Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайы

Иегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайы

Иегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайы

«Раст у Хицау [«Иегъовӕ», НД] Йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (ПСАЛОМ 144:17).

1. Исчи дӕ раст куы нӕ бамбары, уӕд дӕхи куыд фӕхатыс ӕмӕ уымӕй цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис?

ИСКУЫ дыл исчи фӕгуырысхо? Ома, хабӕрттӕ ’ххӕстӕй нӕ зыдта, афтӕмӕй, куыд бакодтай ӕмӕ цӕмӕн афтӕ бакодтай, уый раст нӕ бамбӕрста? Кӕд ахӕм уавӕры уыдтӕ, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, тынг зын уыди, ӕмӕ дӕ бамбарӕн дӕр ис. Амӕй скӕнӕн ис иу ахсджиаг хатдзӕг: хъуыддаг бӕлвырдӕй куы нӕ зонай, уӕд тӕрхӕттӕ хӕссыныл тагъд кӕнын нӕ хъӕуы.

2, 3. Алы фарстӕн дзуапп ссарӕн кӕм нӕй, Библийы ахӕм хабӕрттӕ бакӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕ цы ахъуыды кӕнынц, фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас Иегъовӕйы тыххӕй цы зӕгъы?

2 Ацы хъуыддаг нын зӕрдылдаринаг у, Иегъовӕ Хуыцау куыд архайы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы ис ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ адӕймаг фыццаг, чи зоны, хъуыдыты ацӕуа, уый та куыд, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, хатт Библийы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы сарӕзтой, йе та Хуыцау йӕхӕдӕг цы тӕрхон рахаста, уый фӕдыл алцы афтӕ бӕстон фыст нӕ вӕййы, цӕмӕй дзы нӕ алы фарстӕн дӕр дзуапп ссарӕм. Хъыгагӕн, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, уыцы хъуыддӕгты Хуыцау кӕнӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ раст нӕ бакодтой. Суанг ма, Хуыцау рӕстаг ӕмӕ ӕнӕхӕрам у, ууыл дӕр фӕдызӕрдыг вӕййынц. Фӕлӕ нын Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «раст у Хицау [«Иегъовӕ», НД] Йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (Псалом 144:17). Йӕ Ныхас ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, уый «хӕрам хъуыддаг [кӕй] нӕ бакӕндзӕн» (Иов 34:12; Псалом 36:28). Ахъуыды ма кӕн, куыд зын ын хъуамӕ уа, исчи йын йӕ рӕстдзинадыл куы гуырысхо кӕна!

3 Ӕркӕсӕм, Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл нымайынӕн цавӕр фондз аххосаджы ис. Стӕй, уыдон нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, равзарӕм Библийӕ дыууӕ хабары – кӕмӕдӕрты зын бамбарӕн чи фӕкӕсы, ахӕмтӕ.

Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл нымайӕн цӕмӕн ис?

4. Хуыцау цы аразы, ныхас ууыл куы цӕуа, уӕд бонзонгӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Фыццаджыдӕр, Иегъовӕ хъуыддаг лыстӕг хабӕртты онг фӕзоны, мах та – нӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау цы аразы, ныхас ууыл куы цӕуа, уӕд хъуамӕ уӕм бонзонгӕ. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон: иу тӕрхонгӕнӕджы иууылдӕр зонынц ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕнӕхӕрам кусӕгӕй. Ӕмӕ мӕнӕ, уыцы тӕрхонгӕнӕг цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл тӕрхон рахаста. Хъуыддаг бӕлвырд куыд уыд, стӕй закъон уый тыххӕй цы дзуры, уыдӕттӕ нӕ зонгӕйӕ йын исчи йӕ уынаффӕ раст куы нӕ схонид, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсид? Адӕймаг цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл алцы ма базона, афтӕмӕй йын йӕхи тӕрхонгӕнӕг скӕна – уый ӕнӕзонд ми у (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Уӕд ма уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕджы» зылын кӕна?! (Уӕвынад 18:25).

5. Хуыцау кӕмӕндӕрты куыд стӕрхон кодта, уый тыххӕй куы кӕсӕм Библийы, уӕд нӕ цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

5 Хуыцауы тӕрхӕттӕ растыл нымайынӕн дыккаг аххосаг уый у, ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕтӕ уыны (1 Паддзахӕдты 16:7). Йӕ Ныхасы фыст ис: «Ӕз Иегъовӕ, кӕсын зӕрдӕмӕ, фӕлварын уыргтӕ, цӕмӕй алкӕмӕндӕр раттон йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ цы байтыдта, уымӕ гӕсгӕ» (Иереми 17:10). Уӕдӕ, Библийы, Хуыцау кӕмӕндӕрты куыд стӕрхон кодта, уый тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ рох ма уӕд: адӕймаджы зӕрдӕйы-иу цы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ уыд, уыдӕттӕ-иу алкӕд йӕ Ныхасы фыст не ’рцыдысты, фӕлӕ сӕ йӕ алцыуынӕг цӕст уыдта (1 Паралипоменон 28:9).

6, 7. а) Куыд равдыста Иегъовӕ, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ кӕй нӕ халы, кӕд ын уый тынг зынаргъ слӕууы, уӕддӕр? ӕ) Библи кӕсгӕйӕ, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддаджы раст бакодта ӕви нӕ, ууыл куы фӕгуырысхо уӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнӕм?

6 Ӕркӕсӕм ӕртыккаг аххосагмӕ дӕр – Хуыцау йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ нӕ халы, кӕд ын уый тынг зынаргъ слӕууы, уӕддӕр. Уый фенӕн ис иу хабарӕй: Иегъовӕ коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕныны сӕраппонд йӕ Фырты ахӕстаргъӕн радта, ӕмӕ уымӕй сӕххӕст кодта, йӕ рӕстаг закъӕттӕ цы домдтой, уый (Ромӕгтӕм 5:18, 19). Фӕлӕ йӕ уарзон Фырт цӕджындзыл куыд хъизӕмар кодта ӕмӕ куыд амард, уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодтаид! Уыцы хъуыддаг нын Хуыцауы тыххӕй цы дзуры? Йесо Чырысти цы ахӕстаргъ бафыста, уый тыххӕй Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уый уыд «[Хуыцауы] рӕстдзинад равдисыны тыххӕй» (Ромӕгтӕм 3:24–26). Ӕндӕр тӕлмацы та Ромӕгтӕм 3:25 у афтӕ: «Уымӕй равдыстӕуыд, Хуыцау алкӕддӕр, раст ӕмӕ ӕнаипп цы у, уый кӕй аразы» («New Century Version»). О, Иегъовӕ ахӕстаргъ ратгӕйӕ йӕхицӕн цы зын скодта, уымӕй бӕрӕг у, «раст ӕмӕ ӕнаипп цы у», уый тынг бӕрзонд кӕй ӕвӕры.

7 Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддаджы раст бакодта ӕви нӕ, ууыл куы фӕгуырысхо уӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд: Иегъовӕ йӕ Фырты хъизӕмайраг мӕлӕтӕй бахизыны охыл йӕ рӕстдзинады сӕрты нӕ ахызт. Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъуыддӕгты ахиздзӕн йӕ сӕрты? Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ никуы халы йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ. Махӕн фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау алкӕддӕр, раст цы у, уый кӕй аразы (Иов 37:23).

8. Цӕмӕн уаид ӕнахуыр афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, Иегъовӕмӕ рӕстдзинад алкӕд нӕ вӕййы?

8 Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл кӕй хъуамӕ нымайӕм, уымӕн цыппӕрӕм аххосаг – Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста йӕхи фӕлгонцмӕ гӕсгӕ (Уӕвынад 1:27). Уӕдӕ адӕммӕ дӕр ис, Хуыцау йӕхӕдӕг цы миниуджыты хицау у, уыдон, уыимӕ рӕстдзинады ӕнкъарӕн дӕр. Ӕмӕ тынг ӕнахуыр уаид, уыцы ӕнкъарӕн нӕм афтӕ куы дзурид, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн йӕхимӕ та рӕстдзинад алкӕд нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библийы цавӕрдӕр хабар сагъӕстыл куы ӕфтауа, уӕд нӕ хъуамӕ рох ма уа: нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй нӕ рӕстдзинады ӕнкъарӕн дӕр алцы раст нӕ хаты. Иегъовӕйӕн та, кӕй фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд стӕм, уымӕн, йӕ тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинады ницы хъӕндзинад ис (Дыккаг закъон 32:4). Адӕм Хуыцауӕй рӕстагдӕр уой, ууыл ӕрмӕст ахъуыды кӕнын дӕр худӕг у! (Ромӕгтӕм 3:4, 5; 9:14).

9, 10. Иегъовӕ хӕсджын цӕуылнӕ у, ӕмӕ адӕмӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕтта кӕнӕ йӕхи сӕ разы рӕстытӕ кӕна?

9 Цы у фӕндзӕм аххосаг та? Иегъовӕ «Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ» кӕй у, уый (Псалом 82:19). Иугӕр афтӕ у, уӕд хӕсджын нӕу, ӕмӕ адӕмӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕтта кӕнӕ йӕхи сӕ разы рӕстытӕ кӕна. Уый у Дурынгӕнӕг, мах та – мигӕнӕнтӕ кӕмӕй аразы, уыцы ӕлыг. Ӕмӕ йӕ арӕзт дзауматӕй куыд пайда кӕндзӕн, уый йӕхӕдӕг скъуыдздзаг кӕны (Ромӕгтӕм 9:19–21). Чи стӕм мах, йӕ къухты конд ӕлыг мигӕнӕнтӕ, цӕмӕй йын йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтыл нӕхи тӕрхонгӕнӕг скӕнӕм? Рагзаманты Хуыцауӕн кувӕг лӕг Иов рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцыд, Иегъовӕйӕн адӕммӕ цы ахаст ис, уый фӕдыл. Ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кодтаид, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ бафарста: «Ау, мӕ рӕстдзинад мын ницӕуыл банымайдзынӕ? Мӕн зылынджын рахондзынӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг раст разынай?» Иов йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд ӕрфӕсмон кодта (Иов 40:8; 42:6). Макуы ныл ӕрцӕуӕд ахӕм рӕдыд, ӕмӕ Хуыцауы истӕмӕй зылынджын кӕнӕм!

10 Ай-гъайдӕр, нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы. Уымӕн цы фондз аххосаджы равзӕрстам, уыдон нӕ зӕрдыл бадарӕм ӕмӕ ӕркӕсӕм, Библийы кӕмӕндӕрты зын бамбарӕн чи вӕййы, дыууӕ ахӕм хабармӕ. Фыццаджы дзырд цӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг куыд бакодта, ууыл, иннӕйы та – Хуыцау цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй.

Лот йӕ чызджыты знӕт адӕмы бардзы къухтӕм цӕмӕн лӕвӕрдта?

11, 12. а) Хуыцау дыууӕ зӕды адӕймӕгты хуызы Содоммӕ куы арвыста, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Ацы хабар кӕсгӕйӕ кӕмӕдӕрты цавӕр фарстытӕ фӕзыны?

11 Уӕвынады 19 сӕры кӕсӕм, Иегъовӕ дыууӕ зӕды адӕймӕгты хуызы Содоммӕ куыд арвыста ӕмӕ стӕй цы ’рцыд, уый тыххӕй. Лот зӕдты куы федта, уӕд сӕм бахатыд, мӕ хӕдзары бафысым кӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв сахары нӕлгоймӕгтӕ йӕ хӕдзарыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дзы ӕрдомдтой, цӕмӕй сӕм уазджыты ракӕна, ӕмӕ сын ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕной. Бӕргӕ сын дзырдта Лот, цӕмӕй сӕхи ӕрӕмбарой, фӕлӕ йӕм хъусӕг кӕм уыд! Йӕ уазджыты бахъахъхъӕныныл хъуыды кӕнгӕйӕ, Лот загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ме ’фсымӕртӕ, ӕвзӕр ми ма бакӕнут. Мӕнӕ мын дыууӕ чызджы ис – нӕлгоймаджы ад нӕма зонынц. Цӕй, уыдоны уӕм ракӕнон. Цыдӕриддӕр уӕ фӕнды, уый сын кӕнут. Ӕрмӕст ацы адӕммӕ ма бавналут, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕ цары аууон бакодтой сӕхи». Фӕлӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ нӕ бахъардтой, йӕ хӕдзары дуар дӕр ма йын бацӕйтыдтой. Бынтон сызнӕт сты, ӕмӕ сын уӕд зӕдтӕ сӕ цӕстытӕ бакуырм кодтой (Уӕвынад 19:1–11).

12 Диссаг нӕу, ацы хабар кӕсгӕйӕ кӕмӕдӕрты фарстытӕ кӕй фӕзыны. «Лот йӕ уазджыты бахъахъхъӕныны тыххӕй уыцы хӕлд адӕмы къухтӕм йӕ чызджыты куыд лӕвӕрдта?– фӕхъуыды кӕнынц уыдон.– Ау, уымӕй раст кодта? Ӕви, цы кодта, уый – йӕ фыртӕппудӕй?» Уӕд Петр Хуыцауы фӕндӕй Лоты рӕстгӕнӕг цӕмӕн схуыдта? Лот цы бакӕнинаг уыд, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыди? (2 Петры 2:7, 8). Цӕмӕй ацы хъуыддаг раст бамбарӕм, уый тыххӕй йыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм.

13, 14. а) Библийы Лоты тыххӕй цы фыст ис, уый фӕдыл цы зӕгъын хъӕуы? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Лот тӕппуд кӕй нӕ уыд?

13 Фыццаг зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы ран Библи Лоты нӕдӕр раст кӕны, нӕдӕр зылын. Фыст дзы ис ӕрмӕстдӕр, цы ’рцыд, уый. Лот цы хъуыды кодта, цӕмӕн афтӕ бакодта, уый тыххӕй дӕр Библи ницы дзуры. Рӕстгӕнджытӕ куы ’гас кӕной, уӕд Лот дӕр райгас уыдзӕн, ӕмӕ нын, чи зоны, уӕд хабӕрттӕ бӕстон радзура (Куыстытӕ 24:15).

14 Лот тӕппуд уыд, уый зӕгъӕн дӕр нӕй. Тынг зын уавӕры бахаудта. Йӕ уазджытӕй афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «мӕ цары аууон бакодтой сӕхи», уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнын Лот йӕхицӕн хӕсыл нымадта. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕ уыд. Содомы цӕрджытӕй дзуттаг историк Иосиф Флавий фыста: «Адӕмы ӕфхӕрдтой, Хуыцау та сӕм нымады дӕр нӕ уыд... Ӕцӕгӕлӕттӕй се сӕфт уыдтой, се ’нӕгъдаудзинады мидӕг ӕнхъызтысты». Фӕлӕ Лот уыцы фыдзӕрдӕ ӕмӕ знӕт адӕмы бардзӕй йӕхи нӕ бамбӕхста. Ӕддӕмӕ сӕм рацыд ӕмӕ сӕ сабыр кодта. Суанг ма «дуар [дӕр] йӕ фӕстӕ рахгӕдта» (Уӕвынад 19:6).

15. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Лот, Хуыцауыл тынг кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй бакодта афтӕ?

15 «Фӕлӕ уӕддӕр,– чи зоны, зӕгъа исчи,- куыд куымдта Лоты зӕрдӕ йӕ чызджыты уыцы балбирӕгъты къухтӕм раттын?» Лоты аххосджын кӕныны бӕсты, цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, ӕндӕр цӕмӕ гӕсгӕ бакодтаид афтӕ. Фыццаджыдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд. Ома? Лот ӕнӕмӕнгӕй зыдтаид, Иегъовӕ йын йӕ фыды ’фсымӕр Авраамы усы, Саррӕйы, куыд бахъахъхъӕдта, уый. Куыннӕ ма хъуыды кӕндзыстӕм уыцы хабар. Саррӕ уыд тынг рӕсугъд сылгоймаг, ӕмӕ йын Авраам загъта, цӕмӕй йӕ йе ’фсымӕр хона,– науӕд ӕй Саррӕйы тыххӕй амардтаиккой *. Фӕстӕдӕр Саррӕйы акодтой фараоны хӕдзармӕ. Фӕлӕ Иегъовӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй дзы фараон йӕхицӕн ус скодтаид (Уӕвынад 12:11–20). Гӕнӕн ис, ӕмӕ Лоты уырныдта, Иегъовӕ йын йӕ чызджыты дӕр фыддзинадӕй кӕй бахиздзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ нӕ рауад? Иегъовӕ бахъахъхъӕдта чызджыты йӕ зӕдты руаджы, ӕмӕ сыл ницы фыдбылыз ӕрцыд.

16, 17. а) Лоты Содомы нӕлгоймӕгты куыд фӕуыргъуыйау кӕнын фӕндыд? ӕ) Лот цыфӕнды ма хъуыды кодтаид, уӕддӕр цӕуыл у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

16 Цӕмӕн ма бакодтаид Лот афтӕ? Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд, цӕмӕй уыцы адӕм фӕуыргъуыйау уыдаиккой. Нӕлмондаг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ Лот хъуыды кодта, йӕ чызджытӕм ын кӕй нӕ бацыбӕл уыдзысты (Иудӕйы 7). Стӕй ма чызджытӕ тагъд хъуамӕ смой кодтаиккой содомӕгтӕй, ӕмӕ уыцы адӕмы ’хсӕн сиахсӕгтӕн сӕ хӕстӕджытӕ, хӕлӕрттӕ кӕнӕ ӕмкусджытӕй ӕнӕмӕнг чидӕртӕ уыдаид (Уӕвынад 19:14). Лоты, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыд, ӕмӕ уыдонӕй исчи йӕ чызджыты сӕрыл сдзурдзӕн. Афтӕмӕй уыцы бардз фӕдих уыдаид, адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ фӕуыдаикой, ӕмӕ уӕд афтӕ тӕссаг нал уыдаиккой *.

17 Лот цыфӕнды ма хъуыды кодтаид, нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын иу хъуыддагыл: Иегъовӕ алкӕддӕр архайы рӕстӕй, ӕмӕ Лоты «рӕстгӕнӕг» дзӕгъӕлы не схуыдтаид. Стӕй, содомӕгты агъуыд бардз цы митӕ кодта, уымӕ ӕркӕсгӕйӕ чи нӕ сразы уыдзӕн, Иегъовӕ уыцы сӕфт сахары цӕрджытыл раст кӕй стӕрхон кодта? (Уӕвынад 19:23–25).

Иегъовӕ Озӕйы цӕмӕн амардта?

18. а) Давид ковчег Иерусалиммӕ куы хаста, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Ацы хабары фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры?

18 Ӕндӕр зын бамбарӕн хабар та у, Давид бадзырды ковчег Иерусалиммӕ куы хаста, уӕд цы ’рцыд, уый. Ковчег уӕрдоныл сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ Озӕ йе ’фсымӕримӕ фӕцӕйласта. Библи дзуры: «Нахоны мусы онг куы бахӕццӕ сты, уӕд Озӕ йӕ къух фӕдардта ӕцӕг Хуыцауы ковчегмӕ ӕмӕ йыл фӕхӕцыд, уымӕн ӕмӕ уӕнгуытӕ уӕрдон фӕцӕйфӕлдӕхтой. Уӕд Иегъовӕйы маст Озӕмӕ рафыхт ӕмӕ йӕ ӕцӕг Хуыцау ӕрцавта йӕ къӕйных мийы тыххӕй, афтӕ ӕмӕ уыцы ран, ӕцӕг Хуыцауы ковчегы раз, дзыхъмард фӕци». Цалдӕр мӕйы фӕстӕ ковчег хорзӕй сӕмбӕлд йӕ бынатыл, уымӕн ӕмӕ йӕ Каафы хӕдзарвӕндагӕй левиттӕ се уӕхсджытыл хастой – Хуыцауы закъон куыд домдта, афтӕ (2 Паддзахӕдты 6:6, 7; Нымӕцтӕ 4:15; 7:9; 1 Паралипоменон 15:1–14). Чи зоны, исчи зӕгъа: «Иегъовӕ йӕ афтӕ карз цӕмӕн бафхӕрдта, кӕд ӕмӕ Озӕ ковчегыл уый тыххӕй фӕхӕцыд, цӕмӕй ма ахаудаид?». Цӕмӕй рӕдыд хатдзӕг ма скӕнӕм, уый тыххӕй хабар алывӕрсыгӕй равзарӕм.

19. Уый гӕнӕн цӕуылнӕ ис, цӕмӕй Иегъовӕ хӕрам хъуыддаг бакӕна?

19 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ Иегъовӕ хӕрам хъуыддаг бакӕна (Иов 34:10). Куы бакӕнид, уӕд зӕгъӕн уаид, уарзондзинад ӕм кӕй нӕй. Фӕлӕ Библийӕ цы базыдтам, уый нын ӕмткӕй райсгӕйӕ ууыл дзуры, ӕмӕ «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Уымӕй уӕлдай ма Фыстады кӕсӕм: «Раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад – [Хуыцауы] паддзахы бадӕны бындур» (Псалом 88:15). Ӕмӕ уӕд куыд хъуамӕ сараза Иегъовӕ хӕрам хъуыддаг? Уымӕй фӕцудын кӕнид йӕ хицаудзинады бындур.

20. Цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ зыдтаид Озӕ ковчегимӕ баст закъӕттӕ?

20 Иннӕмӕй та Озӕ йӕхӕдӕг хъуыддаг хъуамӕ хорз ӕмбӕрстаид. Ковчег ӕвдыста, Иегъовӕ уым кӕй уыд. Закъон бӕлвырд дзырдта, бар кӕмӕн уыд, уыдонӕй дарддӕр ковчегмӕ ӕвналӕн кӕй никӕмӕн ӕмбӕлд. Чи йӕм фӕцагайдтаид, уый та дзыхъмард фӕуыдаид (Нымӕцтӕ 4:18–20; 7:89). Уымӕ гӕсгӕ, ковчег хӕссынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыдис. Озӕ кӕд сауджын нӕ уыд, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй уыди левит, ӕмӕ хъуамӕ Закон зыдтаид. Уымӕй уӕлдай, ковчег, цалынмӕ йӕ Давид ахӕссынвӕнд не скодта, уӕдмӕ 70 азы дӕргъы фӕци йӕ фыды хӕдзары (1 Паддзахӕдты 6:20–7:1). Уӕдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Озӕ хорз зыдтаид ковчегимӕ баст закъӕттӕ.

21. Иегъовӕ зӕрдӕтӕ кӕй уыны, уый нӕ, Озӕйыл дзургӕйӕ, рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

21 Куыд ма загътам, афтӕмӕй Иегъовӕ зӕрдӕтӕ уыны. Озӕ цы сарӕзта, уый Хуыцауы Ныхас «къӕйных ми» кӕй хоны, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕ Озӕйы зӕрдӕйы уыдта цавӕрдӕр хиуарзон фӕнд,– фӕлӕ цавӕр, уый кой Библийы нӕй. Мыййаг, йӕ барты сӕрты ӕнцонтӕй чи ахизы, ахӕм хиуылӕрвӕссон адӕймаг уыд Озӕ? (Ӕмбисӕндтӕ 11:2) Нырмӕ йӕ бинонты бӕрны чи уыд, уыцы ковчег ласгӕйӕ йӕ адӕм иууылдӕр уыдтой. Ӕмӕ кӕд уый тыххӕй йӕхицӕй ныббуц? (Ӕмбисӕндтӕ 8:13). Мыййаг, йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ уыд ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма Иегъовӕйы къух ӕгӕр цыбыр у, цӕмӕй ковчег хауын ма бауадза (ковчег та, куыд зонӕм, афтӕмӕй ӕвдыста, Хуыцау йӕхӕдӕг уым кӕй уыд, уый)? Цыфӕнды ма уыдаид йӕ аххосаг – Иегъовӕ раст кӕй бакодта, уымӕ нӕ зӕрдӕ ӕппындӕр хъуамӕ ма ӕхсайа. Ӕвӕццӕгӕн, уый Озӕйы зӕрдӕйы уыдта, ӕвӕстиат тӕрхоны аккаг ӕй цы кодта, ахӕм миниуӕг (Ӕмбисӕндтӕ 21:2).

Фидар бындур ӕууӕндынӕн

22. Иегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр лыстӕг хабӕрттӕ кӕй нӕ ныффыссын кодта, уымӕй йӕ ӕрдхӕрӕны зонд куыд зыны?

22 Иегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр лыстӕг хабӕрттӕ кӕй нӕ ныффыссын кодта, уымӕй зыны йӕ ӕрдхӕрӕны зонд. Уый фӕрцы нын дӕтты фадат, ӕууӕндӕм ыл ӕви нӕ, уый равдисынӕн. Цы равзӕрстам, уымӕй бӕрӕг нӕу, Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл нымайынӕн фидар бындур кӕй ис? Хуыцауы Ныхас ӕнӕхин зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕвронг зондӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд Иегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уый нын фагӕй фылдӕр уыдзӕн, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Ӕмӕ-иу Библийы хабӕрттӕй искӕцымӕ нӕ фарстытӕн бӕлвырд-бӕрӕг дзуапп куы нӕ арӕм, уӕд-иу цӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм – ацы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕ, раст куыд уыд, афтӕ бакодта.

23. Иегъовӕйы фидӕны хъуыддӕгтыл дзургӕйӕ, цӕуыл у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

23 Раст афтӕ ис ӕууӕндӕн Иегъовӕйы фидӕны хъуыддӕгтыл дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: тагъд стыр бӕллӕх куы ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцау адӕмыл куы тӕрхон кӕна, уӕд «рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ [нӕ] бабын кӕндзӕн» (Уӕвынад 18:23). Рӕстдзинадуарзаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы бакӕндзӕн. Нӕ бон ма у нӕ зӕрдӕ дарын иу хъуыддагыл: къӕсӕрыл цы ног дуне ис, уым нын Иегъовӕ нӕ фӕндтӕ иууылдӕр, куыд хуыздӕр уа, афтӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Псалом 144:16).

[Фиппаинаг]

^ 15 абз. Авраам дзӕгъӕлы нӕ тарст, уымӕн ӕмӕ рагон папирусты фыст ис иу фараоны тыххӕй, йӕ адӕмы гӕрзифтонгӕй кӕй арвыста, цӕмӕй иу рӕсугъд сылгоймаджы байстаиккой, йӕ мойы та йын амардтаиккой.

^ 16 абз. Уый фӕдыл фылдӕр бакӕсӕн ис 1979 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 31 фарсыл (англ.).

Бахъуыды кодтай?

• Цавӕр аххосӕгтӕ ис Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл нымайынӕн?

• Лот йӕ чызджыты знӕт адӕмы бардзы къухтӕм кӕй лӕвӕрдта, уый раст цӕй руаджы бамбардзыстӕм?

• Иегъовӕ Озӕйы цӕмӕн амардта, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

• Иегъовӕйы фидӕны хъуыддӕгтыл дзургӕйӕ, цӕуыл у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]