Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон «ссардтой иу зынаргъ налхъуыт»

Уыдон «ссардтой иу зынаргъ налхъуыт»

Уыдон «ссардтой иу зынаргъ налхъуыт»

«Уӕларвон Паддзахад тыхӕй исгӕ у, ӕмӕ тыхӕй архайджытӕ исынц уый» (МАТФЕЙЫ 11:12).

1, 2. а) Цавӕр стӕм миниуӕджы кой кодта Йесо иу фӕсномыг ныхасы? ӕ) Зынаргъ налхъуыты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо цы загъта?

ЦАРДЫ истӕмӕн ахӕм стыр аргъ кӕныс, ӕмӕ, цӕмӕй дӕ къухы бафта, уый тыххӕй ницы бавгъау кӕнис? Адӕймаг цӕмӕйдӕр, зӕгъӕм, ӕхца, кад, бӕрзонд бынат, стыр номӕй фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, уый тыххӕй алцӕуыл дӕр сразы уыдзынӕн. Фӕлӕ исчи истӕмӕн афтӕ саргъ кӕна, ӕмӕ йӕ самал кӕнынӕн мацы бавгъау кӕна – ахӕм миниуӕг стӕм у. Уыцы стӕм, фӕлӕ рӕсугъд миниуӕджы кой кодта Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдонӕй сӕ иуы.

2 Уый уыд, Йесо ӕрмӕстдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй радзырдта, уыцы фӕсномыг ныхас – арӕх ӕй фӕхонынц фӕсномыг ныхас зынаргъ налхъуыты тыххӕй. Мӕнӕ цы радзырдта Йесо: «Уӕларвон Паддзахад у хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджеры хуызӕн, кӕцы, ссаргӕйӕ иу зынаргъ налхъуыт, ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдон ауӕй кодта, ӕмӕ йӕ балхӕдта» (Матфейы 13:36, 45, 46). Цы йӕ фӕндыд уымӕй бацамонын? Махӕн та дзы цы у нӕ бон зондӕн райсын?

Налхъуыты аргъ

3. Рагзаманты хорз налхъуытӕн стыр аргъ цӕмӕн кодтой?

3 Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр налхъуыт нымад у зынаргъ фӕлындӕныл. Иу чиныджы фыст ис ромаг фыссӕг Хистӕр Плинийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, налхъуыт уыд «зынӕргътӕн сӕ зынаргъдӕр». Сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй уӕлдай, налхъуыт сӕвзӕры цӕрӕгойы фӕрцы. Кӕцыдӕр моллюсктӕн – доны сӕтӕлджытӕн – сӕ хъузгмӕ исты хъӕбӕр куы бахауы, зӕгъӕм, гыццыл дуры къӕртт, уӕд сын цӕмӕй сӕ буар ма хъыгдара, уый тыххӕй йыл ӕргъӕуӕй цъар ӕвӕрын райдайынц. Рагзаманты ӕппӕты хуыздӕр налхъуыт истой Сырх денджызӕй, Персы бакӕлӕнӕй ӕмӕ Индийы океанӕй. Уыдон иууылдӕр уыдысты Израилӕй дард. Гъе уымӕ гӕсгӕ дзырдта Йесо «хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджеры» тыххӕй, ома уӕййаджы фӕдыл дард чи фӕцӕуы. Уӕвгӕ, ӕцӕг зынаргъ налхъуыт ссарынӕн дзӕвгар хъарутӕ бахардз кӕнын хъӕуы!

4. Сӕудӕджеры тыххӕй фӕсномыг ныхасӕн йӕ апп цӕй мидӕг уыд?

4 Кӕд хорз налхъуыт рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зынаргъ у, уӕддӕр Йесойы фӕсномыг ныхасы апп уый мидӕг нӕ уыд. Чырысти Хуыцауы Паддзахад зынаргъ налхъуытимӕ кӕй абарста – уый иу, фӕлӕ ма ахуыргӕнинӕгты хъус ӕрдардта «хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджермӕ» ӕмӕ уыцы сӕудӕджер налхъуыт ссаргӕйӕ цы бакодта, уымӕ. Ӕнӕуи уӕйгӕнӕгӕй уӕлдай, уыцы лӕг дӕсны уыд йӕ куысты: хорз налхъуытӕн ӕнцонтӕй ӕвзӕрста йӕ хӕрзхъӕды миниуджытӕ, цыфӕнды зынбафиппайӕн ма уыдаиккой. Иу ӕркаст дӕр ын фаг уыд налхъуыты ӕцӕг аргъ сбӕрӕг кӕнынӕн, ничи йӕ фӕсайдтаид.

5, 6. а) Йесо кӕй кой ракодта, уыцы сӕудӕджер диссаг цӕмӕй уыд? ӕ) Ӕмбӕхст хӕзнайы фӕсномыг ныхас цавӕр хъуыды бӕлвырддӕр кӕны сӕудӕджеры тыххӕй?

5 Уыцы сӕудӕджер диссаг ӕрмӕст уымӕй нӕ уыд. Цыфӕнды сӕудӕджер дӕр фыццаг базыдтаид, налхъуыт цас исы, ӕмӕ снымадтаид, цас ыл хъӕуы бафидын, цӕмӕй йӕ куы ауӕй кӕна, уӕд ын дзы ӕфтиаг уа. Ахъуыды ма кодтаид, ахӕм налхъуытӕн ӕлхӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ йӕ тагъд ауӕй кӕндзӕн ӕви нӕ? Ӕндӕр ныхӕстӕй, йӕ мӕт налхъуыт нӕ уыдаид, фӕлӕ йе ’фтиаг куыд тагъддӕр райстаид, уый. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уый та уыд бынтон ӕндӕр. Уый ӕхцайыл, кӕнӕ ӕфтиагыл, нӕ хъуыды кодта. Цы агуырдта, уый цӕмӕй йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй раттаид, «цыдӕриддӕр [ӕм] уыд», уый – ӕвӕццӕгӕн, йӕ исвӕллой иууылдӕр.

6 Афтӕ бакӕнын сӕудӕджертӕн сӕ фылдӕр банымаиккой ӕнӕзонд мийыл. Дардмӕуынӕг сӕудӕджер зӕрдӕхсайгӕ хъуыддаджы нӕ бацӕудзӕн. Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхасы сӕудӕджер ӕндӕр зондыл хӕст уыд. Йӕхицӕн ӕфтиагыл нымадта ӕхца нӕ, фӕлӕ йӕ ӕмбисондӕн хӕссинаг зынаргъ дзаума кӕй фӕци – уый уыд йе стырдӕр цин. Уыцы хъуыды бӕлвырддӕр кӕны, Йесо дарддӕр цы фӕсномыг ныхас ракодта, уымӕй: «Уӕларвон Паддзахад у быдыры ӕмбӕхст хӕзнайы хуызӕн, кӕцыйы адӕймаг, ссаргӕйӕ басусӕг кодта, ӕмӕ ууыл цингӕнгӕ ацӕуы, ӕмӕ йӕм цы ис, уыдон ӕппӕт дӕр ауӕй кӕны, ӕмӕ балхӕны уыцы быдыр» (Матфейы 13:44). О, хӕзна кӕй ссардта, уый цинӕй лӕг хардзыл нӕ банымадта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый раттын. Цымӕ ахӕм адӕм абон ис? Ӕмӕ ис ахӕм хӕзна, адӕймаг алцыдӕр кӕй номыл раттид?

Йӕ ӕцӕг аргъ ын чи ӕмбӕрста

7. Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Йесо Хуыцауы Паддзахады ӕцӕг аргъ хорз кӕй ӕмбӕрста?

7 Йӕ фӕсномыг ныхасы Йесо дзырдта «уӕларвон Паддзахадыл». Ӕмӕ уыцы Паддзахадӕн йӕ ӕцӕг аргъ чи ӕмбӕрста, уыдонӕй иу, ай-гъайдӕр, уыд йӕхӕдӕг. Уый ирдӕй зыны Евангелиты. Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо, донаргъуыд куы райста, уӕд «райдыдта хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрбахӕстӕг Уӕларвон Паддзахад». Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг уый амыдта дзыллӕтӕн Паддзахады тыххӕй. Бӕстӕйыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзылд, «цыдис сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд хъусын кӕнгӕйӕ» (Матфейы 4:17; Лукайы 8:1).

8. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый Йесо цавӕр хъуыддӕгтӕй фенын кодта?

8 Йесо кӕмыты цыд, уым арӕзта бирӕ диссӕгтӕ – рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормӕгты ӕфсӕста, уад ӕрсабыр кодта, суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Уыцы хъуыддӕгтӕй фенын кодта, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый (Матфейы 14:14–21; Маркы 4:37–39; Лукайы 7:11–17). Ӕппынфӕстаг, Хуыцау ӕмӕ Паддзахадыл ӕнувыд кӕй уыд, уый равдыста, йӕ цард кӕй радта хъизӕмайраг мӕлӕтмӕ цӕджындзыл. Сӕудӕджер «иу зынаргъ налхъуыты» тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый куыд радта, раст афтӕ Йесо дӕр йӕ цард ӕгасӕй дӕр радта Паддзахады тыххӕй – цӕргӕ дӕр уый тыххӕй кодта, ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй акодта (Иоанны 18:37).

9. Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй цы зӕгъӕн ис?

9 Хуыцауы Паддзахад царды ӕппӕты сӕйраг ӕрмӕст Йесойӕн нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕ фӕдыл цӕуынмӕ кӕй фӕхуыдта, уыцы гыццыл къордӕн. Уыдон дӕр хорз ӕмбӕрстой Паддзахады ӕцӕг аргъ. Сӕ иу – Андрей, раздӕр уыд Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинаг. Уый ӕмӕ ма Иоанны иннӕ ахуыргӕнинаг, ӕвӕццӕгӕн, Зеведейы фырттӕй сӕ иу, уый дӕр Иоанн, сӕ ахуыргӕнӕджы дзыхӕй куы фехъуыстой, зӕгъгӕ Йесо «Хуыцауы Уӕрыкк» у, уӕд уайтӕккӕ Йесойыл баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Фӕлӕ хабар ууыл нӕ ахицӕн. Андрей ӕвӕстиатӕй ацыд йе ’фсымӕр Симонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы». Уый фӕстӕ Симон (Кифӕ, кӕнӕ Петр, кӕй схуыдтой), стӕй ма Филипп ӕмӕ йе ’рдхорд Нафанаил дӕр бамбӕрстой, Йесо Мессиа кӕй у. Нафанаил ма Йесойӕн афтӕ дӕр загъта: «Ды – Хуыцауы Фырт Дӕ, Ды – Израилы Паддзах» (Иоанны 1:35–49).

Фӕстӕ нал фӕкодтой

10. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм дыккаг хатт куы ӕрбацыд ӕмӕ сӕ куы фӕхуыдта, уӕд цы сарӕзтой?

10 Андрей, Петр, Иоанн ӕмӕ иннӕтӕ Мессиайы ссаргӕйӕ куыд цин кодтой, уый абарӕн ис, сӕудӕджер зынаргъ налхъуыт ссаргӕйӕ куыд цин кодта, уыимӕ. Цымӕ цы бакӕндзысты ныр? Йесоимӕ фыццаг фембӕлды хӕдфӕстӕ куыд бакодтой, уый тыххӕй Евангелиты бирӕ фыст нӕй. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ фылдӕр дарддӕр сӕ царды кой кодтой. Фӕлӕ афӕдзы ’рдӕгӕй афӕдзы онг рацыдаид, ӕмӕ та Йесо ногӕй фембӕлд Андрей, Петр, Иоанн ӕмӕ Иоанны ’фсымӕр Иаковимӕ, Галилейы денджызы кӕсаг куы ахстой, уӕд *. Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕстӕ, ӕмӕ Ӕз скӕндзынӕн сымах адӕймӕгты ахсджытӕ». Ӕмӕ уӕд цы сарӕзтой? Петр ӕмӕ Андрейы тыххӕй Матфейы Евангелийы фыст ис: «Уыдон уыцы сахат, ныууадзгӕйӕ хызтӕ, ацыдысты Йӕ фӕстӕ». Иаков ӕмӕ Иоанны тыххӕй та кӕсӕм: «Уыцы сахат, ныууадзгӕйӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды, ацыдысты Йӕ фӕстӕ». Лукайы Евангелийы та ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «ныууагътой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ацыдысты Уый фӕстӕ» (Матфейы 4:18–22; Лукайы 5:1–11).

11. Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы фӕдыл ацӕуын уайтагъд цӕмӕн сразы сты?

11 Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы фӕстӕ уайтагъд кӕй фӕраст сты, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цы арӕзтой, ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтой? Афтӕ зӕгъӕн нӕй! Йесоимӕ фыццаг хатт куы фембӕлдысты, уый фӕстӕ кӕд сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты ӕмӕ сӕ кӕсагахсыны куыст дарддӕр кодтой, уӕддӕр, уӕд цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уый, ай-гъайдӕр, сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ хъуыдыйы баззад. Алцӕуыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн сын рӕстӕг уыд афӕдзы бӕрц. Ныр афон ӕрцыд, куыд бакӕндзысты, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн. Йесо кӕй кой кодта, уыцы сӕудӕджер ӕмбисонды зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уӕд ӕвӕстиатӕй ацыд ӕмӕ алцыдӕр бакодта, цӕмӕй йӕ балхӕна. Цымӕ уыцы сӕудӕджеры хуызӕн разындысты Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр? О. Цы уыдтой ӕмӕ цы хъуыстой, уый сын сӕ зӕрдӕ бацагайдта. Бамбӕрстой, иу ран бадӕн кӕй нал и. Ӕмӕ Евангелиты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй фӕстӕ нал фӕкодтой – алцыдӕр ныууагътой ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыдысты.

12, 13. а) Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй-иу бирӕтӕ куыд бакодтой? ӕ) Цы загъта Йесо йӕ иузӕрдыг ахуыргӕнинӕгты тыххӕй ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ сты уыцы ныхӕстӕ?

12 Куыд тынг хицӕн кодтой ацы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ, Евангелиты фӕстӕдӕр кӕй кой цӕуы, уыдонӕй! Бирӕ уыд ахӕмтӕ, Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, кӕй бафсӕста, фӕлӕ уый фӕстӕ уыдон дарддӕр сӕхи царды кӕйттӕ кодтой (Лукайы 17:17, 18; Иоанны 6:26). Иуӕй-иутӕ та ӕфсӕнттӕ агуырдтой, Йесо сын-иу, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд (Лукайы 9:59–62). Фӕлӕ иузӕрдыг чи уыд, уыдоны тыххӕй Йесо загъта: «Аргъауӕг Иоанны бонтӕй нырмӕ Уӕларвон Паддзахад тыхӕй исгӕ у, ӕмӕ тыхӕй архайджытӕ исынц уый» (Матфейы 11:12).

13 «Тыхӕй исгӕ» ӕмӕ «тыхӕй архайджытӕ» – куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ? Афтӕ цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый тыххӕй Вайны дзырдуаты фыст ис: «Ацы мивдисӕг нысан кӕны ӕппӕт хъарутӕй архайын» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words»). Уыцы стихы тыххӕй библииртасӕг Генрих Майер та загъта: «Уыцы ныхӕстӕ амонынц Мессиайы ӕрцӕуинаг Паддзахады тыххӕй ӕппӕт тыхтӕй, ӕнӕрынцойӕ архайын ӕмӕ тох кӕнын. [...] Афтӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ хъуыди Паддзахад агурын (ӕнцад бадын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал, фӕлӕ)». Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, уыцы сӕудӕджерау, уайтагъд бамбӕрстой, ӕцӕг стыр аргъ цӕмӕн ис, ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр уыд, уый ныууагътой Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд (Матфейы 19:27, 28; Филиппӕгтӕм 3:8).

Иннӕтӕ дӕр райдыдтой агурын

14. Куыд цӕттӕ кодта Йесо апостолты Паддзахады хабар хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ сыл уый куыд бандӕвта?

14 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Йесо ӕндӕрты дӕр ахуыр кодта ӕмӕ сын ӕххуыс кодта Паддзахад ссарынӕн. Фыццаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста дыууадӕсы ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта апостолтӕй, ома йӕ минӕвӕрттӕй. Бӕстон сын бамбарын кодта, сӕ куыст куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, афтӕ ма сӕ бафӕдзӕхста, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (Матфейы 10:1–42; Лукайы 6:12–16). Иннӕ дыууӕ азы дӕргъы цыдысты Йесоимӕ, Хуыцауы ныхас хъусын кодтой. Ӕппынӕдзух уыдысты йемӕ, ӕмӕ тынг балымӕн сты. Хъуыстой йын йӕ ныхӕстӕ, уыдтой йын йӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ, уыдис сын удӕгас дӕнцӕг (Матфейы 13:16, 17). Уыдӕттӕ сыл, ӕнӕмӕнгӕй, тынг бандӕвтой,– афтӕ, ӕмӕ налхъуыт ссарӕг сӕудӕджерау, зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй тырныдтой Паддзахадмӕ.

15. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынгдӕр цӕуыл хъуамӕ цин кодтаиккой?

15 Дыууадӕс апостолӕй дарддӕр ма Йесо «сӕвзӕрста ӕндӕр ӕвдай ахуыргӕнинаджы, ӕмӕ арвыста уыдоны дыгӕйттӕй Йӕхи разӕй алы сахармӕ ӕмӕ бынатмӕ, Йӕхи кӕдӕм фӕндыд цӕуын, уырдӕм». Уыдонӕн дӕр загъта, цы фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уый тыххӕй ӕмӕ сын бафӕдзӕхста адӕмӕн дзурын: «Ӕрхӕстӕг сымахмӕ Хуыцауы Паддзахад» (Лукайы 10:1–12). Уыцы ӕвдай ахуыргӕнинаджы, сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн дзырдтой: «Хицау! хӕйрӕджытӕ дӕр кӕсынц нӕ коммӕ, Дӕу номы тыххӕй». Фӕлӕ ӕвӕццӕгӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ сын Йесо афтӕ зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ уӕм ноджы стырдӕр цин ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ Паддзахады хъуыддаджы сӕ удӕй арт цагътой. Йесойы ныхас уыд: «Ууыл ма цин кӕнут, удтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц; фӕлӕ цин кӕнут ууыл, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты» (Лукайы 10:17, 20).

16, 17. а) Йесо йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолимӕ фӕстаг изӕр куы уыд, уӕд сын цы загъта? ӕ) Йесойы ныхӕстӕ апостолтӕн цины хос ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн куыд уыдысты?

16 Нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны изӕры, Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт куы уыд, уӕд бындур ӕрӕвӕрдта, Хицауы ӕхсӕвӕр кӕй райдыдтой хонын, уымӕн. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг кӕной. Уыцы изӕр Йесо йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолӕн загъта: «Сымах Мемӕ уыдыстут мӕ фыдӕбӕтты рӕстӕг, ӕмӕ Ӕз сымахӕн фӕдзӕхсын, Мӕнӕн Мӕ Фыд куыд бафӕдзӕхста, Паддзахад, цӕмӕй хӕрат ӕмӕ нуазат Мӕ фынгыл Мӕ Паддзахады, ӕмӕ ӕрбаддзыстут паддзахы бадӕнтыл Израилы дыууадӕс фӕлтӕрӕн тӕрхон кӕнынмӕ» (Лукайы 22:19, 20, 28–30).

17 Уыцы ныхӕстӕ апостолтӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаиккой, сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй куыннӕ байдзаг уыдаиккой! Адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад кӕмӕй ис зӕгъӕн, уыцы кады аккаг сӕ скодта Йесо (Матфейы 7:13, 14; 1 Петры 2:9). Налхъуыт ссарӕг сӕудӕджерау, уыдон дӕр сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, Йесойы фӕдыл куы ацыдысты ӕмӕ сӕ цард Хуыцауы Паддзахадӕн куы снывонд кодтой, уӕд. Ныр сын сӕ зӕрдӕ бафидар кодта, сӕ удуӕлдай фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд.

18. Иуӕндӕс апостолӕй фӕстӕмӕ ма Хуыцауы Паддзахады хорзӕхтӕй хайджын чи уыдзӕн?

18 Кӕд уыцы изӕр Йесоимӕ йӕ апостолты йеддӕмӕ ничи уыд, уӕддӕр ӕрмӕст уыдон нӕ фӕуыдаиккой хайджын Паддзахады хорзӕхтӕй. Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, ӕдӕппӕтӕй 144 000 адӕймаджы ист сты Паддзахады бадзырдмӕ, кадджын уӕларвон Паддзахады Йесоимӕ хицауиуӕг кӕнынмӕ. Уымӕй уӕлдай, апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын... лӕууыд паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз... дзургӕйӕ: ирвӕзындзинад нӕ Хуыцаумӕ, паддзахы бадӕныл Бадӕгмӕ ӕмӕ Уӕрыккмӕ!». Уыдон сты, Хуыцауы Паддзахадӕн зӕххыл йӕ бӕрны йӕхи чи бакодта, уыцы адӕм * (Раргомад 7:9, 10; 14:1, 4).

19, 20. а) Цавӕр фадат ис адӕмӕн ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Уӕларвмӕ ацӕуыны хӕдразмӕ Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн ныффӕдзӕхста: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн; ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ» (Матфейы 28:19, 20). Уӕдӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ уыдаиккой ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр. Уыдон дӕр – зӕххыл цӕрыны ныфс сӕ уа ӕви уӕларвыл – ницы бавгъау кӕндзысты Паддзахады тыххӕй,– раст, сӕудӕджер хорз налхъуыты тыххӕй куыд ницы бавгъау кодта, афтӕ.

20 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын хъӕуы «дунейы фӕуынмӕ», ома ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ. Ӕмӕ ма цымӕ абон дӕр ис уыцы сӕудӕджеры хуызӕн адӕм, Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд алцыдӕр чи ратдзӕн? Уыцы фарстыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Гӕнӕн ис ӕмӕ Зеведейы фырт Иоанн, Йесоимӕ фыццаг хатт фембӕлгӕйӕ, йемӕ ацыд ӕмӕ цытӕ арӕзта, уыдон уыдта. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныффыста афтӕ лӕмбынӕг йӕ Евангелийы (Иоанны 2–5 сӕртӕ). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Иоанн дӕр ӕрыздӕхт йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дарддӕр кӕсагахсӕджы куыст кодта. Ӕмӕ сӕм Йесо дыккаг хатт куы бацыд, уӕд уый дӕр уым уыд.

^ 18 абз. Уый фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы 10-ӕм сӕрӕй. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕндзынӕ?

• Сӕудӕджеры тыххӕй фӕсномыг ныхасӕн йӕ апп цӕй мидӕг уыд?

• Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Йесо Хуыцауы Паддзахады ӕцӕг аргъ хорз кӕй ӕмбӕрста?

• Андрей, Петр, Иоанн ӕмӕ иннӕтӕ Йесойы фӕдыл ацӕуын уайтагъд цӕмӕн сразы сты?

• Цавӕр диссаджы фадат ис адӕмӕн ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 16 фарсыл]

«Уыдон ныууагътой ӕппӕтдӕр ӕмӕ ацыдысты Йесойы фӕстӕ».