӕй, куыд цӕрыс, цӕмӕн аргъ кӕныс, цӕмӕ тырныс, уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуай? Афтӕ куы кӕнай, уӕд арфӕгонд уыдзынӕ бирӕ хорзӕхтӕй ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр.

Хуымгӕрдӕны куыст фӕуд кӕны

15. Хуыцауы адӕм фӕстаг бонты цы араздзысты, уый тыххӕй развӕлгъау цы ныффыстӕуыд?

15 Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Дӕ тыхы бон Дӕ адӕм цӕттӕ сты». Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы адӕммӕ хауынц «ӕртӕхы хуызӕн» ӕрыгӕттӕ, стӕй сылгоймӕгтӕ – «фехъусынгӕнджыты стыр бирӕ» нымӕц (Псалом 67:12; 109:3). Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйы адӕмӕн – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕн – сӕ зӕрдӕбын ӕмӕ удуӕлдай куысты цы бантыст?

16. Ӕрхӕсс цӕвиттон, цы аразынц Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕной адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базонынӕн.

16 Индийы иу хо-пионер, Паддзахады ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг, сагъӕс кодта, куыд ис баххуыс кӕнӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базонын, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн,– Индийы ахӕм адӕм ис дыууӕ милуанӕй фылдӕр (Исай 35:5). Хо сфӕнд кодта Бангалоры къухӕй амонгӕ ӕвзаджы курсытӕм бацӕуын. Уый фӕрцы йын бантыст Паддзахады хорзӕхты тыххӕй радзурын бирӕ къуырма адӕмӕн, къордтӕй райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Цалдӕр къуыримӕ дзы бирӕтӕ райыдтой Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын. Фӕстӕдӕр, иу чындзӕхсӕвы, ацы хо фембӕлд иу къуырма лӕппуимӕ Калькуттӕйӕ. Уымӕ уыд бирӕ фарстытӕ ӕмӕ йӕ тынг бафӕндыд Иегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ йӕ колледжмӕ бацӕуыны тыххӕй хъуыди фӕстӕмӕ Калькуттӕмӕ аздӕхын,– кӕм уыд, уырдыгӕй 1 600 километры дарддӕр. Калькуттӕйы та нӕ уыди, къухӕй амонгӕ ӕвзаг чи зоны, ахӕм Ӕвдисӕнтӕ. Тыхӕй-фыдӕй йӕ фыды сразы кодта, цӕмӕй йӕ Бангалормӕ ауагътаид колледжмӕ, уымӕн ӕмӕ уым йӕ бон уыдаид Библи дарддӕр ахуыр кӕнын. Йӕ уырнындзинад рӕзыд ӕмӕ иу афӕдзы бӕрц куы рацыд, уӕд йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодта. Стӕй йӕхӕдӕг райдыдта Библи ахуыр кӕнын, хъусӕй чи нӕ хъусы, бирӕ ахӕмтимӕ, уыимӕ йӕ сабибонты хӕларимӕ. Ныртӕккӕ Индийы филиал аразы мадзӕлттӕ, цӕмӕй пионертӕ ахуыр кӕной къухӕй амонгӕ ӕвзаг ӕмӕ ӕххуыс кӕной, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн.

17. Радзур, 2004 лӕггады азы хыгъдӕй дӕ зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕй барухс.

17 Ацы журналы 19–22 фӕрстыл ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон хыгъд 2004 лӕггады азӕн. Лӕмбынӕг ӕм ӕркӕс, ӕмӕ дзы фендзынӕ ирд бӕлвырдгӕнӕнтӕ, абон Иегъовӕйы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр тынг зӕрдиагӕй кӕй агурынц «зынаргъ налхъуыт».

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад»

18. Сӕудӕджеры тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо цӕй кой не скодта ӕмӕ цӕуылнӕ?

18 Йесо сӕудӕджеры тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый та нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнӕм, уӕд бафиппайдзыстӕм, Йесо иу хъуыддаджы фӕдыл кӕй ницы загъта: сӕудӕджер йӕ исвӕллой иууылдӕр куы ауӕй кодта, уӕд дарддӕр цӕмӕй цӕрынмӕ хъавыд. Ӕцӕгӕйдӕр, чидӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ ахъуыды кӕна: «Куы ницыуал ӕм уыд, уӕд ма хӕринаг, дарӕс куыд амал кодтаид, стӕй кӕм цардаид? Цы пайда йын уыдис уӕд уыцы зынаргъ налхъуыт?». Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уыцы фарстытӕ раст сты. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы»? (Матфейы 6:31–33, НФ). Уыцы фӕсномыг ныхасы сӕйраг хъуыды уый мидӕг уыд, адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион, йӕ Паддзахадыл ӕнувыд кӕй хъуамӕ уа. Уымӕй махӕн зондӕн райсӕн цы ис?

19. Йесо зынаргъ налхъуыты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй сӕйраджыдӕр цы у нӕ бон зондӕн райсын?

19 Чи зоны, нырма ӕрӕджы базыдтам Библийы ӕвӕджиауы хорз хабар. Йе та бирӕ азты дӕргъы стӕм Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы лӕуд, рагӕй хъусын кӕнӕм йӕ хорзӕхты тыххӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, нӕ хъуыдытӕ, нӕ фӕндтӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр бӕттӕм Паддзахадыл. Уӕззау рӕстӕджы цӕрӕм, фӕлӕ фидарӕй зонӕм: цы агурӕм, уый ӕцӕг у ӕмӕ йын абарӕн дӕр ницӕимӕ ис – растдӕр, сӕудӕджер кӕй ссардта, уыцы налхъуытау. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ Библийы ныхӕстӕй цы сӕххӕст ис, уыдонӕй ирдӕй зыны, ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕй цӕрӕм (Матфейы 24:3). Цӕй уӕдӕ, налхъуыт агурӕг сӕудӕджерау, зӕрдӕйӕ ’нувыд уӕм Хуыцауы Паддзахадыл ӕмӕ цин кӕнӕм, хорз хабар хъусын кӕныны кад нӕм кӕй ӕрхаудта (Псалом 9:2, 3).

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцауы адӕм азӕй-азмӕ цӕй фӕрцы фылдӕр кӕнынц?

• Цы зӕрдӕйы уаг ӕвдисынц миссионертӕ?

• Хуыцауы Паддзахады хорз хабар фехъусгӕйӕ бирӕтӕ сӕ цард куыд аивынц?

• Йесо зынаргъ налхъуыты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый нын хорз зондзонӕн цӕмӕй у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 19–22 фарсыл]

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2004 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Ныв 24 фарсыл]

«Ӕцӕгад... йӕхимӕ ӕлвасы алы ӕмӕ алыхуызон адӕмы» (А. Х. Макмиллан).

[Ныв 25 фарсыл]

«Дӕ тыхы бон Дӕ адӕм цӕттӕ сты».